Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

АРФÆЙЫ УЫСМ

АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ | НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ | ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ | ТÆРС | ТЕЛЕФОН | ИРÆТТÆМ | УАРЗТЫ ФÆНДАГ | Уарзты уæзæгыл | ИРЫСТОНÆН |


Æз ахсæв дæн иунæг.

Ныссабыр мæ уды ызнæт...

Мæ разы — хъæбæр нозт.

Бындз дæр мыл нæ абадти никуы.

Мæ лулæйы дзыхæй

Ыстоны къæбæлдзыг фæздæг,

Мæгуыры хъæдгомау.

Æз ахсæв дæн иунæг.

Фыдтымыгъ нынниуы,

Йæ урс цъылын асдæры кæрт,

Фæзмæгау ныззилы,

Мæ куыдзы къæдзилау...

Æз ахсæв дæн иунæг.

Æмæ ма цæуыл кæнон мæт:

Æппæтæй дæр — ирвæзт,

Мæнæуы куырисау.

Ныссабыр и дымгæ...

Фæлыгъди та уый дæр мæнæй.

Йæ ферттывд-фæзындæй

Лæгау-лæг фæрниаг кæд фæци?

Нæ арвы бæрзæндтæм

Бæсты бикъау рауади мæй:

Цыфæнды дзы домай, —

Гъеуый уыд йæ бæллиц!

Æз ахсæв дæн иунæг.

Мæ удхæссæг фестад тыхми,

Нæ уарзыс, уæд — ацу! —

Цы давы дæ уæздан, дæ ард дæр:

Дæ дзыккуты хъарммæ

Ныббæттин къæлæтæй мæхи,

Фæлæ мæм ды дард дæ,

Уæлæуыл дæн, мæрдты!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 41 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;РДЗ| ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)