Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фыццаг æвдыст

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст
  7. Дыккаг æвдыст

Цоцко

Фридрих Шиллер

ВИЛЬГЕЛЬМ ТЕЛЛЬ

Тæлмацгæнæг — Æмбалты Цоцко

АРХАЙДЖЫТÆ

Герман Геслер, имперы бæстыхицау Швиц æмæ Уры.

Вернер фон Аттингаузен, зæхджын барон.

Ульрих фон Руденц, йæ хойы лæппу.

 

Вернер Штауффахер } Швицы адæм
Конрад Гунн
Итель Рединг
Ганс Мауер
Иорг Гоф
Ульрих Шмид
Иост Вайлер
     
Арнольд Мельхталь } Ультервайденæй.
Конрад Баумгартен
Майер Сарнен
Струт Винкельрид
Клаус фон дер Флиуе
Буркгарт Биугель
Арнольд Сева

 

Енни, кæсагахсæджы лæппу.

Сеппи, фыййауы лæппу.

Гертрудæ, Штауффахеры ус.

Иоганн Паррицида, Швабы герцог.

Гедвигæ, Теллы ус, Вальтер Фиурсты чызг.

Бертæ фон Брунек, бирæ бынты хицау чызг.

Рудольф Гаррас, Геслеры стальмейстер.

 

Вальтер Фиурст } Уры бæстæгтæ
Вильгельм Телль
Рессельман, пастор
Петерман, кистер
Куони, фыййау
Верни, цуанон
Руоди, кæсагахсæг
     
Армгардæ } Хъæууон устытæ.
Мехтгильдæ
Эльсбетæ
Гильдегардæ

 

Вальтер } Теллы лæппутæ.
Вильгельм

 

Пфайфер, Лиуцернæй.

Кунц, Герзауæй.

 

Фрисгард } Салдæттæ
Лейтхольд

 

Штиусси, фатæхсæг.

Уацхъуыдхæссæг.

Куыстмæгæсæг, агъуыст аразгæйæ.

Дурамайæг, йе ’ххуысгæнджытæ æмæ кусджытæ.

Фидиуæг.

Геслер æмæ Ланденберджы хъахъхъæнджытæ.

Устытæ æмæ лæгтæ хъæдарæхджын кантонæй.

ФЫЦЦАГ АРХАЙД

Фыццаг æвдыст

Бæрзонд айнæг къæдзæх — цады был, цады ном — «Цыппар Кантоны Цад», Швицы комкоммæ. Цад иуырдæм фæгуылгонд. Йæ былгæрон — хæдзар. Енни ленк кæны бæлæгъы. Цадæн иннæрдыгæй фарс зынынц цъæх фæзтæ æмæ Швицы хъæутæ, рухс дарынц хурмæ. Кæсджытæн сæ галиуырдыгæй — хæхтæ, мигъæй æмбæрзт; рахизырдыгæй — митджын къæдзæхтæ, цæст сын нæ ахсы сæ кæрон. Æмбæрзæн сисыны агъоммæ хъуысы уадындзæй хъазт, дзугты уасын æмæ мырмырæгты хъæр.

Енни (зары бæлæгъы)

Цъæх цады тæмæнтæ, цъæх цады фæйлауæн...

Æрфынæй ис лæппу... уый дымгæ рæвдауы.

 

Йæ мидфын ын уадындз

Цыдæртæ зæгъы...

Уый зарды зæлтимæ

Уæлæрвты тæхы.

 

Æрыхъал ис. Зæрдæ рæсугъд æрдзмæ хъазы,

Фынккалгæ уылæнтæ фæйлауынц йæ разы,

 

Йæ хъустыл æруадис

Мынæг, сусæг хъæр:

«Ныррæцугъ хи гуылфмæ,

Æнусмæ уым цæр!»

 

Куони (зары хохы сæрæй)

Хæрзбон, сæрвæттæ,

Сæуæхсиды ’хсидæн!

Зын нын у фæхицæн!

Фæивгъуыдта сæрд!

 

У афон, ныххизæм, цæй, астымтæм балцы,

Уым фенæм, куыд райхъал йæ салд фынæй алцы:

Рæсугъд дидинджытæн сæ хъулон цæхæр;

Уым фехъусæм мæргъты ’мæ суадæтты хъæр.

 

Хæрзбон, сæрвæттæ,

Сæуæхсиды ’хсидæн!

Зын нын у фæхицæн!

Фæивгъуыдта сæрд!

 

Ныв æндæрхуызон фæци, æмыр хъæр хъуысы хæхтæй; аууон алырдыгæй æрæмбæрзта асæсты. Руоди, кæсагахсæг, рацæуы йæ хæдзарæй. Верни, цуанон, æрцæуы къæдзæхæй. Куони, фыййау, æрцæуы, хызын йе ’фцæджы. Сеппи, йæ лæппу, йæ фæдыл.

Руоди. Хыз тагъддæр амбырд кæн, Енни! Арв æрхъуынджын, дымгæ ниуы. Не ’нусон сыхаг мигъын худæй сарæзта йæхи: æмæ хуыцауы фæндæй арв гæрæхтæ кæнын куыд райдайдзæн, уый нал фендзынæ.

Куони. Нæ батагъд кодтай, цы, мæ бæстаг? Уарын байдайдзæн; нæ кæсыс, фыстæ куыд зыд кæнынц кæрдæгыл; куыдз дæр къахы зæхх.

Верни. Хуымæтæджы не згъоры кæсаг, доны арц дæр нал æнцайы ныгъуылынæй, æнæ уаргæ дзы нæй, арв дæр нæрдзæн.

Куони (лæппумæ). Фосæй ма хъæуы, цы, Сеппи?

Сеппи. Нал, мæ хицау, — нæ Лизли дæр ам ис: базыдтон æй йæ мырмырæгтæй.

Куони. Уæдæ аннæтæ дæр ам уыдзысты: уымæй дарддæр сæ ничи вæййы.

Руоди. Тынг хорз сты дæ мырмырæгтæ, мæ хæлар.

Верни. Фосæй дæр цы загъдæуа!.. Дæхи сты æппæт рæгъæуттæ дæр, мæ хæлар?

Куони. Не сты — æз уыйбæрц фосджын нæ дæн. Уыдон ме ’лдар Аттингаузены фос сты.

Руоди. Иу хъуджы хъуырыл та дзы лент баст и; диссаджы хорз ыл фидауы!

Куони. Афтæ кæй у, уый æмбары йæхæдæг дæр æмæ дзы хъал дары йæхи. Куы йын æй рафтауин, уæд нал хизид.

Руоди. Дзæгъæл ныхас у дæ ныхас! Æгомыг фос та ма дын уыдæттæ æмбара, уый куыд уыдзæни?

Верни. Ма зæгъ! Зонд сырдмæ дæр кæй ис, уый мах зонæм. Цуанонтæ, хæхты цуангæнгæйæ, фенынц алы хатт, — сычъитæй сæ иу вæййы хъахъхъæнæг. Æмæ сæм, æвæдза, цуанон баввахс, уæд сырд ныхситт кæны, æмæ уадидæгæн сычъитæ сæхи амбæхсынц кæмтты.

Руоди (фыййаумæ). Уæхимæ сæ скъæрыс?

Куони. Гъо! Хиз нал ис хæхты.

Верни. Фæндараст!

Куони. Ды дæр фæндараст! Уыйбæрц æдас нæ вæййы сымахæн уæ фæндаг.

Руоди. Уый та нæм чи æрбацæуы? Куыд тындзы.

Верни. Уый нæхи Баумгартен, алцелнаг.

Конрад Баумгартен æрбазгъоры хæстулæфтгæнгæйæ.

Баумгартен. Бæлæгъ мын тагъд, кæсагахсæг, хуыцауы хатыр бакæн!

Руоди. Æмæ уыцы тагъд кæдæм кæныс?

Баумгартен. Райхал тагъд дæ бæлæгъ! Фыдбылызæй мæ бахиз. Доны иннæ фарс мæ фæкæн.

Куони. Цы хабар у, цы дыл æрцыди, мæ хæлар?

Верни. Сурæг дæ ис? Кæмæй лидзыс?

Баумгартен (кæсагахсæгмæ). Мæ фæд-фæд згъорынц бæстыхицауы фæдисæттæ. Бацарæфтыд дæн, куыддæр мæ æрбаййафой, афтæ.

Руоди. Æмæ дæ цæмæн сурынц?

Баумгартен. Фервæзын уал мæ кæн, стæй дын æй уæд радзурдзынæн.

Верни. Æмæ уæд тугæй ахуырст та цæмæн дæ?

Баумгартен. Росберджы цесæр йæхи бæсты цы хицау æрæвæрдта...

Куони. Чи? Вольфеншиссен? Ахсынмæ дæ уый хъавы?

Баумгартен. Уымæй тас нал у: мæ къухæй мæрдтæм бацыди.

Æмхуызонæй (сæхи дзы фыр тæссæй айсгæйæ). Цы бакодтай, æнамонд?

Баумгартен. Мæ раны уæ алчидæр, æз цы бакодтон, уый бакодтаид: æз дзы райстон мæ маст, æз ын нæ ныббарстон... мæ хæдзары æфхæрд, ме ’фсины æфхæрд.

Куони. Дæ усы дын бафхæрдта?

Баумгартен. Хъавыди, хуыцау æмæ йын мæ цыргъ фæрæт куы нæ фæдзæгъæл кодтаиккой йæ фæндтæ, уæд.

Верни. Дæ фæрæтæй йæ?..

Куони. Дæ хорзæхæй, радзур нын æй, куыд уыди? Кæсагахсæг цалынмæ бæлæгъыл архайа, уалынмæ нын æй дзырд фæуыдзынæ.

Баумгартен. Сугтæ кодтон хъæды; æваст ме ’фсин мæ разы æрбалæууыд, хуызæртау дзы нал уыди, афтæмæй, æмæ дзуры, бæстыхицау нæ хæдзары кæй æрæнцад, абана тæвд кæнын кæй кодта, ме ’фсиныл куыд хъавыд тыххæй хæцынмæ. Ус ма тыхтæ æмæ æхсæрттæй раирвæзт æмæ мын ракодта йæ хъаст, йæ маст. Уыцы хуызæнæй æз балæууыдтæн нæхимæ, баййæфтон дзы æнаккаджы... Уæ балгъитæг афтæ!.. Фæрæтæй йын афастон йæ сæры кæхц.

Верни. Афтæ йын хъуыд — ничи дæ базылын кæндзæн.

Куони. Тиран! Цы агуырдтай, уый ссардтай. Унтервальдены маст дзы райстай.

Баумгартен. Хабар уайтагъд байхъуыст сахармæ æмæ тæрхоны лæг рарвыста мæ фæдыл фæдис. Рæстæг цæуы... цалынмæ дзурæм...

Хъуысы арвы нæрын.

Куони. Батагъд кæн, кæсагахсæг, уыцы фарс æй фæкæн!

Руоди. Амал не ’рцæудзæн ацы сахат. Арв нæры, дæлæмæ калы. Банхъæлмæ уал кæсæм

Баумгартен. Хуыцау ме ’вдисæн, рæстæг нæ амоны, мæ бон нæу... чысылдæр бафæстиат дæн, уæд мын бауыдзæн хæрз æрæджы.

Куони (кæсагахсæгмæ). Фæстиат ма кæн, мæ хæлар, Хуыцау дыл цы хæс сæвæрдта, уый сæххæст кæн: мæлæтæй йæ фервæзын кæн. Чи зоны, уый цы зыны ис, мах сæрты дæр уый баййафа.

Арвы нæрын æмæ тымыгъ.

Руоди. Нæ уыныс, цад куыд фæйлауы, куыд ниуы: тымыгъы ныхмæ та мæнæн бæлæгъ тæрын мæ бон нæ бауыдзæн.

Баумгартен (зонгуытыл æрхауд). Фервæзын мæ кæн! Хуыцау дын æй бафиддзæн хорздзинадæй мæ бæсты.

Верни. Дæ къухы ис йæ фервæзын!

Куони. Бынтон дзæгъæлы зайынц йæ бинонтæ: йæ ус æмæ йæ зæнæг!

Ноджы та цæуы арвы гæрæхтæ.

Руоди. Мæн дæр мæ уд рауæлдай хъæуы, фæлæ мын ус æмæ зæнæг ис. Кæсут фæйлауæнты абухтмæ: кæрæдзийы куыд хойынц, куыд зилдух кæнынц! Нæ бацауæрдин мæхиуыл, цæмæй йæ фервæзын кæнон, фæлæ уый адæймаджы къухы нæ бафтдзæн.

Баумгартен (лæууы ма йæ зонгуытыл). Уæдæ мын фервæзынæн амал нал ис! Фыдгулты къухы бафтдзынæн æмæ мыл сæвæрдзысты хъадамантæ. Афтæмæй та цады фаллаг фарс дард нæй: мæ нæтын дæр æм байхъуысдзæн. Уырдæм бахæццæ дæн, æвæдза, уæд мын тас нал уаид. Бæлæгъ дæр мæнæ — мæ разы. Уайтагъд мæ уыцы фарс сæмбæлын кæнид. Фæлæ хæрæг ихы сæрыл куыд баззайа, афтæ ацы ран баззадтæн æвæгæсæгæй.

Куони. Акæсут-ма, уый та нæм чи æрбацæуы?

Верни. Уый Телль, тиуыргленаг!

Телль æрбацæуы æд фат, æд æрдын.

Телль. Уыцы лæгъстæ уын цæуыл кæны ацы лæг? Чи у? Кæцон у?

Куони. Алцелнаг: йæ усы æфхæрдмæ амардта паддзахы бæсты æвæрд хицау Росберджы. Бæстыхицау æм рарвыста ахсынмæ, лæгъстæ кæны кæсагахсæгæн, цæмæй йæ фæкæна цады фаллаг фарс, фæлæ уый нæ хæссы тымыгъæй йæ ныфс.

Руоди. Мæнæ уын ай та Телль, — уый дæр æнæ арæхсгæ нæу фыййагимæ. Зæгъæд-ма, кæддæра цæуæн ис ай хуызæны цады?

Арвы гæрæхтæ. Цад дыууæрдæм кæны.

Цæстуынгæйæ адзалы хъæбысмæ куыд баппарон æз мæхи? Нæ, уыйбæрц нæма фæдзæгъæл мæ зонд!

Телль. Æхсарджын адæймаг йæхи сæры кой æппæты фæстæ бакæны. Хъиамæтæй йæ бахиз хуыцауы фæрцы.

Руоди. Хуыскъыл уынаффæ кæнын зын нæу! Уый дын цад, уый дын бæлæгъ — бавзар.

Телль. Цады дæр искуы æнцайынмæ хъæуы, фæлæ хатыр нæй бæстыхицаумæ. Фервæзын æй кæн, кæсагахсæг.

Куони æмæ Верни. Йа-мардзæ, йа-мардзæ!

Руоди. Нæ уыдзæн! Ме ’фсымæр куы феста, мæхи хъæбул, уæддæр не сразы уыдзынæн. Абон у Симон Иудайы бон: фыдæлтæй куыд баззади, уымæ гæсгæ та, нывонд фæцагуры йæхицæн æнæбын мал уыцы бон.

Телль. Ныууадз-ма дæ æдылы ныхæстæ: рæстæг махмæ нæ кæсы, ныхасæй йæ буц ма кæн — æххуыс ын хъæуы. Ласыс æй æви нæ?

Руоди. Мæ бон нæу!

Телль. Уæдæ хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн. Тагъд мын бæлæгъ! Æз æй ласын, кæд мын бантыса, уæд.

Куони. Гъе уый дын лæджы ныхас, гъе!

Верни. Саглæджы.

Баумгартен. Телль, абон ды дæ мæнæн мæ хуыцауы хай, мæ хъахъхъæнæг зæд!

Телль. Æз дæ фервæзын кæндзынæн тæрхоны лæгæй, тымыгъæй та дæ бахъахъхъæнæд бæрзондылбадæг! Дæхи хуыцауы уазæг бакæн, адæмы бон уыйбæрц нæ бауыдзæн. (Фыййаумæ.) Мæ хæлар, зæрдæтæ-иу бавæр ме ’фсинæн, мыййаг мыл исты фыдбылыз куы æрцæуа, уæд. Цы сфæнд кодтон, уый æнæ бакæнгæ мæ бон нæу. (Балиурдта бæлæгъмæ.)

Куони (кæсагахсæгмæ). Дæумæ дæр дзы лæджы номæй дзурынц! Телль цæмæ бахаста йæ ныфс, уымæй ды фæтарстæ.

Руоди. Æмæ йæм йæ ныфс хæсгæ дæр ничи бакæндзæн уый йеддæмæ: нæ хæхбæсты дыккаг нæ разындзæн ахæм.

Верни (ссæуы къæдзæхмæ). Уæртæ фæленк кæны. Хуыцауы уазæг у, æхсарджын лæг! Кæсгæ ма йæм кæнут, — бæлæгъ куыд тæхы фæйлауæнтыл.

Куони (былгæронæй). Нал зыны — фæйлауæны бын фæци. Фæзынди та. Гъе уый дын лæг, гъе! Фыййагæй ма исчи арæхсы афтæ!

Сеппи. Рейтортæ нæм тындзгæ æрбацæуынц!

Куони. Уыдон сты бæлвырдæй, фæлæ сын байрæджы.

Ланденберджы рейтортæй иу къорд.

Раззаг. Цы фæци марæг? Тагъд нын æй æрисут!

Дыккаг. Ам кæй ис, уый зонæм мах. Нал æй бамбæхсдзысдзыстут.

Куони æмæ Руоди. Кæй агурут, хорз адæм?

Раззаг (бæлæгъ фенгæйæ). Гъæ, хуыцау кæй ралгъыста! Нæ йæм кæсут!

Верни (къæдзæхæй). Бæлæгъы чи фæленк кæны, уый ма сурут, мыййаг. Фæстиат ма кæнут, мæ хæлæрттæ, ирвæзы уын.

Дыккаг. Ирвæзт дæр ма фæци, хуыцауы æлгъыст!

Раззаг (фыййау æмæ кæсагахсæгмæ). Йæ хъуыддаг аразæг сымах уыдыстут. Фæлæ уый зонут, æмæ уын нæ батайдзæн. Хæлæттаг уын фæкæндзыстæм уæ фос, арт уын бандзардзыстæм уæ къонатыл — се ’ртхутæг сын ныддардзыстæм дымгæмæ!

Араст ис.

Сеппи (лидзгæ-лидзын). Уæ, мæгуыры бон куыд бакодта мæ уæркотыл!

Куони (йæ фæд-фæд). Царæфтыд куыд фæдæн... мæ дзугтæ!

Верни (йæ къухы фыдтæ тонгæ). Бæрзондылбадæг! Нæ фыдæлты бæстæ нын чи фервæзын кæна, уый кæд фæзындзæн? (Уыдон фæдыл фæуайы.)


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 115 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Красная Горка снова в фокусе.| Дыккаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.019 сек.)