Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дыккаг æвдыст. Теллы цæрæндон.

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст

Теллы цæрæндон.

Къонайыл судзы арт. Гом дуарæй дард хæхтæ цæст ахсы. Гедвигæ, Вальтер æмæ Вильгельм.

Гедвигæ. Зындзæн мæм уæ фыд абон. Хуыцауæй бузныг, мæ хъæбултæ, сæрæгасæй нын кæй баззад: йæхæдæг дæр, мах дæр — не ’ппæт дæр уый руаджы ныр стæм сæрибар; зонут, уæ фыд фервæзын кодта йæ райгуырæн бæстæ!

Вальтер. Нана, æмæ уыцы сахат æз дæр уым куы уыдтæн, мæн дæр дзы рохуаты уадзын нæ хъæуы. Мæ фыды фат мæ сæры æмбуар мæнæн куы атахти, змæлгæ дæр нæ фæкодтон уæддæр.

Гедвигæ (йын хъæбыстæ кæны). О, о, нанайы хур, ногæй та мах бадæ! Дыууæ хатты дæ аргæ ныккодтон, дыууæ хатты стыр маст бавзæрстон дæу руаджы! Фæлæ нæм ныр мастæй ницыуал ис: мæхи та баистут, мæхи, дыууæйæ дæр. Æмæ нæм абон æрцæудзæн уæ уарзон фыд!

Бери æрбазынди дуарæй.

Вильгельм. Нана, дæлæ нæм бери æрбацыди: исты нæ курдзæн, æвæццæгæн.

Гедвигæ. Мидæмæ йæ æрбахон æмæ йын ратт хæринаг, уадз æмæ фæрныг хæдзары кæй сæмбæлди, уый бамбара. (Бауади мидæмæ æмæ æд къус уайтагъд фездæхт.)

Вильгельм (беримæ). Еблагъуæ[3], нæ фыд! Исты нæм бануаз.

Вальтер. Мидæмæ, мидæмæ — дæ фæллад нæм суадз.

Бери (ракæс-бакæс кæны тæрсгæйæ). Кæм дæн, кæм? Кæй зæххыл дæн, уый-ма мын зæгъут.

Вальтер. Кæд æмæ уый нæ зоныс, уæд фæрæдыдтæ. Ды дæ Биурглены, Уры кантоны. Ардыгæй ис фæндаг Шехены коммæ.

Бери (Гедвигæмæ). Иунæг дæ? Дæ лæг уæхимæ нæй?

Гедвигæ. Æнхъæлмæ йæм кæсæм. Нæ фыд, цы кæныс, цы? Куыддæр дын тæрсын дæ цæстæнгасмæ гæсгæ. Фæлæ уал уый фæуадзæм æмæ басæтт дæ дойны: фæллад дæ. (Къус æм дæтты.)

Бери. Кæд æмæ дойныйæ тынг тыхсы мæ риу, уæддæр мæ къух бакæнинаг ницæмæ дæн æз ацы ран, цалынмæ мын уæхуыдтæг зæрдæ бавæрат, уæдмæ.

Гедвигæ. Ма мæм цу хæстæг, дæ бынаты лæуу, кæд мын исты зæгъинаг дæ, уæд!

Бери. Мæнæ ацы арт, уыцы сыгъд чи кæны уазæгуарзон сыгъдæй, стæй бирæ цы сывæллæтты уарзыс, уыдон хатыр бакæн... (Хъæбыс кæнынмæ хъавы сывæллæтты.)

Гедвигæ Хъæугæ дæ цы кæны? Ма мын бавнал мæ сабитæм. Бери нæ дæ! Бæрæг у! Уыцы дарæс у фæлмаст зæрдæйы нысан, фæлæ дæумæ базонгæ зæрдæйы уагæй æппын ницы иртасын.

Бери. Уæ, хуыцау! Мæнæй æнамонддæр ма уыдзæн æгас дунейыл дæр?

Гедвигæ. Æнамонд адæймагæн зæрдæ тæригъæд кæны, æз та стыр тасы бацыдтæн дæ уындæй!

Вальтер (фæгæпп кодта). Нана, баба нын куы ’рцæуы! (Фезгъоры.)

Гедвигæ. Стыр хуыцау, мæ уд дын нывонд фæуæд!

(Хъавы цæуынмæ, нал тасынц йæ уæрджытæ æмæ лæугæйæ баззад иу ран.)

Вильгельм (згъоргæ-згъорын). Баба!

Вальтер (сценæйы фæстæ). Баба, уæ, баба!

Телль (сценæйы фæстæ). О, æз мæнæ дæн, фæлæ уæ мад кæм ис? (Æрбацæуы.)

Вальтер. Уæртæ дуары раз — йæ бынатæй фезмæлын йæ бон нал у; гæды бæласы рызт кæны фыр цинæй æмæ фыр тæссæй.

Телль. Уæ, мæ сабиты мад Гедвигæ! Хуыцауы æххуыс ныл сæмбæлди; нал нæ фæхицæн кæндзæн ныр нæ тиран.

Гедвигæ (баппæрста йæхи Теллы хъæбысмæ). Телль, æз дæ мæстæй цы бавзæрстон, уый куы зонис! (Бери сæм хъусы.)

Телль. Байрох кæн дæ маст, дæ сагъæс, зæрдæрухсæй æрвит дæ цард. Æз дæр та дын мæнæ дæн — мæ уарзон бинонты ’хсæн, мæ мæгуыр хæдзары, мæ райгуырæн къонайыл!

Вильгельм. Æмæ де ’рдын та цы фæци? Дæхимæ дын æй куынæуал уынын.

Телль. Æмæ йæ уынгæ дæр нал фæкæндзынæн; бафснайдтон æй сыгъдæг ран: сырд дзы нал амардзынæн цуаны.

Гедвигæ. Уæ, мæ цæстырухс, уæ, мæ уарзон Телль! (Суæгъд ын кодта йæ къух æмæ фæстæмæ йæхи фæласы.)

Телль. Цæмæй тæрсыс, цæ?

Гедвигæ. Уæд ма мын радзур, цы хуызæнтæй мæм æрбаздæхтæ, цы, ардæм? Æнæ æмбал иунæг хуыцау! Æмæ дæ къух райсын та мæ зæрдæ куыд бакомдзæн? Уыцы къух...

Телль (æдæрсгæ, стæй хи дæлæмæ нæ уадзгæйæ). Нæ бæстæйы фервæзын кодта уыцы къух. Æдæрсгæ сисдзынæн æз уый арвы ’рдæм дæр. (Бери æваст фезмæлыди. Телль сæ ауыдта.)

Гедвигæ. Уæуу-уа! Мæрдырох мыл куыд бахæцыд! Дæхæдæг баныхас кæ æфсымæримæ: æз дзы тæрсгæ кæнын.

Бери (æрбацæуы хæстæгдæр). Ды Телль нæ дæ, Геслеры марæг?

Телль. Бæгуыдæр дæн, стæй Телль кæй дæн, уый æмбæхсинаг дæр никæмæй дæн.

Бери. Телль дæ! Уæдæ хуыцауы фæндæй æз сæмбæлдтæн дæ хæдзары.

Телль (æм æдзынæг кæсы). Бери кæй нæ дæ, уый бæлвырд у, фæлæ чи дæ?

Бери. Дæ къухæй мæрдтæм бацыди бæстыхицау, дæ фыдызнаг, æз æмæ дæу фыдызнаг дæр чи уыд, уый. Ныр дзы æгас бæстæ фервæзтысты!

Телль (дзы йæхи айсгæйæ). Æмæ уæдæ уый ды дæ? Сар куыд фæци мæ къона! Сабитæ, тагъд ардыгæй! Усай, ды дæр айс дæхи! Цæй æнамонд бон равзæрдтæ, цæ!

Гедвигæ. Æмæ уагæр чи у, чи?

Телль. Банцай, ма мæ фæрс! Сабитæ йæ цæмæй нæ фехъусой, афтæ. Тагъддæр цæугæ ардыгæй — дарддæр, дарддæр! Иу цары бын нæ фидауы сымахæн иумæ лæууын.

Гедвигæ. Ай та дын хуыцауы æмбисонд! Цомут, цомут, мæ хъæбултæ! (Фæцæуы йæ лæппутимæ.)

Телль (беримæ). Ды дæ Иоганн-герцог. Дæ къухæй мард фæци, хуыцау нын кæй радта, уыцы паддзах, стæй ма кæд уыди дæ фыдæн йе ’фсымæр!

Иоганн Паррицида. Уый мын байста тыхæй мæ фыды бынтæ.

Телль. Ды амардтай дæ фыды æфсымæры æмæ нæ хицауы, фæлæ зæхх змæлын нæма байдыдта дæ быны, марæгмæ ма уæддæр кæсы хуры тын.

Паррицида. Телль, хъусгæ мæм бакæн!

Телль. Ды йæ фыды æмæ йæ паддзахы туджы йæхи чи сæвдылдта, уый куы дæ, уæд цы ныфсæй æрбацыдтæ мæ хæдзармæ? Раст адæмы раз æрбалæууын куыд бахъæцыд дæ цæсгом? Стæй ма уыимæ кæд агурыс фысым дæхицæн!

Паррицида. Мæ зæрдæ дардтон, тæригъæд мын фæкæндзысты ацы ран, зæгъгæ, æз дæр мæ хæс райстон, æз, ды йæ куыд райстай, афтæ. Йæ мад кæмæн амæла, мады мард уымæн фæдзурынц.

Телль. Куыд æнамонд фæдæ, куы! Паддзахы худмæ тындзгæйæ, туг акалын иу хъуыддаг у, фыд йæ хъæбултæм цы зæрдæйы уаг дары, уый та æндæр хъуыддаг у: уыдонæн иу ран æрæвæрæн нæй. Дæ уарзон хъæбулты сæрыл нæ хæцыдтæ, мыййаг, дæ хæдзары фарн мын нæ хъахъхъæдтай, дæ бинонты мын искæй фыдæфхæрдæй куы нæ ирвæзын кодтай! Мæнæн мæ зæрдæ не ’хсайы мæхимæ — сыгъдæг дæн: уæлæ уыцы арвмæ мæ къух сисын æдæрсгæ бауыдзæн мæнæн мæ бон. Ме ’нæуынон фæу дæхæдæг дæр æмæ дæ хъуыддаг дæр! Мæныл хуыцау цы хæс сæвæрдта, уый æххæст кодтон, ды та, цы нæ æмбæлди, уый бафæрæзтай. Махæн нæ дыууæйы астæу уаринагæй ницы ис: кæд æмæ марæг исчи у, уæд уый ды дæ; æз нæ мæнг дунейыл, иу адæймагæн зынаргъдæр цы уыдзæн, уый сæрыл бакодтон мæ хъуыддаг.

Паррицида. Зæрдæ мын ницæмæй бавæрдтай ды бынтондæр; æлгъыстагæн баззайдзæн мæ сæр, зындоны бафтыди мæ уд.

Телль, Уæнгæл мын фестади дæ ныхас! Ласгæ дæхи ардыгæй! Цæугæ де ’лгъыстаг фæндагыл. Раст адæмы хæдзæрттæ ма ахор дæ тæригъæдæй.

Паррицида (айсынмæ хьавы йæхи). Уæдæ фæуæд афтæ; мæ цардæй мæ мард — хуыздæр.

Телль. Фæлæ дыл мæ зæрдæ риссы, тæригъæд дын кæнын. Кадджын иунæг хуыцау! Æрыгон лæппу у, разагъды мыггагæй, паддзах Рудольфы байзæддаг æмæ ныр ацы ран, куыд марæг, куыд тард, мæгуыры дуармæ æнкъардæй лæууы. (Йæ цæсгомыл йæ къухтæй ныххæцыд).

Паррицида. Кæд ма дын зæрдæ ис, уæд мын батæригъæд кæн, Телль! Амæй фыддæр та ма мын цы фендæуа! Æлдар дæн æз æмæ уыдтæн æлдар, амонд мын схъарын дæр нæ хъуыди, мæ фæндæттыл фæстæмæ хæцын куы бафæрæзтаин, уæд. Фæлæ мын хæлæгдзинад арт бандзæрста мæ зæрдæйыл. Æмгæрттæ уыдыстæм Леопольдимæ, мæ цæсты раз уый кад æмæ радимæ хъæлдзæгæй æрвыста йæ уалдзæджы бонтæ; мæнæн та, ды нырма саби дæ, зæгъгæ, æфсæнттæ кодтой.

Телль. Раст зæгъын хъæуы, æвзæр дæ нæ зыдта дæ фыды æфсымæр: исбон æмæ дын вассалтæ кæй нæ лæвæрдта, уымæй бæрæг у! Зондджын ми кæй кодта, уый равдыстай ныр дæхæдæг де ’вирхъау хъуыддагæй. Æмæ уæд де ’мбæлттæ та цы фесты?

Паррицида. Тугисынгæнæг дауджытæ сæ кæдæм фæхастой, чи зоны! Æз сæ уæдæй ардæм нал уынын.

Телль. Æмæ уæд нæма зоныс, абырæгыл дæ кæй банымадтой, дæ хæларæн дæр сдзурæн кæй нæ ис дæ сæрыл, де знаг та дын цыдæриддæр бакæна, уæддæр æй æгъдау зылын кæй нæ бакæндзæн?

Паррицида. Стыр фæндæгтыл уымæн нæ цæуын, искæй дуар бахойынæй мæ ныфс куыд нæй, уый тыххæй æдзæрæг раныл акæнын мæ фæндаг. Рахæт-бахæт кæнын хæхты, адæм мæ тæрсынц уыцы ран; донмæ куы фенын мæ цæсгом, уæд дзы тæссæй айсын мæхи. Телль, кæд ма дæ зæрдæ истæй тыххæй фæтасы... (Зонгуытыл æрхауди йæ разы.)

Телль (йæхи аздахгæйæ). Уæлæмæ, æнамонд!

Паррицида. Нæ, не стын, æххуысæй мын зæрдæ куы нæ бавæрай, уæд.

Телль. Йæ бон æххуыс кæнын кæмæн у, æз уыдонæй нæ дæн, æз мæнкъæй[4] адæймаг дæн. Фæлæ уæлæмæ, — кæд æмæ цыфæнды æвирхъау хъуыддаг бакодтай, уæддæр адæймаг дæ, æмæ æз дæр ницы дæн дæуæй уæлдай: лæг дæн æз дæр. Æз хъæстагæй никуыма никæй ауагътон. Ме ’ххуысы хай дын бакæндзынæн, мæ фадатмæ гæсгæ.

Паррицида (фестади, цырдгомау ын æрцахста йæ къух). Зынудисæнæй мæ фервæзын кодтай, Телль!

Телль. Ныууадз мæ! Дæхи дæ айсын хъæуы ардыгæй. Фидар бынат дын нæу ацы ран, дæ фæдагурджытæй дзы æдас нæ дæ. Æмæ уæддæр кæм ссарынмæ хъавыс æнцойад?

Паррицида. Телль, уый мæхæдæг дæр нæ зонын!

Телль. Æрбайхъус уæдæ, хуыцау мын мæ зæрды цы æрбафтыдта, уымæ: цæугæ Италимæ, Бетърейы сыгъдæг сахармæ, дæ зоныгыл æрхау папайы раз, æмæ фæсмондзинадæй ссыгъдæг кæн дæ тæригъæдджын уд.

Паррицида. Куы мæ радта ме знаджы къухмæ!

Телль. Цы уа, уый уæд, — бæрзонды уазæг бакæн дæхи.

Паррицида. Æмæ æнæзонгæ бæстæм та уæд цы амалæй фæцæудзынæн? Фæндæгтæ нæ зонын, бæлццæттимæ та мæ ныфс нæ хæссын.

Телль. Ме ’вджид дын фæуæд — фæндагыл дæ æз сараздзынæн. Дæ зæрдыл дар: Ройсы былтыл тагъд цу уæлæмæ; йæ змур сугтæ уый скъæфы нæ хæхтæй.

Паррицида (фестъæлфгæйæ). Куы йæ мардтам, уæд нæм Ройсы дон касти.

Телль. Хауæн-къæдзæхты былтыл фæндаг ис уыцы ран; фæндагыл цыртытæ сагъд, зæй кæй фæласта, уыдон уды бæстæн.

Паррицида. Æхсарæй быцæу кæнын æз мæ уды зынæвзарæнтимæ, — адæймаджы тас цæмæйты бацæуы, уыдон ницæй хуызæн фендзынæн æз.

Телль. Судзаг цæссыг калгæйæ æмæ фæсмонгæнгæйæ-иу алы цырты раз дæр æрхау, стæй уый хуызæн тæссаг фæндагæй баирвæзтæ, кæд дыл хæхтæ не ’ркалой сæ мит, уæд та бафтдзынæ иу хидмæ; хидыл доны пырхæнтæ мигъау бадынц æдзухдæр, æмæ кæд де ’вирхъау аххосагæй нæ ныххауа дæ быны, уæд та иу къæдзæхы фендзынæ талынг цæуæн, райдианæй дæр рухсы цъыртт кæдæм нæ кæсы. Дæ фæндаг ыл-иу акæн: уый дæ бакæндзæн хъæлдзæг, дидинæг уадздзæн ахæм фæзмæ, фæлæ-иу тындзгæ дæ цыды кой кæн дарддæр æнцойад цы ран уа, уый дæ хардз нæу.

Паррицида. Уæ, Рудольф, Рудольф, мæ тыхджын æмæ кадджын фыдæл, ацы ран дæ зæххыл, хæтæгхуаг куыд фæци дæ байзæддаг!

Телль. Уыцы хуызæнæй, хæрдмæ цæугæйæ, бафтдзынæ Готарды бæрзæндтæм, æнусон цадтæ уæларвон доны сыгтæй сæ былтæй кæм кæлынц. Уым хæрзбон зæгъдзынæ Германы зæххæн æмæ дын дарддæр иу æндæр дон фæндаг амондзæн Италимæ, дæ зæрдæйæ кæдæм афæнд кодтай, уырдæм.

Хъуысы альпаг уадындзты уасын.

Гедвигæ (æрбазгъордта æмæ). Цы фæдæ, Телль? Мæ фыд ардæм æрбацæуы, йæ фæдыл — йæ цæдисон æмбæлттæ æнæхъæн балæй.

Паррицида (æмбæхсы йæ цæсгом). Додойаг куыд фæци мæ сæр, гъе! Цæрын дæ фæндæд фæрныг адæмы æхсæн, æмæ дæ бон ма уæд!

Телль. Усай, марадз, исты йын ахæрын кæн; исты йын фæндаггаг дæр; дард æмæ зын балц у йæ балц: фысым никуы ссардзæн уый йæхицæн. Тагъд бакæн! Æрбацæуынц...

Гедвигæ. Æмæ чи у, чи?

Телль. Йæ зонын дæ ницæмæн хъæуы! Куы араст уа нæ хæдзарæй, уæд-иу ма акæс йæ фæдыл; кæцы фæндагыл ацыди, уый куыд нæ фенай, афтæ иу бакæн.

Паррицида, йæ зæрдæ куыд ныккæрзыдта, уымæ гæсгæ, тагъд фæцæйцæуы Телльмæ, фæлæ уый йæхи айста уыцы ранæй, Паррицидайæн къухæй амонгæйæ. Дыууæ дæр араст сты фæйнæрдæм, — афтæ ивд æрцæуы декораци.


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 116 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Фыццаг æвдыст| ЗАГОВОР ФИЕСКО В ГЕНУЕ.

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.014 сек.)