Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Цыппæрæм æвдыст

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст
  7. Дыккаг æвдыст

Вальтер Фиурсты цæрæндон.

Вальтер Фиурст æмæ Арнольд Мельхталь æрбацæуынц дыууæрдыгæй.

Мельхталь. Уый Вальтер Фиурст куы дæ!

Вальтер Фиурст. Ма нæ æрбаййафæнт! Ма фезмæлай дæ бынатæй! Алы ран дæр нал ис кæрон дзырдхæсджытæн.

Мельхталь. Ницы хъусыс Унтервальденæй? Мæ фыды зæронд цымæ цы фæци? Сфæлмæцыд мæ уд — ахæсты бадтæй бадын ацы ран. Кæнгæ та ахæм стыр хъуыддагæй ницы ракодтон, лæгмарæгау абырæджы хаттæй цæмæй хæтон! Иу æнаккагæн фæцагайдтон йе ’нгуылдз, уымæн æмæ мын цæстуынгæйæ бæстыхицауы дзырдæй уыцы цъаммар тæлæт кодта, хæдзар цы дыууæ галæн уыдтæн, уыдон.

Вальтер Фиурст. Æмæ дын кæй фыд уыди; аххосджын дæхæдæг! Куы смæсты уай, уæд дæ галиу къухæй хæц дæ рахиз къухыл æмæ цæрай æнæ фыдбылызæй. Уый йæ хицау æмæ нæ бæстыхицау рарвыстой. Ныр азымы макæй дар; тыхст рæстæг цалынмæ вæййы, уалынмæ ма адæймаг калм дæр йæ роны бадары — цы гæнæн ис, мæ хæлар!

Мельхталь. Æмæ баргæ дæр уыцы цъаммары æнаккаг ныхæстæ куыд ныббарстаин. Кæд æмæ, зæгъы, хъæуты цæрæг адæймаджы фæнды кæрдзын хæрын, уæд лæгæй хуым кæнæд. Цыма мæ зæрдæйы хъама иннæрдæм ауад, уыйау фæдæн, гутонæй мын мæ ифтыгъд галтæ куы уæгъд кодта, уæд. Галтæ дæр цыма æмбæрстой, тыхгæнæг мæ фыдгул кæй у: сæ богътæй бæстæ ныццарыдтой, ныттæссар кодтой сæ сыкъатæ. Мæхи бауромын нал бафæрæзтон æмæ йæ фыр мæстæй нæмынтæ байдыдтон тæбынгæй.

Вальтер Фиурст. Уæвгæ стыр зынæй куы уромæм мах дæр нæхи, уæд ма сæхиуыл хæцын куыд бафæразой нæ фæсивæд!

Мельхталь. Мæ зæрдæ риссы тынг мæ фыдыл: йæ бон ницыуал у, фæкæсын æм хъæуы, йæ фырт та йæм дард у. Бæстыхицау дзы федта йæ сæфты хай, уый тыххæй æмæ мæ фыд æдзухдæр быцæугæнаг у сæрибардзинады фæдыл. Ныр зæронды цъысымы бакæндзæн, æмæ йын йæ сæрыл чи сдзура, ахæм дæр нал ис. Цыдæриддæр фæуæд, ныллæууæн мын нал ис ацы ран.

Вальтер Фиурст. Фæфæстиат уал у, фæхæц дæхиуыл; хъуамæ нæм уырдыгæй тагъд сæмбæлдзæн исты уацхъуыд. Æнхъæлдæн, дуар хостæуы. Бæстыхицауæй æрвыст ма разынæд? Æмбæхсгæ тагъд! Ланденберджы фыдæхардæй æдас нæ дæ Уры бæстæйы дæр: халон халоны цæст нæ къахы.

Мельхталь. Махæн дæр бæззынц бафæзмынæн.

Вальтер Фиурст. Цæугæ уал! Стæй та дæм сиддзынæн.

Мельхталь фæцæуы.

Мæгуырæг! Мæ зæрдæ цы æнамонд хъуыддæгты тыххæй сгуырысхо, уыдон ын сæргом кæнын мæ уд нæ тæры. Дуар, цымæ, чи хойа? Дуар чысылдæр фæхъинц кæнæд, афтæ æмризæджы ризын байдайын, фыдбылызæй тæрсгæйæ. Хæрам, галиудзинад, фæливын — алы ран дæр; тыхдзинад бæхбырст кæны хæдзæрттæм. Тагъд нæ æфсæн æхгæнæнтæ бахъæудзæн нæ дуæрттæн! (Дуар гом кæны æмæ фæстæмæ ракъахдзæф кодта, дисгæнгæйæ, Вернер Штауффахеры куы федта, уæд.) Уæуу, мæнæ кæй уынын! Вернер, уый ды дæ? Мæ зынаргъ æмæ мæ кадджын уазæг! Рагæй нал фембæлдтæн æз дæ хуызæн хорз адæймагыл. Мæ хæдзары дæ кæй уынын, уый мын у стыр циндзинад. Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста ардæм?

Штауффахер (йæ къух æм дæтты). Нæ фыдæлты Гельвец агурæг рацыдтæн æз.

Вальтер Фиурст. Гельвец дæуæн демæ ис! Æрмæст дæ уындæй дæр ныррухс вæййы мæ зæрдæ. Æрбад, Вернер, æмæ мын радзур, æнæниз у дæ зондджын æфсин Гертрудæ, зонджын Иберджы чызг? Мейнрады комыл Италимæ цы бæлццæттæ цæуынц, уыдон се ’гас дæр æппæлынæй фылдæр не сты сымахæй, — уæ кæрдзын, уæ цæххы рардæй. Фæлæ ныр цæуыс ды Флиуелнæй: зæгъ-ма мын, нæ бæстыл, фæндаг-фæндаг, ницæуыл ахастай дæ цæст?

Штауффахер (бадгæ-бадын). Цæуылнæ, æз федтон стыр галуан, фæлæ йæм мæ зæрдæ кæсын нæ куымдта.

Вальтер Фиурст. Уæ, мæ хæлар, æмæ йæ куы фенай, уæд æй базондзынæ, циу уый.

Штауффахер. Фыдæлты рæстæджы ахæм галуантæ никуы уыд Уры бæстæйы! Йæ цæстæй дæр никуы ничи федта ахæстон ацы ран, æрмæст сау ингæн уыди махæн нæ ахæстон.

Вальтер Фиурст. Æмæ ма цæуыл худы дæ зæрдæ: уымæй хуыздæр ахæстон ма уыдзæн нæ сæрибардзинадæн?

Штауффахер. Цы дын æй æмбæхсон, Вальтер Фиурст, дзæгъæлы нæ уыди мæ цыды сæр мæнæн ардæм; нал фæразын сагъæсæй. Адæмæн æнæхъуаджы домд кæнынц махырдыгæй, тынг æфхæрынц сымах дæр ацы ран. Кæдмæ сын фæраздзыстæм быхсын? Тыхдзинæдтæн куынæуал ис æппын кæрон! Бархъомыс никуы ничи дардта швейцайраг адæймагмæ; æвæлмас уыди уый кæддæриддæр. Нæ фосгæстæ ацы хæхтæм куы æрбацыдысты, уæдæй ардæм ахæм тыххъуыддæгтæ никуы æрцыди нæ бæсты.

Вальтер Фиурст. Раст зæгъыс — мах цы æнæгъдаудзинæдтæн быхсæм, уыдонæн ничи бабыхсдзæн. Уæздан Аттингаузен дары йæ зæрдыл фыдæлты дуг, фæлæ уый дæр зæгъы, уæззау у, уæззау, тынг нæ уаргъ, зæгъгæ.

Штауффахер. Æвзæр хъуыддæгтæ Унтервальдены дæр. Уыцы ран Вольфеншиссæн, Росберджы бадгæйæ, хъавыди хъодыгонд дыргъæй бахæрынмæ; йæ зæрды уыди уымæн Алцелны Баумгартены усæй фæхынджылæг кæнын, фæлæ йын нæ бантыст: тыхгæнæг хайуаны Баумгартен мæрдтæм барвыста йæ фæрæтæй.

Вальтер Фиурст. Нæ рафæлдисæг! Æмæ уæдæ ныр Баумгартен кæм хæты? Зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, йæхи бафснайын ма бафæрæзта? Фæсвæд ран ис?

Штауффахер. Цады сæрты йæ де сиахс сæмбæлын кодта мæ хæдзарыл. Ноджы ма мын радзырдта ахæм æвирхъау хабар, æмæ йæм дур фестдзæн алкæй зæрдæ; æнамонд хъуыддаг æрцыди Сарнены.

Вальтер Фиурст (хынцфарст кæнгæйæ). Æмæ уагæр цавæр хъуыддаг уыдаид?

Штауффахер. Кернсмæ æввахс, Мельхталы, цæры иу лæг, Генрих Гальден. Раст адæймаг, йæ ныхасæн ын стыр аргъ кæнынц уыцы бæстæйы.

Вальтер Фиурст. Æмæ уый чи нæ зоны, ахæм та кæм ис? Цы йыл æрцыди?

Штауффахер. Чысыл цæмæйдæр фæрæдыд уымæн йæ сагфырт. Уый тыххæй йын Ланденберг йæ галтæн сæ хуыздæр æмæ сæ рæсугъддæртæй дыууæ суадзын кодта гутонæй. Лæппулæг нæ ныббарста: тыхгæнæджы тынг снадта, стæй кæмдæр бамбæхст.

Вальтер Фиурст. Гъы, æмæ цы сæмбæлди фыдыл? Зæгъ-ма мын, исты йын уыди, мыййаг?

Штауффахер. Бæстыхицау æм басидти æмæ йын загъта, йæ фырт куыд фæзына хицæуттæм, афтæ. Зæронд ард хордта, йæ фырт кæдæм алыгъди, уымæн кæй ницы зоны. Æмæ уæд æгъатыр æрбасидын кодта лæгмартæм...

Вальтер Фиурст (фестад æмæ йæ хонынмæ хъавы иннæрдæм). Хуыцауы хатыр бакæн, æмæ сабырдæр.

Штауффахер (ноджы хъæрдæрæй). Æмæ загъта: «Кæд фырт нæй, уæд та — фыд; Сосойы бæсты — Мосо!» Æрбырсын сын кодта зæронды æмæ йын цыргъ болатæй йæ дыууæ цæсты сæ бындзарæй скъахтой.

Вальтер Фиурст. Хуыцау, кæм дæ, кæм?!

Мельхталь (æрбазгъоргæйæ). Скъахтой йын йæ цæстытæ, зæгъыс?

Штауффахер (джихауæй Вальтер Фиурстмæ). Ацы лæппулæг чи у?

Мельхталь (æм фæлæбурдта). Куыд? Йæ цæстытæ, зæгъыс?

Вальтер Фиурст. Цæй æнамонд фæдæ, цæ!

Штауффахер. Чи у? Уый фырт ма уæд?

Вальтер Фиурст (амоны йæ сæрæй). Уый та куыд? Уæ, нæ раст тæрхонгæнæг хуыцау!

Мельхталь. Æз та арвы кæрæтты хæтын, ме ’намонд фыд!

Вальтер Фиурст. Дæхиуыл фæхæц! Лæг дæ: фæразын хъæуы!

Мельхталь. Мæ сæрыл, мæ аххосæй!.. Æмæ бакуырм? Бынтондæр бакуырм?

Штауффахер. Дæ хæраммæ бæллæг уыйау бакуырм уæд! Рухсы суадон байсысти: нал фендзæн, нал, уый хурты хурзæрины.

Вальтер Фиурст. Æгæр æй ма риссын кæн.

Мельхталь. Нал фендзæн хурзæрины! (Бамбæрзта йæ цæсгом йæ къухтæй æмæ иу цъусдуг нал дзуры; стæй баздæхт сæ дыууæйы ’рдæм æмæ дзуры сабыргæнæн хъæлæсæй.) Уæ, нæ цæстырухс, арвы лæвæрд зынаргъ хæзна! Дæу руаджы цæрынц дуне æппæт: сфæлдисонтæ, алчидæр, быдыры дидинæг дæр ма рæзы, рухсмæ цингæнгæйæ, мæ фыдæн та хуры рухс бынтон баталынг, сау мæйдар ын баци дуне алы ран. Нал барухс уыдзæн уый зæрдæ цъæх-цъæхид быдыртæй, дидинæг куы рафтауой, уæд. Нал фендзæн, нал, сæуæхсид арвыл! Мæлæт!.. Мæлæт циу? — Ницы! Фæлæ арвы рухс мауал уын, афтæмæй æрвит дæ бонтæ, — уый цард нæу. Тæригъæддаг кастæй мæм цы кæсут? Æз куырм нæ дæн, фæлæ æрттивгæйæ мæ цæстмæ цы рухсы тын згъоры, уымæй де ’намонд фыдæн иу æртах раттын дæ бон ма бауæд!..

Штауффахер. Къаддæр нæ, фæлæ дæ зæрдæйы маст тыхджындæр цæмæй сырæза, æз ууыл нæ бацауæрддзынæн. Уый зон, æмæ дын бæстыхицау дæ фыдмæ, æвзагыл цы адарай, уый дæр нал ныууагъта — байста йын сæ иууылдæр. Йæ бирæ исбонæй ма лæдзæг бафтыд уымæн йæ къухы, æмæ ныр бæгънæгæй, куырмæй æнамонд зæронд хæтæд нæ рухс дунейыл.

Мельхталь. Лæдзæг ма фæци æнамонд куырмы. Афтидæй баззади йæ бирæ фосæй, æнæхай фæци хуры рухсæй, — мæгуыртæн сæ мæгуырдæр хъæздыг кæмæй у. Æмбæхсыны тыххæй мын уæ кой дæр мачиуал скæнæд! Æнаккаг разындтæн æз — бафснайдтон мæхи сæр, дæу та, ме ’намонд фыд, цъынды ныууагътон тиранмæ! Мæ цард цард нал у! Мæ цард, мæ бон амæй фæстæмæ — мæ хæс райсын. Цон æм, цон, — уромæг мæ нал бауромдзæн. Бæстыхицауæй æз бацагурдзынæн мæ фыды цæстытæ. Æз æй ссардзынæн йæ фæсдзæуинты æхсæн; мæнæй йын аирвæзæн нал ис; суæлдай мæ цард. Уымæн йæ марг тугæй фæрогдæр кæндзынæн мæ уды зындзинæдтæ. (Хъавы араст кæнынмæ.)

Вальтер Фиурст. Фæлæуу! Нæ зоныс дæ бон; кæимæ мын хæцыс? Уымæн Сарнены, йæ бæрзонд фидары, ницы тас уыдзæн де ’нæхъару мастæй.

Мельхталь. Шрекгорн-айнæджы сæрыл куы цæра, кæнæ бæрзонддæр — Иунгфрауы æнусон цъитийыл, уæддæр æм æз фæндаг ссардзынæн. Æрмæст ссæдз мæ карæнтæй — æндæра дур дурыл нал баззайдзæн йæ фидарæй. Мæ фæдыл уæ куы ничи рацæуа, æмæ сымах, уæ дзугтæн, уæ хæдзæрттæн тæрсгæйæ, цагъайраджы дугæн зоныгыл куы куват, уæ гуыбыныцъарыл уаллонау куы бырат, уæд фæсиддзынæн æз фыййæуттæм нæ хæхбæсты, æмæ сын уым, сæрибар арвы бын, уæнгтæ рог кæм кæнынц, зæрдæ сыгъдæг æмæ бæрзондæй кæм зайы, уым радзурдзынæн, адæмы сæфтмæ кæмæй тæрынц, уыцы æбуалгъ хабæрттæ.

Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Хæрамдзинад срæгъæд; иу чысыл ма банхъæлмæ кæсæм, кæд æмæ фæфылдæр уаид...

Мельхталь. Фылдæр зæгъыс? Æмæ ма уæ амæй фылдæр цы хъæуы? Цæстыгагуыйæн скъахынæй тас куы у. Нæ бон, дам, ницы бауыдзæн... Гъау, уæдæ ма нæ цæмæн ахуыр кæнынц æрдынбос фидар бæттын, уæззау фæрæтимæ архайын? Алы сырдæн дæр ма лæвæрд у, йæхи цæмæй хъахъхъæна, ахæм уæнг. Кæй сурынц, уыцы саг фыр мæстæй æртхъирæн кæны куыйтæм йæ æбуалгъ сыкъатæй, сæгъ дæр-иу цуаноны раппары къæдзæхæй; гал дæр ма — уыцы æвæлмоны фос — йæ бæрзæй æфсондзы бынæй цух нæ кæны, уый дæр ма бамæсты вæййы, æмæ уæд йæ тыхджын сыкъатæй хæрдмæ сисы йе знаджы.

Вальтер Фиурст. Не ’ртæ кантоны махимæ æмзонд, æмзæрдæ куы суаиккой, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бон исты бакæнын бауаид.

Штауффахер. Ур байдайæд, Унтервальден иу лæджы хуызæн сыстдзæн, йæхи нæ аласдзæн Швиц дæр.

Мельхталь. Бирæ хæлæрттæ ис мæнæн Унтервальдены; сæ туг акалдзысты уыдон æнæвгъау, æххуысгæнæг сын разынæд æрмæст. Нæ дзыллæйы зондджын æмæ кадджын хистæртæ, лæппу дæн уæ астæу, уæ разы дзурын мæнæн аив дæр нæу. Бирæ дæр нæ рацардтæн, бирæ дæр нæ федтон, уый бæлвырд у, фæлæ уæ курын, уæхи ма атигъ кæнут мæ ныхасыл. Æвзонг туджы æхсидын уæм ма фæзынæд, — тæры мæ ме стыр маст; мæ тæригъæдæй дур дæр аскъуындзæн. Сымахæн дæр уæ хæдзæртты нæй ничи уæхицæй хистæр. Сымах дæр æнæбæлгæ не стут ахæм бындартæм, уæ зæронд сæртæ уын æгадмæ чи нæ æруадза. Æмæ уын уæдæ цалынмæ уæ къонатæ дымгæмæ нæма ныддардтой, уæ цæстытæ ма цалынмæ æнæхъæн сты, уалынмæ уæхи ма ласут, ма, мах зиантæй. Уый зонут, тираны уæрдæх дард нал у, дард, сымах къубалтæй дæр, стæй мæ фыдау æдзух куы архайдтат Австрийы æлдарад байсыныл; тас бацæуæд уæ зæрдæты, тас!

Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Дæ хæцæнгæрзтæ райс, дæ фæдыл чи ацæудзæн, уый та дын — æз.

Вальтер Фиурст. Фенæм уал, цы зæгъдзысты рицæртæ, Силенен æмæ Аттингаузены хицæуттæ: уыдон ном нын ссардзæн бирæ æмбæлттæ.

Мельхталь. Æмæ сымах нæмттæй кадджындæр та ма уæд кæй ном уыдзæн нæ хæхбæсты. Адæм уæ фæдыл цæуын сахуыр сты. Сымах дзырдæн цы аргъ ис, уый никæй дзырдæн ис. Уæ фыдæлты намысæй сымах стут хайджын, уæхи намыс та ноджы — стырдæр. Уæд ма нæ цæмæн хъæуынц рицæртæ? Бирæ стæм нæхуыдтæг дæр; мæнырдыгонау, мах искæй æххуыс хъуаг нал стæм: нæхи бахъахъхъæнын бафæраздзыстæм нæхуыдтæг.

Штауффахер. Кæд æмæ мах зынæвзарæнтæй рицæртæ уыйбæрц нæ риссынц, фæзты цы дон сагъуыди, уый бæрзæндтæм нæма хæццæ кæны, уæддæр се ’ххуысы хай кæндзысты, æмзæрдæйæ хæцæнгæрзтæ куы райсæм, уæд.

Вальтер Фиурст. Австрийæ мах астæу минæвар куы уаид, уæд та нын æгъдау æмæ бартæ ссарын цы хъæуид! Фæлæ нæ хурхылхæцæг — нæ паддзахад, нæ тæрхонгæнæг. Уæдæ бæрзондылбадæг йæхæдæг фæуæд махæн нæ фарсласæг. Ды æрæмбырд кæн дæхицæн æмбæлттæ Швицы. Уры сæ уадз мæхи æвджид! Фæлæ кæй арвитæм Унтервальденмæ?

Мельхталь. Кæй та цы хоныс? Æмæ уæд æз цы кæнын? Мæнæй тынгдæр кæмæй риссы?

Вальтер Фиурст. Уый нæ уыдзæн: ды мæ уазæджы хай дæ, дæ сæрыл мæлын хъæуы дæ фысымы.

Мельхталь. Ма мæ уром! Уыцы ран æз цы ком, цы лæзгъæр нæ зонын, ахæм дзы нæй. Фысымтæ дæр дзы ссардзынæн, цæйбæрц мæ бахъæуа, уыйбæрц: ницы тас мын уыдзæн — знагæй мæ бафæсвæд кæндзысты мæ зонгæтæ.

Штауффахер. Ма йын къуылымпы кæн йæ фæндаг. Уым нæй нымудзджытæ; уыцы бæсты уыйбæрц хæрам сты тиранмæ, æмæ йын дзы иу дзырдхæссæг дæр нæ разындзæн. Стæй ма арвитдзыстæм уырдæм алцелнаджы, цæмæй æрæмбырд кæна æмбæлттæ æмæ сызмæлын кæна дзыллæйы.

Мельхталь. Æмæ уæд хабар та куыд æрвитдзыстæм кæрæдзимæ, тираны зæрдæ ныл гуырысхо куыд нæ фæуа, афтæ?

Штауффахер. Фенынмæ нын фадат уыдзæн Бруннены кæнæ Трейбы, раст сæудæджер наулæууæны.

Вальтер Фиурст. Афтæ æргом архайын не ’мбæлы. Мæнмæ ис иу фæнд: цадæй галиуырдæм, фæндаг Брунненмæ кæуыл цæуы, уым тархъæды ис иу æрдуз, фыййæуттæ йæ хонынц Риутли. (Мельхталъмæ). Уыцы ран иу кæнынц нæ кантонты арæнтæ. (Штауффахермæ.) Швицæй рог бæлæгъы уым æрбалæудзынæ. Мах дæр аууон лæзгъæрыл æхсæвыгон æмбæлдзыстæм фæнд кæнынмæ. Алчидæр нæ уырдæм дæс æмбалы, æнæсайд æмбæлттæ, æрбахондзæн, æмæ хуыцауы фæндæй нæ дзырд нæ кæрæдзийыл куы сбада, уæд уайтагъд байдайдзыстæм кусын.

Штауффахер. Афтæ фæуæд. Ныр, ме ’фсымæртæ, кæрæдзимæ раттæм нæ къухтæ æмæ ам, кæрæдзийы къухтыл хæцгæ куыд сæмбал кодтам иумæ, афтæ сиу кæнæм нæ æртæ зæххы дæр — цæрынмæ дæр, мæлынмæ дæр, кæд æмæ не ’ппæт дæр фервæзиккам.

Вальтер Фиурст æмæ Мельхталь. Цæрынмæ дæр, мæлынмæ дæр!

Сæ къухтæ сиу кæнгæйæ, иу цъусдуг лæууынц æгуыппæгæй.

Мельхталь. Уæ, мæ фыд, ме ’нæцæст фыд! Ды нал фендзынæ ирвæзындзинады бон, фæлæ йæ фехъусдзынæ: нæ хæхты бæрзæндтыл куыд бандзардзысты бæрæггæнæн æртытæ æмæ куыд æркæлдзысты хъалты фидæрттæ, сæрибары дуг куыд ралæудзæн махæн æнусмæ. Уыцы уацхъуыд фатау батæхдзæн дæумæ, æмæ хурбонау сæрттивдзæн дæуæн дæ мæйдар æхсæв.

Фæцæуынц фæйнæрдæм.


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 115 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;ртыккаг æвдыст| Фыццаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.016 сек.)