Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фыццаг æвдыст. Барон Аттингаузены фидар.

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст
  7. Дыккаг æвдыст

Барон Аттингаузены фидар.

Готаг арæзт зал, хотыхтæ æмæ дзы згъæртæ (йæ къулыл). Барон — 85-аздзыд зæронд, бæрзонд æмæ хæрзконд адæймаг, йæ уæлæ — хъарм дарæстæ, æнцайы лæдзæгыл; лæдзæгæн сычъийы сыкъа — йæ сæрыл. Куони æмæ æхсæз æххуырсты — йæ алыварс; халамæрзæнтæ æмæ сæм цæвджытæ. Ульрих фон Руденц æрбацæуы рицæры дарæсы.

Руденц. Мæ хистæр, цы мæ кодтай? Æз мæнæ дæн.

Аттингаузен. Чысыл уал фæфæстиат у, фыдæлты æгъдау бакæнæм: кусджытимæ баназæм. (Нуазæнæй аназы, стæй йæ дæтты иннæтæм). Мæ дуджы æз мæхæдæг цыдтæн быдырмæ — куыстмæ дардтон мæ цæст, хæсты дæр фæрсæй-фæрстæм цыдыстæм æд тырыса; ныр мæ зæронд хæдзаргæсмæ æрхаудта, æмæ мæм хур куынæ æрцæуа йæхæдæг, уæд сæ фæдыл хохмæ мæ бон нал бауыдзæн. Бонæй-бонмæ мæ царды зиллакк уынгæгæй-уынгæгдæр кæны, мæ къахы айст мæ бар нал у, баззади ма æрмæст мæ аууон æмæ рæхджы уый дæр нал дардзынæн: баззайдзæн ма мæ ном.

Куони (Руденцмæ нуазæн дæтгæйæ). Рицæр, нуазæн айс (Руденц фæстиат кæны). Саход дзы! Хуыцауы афтæ бафæндæд — нæ нуазæн дæр иу куыд уа, нæ зæрдæ дæр.

Аттингаузен. Цæугæ ут, мæ хъæбултæ, изæры куы æрбаздæхат, уæд аныхас кæндзыстæм нæ райгуырæн бæстæйы тыххæй.

Вассалтæ фæцæуынц.

Аттингаузен. Куыд дæм кæсын, афтæмæй дæхи сарæзтай бынтондæр; Альторфы фидармæ цæуын дæ зæрды ис, мыййаг?

Руденц. Хъавын, мæ хистæр, æмæ мын бафæстиатæн амал нал ис.

Аттингаузен (сбадгæйæ). Афтæ кæдæм тындзыс! Уыйбæрц æнæвдæлон сдæ, æмæ дын иу чысыл дæ хистæры раз абадынмæ дæр рæстæг нал ис?

Руденц. Мæнырдыгонау дæ мæ сæр ницæмæн хъæуы, æцæгæлонæй уæлдай нæ дæн æз ацы хæдзары.

Аттингаузен (æм æдзынæг кæсы иу цъусдуг). Раст зæгъыс! Дæ фыдæлты бæстæм æцæгæлоны цæстæй рагæй байдыдтай кæсын! Ульрих! Ульрих! Нал дæ æмбарын æппындæр. Дæ сæрæй дæ къæхтæм даритæй сфæлыстай дæхи, мæлхъхъы систæ фæйлауынц дæ худыл. Де уæхсчытыл — сырх-сырхид пæлæз; сзынæрвæссон дæ кусджытыл, æфсæрмы сын кæныс сæ цинтæй.

Руденц. Цы аккаг сты, уыцы кад сын ратдзынæн кæддæриддæр, фæлæ цы бартæ сæхи бакæнынмæ хъавынц, уыдон раттыныл сын æз никуы сразы уыдзынæн.

Аттингаузен. Нæ дзыллæ ацы рæстæджы сæмбæлди паддзахы фыдæхардыл, адæмы зæрдæтæ катайыл сысты, тираны фыддæрагæндзинæдтæ æвзаргæйæ: æрмæст дæумæ нæ хъары дзыллæйы зындзинад, æрмæст дæхи ды атигъ кæныс дæхионтыл: знæгты æхсæн уæвгæйæ ды худæгæй дæхи схæссыс нæ адæмы уынгæгдзинæдтыл. Дæ куыст скодтай ды, цæмæй хайджын уай рог æхсызгондзинæдтæй, цæмæй сæмбæлай паддзахы хорзæхыл. Дæ дзыллæ та ацы ран нал сты сæ сæрæн хæрæджы уаргъ хæссынæй.

Руденц. Нæ фыдæлты бæстæ уаргъы бын ис, зæгъыс? Уæд кæй аххосæй? Чи йæ бафтыдта уыцы бæллæхы? Æрмæст дзы хъуыди иу дзырд зæгъын, æмæ зындзинæдтæн сæ кой циу, уый дæр нал уыдаид, паддзах нæм ракастаид дзæбæх цæстæй. Фæлæ додой уыдон къона, адæмы галиумæ чи сардыдта. æмæ сæ æнæхай чи фæкодта амондæй! Аннæ адæмтæ сæ алфамбылай ард куы хордтой, уæд нæ бауагътой уыдон хъæдарæхджын кантонтæн Австрийæн ард бахæрын. Зиан не скодтой уыдон сæхицæн — уæздæтты æмнымад сты ацы ран... Императоры йеддæмæ никæй зонынц; æмæ уый дæр — æфсонæн, цæмæй сын ма уа иу хицау дæр.

Аттингаузен. Уыдон дæуæй фехъусыны бæсты бынтондæр куы бакъуырма уыдаин.

Руденц. Дæхæдæг ракъахтай, йæ фæуын та мæ бар у. Уæд ма æркæс дæхимæ, — цы уагыл æвæрд у дæ цард? Мæнырдыгонау, дæ сæр сæрмæ нæ хæссыс. Дæ сæр сæрмæ куы хæссис, уæд, æлдар уæвгæйæ, аккаг не скæнис дæхицæн ацы ран бадын æмæ сау адæмæн уынаффæтæ кæнын. Бирæ хуыздæр, зынгæ кадджындæр у цытджын паддзахæн кусын, уымæн йæ рæсугъд галуанты цæрын, цæйнæфæлтау уынаффæдæтты, тæрхондæтты сау адæмы æмрæнхъ æмæ æмгадæй бадын.

Аттингаузен. Ульрих, Ульрих! Дзæгъæл быдырты дæ фæхæссы дæ зонд: фæлитойы хъæлæс дын зары дæ хъусы, йæ марджы тæдзæн дæ зæрдæйы бацыд.

Руденц. Нæ дын æй бамбæхсдзынæн: маст мын уыди райдайæны, кæй ныл худтысты, стырсæр ныл кæй кодтой æцæгæлон бæстаг хъалтæ, сауæй уæздан нæ кæй хуыдтой, рæстдзинадæй ныл куыд æмбæлд, афтæ. Маст уыди мæ удæн, — алы бæстæй фæсивæд кад агурæг æмбырд куыд кодтой Габсбургты тырысатæм. Æз та дзæгъæл бадт кæнын нæ къонайы фæнычы, мæ уалдзæджы бонтæ æнæхъуаджы æрвитын ницæйаг куыстыл. Æндæр бæстæты аразынц стыр хъуыддæгтæ; намысджын дуне — фæсхох; уыцы ран, æрттивгæйæ, тындзынц размæ: мæнæн та згæ схæцыд мæ уарт æмæ ме згъæрыл. Карды цъыччытæ, æфсæддон уасæнты хъæр, хæрзаив турнирмæ герольд куыд сиды, уыдон æппæт не ’рбайхъуысдзысты нæ фæзтæм: æмæ дзы хъæугæ дæр нæ кæны: æз дæр ацы ран хъусын фыййауы зарæг æмæ мырмырæгты уыцы иухуызон хъæр.

Аттингаузен. Худын ыл хъæуы нæ фыдыбæстыл... Мæнырдыгонау, саугуырм бадæ: дидиты æрттывдæй дæ сæр разылд, дæ сæрмæ нал хæссыс, æфсæрмы кæнын байдыдтай нæ фыдæлты сыгъдæг æгъдæуттæй! Фæлæ уый зон, — æрцæудзæн афон æмæ, судзаг цæссыг калгæйæ, дæхи хъардзынæ нæ райгуырæн хæхбæстæм; æмæ ныр дæ зæрдæмæ чи нал цæуы, уыцы фыййауы зарджытæй дæуæн дæ зынæрвæссон уд ныхъхъæрздзæн, искæй бæстæйы дæ хъустыл куы æрцæуой, уæд. Мах зæрдæты фидар уидæгтæ ауагъта уарзондзинад нæ райгуырæн бæстæм! Бамбар, дæ хардз нæу, дæ хардз, уыцы мæнгард дуне! Уым, паддзахы æрттиваг галуанты, æцæгæлоны цæстæй кæсдзынæ дæхимæ: ацы ран нæ хæхбæсты цы лæгдзинæдтæй сгуыхтæ, уыдон уым æрдумæ дæр нæ дарынц. Фæлæ сæм цæугæ, ныууæй сын кæн дæхи, исбон сæ æфстау райс æмæ сын дæхицæй скæн цагъар, кæд æмæ дæ нæ фæнды дæхи бынтыл цæрын, кæд æмæ дæ нæ фæнды, цæмæй дæхицæн уай æлдар! Ма кæ, Ульрих, махимæ баззай, — ныууадз Альторфы! Зоныс, — бындар мын нæй, мæ рагон мыггаг сыскъуындзæн мемæ. Мæнæ ацы згъæр, ацы уарт мемæ бахæсдзынæн мæрдтæм... Гъау, æмæ уый та куыд бакомдзæн дæуæн дæ зæрдæ, æмæ æз мæ адзалы сахат сагъæсыл суон: Ульрих æнхъæлмæ кæсы мæ цæстыты фæцъындмæ, зæгъгæ, цæмæй мын мæ фыдæлтæй цы бынтæ баззад, Хуыцауы руаджы, уыдон райса Австрийæ лæварæн.

Руденц. Дзæгъæл хуымæтæджы лæууæм паддзахы ныхмæ! Хъалондар ын сты æгас дуне. Нæ алыварс уæрдæхау æрзылдысты, уый йæхи кæй бакодта, уыцы зæххытæ. Кæй ма бауырндзæн, æмæ мах бон бауа фæндаг айгæрдын паддзахы зæххытыл. Йæ къухы сты тæрхондæттæ, базартæ, фæндæгтæ; хъалон исы уый Готарды бæхрæгъæуттæй. Æхгæд, баст стæм мах уый бæстæй. Бахъахъхъæндзæн мах нæ импери, куыннæ!.. Æмæ йæхи бахъахъхъæнын куынæ фæразы уый Австрийæ! Махæн хуыцау куынæ баххуыс кæна, уæд нын, уырнæд дæ, император дæр ницы ахъаз фæци. Куыд баууæндæм мах императоры дзырдыл: уыдонæй алчидæр æхцахъуагæй, æфсæддон хъуыддагæн цæмæй æхца ссара, уый тыххæй нæ ауæрды ницæуыл: уæй кæны, цъынды æвæры сахартæ, уыцы сахартæ, æмæ хуыздæрæн сæхи уый къухмæ чи радта, хъахъхъæндзæн нæ, зæгъгæ. Уæ, мæ хистæр, ахæм змæст æмæ тас рæстæджы ссарын хъæуы тыхджын паддзах æмæ дæхи уый уазæг бакæн. Имперы бартæ цæуынц къухæй-къухмæ, иу мыггагæй аннæмæ, — раст куыст дзы зæрдыл нæ дарынц, аргъ ын нæй, дзæгъæлы сæфы. Фæлæ фыдæй-фыртмæ паддзахы бартыл та хæцы уыцы иу мыггаг. Баздæхæм, æмæ нæ куыст уым скæнæм — уæд фидæнмæ байтаудзыстæм мыггаг.

Аттингаузен. Æвзæр не ’рхъуыды кодтай! Фыдæлтæй зондджындæр схуыдтай ды дæхи: фæстиат нæ кодтой уыдон сæ туг акалыныл, сæрибардзинады тыххæй. Басгар ма Лиуцерны, — уым дын радзурдзысты, куыд зынхæссæн у, куыд, Австрийы æлдарад. Хъæуы сæ ардæм дæр; стуртæ æрнымайдзысты фæзты, сбардзысты Альпы хæхтæ, цæуын нал уадздзысты æнæхæрд саухъæды; нæ кулдуæрттæм, нæ донуайæнтæм нын хъалонисæнтæ сараздзысты, цæмæй сæхи хъæздыг кæной мах мæгуырдзинадæй; уыимæ ма сын нæ туг дæр калдзыстæм сæ сæрыл. Ма кæн, и, ма кæн! Кæд æмæ дзы нал ис тугæн æнæкалгæ, уæд æй æмбæлы акалын махæн нæхи сæрыл: бирæ асламдæр нын сыстдзæн уæд нæ сæрибардзинад цагъайраджы дугæй.

Руденц. Æмæ уæд цы бакæнинаг сты мах хуызæн фосгæс адæм Альбрехты тыхимæ?

Аттингаузен. Мæ саби! Уыцы фосгæстæ цы хъаруты хицау сты, уый уал базон, стæй сæ исты дæр уæд зæгъ! Æз сæ хорз зонын: семæ хæсты къорд хатты уыдтæн, Фаэнцы бын куы схæцыдысты, уæд, стæй фендзынæ, куыд хæсдзыстæм мах уыцы æфсондз! Дæ цæсты уыйбæрц æгад ма уæнт дæуæн дæ мыггаг, дæхи дзыллæ — аргъ сын кæн. Дæ сæры бæрзонд кад, æцæг кад ма ив, ма, дидиты ницæйаг æрттивæнтыл, — рох дæ ма кæнæд, сæ сæр кæй дæ сæрибар адæмæн; уыдон дыл куы æууæндой, куы дæ уарзой, уæд уый зон, æмæ дæ фæдыл бацæудзысты мæлæтмæ дæр. Уымæй та хъуамæ дæ сæр бæрзæндты хæссай. Искуы кæд æмæ æцæг кад ис, уæд дын гъе уый æцæг кад! Дæ хæстæг, де ’ввахсæй æнæхай ма кæн дæхи, саг йæ родæй куыд лидза, уый лыгъд ма фæкæн дæ уарзон фыдыбæстæй; баныхас ыл дæхи дæ зæрдæйæ, дæ удæй! Уый зон æмæ дæ хъаруйы фидар уидæгтæн сæ равзæрæн у дæ райгуырæн бæстæ. Уыцы ран та, æцæгæлон бæсты, уыдзынæ бынтон иунæг, æмæ дæ лыстæг тихалæгау тымыгъ ассæнддзæн. Уæ, ма кæ, и — раздæх дæхионтæм! Арвит ма дæ бонтæй иу бон дæ уарзæттимæ, æппынфæстаг, абон уæддæр ма араст у Альторфмæ! Хъусыс? Æрмæст абон, æрмæст ацы бон ма уæддæр баззай махимæ! (Исы йын йæ къух.)

Руденц. Дзырд радтон... ма мæ уром... мæ дзырдæн мын нæй фæсайæн.

Аттингаузен (ын суагъта йæ къух). Дзырд радтай? Куыд æнамонд фæдæ! Æфсон ссардтай, хорз æфсон! Фæлæ дæ цы сбаста, уый дæр мæ сусæг нæу: дæу сбаста æфсæн рæхыстæй уарзондзинад.

Руденц йæхи фездæхта иннæрдæм.

Бамбæхс дæ цæсгом. Мæнæн зонын æнхъæл нæ дæ, фæлæ дæу сбаста фон Брунекы чызг Бертæ. Уый дæ ласы, уый, паддзахы куыстмæ дæр. Дæ райгуырæн бæстæ уæй кæныс ды уыцы чызгыл. Сæрра дæ кодта. Сæхирдыгæй цæмæй фæуай, ууыл дыл сфæнд кодтой сæ чызджы руаджы; фæлæ ды зон: чызг кæй уыдзæн, уый бæрæг нæу.

Руденц. Дзæвгар дæм фæхъуыстон. Хæрзбон! (Фæцæуы.)

Аттингаузен. Фæлæуу-ма, æнæзонд, фæлæуу! Афардæг! Йæ бауромынæн, йæ фервæзынæн ницы баци мæнæн мæ бон. Æрмæст Вольфеншиссены куыст бакодта: уый дæр нæ афтæ ныууагъта. Аннæтæн дæр сæрæвæрæн фæуыдзæн: уыдон дæр барджынæй ласдзæн хъалдзинад йæхимæ, фæсхох æцæгæлон бæстæм. Уæ, дæлæмæ ныххауа уыцы сахат, ацы арфæйаг фæзтæм нæ цард, нæ раст мæгуыр цард халынмæ æппæты разæй куы æрбацыдысты æцæгæлæттæ! Ног хъуыддагæй, ног æгъдауæй нæм цыдæриддæр фæзынд, уыдон нæм тыхджынæй-тыхджындæр байдыдтой, фыдæлтæй нын кадджинагæн цы баззад, уыдон та ивгъуыйынц æнæвгъау: рæстæг дæр, хъуыдытæ дæр æмæ алцы дæр! Мæ цард та ма циу? Мæ карæнтæй иу дæр уæлæуыл нал баззад. Мæ дуджы мын æрæмбæрзта зæхх. Цæй амондджын у уыцы адæймаг, ног фæлтæримæ йæ цард кæмæн не ’рцыди! (Фæцæуы.)


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 115 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Цыппæрæм æвдыст| Дыккаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)