Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Телефон

ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ! | AElig;ВЗОНГАДÆН | МЫГГАДЖЫ СÆФТ | ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ | НАРТЫ СЫРДОН МÆРДТЫБÆСТЫ | МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС | АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ | НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ | ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ |


Читайте также:
  1. II. Порядок ведения журнала поездных телефонограмм
  2. Telefon - Телефон
  3. А) Выдавать в головные телефоны пилота звуковой сигнал 1 кГц с целю обеспечения приема приводных радиостанций, работающих в телеграфном режиме.
  4. Адрес – 660049, г. Красноярск, ул. Марковского, 54Телефон: 212-12-79 E-mail:mbdou17@rambler.ru
  5. Адрес: 660017, г. Красноярск, ул. Диктатуры Пролетариата, 34Телефон: 211-21-89 E-mail:dou2@krasdetsad.ru
  6. Адрес: 660017, г. Красноярск, ул.Кирова, 25Телефон: 211-24-65E-mail:sadik@orionnet.ru
  7. Адрес: 660020, г. Красноярск ул. Загородная 1аТелефон: 201-82-88, 201-82-89Email:mdoy64@mail.ru

Дæ фæрцы æз бирæ

Æфхæрдтытæ,

Бирæ рæсугъд фынтæ

Федтон мæ царды...

Дзырдтон-иу тызмæгæй

Мæ фыддæр ызнæгтæм;

Æртхъирæнтæ кодтой,

Фæлæ та-иу, — абон уа, сом уа, —

Сæргуыбыр цыдысты мæ рæзты.

Дзырдтон-иу тæргайæ,

Мæн чи ныууæй кодта,

Гъе уыцы рæсугъдмæ;

Кæнæ та, фæсмонау,

Мæхæдæг цы чызджы

Фæкодтон фæсмойнаг, гъе уымæ.

Дзырдтон-иу фæлмæнæй

Мæ рæдау, мæ сагсур æрдхæрдтæм:

Нæ уыдтæн æз се ’мсæр,

Фæлæ-иу мын алкæд

Мæ талф-тулфы митæн дæр барстой.

Дзырдтон-иу — фыд расыг —

Æнæзонгæ адæмтæм

Æмæ-иу сын кастæн

Мæ ногфыст æмдзæвгæтæ:

Нæ мын кодтой уайдзæф, —

Æррайыл ма чи кæны дистæ.

Дзырдтон-иу ыстæм хатт

Хъуынтъыз бюрократмæ

Хъуыддаджы ныхæстæ дæр,

Фæлæ алы хатт — сабырæй.

Ныр та æз хъæр кæнын:

Цы фæдæ, Гыцци?!

Фæлæ никуы ’мæ ницы...

АМОНД

Æз куы уыдаин кадджын,

Уæд нæ дунейы адæмтæ,

Цымыдис фæндаггæттау,

Цыдаиккой радгай дæ къæсмæ,

Цæмæй ма æддиауæй

Иунæг хатт бакæсой,

Æз кæй уарзтон, уымæн

Йæ цæсгоммæ.

 

Æз куы уыдаин бонджын,

Уæд, авд-авд хæхты фæсте

Цъæх денджызы арфы

Цы диссаджы кæф цæры,

Уымæн (мæрдты, дам, æгас кæны)

Æрхастаин иу бон йæ игæр,

Цæмæй ды æнустæм дæр

Цардаис а зæххыл.

 

Æз куы уыдаин хъаруджын,

Нæртон бæгъатыртæ

Бола æмæ Гоцъийау,

Уæд дæ фыддæр ызнæгтæ,

Дæ хæлæг æрдхæрдтæ

Цыдаиккой иу ахæм

Дæ фæлмæн къæхты бынтæн

Пъатæ кæнынмæ.

 

Æз сæрибар куы уыдаин,

Уæд, кæйонг уыны нарты

Æвæджиау арвайдæн

Дæлдзæхæй уæлдзæхмæ,

Æз уырдæм фæкодтаин дæу,

Æрвон рухсау мемæ

Дæ зæрдæ рæуулæфт фæкæна

Æрвылбоны даутæй.

 

Æз куы уыдаин амондджын,

Уæд афонмæ ды

Хæхбæсты æппарис уæлибыхтæ

Дæ тæвд пецæй.

Æз та дын мæ сонт æмæ ницæйаг митыл

Æппынфæстаг басæттин, дзуары лæгау,

Æмæ дуне нæ худæгмæ

Худæгæй тонид йæ фæрстæ.

ХÆРЗБОНЫ ÆМДЗÆВГÆ

Фæуы мæ цард... Фæлæ, кæс-ма,

Мæ зæрдæйæ нæ кæны иппæрд, —

Ызнаг уа, хионы къæс уа,

Тæры мæ раууатмæ мæ хивæнд.

 

Мæ хъуыды карз уыди, æргом, —

Фæззыгон къадайау мын сысы...

Цымæ ды чи уыдтæ, ирон,

Æз ма мæ фынты дæр кæй мысын?!

 

Рæдау, сæрыстыр у дæ хуыз,

Æви, хынцмæ лæгау, æдзытæй

Фæцардтæ ды... Æмæ хæрыс

Ныр ард ирон зæххы сыджытæй?

 

Кæм дæ, Сатанайы рæсугъд,

Æрвон — дæ цин æмæ дæ зынтæ,

Рæсугриу суадонау — дæ уд,

Цæмæн фæцух дæн æз дæ уындæй?

 

Ызнаг! — Цæй ызнагдæ, уæвгæ,

Нæ хыл — мæнгæфсоны гæрахау, —

Æцæг ызнæгтимæ хæцгæ

Уыди нæ фыдæлты гæнахæй.

 

Хæрзбон, мæ Иры бæсты цот,

Уæ цардæй æз нæ кæнын хицæн:

Мæ ингæны къæй та уын фод

Фæндагсарау — Ныфс æмæ Цинæн!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ТÆРС| ИРÆТТÆМ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)