Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дыккаг æвдыст. Фæз, йæ алыварс — бæрзонд хæхтæ æмæ хъæд.

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст

Фæз, йæ алыварс — бæрзонд хæхтæ æмæ хъæд.

Къæдзæхтыл къахвæндæгтæ конд, уыдоныл æрцæуынц хъæууон адæм. Мидæгоз сценæйы зыны цад, йæ сæрмæ мæйы рухсæй арвæрдын. Дардæй зынынц бæрзонд сау хæхтæ митæй æмбæрзтæй. Талынг æхсæв; æрттивынц æрмæст цад æмæ цъититæ мæйы рухсмæ. Мельхталь, Баумгартен, Винкельрид, Майер, Сарнен, Буркгарт Биугель, Арнольд Сева, Клаус фон дер Флиуе, стæй ма цыппар хъæууон лæджы. Се ’гас дæр æд хæцæнгæрзтæ.

Мельхталь (сценæйы фæстæ). Мæнæ уын хæххон лæзгъæр! Цæут мæ фæдыл! Базыдтон дзуарæфтыд æмæ къæдзæхты. Нæ бынаты стæм — Риутли ам ис.

Æрбацæуынц æд факелтæ.

Винкельрид. Байхъусут-ма!..

Сева. Сыбыртт дæр никуыцæй цæуы.

Майер. Цъиуызмæлæг дæр дзы нæма ис. Нæхи Унтервальден разæй фæци.

Мельхталь. Цымæ æхсæвæй бирæ рацыди?

Баумгартен. Шелисберджы æхсæвгæс æрæджы дыууæ хъæры ныккодта.

Дардæй хъуысы дзæнгæрæг.

Майер. Хъусут?

Биугель. Швицы цады фæстæ хъæды аргъауæны райсомы аргъуыдмæ цæгъдынц.

Фон дер Флиуе. Сыгъдæг уæлдæфы хъуысы дардмæ йæ зыланг.

Мельхталь. Исчи уæ ауайæд æмæ пыхсыл арт бандзарæд, цæмæй судза не ’мбæлтты æрбацæуынмæ.

Дыууæ хъæууон адæймаджы араст сты.

Сева. Рæсугъд æхсæвæй йæм дау нæй; æппындæр не змæлы цад; раст — айдæн.

Биугель. Æнцондæр сын уыдзæн ленк кæнынæн.

Винкельрид (цадмæ амонгæйæ). Акæсут-ма, акæсут уæртæ уыцырдæм!

Майер. Циу, цавæр у? Æцæг, æцæг, арвы æрдын!.. Æхсæвыгон!..

Мельхталь. Мæйы рухс æй сарæзта.

Фон дер Флиуе. Стæммæ вæййы ахæм диссаг! Иуæй-иутæ мæрдтæм бацæуынц, сæ цæргæ-цæрæнбонты ахæм диссаг нæ фенгæйæ.

Сева. Ноджы ма йæ сæрмæ иу ахæм, уымæй фæлурсдæр.

Баумгартен. Уæртæ нæм бæлæгъ дæр дардæй зынын байдыдта.

Мельхталь. Уый Штауффахер у. Ахæм зæрæдтæ бирæ нæй. Бирæ йын нæ байрæджы. (Баумгартенимæ цады былмæ фæцæуынц.)

Майер. Уры бæстæй зынæг нæма ис.

Биугель. Бæстыхицауы хъахъхъæнджытимæ куы баиу уой, уый тæссæй хъуамæ дæрдтыл зилой.

Дыууæ хъæууон адæймаджы кæм архайдтой, уым арт ссыгъди.

Мельхталь (цады былæй). Зæгъут! Чи стут?

Штауффахер (донæй уæлæмæ). Бæсты дзæбæхдзинадмæ бæлджытæ не ’ппæт дæр.

Араст сты се ’гас дæр æрбацæуæджы размæ. Бæлæгъæй рахизынц: Штауффахер, Итель Рединг, Ганс Мауер, Йорг Гоф, Конрад Гуни, Ульрих Шмид, Йост Вайлер, стæй ма ноджы æртæ хъæууон адæймаджы, се ’ппæтмæ дæр — хæцæнгæрзтæ.

Се ’ппæт дæр (хъæрæй). Салам-алекум!

Се ’ппæт дæр æрæнцадысты арфгомау сценæйы, салам дæттынц кæрæдзийæн, Мельхталь æмæ Штауффахер размæ рацæуынц.

Мельхталь. Мæ кадджын хистæр! Æз федтон уыцы адæймаджы, æмæ мæнмæ æрбакæсын йæ бон кæмæн нал у! Йæ цæстытыл æз уымæн æрхастон мæ къухтæ, æмæ йæ рухс дуне кæуыл баталынг, уымæ кæсгæйæ, æз цъæх арт уадзын мæ фыды хæс райсыны тыххæй.

Штауффахер. Хæс исыны кой мын ма кæн, мæ кæстæр! Махыл æмбæлы фыдрæстæг æрцæуынмæ нæхи барæвдз кæнын, раздæр уал мын радзур, цы дын бантысти Унтервальдены? Æмбæлттæ дзы ссардтай? Цы фæндтæ сæм ис дзыллæмæ? Дæхæдæг куыд раирвæзтæ хъусдарджытæ æмæ нымудзджытæй?

Мельхталь. Суренны бæрзæндтыл, цæст кæуыл не ’ххæссы, ахæм цъитиджын фæзтыл, цæргæсы фæсус хъæрæй æндæр кæм никуы ницы фехъусдзæн адæймаг, æз ахæм рæттыл бацыдтæн Альпы сæрвæттæм; Ур æмæ Ангельбергæй фыййæуттæ уырдæм фескъæрынц сæ фос. Цъититæ æмæ дагъы цыхцыртæй æз састон мæ дойны; æнæсгæрст мын иу хæдзар дæр нал баззад; хæдзæртты-иу æз мæхæдæг уыдтæн уазæг дæр æмæ фысым дæр; фæстагмæ бахæццæ дæн ахæм хæдзæрттæм, сæ цæхх, сæ кæрдзынæй сæ уазæджы хайы буцæй чи æрвиты. Æвирхъауы ног уацхъуыд уырдæм дæр байхъуыст. Мæ зиан, ме ’намонддзинадмæ гæсгæ мын лæвæрдтой æгъдау, тæригъæд мын кодтой алы ран дæр. Ног хицæуттæй разы ничи у уым дæр! Райдианæй Альпы хæхтыл алы аз дæр уыциу кæрдæджы мыггæгтæ куыд зайынц, сæ дæттæ уыциу цыд куыд кæнынц, сæ æврæгътæ, сæ дымгæтæ уыциу фæндæгтыл куыд цæуынц, афтæ фыдæй-фыртмæ се ’гъдæуттæ нæ ивынц. Сæ зæронд æгъдæуттыл фидар хæцгæйæ, уыдон нæ уарзынц ног æгъдæуттæ. Зæрдиагæй мын кодтой «æгасцуай», сæ къултæй истой се згæхæрд кæрдтæ; цæхæр-иу акалдтой сæ цæстытæ, хæхбæсты стыр аргъ кæй нæмттæн ис, уыдон кой сын-иу куы райдыдтой, уæд — дæ ном æмæ Вальтер Фиурсты ном. Ард хæрынц, цы сын зæгъат, уый кæй сæххæст кæндзысты; ард схъардтой, уæ фæдыл цæугæйæ мæрдты дуарæй дæр кæй нæ раздæхдзысты. Афтæмæй зылдтæн хæдзар-хæдзар, цытджын уазæджы кад мын лæвæрдтой нæ фыдæлты æгъдæутты руаджы. Уыйадыл фæстагмæ æрцыдтæн нæ фыдæлты коммæ, мæ хæстæджытæ, ме ’ввæхстæ бирæ кæм цæрынц, уырдæм. Куырмæй мæ фыды ссардтон кæйдæр лыстæныл: фæтæригъæд ын кодта чидæр...

Штауффахер. Не сфæлдисæг хуыцау, табу дæуæн!

Мельхталь. Фæлæ не скуыдтон; ницæйаг цæссыгæй мæ зæрдæйы маст не суагътон; æз æй арф бафснайдтон мæ риуы, фыдæлты хæзнайау, æмæ хъуыддагыл архайынæй нал бацауæрстон. Æз цы ком, цы фæсвæд адаг æмæ фæз нæ басгæрстон, ахæм мын нал баззади. Æз басгæрстон, æнусон цъититæм æввахс æнцад цæрæндæттæ. Мæ къахæй кæм æрлæууыдтæн, уым алы ран дæр се сæфт федтой тиранæй. Цæрæг цы зæххыл нал ис, уæлæмæ кæрдæджы хал кæм нал цæуы, уыдонæй дæр хъалон стигъынц бæстыхицæуттæ. Адæмы сыл сардыдтон; мах сты адæм ныр сæ удæй дæр, сæ зæрдæйæ дæр.

Штауффахер. Фæстиат бирæ нæ бадæ, фæлæ дын дзæвгар бантыст.

Мельхталь. Мæнæн ма ноджы фылдæр бантыст. Росберг æмæ Сарнен сты ахæм фидæрттæ, сæ койæ дæр адæм кæмæн ризынц æмризæджы; уыцы галуанты мидæг цæрынц махæн не знæгтæ, нæ дзыллæйæн нын алы фыдбылызтæ чи аразы... Федтон сæ мæхи дыууæ цæстæй; Сарнены фидар басгарын дæр мын бантысти: мæ цæст ыл рахастон кæрæй-кæронмæ.

Штауффахер. Гъау, æмæ калмы хуынчъы дæ къух бакæнынмæ та дæ ныфс куыд бахастай?

Мельхталь. Монахы дарæстæ мæ уæлæ, афтæмæй дзы фæзылдтæн. Федтон дзы бæстыхицауы куывды бадгæ. Мæхи уромын кæй фæразын, уый сбæрæг уымæй, æмæ ме знаджы федтон, фæлæ йæ нæ амардтон.

Штауффахер. Амонд дын баххуыс кодта де ’хсарæн.

Аннæ адæм дæр æрбаласынц сæхи.

Ныр ма мын зæгъ, чи сты, чи, дæ хæлæрттæ, ардæм нæм кæй æрбахуыдтай, уыдон? Куыд сæ базонæм, ууыл бацархай, цæмæй раргом кæнæм нæ зæрдæтæ кæрæдзийæн.

Майер. Æмæ дæ не ’ртæ кантонæй та уæд чи нæ зоны? Мæ ном мæнæн — Майер, сарненаг, мæнæ дын уый та мæ хæрæфырт — Струт, Винкельрид.

Штауффахер. Фехъуыстон ма æз уыцы ном: иу Винкельрид амардта залиаг калм Вайлеры цъымарайы æмæ мард фæци йæхæдæг дæр тохы мидæг.

Винкельрид. Уый уыди мæ фыдæлтæй.

Мельхталь (дыууæ хъæууон адæймагмæ амонгæйæ). Мæнæ ацы унтервальдейнæгтæ цæрынц хъæды фæстæ беридоны. Æмæ кæд сæрмæ адæмæй не сты, кæд æмæ уыдон кусæг адæмы хаттæй сты, уæддæр сыл стыр сæр ма скæн дæхи: уыдон дæр уарзынц сæ фыдыбæстæ.

Штауффахер (сæ дыууæйæн дæр). Æрисут-ма мын уæ къухтæ! Амондджын у уыцы адæймаг, бардарæг кæмæ нæй, сæрибарæй чи цæры йæхи зæххыл: фæлæ рæстдзинадæн стыр аргъ хъуамæ уа алы ран дæр.

Конрад Гунн. Мæнæ дын уый та Рединг, нæ рагон иубæстон.

Майер. Æз æй зонын. Зылындзых стæм мах Редингимæ: тæрхоны бацыдыстæм зæххы тыххæй. Фæлæ уый зон, Рединг, дыууæ знаджы уыдзыстæм тæрхондоны, ацы ран та стæм дыууæ æфсымæры. (Йæ къух ын исы.)

Штауффахер. Лæджы ныхас ракодтай.

Винкельрид. Æрбацæуынц. Нæ хъусут Уры уасæнмæ?

Рахиз æмæ галиу фарсæй хæхтыл æрцæуынц адæм æд хæцæнгæрзтæ, сæ къухты рухсгæнæнтæ.

Майер. Сæ динамонæг дæр семæ: ай хуызæн мæйдар æхсæв зын фæндаджы уый ницæмæ æрдардта. Æнæзæрдæхудт фыййау йæ фосы куыд хъахъхъæдта, афтæ йæ адæмы нæ ныууагъта уый дæр тæссаг рæстæджы.

Баумгартен. Петерман æмæ Вальтер Фиурст — сæ астæу, фæлæ дзы Теллы нæ уынын.

Вальтер Фиурст; Рессельман, сауджын; Петерман, кистер; Куони, фыййау; Верни, цуанон; Руоди, кæсагахсæг; стæй ма фондз хъæууон адæймаджы. Уыдон се ’ппæт дæр — дæс æмæ ссæдзæй арты алыварс алæууыдысты.

Вальтер Фиурст. Уæдæ афтæ! Адæм цы хуызæн зынæвзарæнты нæ бафтдзысты! Ам нæхи бынтыл, сдзырдхъом нын кæмæ ничи у, нæ фыдæлтæй нын цы зæхх баззад, уыцы ран сусæгæй мах æмбырдтæ кæнæм, раст цыма æвзæргæнджытæ стæм, уыйау. Æхсæвыгон, мæйдарæн йæ сау æмбæрзæны бын, къæрных кæмæ бæллы, ахæм талынджы, хъуамæ архайæм мах, цæмæй тыхгæнджытæй хъахъхъæд æрцæуой нæ бартæ. Афтæмæй та уыдонмæ дæуццагæй ницы ис, бæлвырд æмæ бæрæг сты, кæрдæгхуыз цъæх арвыл хурты хурзæрин куыд бæрæг æмæ куыд рухс у, афтæ.

Мельхталь. Хистæр, сагъæс ма кæн уый тыххæй! Мæйдары кæй байтауай, уый боныгон равзæрдзæн сæрибардзинад æмæ циндзинадæн.

Рессельман. Байхъусут мæм, хорз адæм, хуыцау мын мæ зæрды цы бафтыдта, æз уын уый радзурон. Мах стæм хъæутæй æрвыст адæм, æмæ уый фæдыл нæ бон у дзурын æгас дзыллæйы номæй. Байдайæм тæрхоны бадын, нæ фыдæлты æгъдæуттæм гæсгæ. Исты нæ дзы куы байрох уа, уæд нæм уый тыххæй дæр азым ничи æрхæсдзæн, фадат æндæр нæ амыдта. Сæрибардзинады тыххæй кæмдæриддæр дзурой, уым тæрхонгæнджыты астæу фæбады хуыцау йæхæдæг! Зæгъут ма мын: хуыцау цы арв сфæлдыста, уый бын нæ лæууæм, нæ?

Штауффахер. Æгъдау куыд амона, афтæ бакæндзыстæм: æхсæв цыфæнды мæйдар уæд, нæ бартæ рухс сты.

Мельхталь. Нымадæй кæд æмæ уыйбæрц бирæ не стæм, уæддæр адæмæн ацы ран ис сæ зæрдæ, ацы ран: хуыздæртæ ам сты махимæ.

Конрад Гунн. Кæд æмæ нæ зæронд чингуытæ не сты ацы ран, уæддæр сæ фыст арф æфснайд у нæ зæрдæты.

Рессельман. Цæй, уæдæ, ме ’фсымæртæ, зиллаккæй æрлæууæм, хъама зæххы ныссадзæм — уый у хицæутты нысан!

Мауер. Нæ астæу нæ иубæстон æрлæууæд, æххуысгæнджытæ та — йæ алыварс.

Петерман. Æртæ дзыллæйæ стæм ацы ран: кæй равзардзыстæм мах нæхицæн хицауæн?

Майер. Швиц æмæ йыл Ур бафидауæнт, Унтервальден сын æй хатыр кæны.

Мельхталь. Хатыр сын фæуæд: æрмæст нын баххуыс кæнæнт се стыр бонæй.

Штауффахер. Уæдæ цыргъаг сласæд Ур. Хæсты рæстæджы æфсæдты разæй тырыса йе ’вджид.

Вальтер Фиурст. Нæ, уый нæ уыдзæн. Уыцы кад Швицæй раздæр никæуыл æмбæлы. Уымæй стæм сæрыстыр не ’ппæт дæр.

Рессельман. Уæ цытджын, уæ уæздан быцæу уын æз ахицæн кæндзынæн, цæмæй бафидауат, ууыл бацархайдзынæн: хъуыддаджы мидæг фæнд йæхимæ айсæд Швиц, хистæрдзинад та хæсты лæвæрд уæд Урмæ.

Вальтер Фиурст (дæтты æхсаргард Штауффахермæ). Айс æй!

Штауффахер. Амал нæй, — мæнæй дзы хистæртæ ис ацы ран.

Гоф. Ульрих Шмидæй хистæр нæм нæй.

Мауер. Лæгæй йæм дау нæй, фæлæ йæ мыггаг не ’ххæссы, цæй фæдыл æм нæ хауы тæрхоны лæджы бынат Швицы бæсты?

Штауффахер. Уæд та уын Рединг — нæ рагон иубæстон, уымæй хуыздæр та ма кæй равзардзыстут!

Рединг (астæумæ рацæуы). Мæ фадат нæу чингуытыл мæ къух æрæвæрын. Фæлæ уын ард хæрын æнусон рухсдæтджытæй, æрмæст рæстдзинадæй уæлдай кæй никуы ницы бакæндзынæн!

Йæ размæ йын æрсагътой дыууæ карды. Зиллакк æркодтой сæхицæй. Швиц — астæуæй, Ур — рахизварс.

Унтервальден та — галиуварс. Рединг лæууы, кардыл хæцгæйæ.

Хæхты мах ныууагътам нæ хæдзæрттæ, æртæ адæмыхаттæй æхсæв æнафоны æрцыдыстæм ардæм — цады æдзæрæг былмæ, фæлæ ма нын бамбарын кæнут, не ’мбырды сæр цæуыл у? Стъалыджын арвы бын кæрæдзийыл сбастам ногæй нæхи, фæлæ цæй руаджы æрцыди махæн нæ баст?

Штауффахер. Ног нæу нæ иудзинад, фыдæлтæй нын чи баззад, мах хъавæм æрмæст уый сфидар кæнынмæ. Уый зонут, ме ’фсымæртæ, æмæ нæ кæд дих кæнынц кæмттæ æмæ дæттæ, кæд алыхуызон уыди нæ зонд дæр, уæддæр — иу у нæ туг, не стæг, схъомыл нæ кодта иу фыдыбæстæ.

Винкельрид. Нæ зарæджы ныхæстæ уæдæ раст сты — мах ардæм кæй æрцыдыстæм дардæй? Радзурут-ма йæ, куыд уыди, цæмæй, зæронд хъуыддæгтæ мысгæйæ, фидардæр кæна нæ иудзинад.

Штауффахер. Æз уын сæ радзурдзынæн, хистæртæй хъусгæ сæ куыд æрцыдыстæм, афтæ. Раджы кæддæр цæгатырдыгæй цардысты стыр адæм; скодта сыл фыд аз, схъазар алцыдæр, æмæ дзыллæ сфæнд кодтой, цæмæй адæмæн сæ дæсæм хай ныууадзой сæ бæстæ, хæлттæ сæппаргæйæ. Æмæ афтæ бакодтой. Лæгæй, усæй — дзæвгар адæм — æнкъардæй араст сты, хур сихорафон кæм вæййы, уыцырдæм, хуссармæ. Кард æмæ уартæй сæхицæн фæндаггæрдгæ, уыдон цыдысты Германы бæстыл æмæ фæстагмæ æрбафтыдысты ацы тархъæдæй æмбæрзт хæхтæм. Сæ цыды кой кодтой æдзæрæг фæзмæ, ныр Муота-дон кæм згъоры йæ цъæх былты астæу, уырдæм. Адæймагæн дзы нæма уыди йæ дымгæ дæр ацы ран, доны был дзы уыди æрмæст иу мусонг, бадти дзы бæлæгътæрæг æмæ ласта бæлццæтты. Дон афтæ фæйлыдта уыцы рæстæджы, æмæ дзы ленк кæнынмæ ничи хаста йæ ныфс. Сæ цæст рахастой бæстыл: бæстæ разынди хъæздыг — донæй, хъæдæй; æмæ байстой сæ зæрдæмæ — ног фыдыбæстæ кæй ссардтой сæхицæн; стæй сфæнд кодтой — æнусмæ бынат куыд æркæной ацы ран. Æрæвæрдтой дзы Швицы хъæуы; бирæ фыдбонтæ дзы федтой, фæсыгъдæг кодтой хъæд, — бæлæстæ сæ бындзарæй фæкъахтой. Уалынмæ куы бабирæ сты, куынæуал сын арæхсти цæрынæн фыр къуындæгæй, уæд айстой сæхи дарддæр, сау хæхтæм, стæй Вайсландмæ, ихын цæндты хæд æмбуар кæм цæрынц хицæн адæм, æндæр æвзагыл дзурæг. Æрæвæрдтой Станцы хъæуы, Кернвальды. Альторфы хъæуы — Ройсы дæлвæзмæ æввахс; фæлæ сæ сæ мыггаджы кой рох нæ кæны æнусмæ дæр. Сæ фæстæ ма цы адæмтæ æрцардысты, уыдон æхсæн швицæгты базондзынæ кæддæриддæр: уæздан сты уыдон. (Къухтæ исы: куы рахиз, куы галиуварс.)

Мауер. Раст загътай: махæн нæ туг дæр иу у, нæ зæрдæ дæр.

Се ’ппæт дæр (кæрæдзимæ сæ къухтæ дæтгæйæ). Иу адæмы хуызæн фидаудзыстæм мах.

Штауффахер. Бирæтæ хæссынц искæй къæлæт; уыдон æгасæй дæр барвæндонæй радтой сæхи тыхджыны къухмæ. Ахæм цагъайрæгтæ чысыл нæ разындзæн мах æхсæн дæр: уыдонæн сæ бар нæ цæуы сæхиуыл, сæ цагъайраг зæрдæйы уаг ныууадзынц сæ байзæддагæн: фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы. Фæлæ мах стæм, адæм ард кæмæй хордтой, уыдон цот, æнусмæ мах æвæрын бафæрæзтам сæрибардзинад, никæмæн бакуывтам нæ зоныгыл, фæлæ барвæндонæй нæхи бафæдзæхстам имперыл, цæмæй ныл дара уый йæ арм.

Рессельман. Раст дзурыс, — уый уазæг нæхæдæг бакодтам мах нæхи. Император нын цы чиныг радта, уым дæр афтæ фыст ис.

Штауффахер. Фæлæ сæрибартæн дæр æнæ иу æгъдауæй нæй цæрæн. Хъæуы хистæр, хицау, тæрхон кæй номæй кæной, адæм сæ маст, сæ хъаст кæмæ хæссой, уыдонæн фидауцы хос кæй къухы уа. Уыйадыл нæ фыдæлтæ куырдтой цезарæй сæхуыдтæг, сæ бæсты номæй Итали æмæ Германы зæххытæн хицауад чи кæна, уый йæ бар куыд дара уыдонмæ дæр; дзырд ын радтой, — хæсты бон кæй уыдзысты йæ фарсласæг. Сæрибар адæмыл ис æрмæст иу хæс: нæ хъахъхъæнæг имперы хъахъхъæнын.

Мельхталь. Аннæ хъуыддæгтæ та сты се ’гас дæр цагъайраг дуджы нысæнттæ.

Штауффахер. Æфсадмæ сæм сидынц, æвæдза, уæд-иу хæцыдысты имперы тырысаты бын; бафсад кодтой Италимæ, цæмæй императорæн райсой Римы коронæ, сæхи бæсты та сæ цард арæзтой, сæ фыдæлты æгъдæуттæ куыд амыдтой, афтæ. Император тæрхонгæнæг уыди марджытæн æрмæст; тæрхон кæнынæн æрæвæрдта граф, фæлæ уый дæр нæ бæстæйы нæ царди: искæй-иу куы амардæуыд, уæд нæм-иу фæзынд, æмæ-иу æдæрсгæ, æргом адæмы астæу кодта туджджынтæн раст тæрхон. Цагъайраджы дугæй дзы чи цы ссардзæн ацы ран? Кæд уæ, мыййаг, искæмæ афтæ нæ зыны, уæд æй сусæг ма бакæнæд!

Гоф. Нæ, кæй дзурыс, уый раст у: бæгуыдæр, мах æфхæрды бынаты никуы уыдыстæм.

Штауффахер. Мах иухатт коммæ дæр бакастыстæм, сауджынты фарс хæцын куы байдыдта, уæд. Айнзидельны моладзандон дын бавдæлд æмæ, фыдæй-фыртмæ нæ фос кæм хызтам, уыцы сæрвæттæ нын айсынмæ хъавыд. Аббат нæм, паддзахы лæвæрд у, зæгъгæ, цавæрдæр чиныг равдыста, æмæ хъуамæ сайдæй моладзандоны бауыдаиккой, цыма дзы нæхæдæг æппындæр ницыуал уыдыстæм, уыйау. Фæлæ мах хъæбæрæй загътам: «Ацы чиныг мæнгард хъуыддаг у. Райдайæнæй-байдайæнмæ мах нæхи кæй хонæм, уыдон балæвар кæнын кесæры бон кæцæй у? Æмæ нын уæдæ кæд импер нæ зæххытæ фидар кæнынмæ нæ хъавы æнусмæ дæр нæхиуыл, уæд æнæ уый дæр фæцæрдзыстæм нæ хæхты». Ахæм дзуапп радтой нæ фыдæлтæ. Нæ сæрмæ куыд бахæсдзыстæм мах худинаджы ног æфсондзмæ нæ бæрзæй бадарын? Император нæ цæуылты нæ домдта, æрцæуæггаг вассалтæн та ма уый куыд ныббарæм? Мах нæхуыдтæг скодтам зæхх нæхицæн, нæхи къухтæй бакуыстам зæронд тулдзбынтæ, æдзæрæг сырдбадæнтæ æмæ дзы сарæзтам адæмæн цæрæндæттæ. Мах сихсийын кодтам тугдзых сырдты мыггаг, маргтауæг цъаммарты. Мах фæсырдтам æнусон сау мигътæ, уыцы æдзæрæг бæсты сæрмæ æдзух ауындзæгæй чи лæууыди; мах ныппырх кодтам къæдзæхтæ, сарæзтам бæлццæттæн кæмтты æнцонвадат фæндæгтæ. Ацы бæстæ рагæй-æрæгмæ дæр нæхи бæстæ у. Æмæ дæм ныр кæцондæр вассал æрбацæуæд æмæ дæ тæрсын кæнæд, хынджылæг дæ скъæрæд дæ фыды зæххыл! Ау, æмæ бынтон сæфт фестæм! Нæхи бахъахъхъæнынæн дæр та нал стæм?..

Адæм тынг базмæлыдысты.

Нæ, кæрон хъуамæ уа тиранæн дæр! Æфхæрд адæймаг, æвæдза, рæстдзинад куы нал ары, хæссын куы нал фæразы, æвæдза, йæ уаргъ, уæд арвмæ сцæгъды йæ риуыкъæй. Йæ бартæ се ’ппæт дæр ссардзæн уым; æнæивгæ æмæ æнæхæлгæ уыдон лæууынц уыцы ран, æнусон рухсгæнджытау! Ралæудзæн фыдæлтыккон дуг, адæм сæ кæрæдзимæ фæуыдзысты, æххуыс æнхъæлмæ макæцæйуал кæсут... Уæ хъару æмæ уæхæдæг!.. Райсут уæ кæрдтæ уæ къухмæ! Нæ исбон бахъахъхъæнæм; стох кæнæм нæ уарзон фыдыбæсты сæраппонд; хæцæм, уæдæ, хæцæм мах нæ сылгоймæгтæ æмæ нæ сабиты сæрыл!

Се ’ппæт дæр (сæ кæрдтæ цæвгæйæ). Мах хæцæм нæ сылгоймæгтæ æмæ нæ сабиты сæрыл!

Рессельман (фæцæуы зиллакмæ). Цалынмæ уæ кæрдтæм бавналат, уæдмæ уал ахъуыды кæнут, — чи зоны, æмæ императоримæ нæ хъуыддаг лæгъзæй ахицæн кæндзыстæм. Хъыгдаргæ нæ цæмæй нæ кæной, æрмæст нын уымæй раттæнт æууæнк, æндæра нын тирантæ дæр æлхæндзысты нæ зæрдæ; цы уæ агурынц, уый сын сæххæст кæнут, æмæ уæд ахицæн уыдзыстут имперæй, Австрийы уазæг та уæхи бакæнут.

Мауер. Цытæ дзуры, цы? Ард Австрийæн бахæрæм?

Биугель. Уымæ дæр хъусут!

Винкельрид. Уый у, йæ райгуырæн бæстыл сайдæй чи цæуы, топпы кæсæнæй йæм чи кæсы, ахæм адæймаджы ныхас!

Рединг. Ма ма стæвд ут, мæ хæлæрттæ!

Сева. Утæппæт æфхæрдты фæстæ ма йын ард дæр бахæрæм Австрийæн?..

Флиуе. Гъау, æмæ дзæбæх дзырдæй нæ бон цы нæ баци, уый ныр тыхы фæдыл ауæлдай кæнæм?

Майер. Уæд цагъайраджы аккаг стæм, æндæр ницы, æмæ афтæмæй баззайæм æнусмæ дæр!

Мауер. «Австрийы уазæг уæхи бакæнут» нын чи зæгъа, уымæй ист хъуамæ æрцæуой, швейцайраг адæймагæн цы бартæ ис, уыдон. Мæнырдыгонау, нæ иубæстон, не ’гъдæуттæн хъуамæ сæ тæккæ сæрмæ фыст æрцæуа уыцы æгъдау!

Рединг (иу цъусдуг алæууыд æнæдзургæйæ, стæй). Афтæ, афтæ!

Рессельман. Ме ’фсымæртæ, ног æгъдаумæ гæсгæ, ныр стут сæрибар. Австрийæн уæдæ тыхы руаджы мауал бантысæд, мах ын сабырæй цы нæ радтам, уый.

Иост Вайлер. Ныр байдайæм хъуыддаг кæнын!

Рединг. Кæд ма уæ, равзарын цы хъуыди, уыдонæй исты байрох, мыййаг? Чи зоны, æмæ паддзах йæхæдæг нæ зоны, йæ номæй нæ куыд æфхæрынц, уый! Тагъд ма бакæнут! Хъуыддаг алырдыгæй дæр сбæлвырд хъæуы, фæлваринæгтæй фæсвæд иу дæр мауал ныууадзæм, бавзарæм-ма! Раздæр æм бахæссæм нæ хъаст: куы нæ йæ айса, уæд нын нæ кæрдтæ та кæдæм лидздзысты? Нæ хъуыддаг кæд æмæ раст хъуыддаг у, уæддæр тыхы фæндагыл ныллæууын зæрдæ нæ комы; хуыцау та ныл йæ арм æрмæст уæд дардзæн, æмæ зæххон адæймаджы æххуысмæ куы нал æнхъæлмæ кæсæм.

Штауффахер (Конрад Гуннмæ). Радзур-ма нын, хъуыддагæн цы зоныс, уый.

Конрад Гунн. Æз фæцыдтæн Райнфельдмæ, паддзахы фидармæ, цæмæй хъаст бахæссон бæстыхицауыл æмæ цæмæй фæстæмæ нæ къухы бафтой нæ рагон бартæ. Бирæ минæвæрттæ дзы федтон æз уыцы ран Швабæй æмæ Рейндоны был цæрджытæй. Уыдон райстой сæ бартæ æмæ хъæлдзæгæй аздæхтысты сæхимæ. Бахуыдтой тæрхондонмæ мæн дæр — уæ минæвары — æмæ мын радзырдтой уыцы ран: «Нæ паддзахы ацы сахат не ’вдæлы йæ хъуыддæгтæй, фæлæ æндæр хатт уымæн æрлæудзыстут йæ зæрдыл». Æнкъардæй сæ раздæхтæн, æмæ паддзахы агъуысты мидæг цæугæйæ, æваст фæкомкоммæ дæн герцог Иоганнмæ; уый лæууыди уыцы ран æмæ йæ цæссыг калдта. Йæ разы уыдысты Варт æмæ Тегерфельд. Уыдон мæм басидтысты æмæ мын загътой: «Хохы мæсыгджын фесæфт, быдыры — хъанджын, — макæуыл дарут уæ зæрдæ, уый тыххæй æмæ уæхуыдтæг куы нæ уат уæ сæрæн, уæд уын ничи ницы фæуыдзæн. Паддзах ома рæстдзинад бакæна, уый уæ фæсонæрхæджы дæр ма уæд: баздæхт, æмæ йе ’фсымæры фыртæн байста йæ бынтæ. Герцогæн та ныр йæ азтæ сæххæст сты — саби нал у; æгъдау куыд амоны, афтæмæй уынаффæ кæнид йæ зæххытæн. Паддзахæй куырдта уый йæ фыды бынтæ æмæ йын хуыздæрæн цы дзуапп радта æнхъæлут? Паддзах ын æркодта дидинджытæй худ йæ сæрыл æмæ йын загъта: «Мæнæ дын аив дарæс дæ лæппуйы рæстæджы».

Мауер. Фехъуыстат? Паддзахæй нæ бадомдтат сымах уæ бартæ. Ныфсджын ут æрмæст уæхицæй!

Рединг. Паддзахæй дæр ныр нæ кард нæ кæрддзæмы нытътъыстам, — нæ бон дзы базыдтам. Архайын куыд байдайæм, уымæн фæнд хъæуы.

Вальтер Фиурст (рацæуы зиллакмæ). Фæнды нæ мах нæ уаргъ аппарын æмæ нæ рагон бартыл ныххæцын, нæ фыдæлтæ нын кæй бафæдзæхстой, уыдоныл. Ног бартæ фæлгъауæг мах нæхи не скæндзыстæм. Кесæр уæ цы агура, уый — кесæрæн; алкæуыл дæр нæ цы хæс ис, уый æххæст кæнæд.

Майер. Австрийæ райстон æз, æфстау сын цы раттон, уый.

Вальтер Фиурст. Æмæ йын фид, цы дыл æмбæлы, уый.

Иост Вайлер. Æз Рапперсвейльтæн фидын хъалон.

Вальтер Фиурст. Фид, куыд фыстай, афтæ.

Рессельман. Циурихы беридонæн æз ард бахордтон...

Вальтер Фиурст. Аргъуаны чи у, уый бадæтт аргъуанмæ.

Штауффахер. Æз æфстау исын имперæй.

Вальтер Фиурст. Кæнут алцыдæр, цæйбæрц уыл æмбæлы, уыйбæрц, уæлдай иу мисхал дæр ма кæнут. Мах саразинаг стæм æрмæст иу хъуыддаг: бæстыхицæутты фæсурын æмæ сын сæ фидæрттæ фехалын; стæй кæд амал уа, уæд ууыл дæр кусдзыстæм, цæмæй дзы нæ акæла туг. Уымæй император бамбардзæн, æндæр амал нын кæй нал уыди; ноджы ма æнæгъдау мийæ куы ницы бакæнæм, уæд уый дæр бауромдзæн йæ маст, уымæн æмæ æд хæцæнгæрзтæ адæм сæхиуыл хæцын куы фæразой, уæд семæ дзурын æдас нæ вæййы.

Рединг. Алцыдæр хорз, фæлæ кæй байдыдтам, уымæн кæрон кæд скæндзыстæм? Не знæгтæ æдзæттæ не сты, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ басабыр уыдзысты æнæ схæцгæ.

Штауффахер. Æд хæцæнгæрзтæ сæ ныхмæ куы æрлæууæм, уæд æрсабыр уыдзысты: нæхи сын бавдисдзыстæм, æнхъæл куыд нæ уой, афтæмæй.

Майер. Дзыхæй дзурын æнцон у, фæлæ хъуыддаг скæнын зын у. Нæ зæххыл ис дыууæ фидары: ницы тас сын у не знæгтæн уыцы ран; хуымæтæджы нæ бафтдзысты уыдон къухы, паддзах æфсæдтимæ ам куы æрлæууа, уæд. Росберг æмæ Сарнеры фидары райдайæны нæхи бакæнæм, цалынмæ хæст нæма стынг, уалынмæ.

Штауффахер. Фæстиат нал хъæуы, цæмæй не знаг нæма байдайа йæхи хъахъхъæнын; бирæ адæм ис нæ сусæг фæнды.

Майер. Сайдæй чи рацæуа йæ бæстыл, ахæм адæм нæ хъæдарæхджын кантоны нæ разындзæн.

Рессельман. Æгæр æнувыд дæр-иу зиан æрхæссы хъуыддагæн.

Вальтер Фиурст. Фæстиат куы кæнæм, уæд Альторфы фидар амад фæуыдзæн, æмæ бæстыхицауæн уыцы ран тас нал у бынтондæр.

Майер. Æрмæст уæхи сæрты кой кæнут сымах.

Петерман. Раст нæ зæгъыс.

Майер (мæстыйæ). Мах нæ зæгъæм раст? Уый та нæм куыд бауæндыд Ур?!

Рединг. Банцайут! Ард кæй бахордтат, уый уæ рох ма уæд!

Майер. Банцайынæй фæстæмæ нын æндæр фæрæз дæр нæй, Ур æмæ Швиц фарс куы фæуой, уæд!

Рединг. Уайдзæф дын кæнын адæмы раз, уый тыххæй æмæ нын халыс нæ иудзинад дæ суццайæ. Уыциу хъуыддаджы сæраппонд нæ бамбал стæм ацы адæм не ’ппæт дæр?

Винкельрид. Цыппурсмæ йæ куы ныууадзæм, уæд хуыздæр уыдзæн. Уыцы рæстæджы, æгъдаумæ гæсгæ, бæстыхицауæн, цы стæм, уымæй мах фæхæссæм лæвæрттæ. Иу-дæс, йе дыууадæс лæгæн нæ амал æрцæуид фидармæ, ничи сыл фенæууæнк уаид, афтæмæй. Хæцæнгæрзтæ бахæссынæн дæр амал æрцæуид: уырдæм гæрзифтонгæй кæд нæ уадзынц, уæддæр цыргъæгтæ бахæссиккой аивæй, стæй сæ уыцы ран афидар кæниккой лæдзджытыл. Иннæ къорд сæхи бафæсвæд кæнæнт хъæды; æмæ раззæгтæ, æвæдза, кулдуар æрцахстой, уæд уадындзæй ныууасæнт; аннæтæ балæудзысты сæ уæлхъус æмæ фидар æнцонæй бафтдзæн сæ къухы.

Мельхталь. Уæдæ уын Росберг та мæ бар фæуæд: уым цæры иу чызг, хæлар у мемæ; уый мæм æруадздзæн асин; асиныл æз фидары фæмидæг уыдзынæн, æмæ уæд аннæтæн дæр фæндаджы амал æрцæудзæн мæ фæдыл!

Рединг. Цы зæгъут цыппурсæй? Разы йыл стут уе ’ппæт дæр?

Адæмæн сæ фылдæр систой сæ къухтæ.

Штауффахер (нымайы къухтæ). Дыууадæсы дзы нæ фæнды, ссæдз та разы сты æмгъуыдыл.

Вальтер Фиурст. Стæй æмгъуыды бон фидæртгæ ист куы æрцæуой се ’ппæт дæр, уæд æртытæ бандзардзыстæм къуылдымтыл, хæхбæстæ уæд хъуыддаг бамбардзысты æмæ дзыллæ иууылдæр сæхи барæвдз кæндзысты хæцæнгæрзтæй. Æмæ бæстыхицæуттæ куы æркæсой, мах дзæгъæлы кæй нæ райстам нæ хотыхтæ, уымæ, уæд, бауырнæд уæ, нал сæ бафæнддзæн махимæ схæцын, фæлæ батагъд кæндзысты ардыгæй сæхи айсыныл.

Штауффахер. Тас мæ ис æрмæст ацы хивæнд Геслерæй, тыхджын æфсад ис йæ алыварс, уый æнæ туг ныккалгæ сæттын нæ бакомдзæн, тарды куы фæуа, уæддæр дзы æдас не стæм. Ауæрдын ыл нæ хъæуы — фыдбылыз нын æрхæсдзæн.

Баумгартен. Тасдæр цы ран уа, уым хъуыддаг мæхи бар кæнын мæ райгуырæн бæстæйы тыххæй. Ме ’фхæрд æз райстон æмæ æрæнцад мæ зæрдæ.

Рединг. Цы уа, уый уæд. Æнхъæлмæ кæсут, мæ хæлæрттæ! Æрцæуинагæн æнæ æрцæугæ нæй. Фæлæ мæнæ, цалынмæ ацы ран мах не ’хсæв æрвитæм, уалынмæ бæрзæндтæ рухс кæнын байдыдтой. Æмæ уал нæхи айсæм, намæ ныл хур ам скæсдзæн.

Вальтер Фиурст. Тæрсгæ ма кæн, талынг сабыргай кæмттæй фæхъуызы.

Се ’гас дæр сæ худтæ систой æмæ æнцадæй, зæрдæрайæ сæуæхсидмæ кæсынц.

Рессельман. Цалынмæ ма сахайрæгтæ талынджы сæ хæдзæртты хуыссынц, уалынмæ, махæн «æгас цæуат» чи зæгъы, уыцы боны рухсмæ нæ иудзинады тыххæй ноджыдæр ард бахъарæм, цæмæй амæй фæстæмæ æфсымæртау нæ цард дæр, нæ зиан дæр иу уа; фыдбоны дæр, тыхст рæстæджы дæр нæхи куыд нæ аласæм кæрæдзийæ.

Се ’ппæт дæр ын æмхуызонæй йæ фæдыл дзурынц йæ ныхæстæ.

«Нæ фыдæлтау уыдзыстæм сæрибар! Мæлæт хуыздæр у цагъайраджы дугæй. Хуыцауыл бафæдзæхсæм нæхи æмæ нын тас нæ уыдзæн».

Хъæууон адæм хъæбыстæ кæнынц сæ кæрæдзийæн.

Штауффахер. Ныр уæ алчидæр агурæд йæ фæрныг хæдзар. Фыййау хизæнмæ аскъæрæд йæ фос æмæ нын нæ иудзинадæн æнцад-æнцойæ æмбæлттæ æмбырд кæнæд. Не ’мгъуыдмæ мах бафæраздзыстæм. Уадз æмæ тиранмæ тынгдæр æхсида нæ маст, фæлæ æрцæудзæн афон æмæ дзы нæ хæс уыциу ист ракæндзыстæм. Уæхиуыл уал фæхæцут стырдæр тохы бонмæ: æрмæст йæхи гуылы бын арт чи æндзара, уый нæ бацауæрддзæн давынæй дзыллæйы иумæйаг хорздзинадыл.

Адæм цадæггай фæйнæрдæм куыд цæуынц, афтæ оркестр цæгъды зæрдиагæй; иу цъусдуг гомæй аззайы афтид сценæ; зынынц хуры фыццаг тынтæ, митджын бæрзæндтæ адардтой сырх хъулон.


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 77 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Фыццаг æвдыст| Фыццаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.037 сек.)