Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Цыппæрæм æвдыст. Сценæйы, фæндагыл хæрдмæ фæцæуынц чындзхæсджытæ

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст
  7. Дыккаг æвдыст

Сценæйы, фæндагыл хæрдмæ фæцæуынц чындзхæсджытæ, Телль кæсы сæ фæдыл, æрдыныл æнцойгæнгæйæ.

Фатæхсæг Штиусси йæм фæцæуы.

Штиусси. Уый нæ беридоны уæтæргæс, мерлисахенаг, ус хæссы, цæрæг адæймаг у: бирæ рæгъæуттæ йын хизы Альпы хæхты. Ус хæссы Имензæй, æмæ Киунснахты аизæр уыдзæн чындзæхсæв. Цом мемæ: æхсызгон сын уыдзæни нæ бацыд.

Телль. Чындзæхсæвы æнкъард уазæг нæ фидауы.

Штиусси. Дæ сагъæс уал байрох кæн, кæд æмæ фæрухсдæр уаид дæ зæрдæ. Ноджы æвзæр рæстæг у ныры рæстæг, — хъæлдзæгдзинадæй хи ласын нæ хъæуы. Кæм — чындзæхсæв, кæм та — фæкæс æмæ — судзгæ мард.

Телль. Стæмæй-стæммæ та иумæ дæр æрцæуынц.

Штиусси. Æвæдза æмæ дунейы арæзт афтæ у. Кæм зæгъай, æмæ кæм сты, кæ, хъуаг мастæй уа, æнамонддзинадæй уа! Гларисы та хох фехæлд æмæ йын йæ иу хай йæ быны фæкодта.

Телль. Хæхтæ дæр ма кæм згъæлынц ацы ран, уым ма цы разындзæн зæххыл фидардзинадæй?

Штиусси. Дзурынц ма ноджы иу диссаг! Иу баденагæй йæ фехъуыстон: паддзахмæ фæцæйцыди цавæрдæр рицæр, куырм бындзытæ йыл æваст сæхи ныццавтой, — йæ бæх фæци мæлæтдзаг æмæ фистæгæй бафардæг.

Телль. Лæвæрд у æдыхтæн дæр ахæм уæнг, сæхи цæмæй хъахъхъæной.

Армгардæ æд сывæллæттæ æрбацæуы æмæ фæндагыл æрлæууы.

Штиусси. Куыд дзурынц, афтæмæй уый цæуы кæнæ æнамонддзинадмæ, кæнæ стыр æбуалгъ хъуыддагмæ.

Телль. Фыдбылызы хъуыддæгтæ иудадзыг æнæ нысанæй дæр цæуынц.

Штиусси. Амондджын у уый, æмæ фæсвæд ран чи цæры, йæ хæдзар чи нæ уадзы æмæ æнцад-æнцойæ чи къахы гутонæй йæ зæхх.

Телль. Цыфæнды сабырæн дæр нæй æнцад фæцæрæн, йæ æвзæр сыхаджы хорзæхыл куы нæ сæмбæла, уæд. (Сырдгастгæнгæ фæлгæсы фæндагмæ.)

Штиусси. Хæрзбон! Куыд уынын, афтæмæй æнхъæлмæ кæсыс кæмæдæр.

Телль. О, æнхъæлмæ кæсын кæмæдæр.

Штиусси. Уæдæ æгас хæдзар ссар! Ураг дæ? Уырдыгæй нæм æрбацæудзæн абон нæ кадджын бæстыхицау.

Бæлццон (цæугæ-цæуын). Абон æм æнхъæлмæ ма кæсут. Дæттæ уарынæй раивылдысты æмæ хидтæй иу дæр йæ бынаты нал ис: фæластой сæ.

Телль слæууыди.

Армгардæ (сæм æрбацæуы хæстæгдæр). Уæдæ, зæгъыс, ам нæ сæмбæлдзæн?

Штиусси. Уымæ æрбацыдтæ?

Армгардæ. О, уымæ.

Штиусси. Æмæ уæд фæндаджы бæрæгастæу та цæмæн слæууыдыстут?

Армгардæ. Мауал мын аирвæза æмæ уымæн, цалынмæ йын мæ хъаст ракæнон, уалынмæ.

Фрисгард (тындзгæ æрбацæуы æмæ дардæй хьæр кæны.) Иуварс фæндагæй! Бæстыхицау æрбацæуы мæ фæд-фæд. Фæндагæй айсут уæхи!

Телль цыдæр æрбаци.

Армгардæ (цырдгомау). Бæстыхицау — йæ фæдыл!

Æд сывæллæттæ авансценæйы æрлæууыди. Геслер æмæ Рудольф Гаррас бæхтыл æрбазындысты дардæй.

Штиусси (Фрисгардмæ). Æмæ дæтты та куыд æрбахызтыстут? Хидты, дам, дон куы фæласта.

Фрисгард. Тымыгътимæ стох кодтам цады, уыйас диссаг нын нал сты ныр, Альпæй цы доны сыгтæ рацæуынц, уыдон.

Штиусси. Æмæ ай хуызæн тымыгъы уыцы ран бæлæгъы æрбацыдыстут?

Фрисгард. Бæгуыдæр, æмæ йæ мæлæтмæ дæр нал байрох кæндзынæн.

Штиусси. Радзур-ма йæ, дæ хорзæхæй!

Фрисгард. Нæй мын фæрæз, — тагъд кæнын фидармæ, бæстыхицау кæй æрбацæуы, уый фехъусын кæнон.

Штиусси. Диссаг та куыд нæу: æвæдза, бæлæгъы бады раст, хуыцауы конд адæм, уæд бынмæ афардæг уыдаиккой, фæлæ уыдон хуызæтты дон дæр нæ ласы, арты дæр нæ судзынц. (Алырдæм фæлгæсы.) Уæд ныхас кæимæ кодтон, уыцы фатæхсæг та цы æрбаци? (Фæцæуы.)

Геслер æмæ Рудольф Гаррас бæхтыл.

Геслер. Цыфæнды фæдзурай, уæддæр уый зон, æмæ æз паддзахы цагъар кæм дæн, уым архайдзынæн, цæмæй йын арон йæ хорзæх. Адæмы сфыдуаг кæнынмæ не ’рбарвыста мæн ардæм; уый агуры, цæмæй коммæ кæсой. Фæрсын дæ: ацы ран æлдарад чи хъуамæ кæна — сау кусæг лæг æви паддзах?

Армгардæ. Афон у! Цæуын æм. (Йæхи сæм фæласы, тæрсгæйæ.)

Геслер. Альторфы мæ худ лæдзæгыл æркодтон хъазыны уагыл нæ, фæлæ адæмы бафæлварынæн, цæмæй сæ риутæ афтæ схъæлæй мауал хæссой, тасын байдайой; барæй æрцауыгътон мæ худ æз бæрæг ран, адæмы цæсты раз, цæмæй сæ зæрдæйæ цух ма кæна сæ хицау, намæ сæ байрох бынтондæр.

Рудольф. Уый афтæ фæуæд, фæлæ адæм дæр бынтон æбар не сты.

Геслер. Ацы сахат нæ уыдон æвзарынмæ не ’вдæлы, æрцæуынмæ цæттæ у стыр хъуыддаг æмæ хъуамæ æрцæуа! Императоры мыггаг рæзы: фыд афтæ хорз кæй райдыдта, уый кæронмæ ахæццæ кæнын нымайы хæсыл фырт йæхицæн. Ницæйаг адæм æрлæууыдысты йæ ныхмæ; цыдæриддæр ма æрцæуа, уæддæр хъуамæ басæттой, æртасой.

Цæуынмæ хъавы дарддæр. Армгардæ зоныгыл æрхауди йæ размæ.

Армгардæ. Дæ хорзæх мæ уæд, хицау, батæригъæд мын кæн!

Геслер. Цæмæн мын æрæхгæдтай уæд мæ фæндаг? Айс дæхи!

Армгардæ. Мæ лæг ахæстоны хиты, ацы ран та мæ сабитæ æнæ къæбæрæй сæфтмæ цæуынц. Хицау, фæтæригъæд мын кæн, æркæс мын мæ зындзинадмæ!

Рудольф. Чи дæ? Кæй ус дæ?

Армгардæ. Мæ мой — Ригы хохаг, къæдзæхты тигъыл, бæрзæндтыл, фос кæдæм нæ хæццæ кæнынц, уыцы ран кæмтты сæрмæ, кæрдæджы цъуппытæ кæрдæм æмæ гъе уымæй цæрæнхостæ аразæм нæхицæн.

Рудольф (бæстыхицаумæ). Мæ рафæлдисæг, цы зын цардæй цæрынц! Мæ хатыр бакæн, æмæ йын йæ мойы ахæстонæй рауадз! Кæд æмæ цыфæнды рæдыд фæкодта, уæддæр æй рауадзын хъæуы: уæлæуыл зындон куы фиды йæ цардæй. (Армгардæмæ.) Дæ хъуыддаг дын сараздзысты. Киуснахтмæ æрбацу, ацы ран нæ уымæ не ’вдæлы.

Армгардæ. Змæлгæ циу, уый дæр нæ фæкæндзынæн мæ бынатæй, цалынмæ мын бæстыхицау мæ лæджы рауадза, уалынмæ!

Геслер. Айс фæндагæй дæхи! Ныууадз мæ дын куы зæгъын!

Армгардæ. Раст тæрхонхæссæг мын фæу, табуафси! Паддзахы бæсты нын тæрхон ды кæныс ацы ран: уый дæ хæс у. Фæлæ дыл цæмæй хуыцауы хорзæх сæмбæла, уый тыххæй хорз кæн дæхæдæг дæр махæн.

Геслер. Иуварс! Исчердæм æй фæкæнут ацы æдзæсгомы!

Армгардæ (идоны рохтæ æрцахста). Ды цæмæ хъавыс, уый нæ уыдзæн! Цы фæдæн, уый фæдæн! Ратт мын исты дзуапп, бæстыхицау, намæ дын ардыгæй нал ис фæцæуæн. Цыфæнды цæхæртæ куы калой дæ цæстытæ, уæддæр æз нал тæрсын. Мах ран чи фæци, мах хуызæн æнамонд æмæ тыхст адæм чи у, уыдон ницæмæуал æрдардзысты дæ масты.

Геслер. Ауадз мæ! Бæхы къæхты бын дæ æууæрдын!

Армгардæ. Ма бацауæрд! Мæнæ дæн! (Схойы сывæллæтты æмæ семæ зæххы фæдæлгом.) Фæндагыл адаргъ дæн мæ хъæбултимæ. Скафæд, и, дæ бæх æнамонд сидзæртыл, — фыццаг фыдракæнд дын куы нæу, мыййаг! Æвзæрдзинадæй цы нæ сарæзтай, ахæмæй дын ницыуал баззад.

Рудольф. Бынтондæр фæдзæгъæл йæ сæр.

Армгардæ (фыр мæстæй). Цы ма дæ фæнды? Æгас бæстæ куы бассæстай дæ къахы бын. Уæ, лæг мæ цы хуыцау нæ фæкодта! Уæд мыл цы æмбæлдаид, уый базыдтаин, бæргæ, æмæ ацы ран, дæ разы, мæ гуыбыны цъарыл нæ лæсин дæлгомæй.

Чындзхæсджыты музыкæйы цагъд та æрбайхъуыст дардæй.

Геслер. Мæ кусджытæ цы фесты? Мæ цæст æй куыд нал уына, афтæ! Намæ фæсмон кæуыл фæкæнон, ахæм хъуыддаг сараздзынæн.

Рудольф. Хицау, чындзхæсджытæ фæндаг бацахстой, æмæ дзы иуырдæм дæр нал ис азмæлæн!

Геслер. Æгæр лæмæгъ хицау дæн æз ацы адæмæн. Сæ дзырды суагъдæн нæма зонынц бæрæг бæрц ацы ран. Нæ, куыд æмбæлы, афтæмæй дзы иу хъуыддаг дæр нæма ис йæ бынаты. Фæлæ дын ард хæрын: æз нæ уыдзынæн, хъуыддæгтæ куы нæ атæрон сæ ног фæдыл, æз сын се ’вирхъау хивæнддзинад басæтдзынæн. Ног æгъдау рауадздзынæн æмæ сæ цæуы сыкъайы... (Фат ыл сæмбæлд; фæхæцыд йæ зæрдæйыл, алырдæм цудгæйæ, йæ ныхас кæны сабыр хъæлæсæй.) Хуыцау, ныббар мын!..

Рудольф. Цы кодтай, бæстыхицау! Уæ, знаг куыд амарди!

Армгардæ (фестгæйæ). Фат ыл сæмбæлд, фат! Фæмард! Фæхауы!

Рудольф (бæхæй æргæпп ласта). Уæ, цы бон дыл бакодта, цы, рицæр! Хуыцауы ном ссар: дæ адзал æрхæццæ!

Геслер. Уо, уый мæ Телль фехста! (Рудольфы хъæбысмæ рахауди бæхæй: бандонмæ йæ æруагъта.)

Телль (къæдзæхыл фæзынгæйæ). Кæй риуыгъд уыди, уый ма базыдтай, сæрæй! Ныр хуыдымы къæцæл саст фæци, нæ хъадамантæй суæгъд стæм. Рæстдзинадмæ нал баххæсдзæн дæ къух: дæ бæстæн фыдбылыз аразын нал у дæ бон. (Къæдзæхты аууон фæци.)

Адæм згъорынц.

Штиусси (разæй). Цы уыл æрцыди, цы, ацы ран?

Армгардæ. Бæстыхицау фатæй фæмард.

Чындзхæсджытæн сæ раззæгтæ сценæмæ æрбахæццæ вæййынц, аннæтæ баззайынц бæрзондыл, музыкæ йæ цагъд нæ уадзы.

Рудольф. Туг дзы нал баззайдзæн. Цы фестут, фæкæсут нæм! Тагъддæр, тагъддæр! Марæджы ма ауадзут! Цæй æнамонд разындтæ фæстаджырдæм! Куы мæм байхъуыстаис, уæд дыл ацы ми не ’рцыдаид!

Штиусси. Стыр хуыцау, мах дæ фæдзæхст! Æцæгæйдæр ныллæууыди йæ уд исыныл...

Къорды дзурын. Æмæ йæ чи амардта, уый чи уыди?

Рудольф. Цæй æнаккаг адæм стут, цæ! Хуыцау уæ ферра кодта æви цавæр у? Ацы ран лæг йæ уд исы, уым та музыкæ цæгъды. Банцайут!

Музыкæ фæсабыр. Сценæ байдзаг адæмæй.

Бæстыхицау, кæд ма дæ бон у, уæд нын зæгъ, цы нын фæдзæхсыс.

Геслер йæ къухæй цыдæр амоны, фæлæ йæ не ’мбарынц, уый куы базыдта, уæд йæ къухы тылд ноджыдæр фæтынгдæр кодта.

Кæдæм? Киуснахтмæ? Нæ дæ бамбæрстон! Хуыцауы хатырæй, мæсты ма кæн; байрох кæ зæххон хъуыдытæ иууылдæр, фæлæ цæмæй уæларвимæ æрфидауай, ууыл бацархай.

Чындзхæсджытæ мæлæг адæймагмæ тæрсгæ-ризгæйæ æцæгæлон цæстæй кæсынц.

Штиусси. Куыд афæлурс! Уазал кæнын байдыдта. Йæ цæстытæ æрцъынд сты.

Армгардæ (сывæллоны сисгæйæ). Саби, бакæс, тугнуазæг цы мардæй мæлы, уымæ!

Рудольф. Хуыцау дæ куы сæрра кодта! Цавæр зæрдæйы хицау дæ? Цы хуызæн ныхæстæ дын сты? Исчи мæм фæкæсæд, — фыдбоны фат ын сласæм йæ риуæй.

Устытæ (сæхи фæстæмæ айсгæйæ). Хуыцау йæхæдæг кæй амардта, æххуыс — уымæн!..

Рудольф. Арв уæ æрцæва, мæнæ адæм! (Йæ карды сæрыл фæхæцыд.)

Штиусси (рацахста йын йæ къух, афтæмæй). Сабырдæр! Уе ’лдарады кæрон æрхæццæ. А бæсты тиран нал ис. Нæхицæн тых кæнын нал бауадздзыстæм. Сæрибар стæм ныр мах не ’ппæт дæр.

Иууылдæр (хъæрæй). Ссæрибар стæм, ай-гъай!

Рудольф. Иу æвзаджы хаттæй сдзырдтой! Тас циу æмæ уисæн, уыдонæн сæм сæ кой дæр нал ис. (Чи æрбацыди, уыцы æфсæддон адæмæн дзуры.) Цы æнамонд мардæй амард, уый федтат, — адзалæн нæй амал; дзæгъæлы агурдзыстæм мах марæджы: пайда дзы нал ис; стæй нæ уымæ нал æвдæлы: æндæр сагъæстыл сыстæм ацы сахат. Киуснахтмæ тагъддæр саразæм нæ ных. Цæмæй фидар мах бауа, уый тыххæй бахъарæм нæ уд. Адæм фæсонт сты фыр мæстæй; сæ ард байрох кодтой, уисæнæй сæм ницыуал ис.

Уыцы ныхæсты фæстæ адæм куыд араст сты, афтæ фæзындысты тæригъдгæнæг æфсымæртæ [1] .

Армгардæ. Фæндаг раттут! Æфсымæртæ æрбацæуынц!

Штиусси. Холы уæд — сынтытæ зындзысты.

Тæригъæдгæнæг æфсымæртæ (марды алыварс æрлæууыдысты æмæ ивазгæ зарынц).

Мæлæт æвиппайды цæуы,

Нæ зоны уый рæстæг, æмгъуыд.

Фæндагыл дæ куы ссара, куы —

Дæ уд æрцæудзæнис ыскъуыд.

Мæлынмæ уай, нæ уай цæттæ —

Дзуапп ратт хуыцауы раз уæддæр!

Фæстаг рæнхъытæ куыд райдайынц зарын, афтæ æруадзынц æмбæрзæн.


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 120 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;ртыккаг æвдыст| Фыццаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.017 сек.)