Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дыккаг æвдыст

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст

Хъæддаг, æдзæрæг ран хъæды мидæг; æхсæрдзæнтæ хауынц хæхтæй.

Æрбацæуы Бертæ цуанон дарæсты, йæ фæдыл — Руденц.

Бертæ. Ардæм æрбацæуы. Аныхас кæндзыстæм.

Руденц (æм тагъдгомау фæцæуы). Фадат ран дæ ссардтон, ам иунæгæй æхгæд стæм арф кæмттæй: уыдон æхсæн æвдисæнæй нæ тæрсын, æмæ дын, мæ зæрдæйы æз æвæрæнæн кæй хастон уæззау уаргъау, уыдон сисын мæ бон бауыдзæн ацы сахат.

Бертæ. Чи зоны æмæ, кæд уыйбæрц хибар не стæм не ’мбæлттæй.

Руденц. Нæ, уыдон нæм дард сты. Фæлæ цы уа, уый уæд ныр, кæнæ та бынтондæр — никæд! Æмгъуыдтæ кæнынæй ницыуал! Æмгъуыдтæгæнгæйæ саг æнæ дымæгæй баззад. Фæнды мæ базонын мæ амонд, кæд нæ хуыцау кæрæдзийæн не сныв кодта, уæддæр. Дæ цæстæнгасæй мæ зæрдæ ихы къæртт куы феста, уымæй тæрсын! Цæмæн мæм кæсыс ахæм кастæй! Уæвгæ зын бамбарæн дæр нæу, æз кæй нæ ахадын, кæй ницы дæн бынтондæр дæ цæсты. Ницы уæвгæйæ, æз бауæндыдтæн сæнттæ цæгъдын дæу сæраппонд: мæгуыры зæрдæ фынтæй дзæбæх. Æз мæхи ницæмæй ма равдыстон, афтæмæй мæхи барын байдыдтон сгуыхт адæмтыл, сæ сæры кад стыр хъуыддæгтæй чи сбæрзонд кодта. Бертæ цæра, ды дæ искæй аккаг уыдонæй, æз та дæн ницыйæ ницыдæр. Фæлæ кæд æмæ хайджын нæма дæн уыдон сæры кадæй, уæддæр дын мæхицæй раппæлын мæнæн мæ бон бауыдзæн ахæм уарзондзинадæй.

Бертæ (фырнымд æмæ карзæй). Гъау, уый зæгъын та мæм дæ ныфс куыд бахастай? Ды фæсайынмæ куы хъавыс дæ ард, цагъайраг куы дæ Австрийæн, ды дæхи куы ныууæй кодтай дæ адæмы знæгтæн, дæ дзыллæйы домджытæн.

Руденц (дзы йæхи айсгæйæ). Диссаг мæм кæсы, Бертæ, дæ уайдзæф. Уый зон, æмæ сæм кæд мæхи ласын, уæд æрмæст дæу тыххæй.

Бертæ. Æмæ уæд куыд æнхъæлдтай? Йæ фыдыбæстыл сайдæй, мæнгардæй чи рахæта, æз уыдонырдыгæй ома разынон? Уымæй зæрдæ ма сæвæр дæхицæн! Швейцарийæн фыртæн чи нæ бæззы, уый райгуырæн бæсты фыдызнæгтæн цыргъ æхсырфæй чи кусы, цæйнæфæлтау уымæ фæцæуон, уый бæсты сразы уыдзынæн Геслермæ фæцæуыныл, намæ мæ фыды уæларт бадгæйæ баззайдзынæн.

Руденц. Ме сфæлдисæг хуыцау, æмæ дзы уый æнхъæл та чи уыди?

Бертæ. Зæгъ-ма, мын, зæгъ: дæ хæстæг, дæ хæлар кæй хоныс, уыдон амондæй зынаргъдæр та ма уæд цы уыдзæни адæймаджы зæрдæйæн? Намæ дæм, æвæдза, дзурынц, æфхæрд дзыллæйы сæрыл тох чи кæны, уыцы лæджы бæрзонд номæй, стæй йæ иубæстæгты, æнаххосæй æфхæрдты бартыл æмæ æгъдæуттыл фидар хæцын чи фæразы, ахæм цытджын номæй? Æз уымæй фæрнджындæр ницыма фехъуыстон, чиныджы дæр æй не ссардтон, æмæ уæвгæ дæр нæй! Уый зон, æмæ адæмы амондыл мæнæн риссы мæ зæрдæ; æз сæ бауарзтон, уый тыххæй æмæ сабыр æмæ лæджыхъæдджын сты; бонæй-бонмæ сæм мæ хæлардзинад тыхджындæр кæны. Адæм тынгдæр кæуыл дардтаиккой сæ зæрдæ, се ’нхъæлцау кæй хуыдтой, уыдон сæ фæлыгъдысты, дзæгъæл сæ ныууагътой; сæ дзыллæйы знæгтимæ бамбал сты æмæ се ’фсымæртæн аразынц болат рæхыстæ! Афтæмæй ма дыл кæд æлгъаг нæ кæнын, уæд дæ бауырнæд, æмæ мын æнцон нæу уыцы хъуыддаг.

Руденц. Багъæц, и, æмæ сын æз дæр æрмæст сæ дзæбæхдзинадыл куы зилын, цæмæй ссарой æнцой æмæ сабыр цард Австрийы къухы.

Бертæ. Æнæнхъæлгæйæ сын цагъайраджы цуг аразут сымах! Фæлæууæндон ма æгас дунейыл æрмæст уыцы ран ис сæрибардзинадæн æмæ йæ уырдыгæй дæр фæсурынмæ хъавут. Сæхуыдтæг хуыздæр æмбарынц адæм сæ амонды уавæртæ æмæ сайын нæ бакомдзысты æрттиваг дидитæй. Уæрм уын скъахтой, уæрм, æмæ дзы фæныгъуылут бынтондæр.

Руденц. Куыд амардтæн, куы!.. Бертæ, дæ зæрдæ мыл куыд худы, уый хъазын байдыдта мæ цæстытыл.

Бертæ. Хуыздæр, хъæлæкк, уаид, зæрдæ кæй зæгъы, уый къухы куы æфтид, уæд, фæлæ былысчъилтæ, стырсæртæ кæн уыцы адæймагыл, тынг бауарзынмæ кæй хъавыс...

Руденц. Бертæ! Бертæ! Зæрдæтæ мын бавæрыс, амæй бæрзонддæр æмæ бæллиццагдæр хъуыддаг нал уыдзæн, зæгъгæ, стæй та мæ цæстыфæныкъуылдмæ бæрзондæй раппарыс.

Бертæ. Нæ, дæ риуы ма цæры дæуæн уарзондзинады тæфаг, фынæй кæнынмæ дзы хъавы, фæлæ дын æй æз райхъал кæндзынæн. Дæ зæрдæ хорздзинадмæ цы арт уагъта, уый цæмæй бахуыссыдаид, ууыл ды нæ бацауæрстай барвæндонæй, фæлæ дын ахуыссын нæ бакуымдта. Дæ амондмæ гæсгæ арт тыхджындæр разынди дæуæй, æмæ уыйадыл баззадтæ зæрдæхæлар æмæ уæзданæй.

Руденц. Мæнæй ма дæ ныфс и?.. Бертæ! Уæвгæ дæ уарзондзинады руаджы мæнæн цынæ бауыдзæн мæ бон?

Бертæ. Дунейы арæзтмæ гæсгæ, зæрдæйы мидæг арф уидæгтæ цы фæндон ауадзы, уый фæдыл цу; дæ равзæрыны сахат дæ ныхыл фыст цы хæс æрцыди, уый сæххæст кæн: сыстут, хуыцауæй уын курдиат цы бартæ уыди, уыдон тыххæй, уæ дзыллæйы охыл, уæ райгуырæн бæсты сæраппонд.

Руденц. Гъей-гъи! Бынтондæр ахицæн дæн æз дæуæй, куыддæр имперы ныхмæ æрлæууон, афтæ. Дæуæн ис ныййарджытæ. Уыдон æвастæй исты хъуыддаг чи бакæна, ды ахæм адæймаг нæ дæ.

Бертæ. Фæлæ дæ рох ма кæнæд — мæ ис, мæ бон, мæ цæрæн фадæттæ — иууылдæр ацы ран сты! Æмæ, æвæдза, Швейцары бæстæ сæрибар сси, афтæ мæнмæ дæр бархъомыс ничиуал дардзæн.

Руденц. Бертæ, мæ сæры мын базмæлын кодтай стыр хъуыдытæ.

Бертæ. Австрийæ æз дæумæ нæ рантысдзынæн: уым кæрæдзийы хъуын-хъис хæрынц мæ ис, мæ боныл, алчидæр сæм йæ уды быцъынæг скъуыны. Сæ зыд сымахæн дæр уæ бынæй рухс суадздзæн; мæхæдæг дæр дзы æдас нæ уыдзынæн. Мæ хæлар! Нæ дын æй басусæг кæндзынæн: мæн паддзахы хæлæрттæй искæмæн балæвар кæндзысты. Паддзахмæ æввахс адæм мæн ласынвæнд скодтой паддзахы хæдзармæ, уыцы ранмæ, æмæ адæмы æхсæн сайд, мæнгард, козбау, алы ныллæг хъуыддæгтæ фидар ахстон кæм сбыдтой. Æмæ уым æз хъуамæ æрвитон мæ бонтæ; æгады цыдæй фæцæудзынæн æз мæ лæгмæ, æгады рæхыстæ дзы мæ уæлæ, афтæмæй дзы цæрдзынæн... Мæн уыцы зындзинæдтæй фервæзын кæнын бафæраздзæн æрмæст дæ уарзондзинад.

Руденц. Бертæ, æмæ сразы уаис ам баззайыныл, дæхицæн мæ аккаг скæнис мæ фыдæлты бæстæйы? Хуыцау ме ’вдисæн: мæ уд, мæ зæрдæ, мæ фæндон зæгъай — æдзухдæр тындзыдтой дæумæ. Кæд æмæ архайдтон, мæ намыс æмæ мæ хорз ном цæмæй айхъуысид, уæд уый кæнын æз иудадзыгдæр дæу бузныгад. Уарзондзинад, сыгъдæг уарзондзинадæй фæстæмæ уæлдай хъуыды нæ уыди мæ зæрдæйы дæу сæраппонд. Æмæ кæд, мæ хуры рухс, кæм цæрыс, уыцы æрттиваг дзыллæйыл стырзæрдæ суыдзынæ, ацы ран фæцæрынмæ дæ ныфс бахæсдзынæ, уæд цæмæ бæллыдтæн, «тæхуды» цæмæ кодтон, уый мын хуыцау саккаг кодта, æмæ уыцы дзыллæйæ мæнæн агуринагæй ницы ис. Хъæр кæнут, нæ хæхбæсты дæттæ, дзæбæх цæвут нæ фидар къæдзæхтæн сæ риутæ! Амæй фæстæмæ мæн дзæгъæлы нал хæсдзæн, нал, мæ зонд, паддзахы хæдзармæ нал дзурдзæн, нал, мæнæн мæ зæрдæ. Бафснайæнт нæ мах нæ хæхтæ ацы æнæмæт лæнкауы, æрмæст нын арвы рухсæй нæ цæстæн хай куыд бакæной, афтæмæй!

Бертæ. Цы æнхъæл дын уыдтæн, уый разындтæ. Нæ мæ фæсайдта мæ зæрдæ!

Руденц. Тагъд мæнæй фæлидзут, ницæйаг сæнттæ! Амонд ссардзынæ мæ райгуырæн хæхты; мæ сабийы бонтæ уым хъæлдзæгæй æрвыстон; а бæсты рухс кодта мæ зæрдæ алцæмæйдæр — йæ дæттæм, йæ халсармæ цæст не ’фсæст кæсынæй; ныр та мæ чызджыты хуыздæр кæд равзæрста йæхицæн ацы ран!.. Уарзтон мæ райгуырæн бæстæ æдзухдæр, æмæ йын æнæ уарзгæ дæр нæй: æнæ уый æххæст нæу мæ амонд.

Бертæ. Тæхудиаджы бæстæ у ацы бæстæ, сыгъдæг æмæ æнæтæригъæд бæстæ; а хæхты никуыма æрцыд ахæм хъуыддаг, æмæ дзы исчи йæ бæстæ ауæй кæна, йæ райгуырæн бæстыл галиуæй рацæуа; фыдæлты рæстдзинад ма ацы ран баззади, ацы ран. Нæ бонтæ арвитдзыстæм амондимæ, æнæмæтæй а бæсты, сабыр æмæ æнцад царды мидæг. Дæумæ ис лæгдзинад, де ’мхуызон адæмæн уыдзынæ ды сæ разæй, стыр цыт дын дæтдзысты адæм, паддзахæн йæ зæххыл цы цыт ис, раст ахæм цыт...

Руденц. Куыд æмбарын, уымæ гæсгæ, мæ бон æдæрсгæ бауыдзæн зæгъын: ды дæ сылгоймæгтæн се ’ппæты сæр; дæу руаджы, дæ уарзондзинады фæрцы — ды мæ сагъæсгæнæг, ме ’нувыд койгæнæг — афтæмæй æз зæххыл уæларвон цардæй бацæрдзынæн. Цыдæриддæр цæры, уый цæры дæу руаджы, дидинæг чи рафтауы, уый дæр æй рафтауы дæу руаджы; дæуæн арфæгæнæг сты, дæ алфамбылай чи цæры, уыдон се ’ппæт дæр!

Бертæ. Мæ иунæг сæрыбон, — сагъæс мæн æнцад куыд ныууагътаид, дæ зæххон амонд дæ къахы фындзæй ды аппарынмæ куы хъавыдтæ, уæд? Цы боны хæрзтæ ма æрвыстаин æз, хицауадуарзæг тиран мæ арф куы бафснайдтаид йæ тар фидары, уæд? Ацы ран нæй фидæрттæ, ахæстæттæ, нæй дзы быру мæн æмæ мæ уарзон адæмы æхсæн, нæй дзы, кæуыл нæ ахызтæуа, ахæм æфцæг.

Руденц. Æппæтдæр хорз, фæлæ куыд фервæзон, мæхæдæг мæхи цы бæттæнты стыхтон, уыдон ма цы амалæй райхалон?

Бертæ. Атон сæ дæ фидар цæнгтæй. Цыдæриддæр не ’рцæуа, уæддæр хæст самай дæ дзыллæйы сæраппонд: уыцы хæс дæуæн æрдзæй рацыди демæ!

Хъуысы дардæй сыкъа уадындзты уасын.

Цуанæттæ уасын байдыдтой, фæйнæрдæм уал нæхи айсæм. Фæлæ дæ иу цъусдуг дæр рох ма уæд; дæ райгуырæн бæсты сæрыл хæцгæйæ, тох самайдзынæ, дæ цæрайæ чи цæры, уый сæрыл, дæ уарзондзинады сæрыл; уыцы иу сæрибардзинад суæгъд кæндзæн нæ дыууæты дæр.

Ацæуынц.


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 115 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Фыццаг æвдыст| AElig;ртыккаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)