Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

AElig;ртыккаг æвдыст. Альторфы уыгæрдæн.

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. Дыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст

Альторфы уыгæрдæн.

Сценæйы разæй — бæлæстæ; мидæгоз рæбынæй хъилыл худ ауыгъд. Дард ран æрæхгæдтой хъодыгонд хъæд æмæ хæхтæ, сæ фæстæ арвмæ фæцыдысты митæй æмбæрзт æфцджытæ.

Фрисгард æмæ Лейтхольд хъахъхъæнынц.

Фрисгард. Мæ хæлар, дзæгъæлы хъахъхъæнæм ацы ран. Ардæм ничиуал цæуы худæн кад æмæ цыт бакæныны тыххæй. Афтæмæй та, хуыцау базона, мæлдзыджыты губаккау-иу адæм æмызмæлд кодтой ацы ран; фæлæ тæрсынгæнæн куы æрцауыгътой хъилыл, уæдæй фæстæмæ дзы бындз атæхæг дæр нал фендзынæ.

Лейтхольд. Адæмæн сæ тæккæ æнæсæрæнтæ, сæ тæккæ ницæйæгтæ цæуынц ауылты æмæ фелвасынц уайтагъд сæ дæрдджын худы гæбæзтæ; фæлæ дардыл азилынц сæрæн адæм, æндæр фæндагыл, цæмæй сæ ма бахъæуа худæн кувын.

Фрисгард. Айагъоммæ бонæмбис ацы фæзыл дзыллæйæн сæ фæндаг уыди нæ рæзты. Мæхинымæр дзырдтон, додой мын куыд фæци сæ къона, искæй дзы ахсдзынæн. Æнхъæл уыдтæн: иу дæр дзы нæ бахæсдзæн йæ сæрмæ худæн бакувын. Уæд æваст сæ астæу фæзынди сæ сауджын Рессельман. Сыгъдæг лæвæрттимæ фæцæйцыди рынчыны хæдзарæй, æмæ йын цыма хъуыдыгонд уыди раздæр, афтæ хъилы раз æрлæууыди, йе ’ххуысгæнæг та ныххоста дзæнгæрæг; адæм æркодтой зоныгыл, цы бамбарын æй хъæуы, худы раз нæ, фæлæ сыгъдæг лæвæртты раз.

Лейтхольд. Байхъус-ма мæм, æвæдза, иу чысыл ахъуыды кодтай, уæд сбæрæг уыдзæн, ацы ран æдылы лæудæй кæй лæууæм, уый. Æгад у æфсæддон лæгæн афтид худ хъахъхъæнын. Чи нæм æрбакæса, мæ хæлар, уыдон ныл худæгæй мæлдзысты, адæмы кувын кæнынц худæн, зæгъгæ. Мæнырдыгонау, æдылы хъуыддаг у ацы хъуыддаг.

Фрисгард. Омæ цы! Фæуæд цыфæнды афтид дæр! Ды дæр кувыс афтид сæрæн.

Гильдегардæ. Мехгильдæ æмæ Эльсбетæ æрбацæуынц сывæллæттимæ æмæ хъилы алыварс æрлæууыдысты.

Лейтхольд. Цы загъдæуа дæуæй дæр! Ницæй тыххæй дæр адæймаджы бафхæрыныл фæстиат нæ кæныс. Цæуæд, кæй фæнды, уый, æз мæхи æнæуынæг скæндзынæн, куыд никæй æрцахсон, афтæ.

Мехтгильдæ. Сабитæ, мæнæ уын уый та нæ бæстыхицау, акувут ын!

Эльсбетæ. Хуыцауы дзыхæй уый рацæуæд, æмæ йæхи ардыгæй куыд айса, йæ худ нын куыд ныууадза йæхи бæсты — хуыздæр йеддæмæ нын фыддæр нæ уыдзæн.

Фрисгард (сæ фæсуры). Усайтæ, æмæ цы ми кæнут? Цы слæууыдыстут уын куы зæгъын? Уæхи айсут иуырдæм! Сымах дзы ницæмæн хъæут. Рарвитут нæм уæ сæрыхицæутты; мах сæм æркæсæм, кæддæра куыд хъæбатыр разыниккой.

Устытæ ацыдысты. Телль æд фат, æд æрдын æрбацæуы, йæ лæппуйы къухыл хæцгæ; худмæ нæ кæсынц, афтæмæй араст сты йæ рæзты.

Вальтер (амоны хъодыгонд хьæдæй æмбæрзт хæхтæм). Æз фехъуыстон, уым, дам, ис ахæм бæлæстæ, æмæ сæ искæцыйы фæрæтдзæф фæкодтай, уæд дзы туг ракæлы. Цымæ уый æцæг уа!

Телль. Æмæ дын уый чи дзырдта?

Вальтер. Нæ фыййау. Уыдон, дам, сыгъдæг æмæ дзуарджын бæлæстæ сты, æмæ, дам, сæ чи фæцагайа, уымæн йæ ингæныл æрзайдзæн къух.

Телль. Сыгъдæг æмæ дзуарджын кæй сты, уый бæлвырд у. Уæлæ ма скæс уыцы митджын къæдзæхтæм, арвыл чи æмбæлы, уыдонмæ.

Вальтер. Уый цъитийы бынат куы у; æмбисонд вæййы уыдон хъæр, æхсæвыгон сыл зæйтæ æд саха куы рауайынц, уæд.

Телль. Мæ хæлар, мах уыцы хъæд куы нæ хъахъхъæнид, уæд нын зæйтæ æмæ цъититæ афонмæ нæ цæрæн бæстæ — Альторф сæ быны баныгæдтаиккой. Уыцы хъæды руаджы ирвæзæм — уый у махæн нæ хъахъхъæнæг.

Вальтер (иу чысыл ахъуыдыгæнгæйæ). Æмæ хæхтæ цы ран нæй, ахæм бæстæтæ дæр ис?

Телль. А бæрзæндтæ куы фæуадзай дæ фæстæ, æмæ дарддæр куы ацæуай дон-дон, уæд афтдзынæ тыгъд быдырмæ, цæст кæуыл не ’ххæссы; дæттæ уыцы ран хъæр дæр нæ кæнынц, фынк дæр, фæлæ цадæггай цæуынц размæ; фæзæн уым йæ кæрон цæст нæ ахсы, хуымтæ нæ зынынц алы хоры мыггагæй, æмæ бæстæ кæрæй-кæронмæ у цæхæрадоны хуызæн.

Вальтер. Баба, уæдæ афонмæ дæр цæуылнæ алыгъдыстæм уыцы диссаджы бæстæм, цæй тыххæй ма цæрæм ай хуызæн тас æмæ фыдбылызджын ран?

Телль. Раст зæгъын хъæуы, бæстæйæ æвзæр бæстæ нæу: йæ хъæздыгдзинадæн æмбал нæй, хор дзы тынг хорз зайы, фæлæ хуымгæнæгæн уым йæ фæллой йæхи нæу.

Вальтер. Уый та уæд цæмæн афтæ у? Æмæ цы хуымтæ афæлдахынц, уыдон сæхи не сты, дæуæн дæ хуымтæ дæхи куыд сты, афтæ?

Телль. Нæ, мæ саби, фыдæлтæй баззад æмбисонд: хох — дзуарджын, быдыр — æлдарджын. Уым зæхх кæнæ паддзахы у, кæнæ аргъуаны.

Вальтер. Цуан кæнын дæр сæ нæ уадзынц хъæды?

Телль. Нæ, сырд дæр циу, уымæй иууылдæр паддзахы у.

Вальтер. Æмæ кæсæгтæ ахсæнт цæугæдæтты, цады, денджызы!..

Телль. Денджыз уа, цад уа, дон уа — иууылдæр сты паддзахы.

Вальтер. Ау, æмæ уагæр цавæр паддзах у, дзыллæйы уыцы тасы бынаты чи дары?

Телль. Уый, мæ къона, уыдонæн у сæ иунæг дарæг æмæ сæ иунæг хъахъхъæнæг.

Вальтер. Æмæ сæхуыдтæг сæхи бахъахъхъæнынæн не сты?

Телль. Уыцы бæсты иу адæймаг иннæйыл нæ баууæнддзæн.

Вальтер. Нæ, мæ фыд, æз дзы батыхсин ахæм бæсты, фæлтау ацы ран, нæ хæхты, цæрдзынæн.

Телль. Раст загътай, мæ хъæбул, — дæ чъылдыммæ сау зæрдæ адæмы бæсты цъититæ куы лæууой, уæд дын фыддæр нæ уыдзæн.

Сæ цыды кой кæнынц дарддæр.

Вальтер. Скæс-ма, баба, уæлæ хъилыл худ!

Телль. Нæ фæндаг дарæм — ницы нæ кæсы уымæ.

Цæуынмæ куыд хъавы, афтæ йын Фрисгард арцæй йæ развæндаг æрцахста.

Фрисгард. Императоры номæй дæм дзурын: къахдзæф дæр мауал акæн, æнцад æрлæуу!

Телль (арцмæ фæлæбургæйæ). Мæ фæндагыл мæ цæуын нæ уадзыс?

Фрисгард. Бардзырд нæ сæххæст кодтай. Цом мемæ.

Лейтхольд. Уымæн æмæ нæ бакуывтай худæн.

Телль. Ауадз мæ, и, мæ хæлар!

Фрисгард. Амал нæй! Цæугæ ахæстонмæ!

Вальтер. Уый та куыд! Мæ фыды мын ахæстонмæ? Фæдис, сæр нæ бахъуыд! (Хъæр кæны сценæйы фæстæмæ.) Гъей, цы фестут, уайгæут ардæм, фезмæлут. Фæкæнынц æй ахæстонмæ!

Сауджын Рессельман, кистер Петерман æрбазгъорынц æртæ лæгимæ.

Петерман. Циу, цавæр у?

Рессельман. Цæмæн æй æрцахстай?

Фрисгард. Императорæн знаг у, йæ ард фæсайдта.

Телль (æм дзæбæх бавнæлдтытæ кодта, афтæмæй). Мæнæй зæгъыс? Ард æз фæсайдтон?

Рессельман. Рæдийыс, мæ хæлар. Уый Телль куы у, Телль. Растдæр адæймагæн скæнæн нæй.

Вальтер (Вальтер Фиурсты фенгæйæ, фезгъоры йæ размæ). Дада, уæ, дада! Æнамонд хъуыддаг сæмбæлди мæ фыдыл!

Фрисгарц. Ахæстонмæ, ахæстонмæ!

Вальтер Фиурст (æрбазгъоргæйæ). Фæлæуу-ма! Æз ын фидар лæууын! Телль, хуыцауы хатырæй цы бакодтай, цавæр у?

Мельхталь æмæ Штауффахер æрбацæуынц.

Фрисгарц. Бæстыхицауы дзырд ницæмæ дары; æххæст æй нæ кæны.

Штауффахер. Телль æй ницæмæ цары? Уый нæ уыдзæн.

Мельхталь. Мæнг дзурыс, æнаккаг!

Лейтхольц. Худæн нæ бакуывта, фæцæйцæугæйæ.

Вальтер Фиурст. Æрмæст гъе уый тыххæй ахæстонмæ? Мæ хæлар, ныууадз æй, æз ын фидар лæууын.

Фрисгарц. Фидар лæуу дæхицæн, кæд æмæ дæ бон у, уæд, — махæн цы зæгъынц, уый æххæст кæнæм. Цом!

Мельхталь (хъæууон адæммæ). Амæй та ма уæдæ тыхмидæр куыд вæййы! Куыд æрхæсдзыстæм мах нæ сæрмæ, æмæ нын нæ астæуæй, нæ цæст уынгæйæ, Теллы аласой!

Петерман. Тых махмæ фылдæр ис. Нæй йын ауадзæн. Ме ’фсымæртæ, нæхионтæй хуыздæр ма кæй сæрыл сдзурдзыстæм, кæ?

Фрисгарц. Æмæ уæд кæй бон у ацы ран, бæстыхицау цы дзырд радта, уый ныхмæ æрлæууын?

Æртæ хъæууон лæджы (базгъоргæйæ). Цæвут сæ! Ма сыл ауæрдут! Мах дæр ам стæм!

Гильдегардæ, Мехтгильдæ æмæ Эльсбетæ æрбаздæхынц.

Телль. Мæ хæлар адæм, нæхи бар нæ ныууадзут. Куы мæ бафæндыдаид, уæд сын мæхæдæг дæр æгъгъæд уыдтæн: сæ æрцытæй мæ нæ фæтæрсын кодтаиккой.

Мельхталь (Фрисгардæн). Куыд æй ахонай, уый бæрæг уыдзæн.

Вальтер Фиурст æмæ Штауффахер. Хорз адæм, сабырдæр!

Фрисгард (хъæр кæны). Сæ ард басастой! Дзыллæ сызмæлыдысты!

Хъуысы цуанонты уадындзы уаст.

Устытæ. Бæстыхицау нæм æрбацæуы.

Фрисгард. Бакъуырма стут? Сæ хуыцау сыл рахатт! Мæнгардæй разылдысты!

Штауффахер. Хъæрдæрæй йæ зæгъ, хайуан, дæ хъæлæс куыд афæда!

Рессельман æмæ Мельхталь. Нал банцайай?

Фрисгард (ноджы тынгдæр). Фæдис! Æгъдауыл чи хæцы, уыдонæн баххуыс кæнут! Фæдис!

Вальтер Фиурст. Бæстыхицау, уæртæ! Раны фестæм, гъе! Бæрæг нæм уыдзæн!

Геслер бæхыл, хъæрццыгъа йæ къухы. Рудольф Гаррас, Бертæ æмæ Руденц; сæ фæдыл бирæ адæм æд хæцæнгæрзтæ, сценæ бацахстой æгасæй дæр.

Рудольф Гаррас. Фæндаг! Бæстыхицау! Бæстыхицауæн фæндаг!

Геслер. Фæсур сæ фæйнæрдæм! Цæуыл æмбырд кæнынц адæм? Фæдис чи хъæр кодта? Куыд мын æй бамбарын кæнат, афтæ...

Сыбыртт дæр нал цæуы.

(Фрисгардмæ.) Ацырдæм! Чи дæ? Цы дæ? Цæмæн ыл хæцыс? Цы ракодта? (Хъæрццыгъа скъæрæгмæ дæтты).

Фрисгард. Мæ хицау! Æз дæн уыцы адæймаг, дæуæн зæрдиагæй чи кусы. Мах сæвæрдтой худ хъахъхъæнæг. Ацы лæг дын дæ худæн кад нæ радта, æмæ йыл уыцы хуызæнæй æз фæхæст дæн; фæлæ мын æй адæм мæ бар нæ уадзынц.

Геслер (иу цъусдуг ницы сдзырдта, стæй). Телль, уый æнхъæл дын нæ уыдтæн, æмæ ды дæ паддзах æмæ уымæн йæ бæстыхицауы афтæ ницæмæ дардзынæ: æгæр-мæгуыр худæн цы кад раттын æмбæлди, мæ дзырдмæ гæсгæ, уый дæр нæ бакодтай. Уымæй та æргом кæны, иуырдыгæй — хицæуттыл иузæрдион чи у, сæ фарс чи хæцы, сæ фæнд, сæ дзырдмæ сын чи хъусы, аннæмæй та сæ ныхмæ чи лæууы, хæрамдзинад сæм чи дары... Æрдумæ дæр не ’рдардтай ды мæ дзырд.

Телль. Хицау, бахатыр мын кæн! Бауырнæд дæ, дæ дзырд æгадмæ æрцæуа, зæгъгæ, мыл рæдыд уый тыххæй нæ сæмбæлд! Сомы дын фæразын, мæ зæрды кæрон дæр нæ уыди дæ дзырды сæрты ахизын... Ныббар мын æй!..

Геслер (хъусæй алæууыд иу цъусдуг, стæй). Телль, тынг, дам, арæхсыс æрдын æмæ фатæй — хуыздæр фатæхсæгыл нымайынц дæу.

Вальтер. Уый æцæг у, хицау; мæ фыд, цы фæткъуы йæ бафæнда, уый сæдæ къахдзæфмæ бæласæй раппары йæ фатæй.

Геслер. Уый дæ лæппу ма уæд, Телль?

Телль. Мæ лæппу у, хицау.

Геслер. Ис ма дын æндæр лæппу?

Телль. Дыууæ мын сты, хицау.

Геслер. Фылдæр дзы кæцыйы уарзыс?

Телль. Уæлдай уарзт сæ никæй кæнын.

Геслер. Уæдæ афтæ, Телль: кæд æмæ уыйбæрц арæхсыс фат æмæ æрдынæй, уæд дын фадат æрцыди дæхи равдисынæн: райс дæ фат, де ’рдын æмæ мын дæ хъæбулы сæрæй фæткъуы раппар дæ фатæй. Ноджы ма дын мæ уынаффæ: хорз бахъав. Куыддæр, æвæдза, фæткъуы нæ атылди иу æхстæн, афтæ, уый зон, æмæ дæхи сæр нал баззайдзæн дзæбæхæй.

Фыр тæссæй се ’ппæт дæр сагъдæй баззадысты.

Телль. Æвирхъау фæнд æрымысыдтæ, хицау! Мæ сабийы сæрæй æз атулын кæнон хъуамæ... Уый та куыд уыдзæн! Нæ, æвæццæгæн, дæ дзæбæх нæ бамбæрстон! Мæ рафæлдисæг! Дæ зæрдæ та уый куыд бакомдзæн, æмæ фыд ахæм нывонд æрхæсса йæхи къухæй?

Геслер. Ныууадз, Телль, уæлдай ныхас! Æз дын зæгъын, дæ фырты сæрæй фæткъуы куыд æрæппарай, афтæ.

Телль. Ай дын хуыцауы диссаг! Æмæ мын мæ хъæбулы сæр хъабахъæн цæй фæдыл æвæрыс? Мæ цардæй ма цы кæнын æз уый фæстæ?

Геслер. Æхсгæ дын куы зæгъын! Намæ сæфут уæ дыууæ дæр.

Телль. Йæ фыды къухæй мæрдтæм куыд бацæуа мæ хъæбул? Зæнæг цы ад кæны, хицау, уый нæ зоныс — нæй дын, æвæццæгæн, æмæ уымæн.

Геслер. Цæй зондджын æрбадæ, Телль, æвиппайды. Афтæмæй та, мæ хъустыл куыд æрцыд, уымæ гæсгæ, ды фылдæр цæуыс дæ зæрдæйы фæндæй — зондмæ уыйбæрц хъусаг нæ дæ. Адæмы æгъдæуттæ дæ зæрдæмæ нæ хæссыс; уарзыс æнахуыр, чи нæма æрцыди, ахæм хъуыддæгтæ æмæ диссæгтæ; æмæ дын, гъе уыдæттæ зонгæйæ, æз дæр сарæзтон дæхимæ гæсгæ хъуыддаг. Чи зоны, æмæ æндæр исчи фæстæмæ фæхæцыдаид йæхиуыл, фæлæ Телль хъуамæ йæ цæст дæр ма фæныкъула, афтæмæй сразы уа алцыппæтыл дæр.

Бертæ. Æгъгъæд у, бæстыхицау, хъазынæн! Нæ сæм кæсыс, ризæг сыл куыд бахæцыд, сæ хуыз куыд афæлывтой; уыйбæрц дын нæма фæцахуыр сты дæ хъазæн ныхæстыл.

Геслер. Æмæ дын чи загъта, хъазгæ кæнын, уый? (Бæласæй фæткъуы æртыдта.) Ай уын фæткъуы. Фæйнæрдæм айсут уæхи! Куыд æмбæлы, санчъехтæ афтæ банымайут... Цыппарыссæдзæм санчъех арæн фæуæд: нæдæр — къаддæр, нæдæр — фылдæр, кæй уын загътон, уымæй. Йæхицæй мын æппæлыди, сæдæ къахдзæфмæ, дам, мысан нæ ивгъуыйын. Ныр дæ лæджы сæр бахъуыди, фатæхсæг: хъахъхъæн, ивгъуыйгæ ма фæкæн.

Рудольф. Ме скæнæг хуыцау! Ай æцæг куы сфæнд кодта, хъазынхъус куы нæ у... Саби, тагъддæр бæстыхицауы раз дæ зонгуытыл æрлæуу æмæ дзы ракур, цæмæй дын ныббара.

Вальтер Фиурст (сабырæй Мельхталæн, фыр мæстæй ма йæхиуыл хæцын чысыл чи фæразы). Фæсабыр у, мæ хæлар, дæхи фæуром!

Бертæ (Геслерæн). Æгъгъæд у, хицау, кæрон ын скæнын хъæуы! Стыр фыдми у ныййарæджы зæрдæйæ афтæ хъазын. Кæд æмæ æцæгæй дæр уыцы чысыл зылыны тыххæй æмбæлди ууыл амæлын, уæд æй æрдæбонсарæй йæ фаг фæци зындзинадæй — йæ уд тæбыны халæй нарæгдæр фестад. Ауадз æй йæ хæдзармæ: ныр ын базонын кодтай дæхи — ацы хъуыддаг дын уый нæ, фæлæ ма дын æй йæ тъымы-тъыма дæр нал байрох кæндзысты.

Геслер. Фæйнæрдæм! Тагъддæр уын куы зæгъын! Дæ фæстиат ма цæмæн у? Дæ зылын дæхицæн нæ зоныс? Мæнæй æндæр дæу æгасæй нал ауагътаид, фæлæ дын æз, мæ зæрдæйы хæлардзинадæй, дæ адзал дæттын, мæнг дын чи нæ кæны, гъе уыцы къухмæ. Йæ адзал та йæхи къухмæ кæмæн радтон, уый бон хъуамæ мауал уа мæн азымы дарын, хæрам кæнын. Дæ рæстдзæфæй кæм æппæлыдтæ, уым мын æй ныр хъуамæ равдисай. Раст зæгъын хъæуы, нысайнаг дæр бæрзонд у, йæ лæвар дæр — стыр. Мысаны зиллакк ныццæвын уыйбæрц стыр хъуыддаг нæу, бирæтæн дæр бантысдзæн. Фæлæ æцæг фатæхсæг уый разындзæн, иу хатт дæр йæ зæрдæ кæмæн нæ фехсайдта йæхимæ, цæст æмæ къух кæй коммæ кæсынц æдзухдæр.

Вальтер Фиурст (æрхауди хицауы размæ йæ зонгуытыл æмæ). Хицау! Стыр кад кæнæм мах дæ бæрзонд номæн, фæлæ нын дæ зæрдæйы хорзæх равдис. Мæ исæн дын зæрдиагæй балæвар кæндзынæн йе ’мбис, намæ æгасæй дæр фæуæд дæ фæхъхъау, æрмæст нын фервæзын кæн лæппуйы фыды!

Вальтер Телль. Дада, сыст уæлæмæ: ахæм фыдадæймаджы раз зоныгыл ма лæуу уый аккаг нæу. Кæм æрлæууон, зæгъут мын? Æз нæ тæрсын; мæ фыд тæхгæ-тæхын маргъ нæ ивгъуыйы, фат нæ ныссадздзæн уый йæ фырты зæрдæйы.

Штауффахер. Дæ зæрдæ ныккæрзæд уæд та сабийы æнахъомдзинадæй!

Рессельман. Рох дæ ма уæд, хуыцау кæй ис уæлæрвты мидæг, уый дæ дзуапп агурдзæн дæ хъуыддæгты тыххæй.

Геслер (амоны лæппумæ æмæ). Сбæттут æй уæртæ уыцы сусхъæд бæласмæ!

Вальтер Телль. Цы? Бæттын мæ кæны? Уый нæ уыдзæн! Уæрыккæй бирæ сабырдæр лæудзынæн: змæлгæ нæ, фæлæ улæфгæ дæр не скæндзынæн. Фæлæ мæ куыддæр бабæттат, афтæ мæ хъæр араудзæн нæ хæхтæ, дæндагæй хæрдзынæн мæ бæттæнтæ.

Рудольф Гаррас. Лæппу, цæй æмæ дын уæд та дæ цæстытæ бабæттæм.

Вальтер Телль. Уæд цæмæн? Дæуæй афтæ, мæ фыд цы фат суадза, æз уымæй фæтæрсон! Æнхъæлмæ йæм кæсын! Мæ цæст дæр нæ фæныкъулдзынæн. Фæстиат мауал кæн, мæ фыд! Уый дын дæ рæстдзæфыл не ’ууæнды, фæлæ йын æй равдис. Нæ дыууæйы сæфтмæ дæр бæллы æнæхуыцауыхай, фæлæ йын фыддæрадæн ми бакæн: раст фехс æмæ фæткъуы акъуыр. (Сусхъæд бæласмæ фæцæуы. Фæткъуы йын æвæрынц йæ сæрыл.)

Мельхталь (хъæууон адæммæ). Гъау, æмæ уый та куыд! Куыд баззайдзыстæм кæсгæйæ ай хуызæн æнæгъдау хъуыддагмæ? Уæд ма ард та цы хордтам!

Штауффахер. Уæдæ цы бакæнинаг стæм, нæ бон циу? Хæцæнгарзæй нæ æгæрмæгуыр лæдзæг дæр никæмæ ис. Фæлæ ма уæртæ уырдæм бакæс: саухъæды хуызæн сæ арцытæ.

Мельхталь. Гъæй-джиди, æмæ уайтагъд куы райдыдтаиккам хъуыддаг кæнын! «Æмгъуыдмæ йæ ныууадзæм» чи загъта, уымæн йæ хуыцау хуыздæр фæуæд!

Геслер (Телльмæ). Байдай! Хæцæнгарз хъазæн дзаума нæу! Æдзух фатимæ хæтын фыдбылызмæ дæр асайы: хаттæй-хатт фатæхсæгæн йæ адзал фатæй æрцæуы. Хъæубæсты адæм сæхи афтæ сæрибар кæй дарынц, уый бæстыхицæутты хистæрæн у уайдзæфаг: гæрзтæ дарыны бар хъуамæ уымæн уа æрмæст, йæхæдæг хицауад чи кæна. Æрдын хæссын дын уыйбæрц адджын кæм фæци, уым дын æз та мысан сарæзтон.

Телль (æрдынбос æлвасы хъæддыхдæр æмæ дзы æвæры фат). Фæйнæрдæм алæуут! Бынат раттут!

Штауффахер. Телль!.. Фæлæуу!.. Ма-ма байдай!.. Æнцад нæма у дæ зæрдæ, ризы дæ къух, дæ уæрджытæ ризынц дæ быны...

Телль (æрдын æруадзгæйæ). Мæ цæстытæй нал уынын!

Устытæ. Стыр Хуыцау, табу дын, табу дын!

Телль (бæстыхицаумæ). Ма мæ фехсын кæн. Мæнæ дын уый мæ риу; цæвæнт æй дæ хотыхджынтæ, аннæрдæм дзы куыд азыной æрцытæ.

Геслер. Дæ мардмæ дын нæ бæллын, — фæнды мæ, фатæй куыд арæхсыс, уый мæхи цæстæй фенын. Дæхи куы æруагътай, афтæмæй та хуыскъыссад кардæй уæлдай куы нæ дæ алцæмæдæр. Æрдынæй куыд арæхсыс, афтæ рæвдз дæ бæлæгъаразæнæй дæр; искæй фервæзын кæнын дæ куы бафæнды, уæд куы нæ фæтæрсыс цыфæнды фыдбонæй дæр. Сæр дæ бахъуыди, æппæты ирвæзынгæнæг, — фервæзын кæн ныр дæхи!

Телль лæууы, мæстæй æхсиды; ризынц йæ къухтæ; зæрдæсастæй кæсы куы бæстыхицаумæ, куы та арвмæ.

Æваст фатдонæй фат фелвæста æмæ йæ аивæй авæрдта йæ роны. Геслер ын кæсы йæ алы фæзылдмæ дæр.

Вальтер Телль (сусхъæд бæласы бынæй). Баба, æхсгæ! Мæнæн ма тæрс!

Телль. Æхсын. (Æрсабыр йæ зæрдæ æмæ æрдынбос æлвасы.)

Руденц (йæ маст тыхтæй-амæлттæй уромгæйæ бацыди Геслермæ). Æгъгъæд фæуæд, æгъгъæд, бæстыхицау! Æппæтдæр фæткыл! Фæлваринаг цы уыдтæ, уый дын фæлвæрст фæци, — дæ къухы бафтыди. Фæлæ æгæргæнæг æгæр кæны: хъæддых æлвæст æрдынбос æрдыны сæтты.

Геслер. Курын дæ, æмæ куыд банцайай, афтæ! Æз демæ нæ дзурын.

Руденц. Ды нæ дзурыс, фæлæ хъуамæ æз дзурон... Тынг зынаргъ у мæнæн паддзахы намыс. Ахæм митæй фыдбылыз ракъахдзынæ, маст бауадздзынæ. Æз та зонын, паддзахы уый кæй нæ фæнды, стæй мæ адæм æвзæр хъуыддагæй куы ницы сарæзтой, афтæ сын цæй тыххæй кæнай? Ахæм бартæ нæй дæумæ.

Геслер. Куыд мæм уæндыс?..

Руденц. Нырмæ иу дзырд дæр никуы сирвæзти мæнæй; барæй нæуынæг скодтон мæхи, цæмæй ма кæсон дæу тыхдзинæдтæм, мæ нæтгæ зæрдæйы рис куыд бамынæг уа, ууыл архайдтон, фæлæ ныр æгъгъæд фæуæд: æз хъæрæй дзурын куынæ байдайон, уæд мæ ард фæсайдтон мæ паддзах æмæ мæ фыдыбæсты раз.

Бертæ (йæхи сæ астæумæ байсгæйæ). Хуыцау дын ма уæд! Тынгдæр æй смæсты кодтай!

Руденц. Æз мæ адæмы байрох кодтон, ныууагътон мæ хæстæджыты; мæ хæлар, ме ’мгæрттæй ахицæн дæн, цæмæй сымахимæ тыхджындæр сиу уон. Æнхъæл уыдтæн, паддзахы хицауад ам куы сфидар уа, уæд нын хуыздæр уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ ныр æрхауди мæ цæстыты бæттæн æмæ федтон æз, арф къахæны был кæй лæууын. Æууæнкæй мæ баластат уæхимæ æмæ мыл сайдæй рацыдыстут... Æнæхай фæцæйкодтон мæ адæмæй.

Геслер. Æнæуаг, куыд уæндыс дæ хицаумæ дзурын ахæм æвзаджы хаттæй?

Руденц. Ды нæ дæ мæ хицау, — мæ хицау мæнæн император! Æмæ дæ кæд фæнды, уæд схæцæм рицæрты хæстæй: æз цæттæ дæн. Стæй уый зон, æмæ паддзахы номæй æрвыст куы нæ уыдаис а бæстæм, стыр аргъ кæмæн кæнын, уыцы паддзахы номæй, уæд дæм ме ’рмкъух, хъæлæкк, фехстаин; æмæ мын уæд рицæрау дзуапп раттаис. Ныр дæр дæ цы фæнды, уый бакæн, æрбасид тагъддæр дæ салдæттæм... Фæлæ æз æнæгæрзтæ нæ дæн мæнæ ацы адæмы хуызæн! (Дзыллæмæ амонгæйæ.) Нæ, мæнæн мæ кард мæ фарсыл. Уæдæ ма мæм исчи æрбауæндæд хæстæг æрбацæуын дæр...

Штауффахер (схъæр кодта). Фæткъуы атылди!

Адæм Руденц æмæ бæстыхицауы ныхасыл куыд фесты, афтæ Телль йæ фат суагъта.

Рессельман. Ницы уыди лæппуйæн!

Бирæты дзурын. Акъуырдта фæткъуыйы.

Вальтер Фиурсты æрхауынмæ бирæ нал хъæуы æмæ йыл Бертæ хæцы.

Геслер (джихæй аззади). Цы? Фехста? Æнæбасæттон. Хъуамæ æцæг?..

Бертæ. Саби æгасæй баззади! Телль, дæ зæрдæ де ’муд æрцæуæд.

Вальтер Телль (æрбазгъордта æд фæткъуы). Ай дын фæткъуы, баба. Æз дын куы загътон, ды дæ фырты нæ фæцæф кæндзынæ, зæгъгæ.

Телль уыцы тарстæй лæугæйæ баззад, цыма фаты тахтмæ касти, уыйау, фæлæ йæм лæппу куы æрбахæстæг, уæд æрдын аппæрста, фæйнæрдæм йæ цæнгтæ фæхаста, афтæмæй азгъордта йæ хъæбулы размæ, ныхъхъæбыс æй кодта, æмæ æруагъта йæхи йæ уæрджытыл. Адæм фегуыппæг сты, сæ зæрдæтæ ныккæрзыдтой.

Бертæ. Уæ, тæригъæдгæнаг стыр хуыцау!..

Вальтер Фиурст (фыд æмæ фыртæн). Мæ сабитæ, мæ сабитæ, мæ сабитæ!

Штауффахер. Табу хуыцауæн!

Лейтхольд. Афтæ ма фехсгæ уыдзæн! Æнусмæ дæр йæ кой кæндзысты.

Рудольф Гаррас. Цалынмæ нæ айнæг къæдзæхтæ фидар лæууой нæ хæхты мидæг, уалынмæ Теллы таурæгъ нæ байрох уыдзæн. (Фæткъуы дæтты бæстыхицаумæ.)

Геслер. Цæрдхуынкъ фæци фæткъуы! Нал ис хуыздæр фехсæн!

Рессельман. Хорз æхст та ма уæдæ куыд вæййы! Фæлæ сар уый къона, æхст кæй руаджы æрцыди, арвыл фæлварæгау чи архайдта.

Штауффахер. Æрцæуæд дæ зæрдæ йе ’муд, Телль! Дæ бар дæхи у ныр æмæ цадæггай цæугæ, дæ хæдзар бацагур.

Рессельман. Цæугæ, цæугæ, сабийы йæ мадмæ бахæццæ кæн.

Геслер. Телль, æрбайхъус-ма мæм!

Телль (æм баздæхгæйæ). Цы мын зæгъдзынæ?

Геслер. Бамбæхстай мæ иу фат. Æз æй федтон. Зæгъ мын, цæмæн æй бамбæхстай?

Телль (рохстауæй). Хицау, ахæм æгъдау нæ бæсты рагæй ис.

Геслер. Уый мæнæн дзуапп нæу, Телль: дæ зæрды æндæр фæнд уыди, æвæдза. Ма мын æй басусæг кæн, фæлæ раст циу, уый зæгъ æргомæй. Мацæмæй тæрс: цыдæриддæр уа — ды æнæ азымæй баззайдзынæ. Цæмæн ма дæ хъуыд дыккаг фат?

Телль. Кæд æмæ мын тас нæ уыдзæн мæ удæн, уæд дын æцæгдзинад æргомæй чи зæгъдзæн, уый — æз. (Райста фат йæ ронæй æмæ бакаст бæстыхицаумæ йæ цæстызулæй.) Ацы фатæй дын æз байхæлдтаин дæ зæрдæ, мæ фыртыл æнæнхъæлгæ исты зиан куы æрцыдаид, уæд; æмæ, раст зæгъын хъæуы, йæ раны сæмбæлдаид мæ фат.

Геслер. Уæдæ, афтæ, Телль! Тас нæ уыдзæн дæ удæн: дзырд кæм раттон, уым æй рицæрау æххæст бакæнын дæр мæ бон бауыдзæн. Фæлæ мæм цы фыд-зæрдæйы уаг дарыс, уый базонгæйæ, æз нал ауадздзынæн ныр дæу, æмæ дæ бафснайдзынæн ахæм ран, хуры рухс кæм никуы фенай дæ адзалы бонмæ, мæй дæм кæдæм никуыуал бакæса. Мæн мæ сæры кой бакæнын хъæуы, цæмæй æдас уон дæ фатæй. Салдæттæ, кæм стут, ардæм! Сбæттут æй!

Бæттынц Телллы.

Штауффахер. Уый та куыд, хицау? Стыр хуыцауы руаджы ирвæзгæ фæкодта, ды та йæ рæхыстæй бæттыс!

Геслер. Фендзыстæм, кæддæра ма йæ дыккаг хатт исчи фервæзын кæнид. Акæнут æй тагъд мæ бæлæгъмæ: æз æй Киуснахтмæ арвитдзынæн мæхæдæг.

Рессельман. Уый бакæнын кесæры бон дæр нæу: нæ чингуыты нын цы бартæ фыст ис, уыдон сæрты хизы дæ хъуыддаг.

Геслер. Æмæ кæм сты уæдæ? Сфидар сæ кодта кесæр? Уый сыл йæ къух куы нæ æрæвæрдта. Ахæм хорздзинад ссардæуыдзæн æрмæст уисæнæй, коммæгæсынæй, сымах та, ныхмæ чи лæууы, уыдон стут змæнтæг: загъд æмæ хъæлæба нæ цух кæнынц уæ зæрдæтæй. Ме ’нæ зонгæ не стут: уæ зæрдæты æмбæхстæй цы дарут, уый дæр ма уын æнæзонгæ нæ дæн! Ныр æй фæласын æз сымахæй; фæлæ уый зонут — аххосагæй Телльмæ цæйбæрц ис, уыйбæрц хайджын дзы стут сымах уе ’ппæт дæр. Æмбаргæдæр уæ чи у, уый ахуыр кæнæд йе ’взагыл хæцын, йæ сæр ныллæг дарын!

Фæцæуы, йæ фæдыл араст сты Бертæ, Руденц, Гаррас æмæ æфсæддон адæм;

Фрисгард æмæ Лейтхольд баззадысты.

Вальтер Фиурст (зæрдæсастæй). Байсæфтæн бынтондæр, йæ маст исгæйæ, уый сфæнд кодта æд бинонтæ мæн фесафын.

Штауффахер. Цы бакодтай? Тираны дæ къахын нæ хъуыди.

Телль. Æз цы фыдæвзарæны фæдæн, уым уæ исчи куы фæцадаид, уæд æмбарид: хиуыл ныххæцын афтæ æнцон кæй нæ уыди мæ раны.

Штауффахер. Бæстæ байсæфт! Дæ фæстæ, Телль, сызмæлæн нал уыдзæн махæн дæр: æфсæн рæхыстæй нæ сбастой иууылдæр.

Хъæууон адæм (æрæмбырд сты Теллыл). Дæ фæстæ фыдæнхъæл фестæм бынтондæр!

Лейтхольд (Телльмæ йæхи баласгæйæ). Риссы дыл мæ зæрдæ! Фæлæ мын ницы гæнæн ис: хæс мын циу, уый кæнын.

Телль. Хæрзбонтæ!

Вальтер Телль (зæрдæуынгæгæй). Мæ фыд, уæ, мæ уарзон фыд!

Телль (арвмæ амонгæйæ). Уæлæ уыцы ран дæ фыд! Уымæ-иу кув, мæ хæлар!

Штауффахер. Цы фæдзæхсыс де ’фсинмæ, Вильгельм?

Телль (зæрдиаг хьæбыстæ кæны йæ фыртæн). Саби баззад æгасæй, æз та æнхъæлмæ кæсын хуыцаумæ. (Æваст сæ йæхи айста æмæ фæцæуы, йæ алыварс салдæттæй хъахъхъæнджытæ.)


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 88 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Дыккаг æвдыст| Фыццаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.042 сек.)