Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дыккаг æвдыст. Барон Аттингаузены фидары.

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст

Барон Аттингаузены фидары.

Мæлæтдзаг рынчынæй барон бады къæлæтджын бандоныл. Вальтер Фиурст, Штауффахер, Мельхталь æмæ Баумгартен лæууынц йæ алыварс. Рынчыны раз йæ зоныгыл лæууы Вальтер Телль.

Вальтер Фиурст. Бацарæфтыд стæм. Нæ зæрдæ ма кæуыл дардтам, уый дæр та нал ис.

Штауффахер. Нæма амарди. Кæс-ма, бумбули ма змæлы йæ улæфтмæ. Æнцад фынæй — йæ фынæй, худæндзаст — йæ цæсгом.

Баумгартен дуармæ фæцæуы æмæ дзуры кæимæдæр.

Вальтер Фиурст (Баумгартенмæ). Уый чи у?

Баумгартен (æрбаздæхы). Дæ чызг Гедвигæ, æрбацыди дæумæ æмæ йæ сабимæ.

Вальтер Фиурст. Зæрдæ ма йын цæмæй бавæрдзынæн? Мæ сæр мæ кой фæци мæхицæн дæр.

Гедвигæ (æрбацæуы тыхтæ-амæлттæй). Цы фæци? Кæм ис мæ лæппу? Цæуылнæ мæ уадзут мæ хъæбулмæ?

Штауффахер. Гедвигæ, мæлæг адæймаджы раз дæхиуыл фæхæц.

Гедвигæ (йæ лæппумæ баппæрста йæхи). Мæ Вельти, æгас ма мын дæ!

Вальтер Телль (йæ мады хъуыры ныттыхсти). Æз мæнæ дæн, мæнæ, нана!

Гедвигæ. Бæлвырдæй дæр ды дæ? Цæф ма разын, мыййаг? (Рауын-бауын æй кæны, тæрсгæ-ризгæйæ.) Атан æмæ аманæй нырмæ ма искуы ахæм хъуыддаг æрцыди? Æмæ дæ æхсгæ дæр фæкодта? Зæрдæ дæр ын хъæуы!.. Куыд батардта йæ зæрдæ, фатæй фехсын йæхи хъæбулы?

Вальтер Фиурст. Стыр катайтыл уыди уыцы хъуыддаг кæнгæйæ. Амал ын нал уыд: нал баззадаид сæрæгасæй.

Гедвигæ. Хъæбулуарзæг фыд нæ уыди, æндæра сæдæ марды куы акодтаид, уæддæр ыл не ’мбæлди фехсын йæ фырты.

Штауффахер. Дæуæй æндæр арфæ кæнид хуыцауæн, кæй руаджы дын фервæзти.

Гедвигæ. Æмæ йын рохгæнæн та куыд ис, — хуыцау зоны, цæмæ æрцыдаид хъуыддаджы кæрон? Сæдæ азы куы цæрон, уæддæр уындзынæн æдзухдæр, фыд куыд хъавы йæ фыртмæ, æмæ кæддæриддæр уыцы тахтæй тæхдзæн фат мæ зæрдæмæ.

Мельхталь. Цы æфхæрд ыл сæмбæлди, уый куы зонис!..

Гедвигæ. Дурзæрдæ адæм стут сымах: искæуыл уæ, æвæдза, иу чысыл уайдзæф сæмбæлд, афтæ уæхимæ нал вæййы уæ зонд, искуы ма уын исты ис, уый байрох кæнут: фыр мæстæй ницæмæуал фæдарут нæдæр уæ сабиты, нæдæр сæ мадæлты зæрдæтæ.

Баумгартен. Фыдбылызы бафтыд дæ лæг, ды та ма йæ зылын кæныс! Дæуæй æндæр та ма йын тæригъæд бакæнид.

Гедвигæ (йæм баздæхт æмæ йæм мæсты каст кæны). Багъæц, и — рагæй дæр йæ хæлары тыххæй йæ зæрдæ уыйбæрц риссаг кæмæн у, уый нæ дæ, цы? Æмæ йыл кæд афтæ тыхсут, уæд æй цæмæн бауагътат æфсæн рæхыстæй сбæттын? Цæуылнæ йын баххуыс кодтат? Цæуылнæ йæ фервæзын кодтат? Дард уæм куы нæ уыди! Фæлæ йæм сымах æцæгæлон цæстæй акастыстут, — уæ разы уын æй куы бастой, сыфцæй йæ куы ластой уæ разæй, уæд. Стæй ма мын зæгъ, дæ хорзæхæй, уый дæр дæм афтæ касти, сырдау дæ бæстыхицауы адæм фæсте куы сырдтой, дæ размæ та фæйлаугæ цад сабыр куы нал кодта, уæд? Нæ, уый хъарджытæ кæнын йæ сæрмæ не ’рхаста; уый балиурдта бæлæгъмæ, байрох сты уымæй уыцы сахат йе ’фсин, йæ зæнæг, æмæ дæ сласта мæлæтæн йæ тæккæ хъæлæсæй!

Вальтер Фиурст. Æмæ дын æй куыд фервæзын кодтаиккам: мах уыдыстæм уыцы ран бынтондæр æнæ хæцæнгæрзтæ.

Гедвигæ (йæ хъуыры ныттыхсгæйæ). Уæ, мæ фыды зæронд! Нал ис дæуæн дæр, нал! Махæй зæгъай, нæ бæстæйæ зæгъай — иууылдæр дзы афтидæй баззадыстæм! Фæлæ уый дæр махыл систа йæ къух. Хуыцау, æвзæр зæрдæ йæм ма æруадз! Йæ талынг æмæ ныккæнд ахæстоны уый нал фехъусдзæн хæлары ныхас. Йæ тых мын рафтдзæн уыцы ран! Уымæл ахæстоны йæ низ бадомдзæн!.. Альпы хæхты дидинæг цъымараты уæлдæфмæ йæ хуыз куыд аивы, куыд бампылы, афтæ нын уый дæр уым баруайдзæн, батайдзæн: æнæхай фæци нæ хæхты хурæй, æнæхай фæци нæ фæзты диссаджы уддзæфæй! Æфсæн рæхыстæй баст мын йæ домбай уæнгтæ!.. Афтæмæй та, йæ уд цы у, уымæй иудадзыгдæр кæд у сæрибардзинад: бирæ цæрæнбон ын нал ис æнуд ныккæнды!

Штауффахер. Фæсабыр у — мауал æргæвд дæхи! Мах нал бацауæрддзыстæм нæ сæртыл, цæмæй байгом уой ахæстоны дуæрттæ.

Гедвигæ. Æмæ цы бакæниккат æнæ уый? Уæ ныфс хастат уымæй; уый уæ астæу куы царди, уæд сæрылдзурæг ардта раст адæймаг, æфхæрд лæгæн та уыдис йе ’нцой. Иунæг йæхæдæг фервæзын кодтаид уе ’ппæты дæр, фæлæ сымах ницы фæразут уымæн йæ бæттæнтæ сыхалынæн!

Барон æрыхъал кæны.

Баумгартен. Фезмæлыди! Æнцад! Æнцад!

Аттингаузен (рабады). Никæцæйма зыны?

Штауффахер. Чи?

Аттингаузен. Нæй ам: ныууагъта мæ иунæгæй мæ удисæны сахат.

Штауффахер. Руденцы кой кæны. Арвыстат æм, цы?

Вальтер Фиурст. Арвыстам. Мауал æм æхсайæд дæ зæрдæ: нæхи та баци, цы у, уымæй.

Аттингаузен. Йæ фыдыбæсты сæрылхæцæг та сси, зæгъыс?

Штауффахер. Хуыздæр нал æмбæлы, афтæ!

Аттингаузен. Æмæ уæдæ кæм ис? Арфæ йын ракæнин; мæ мæлæты сахат æрхæццæ кæны.

Штауффахер. Ме ’лдар, мæлæтæн нырма йæ кой дæр ма кæн! Цы чысыл ахуыссыдтæ, уый дын фидары хос фæци, дæ цæстæнгас дæр сыгъдæг у!

Аттингаузен. Æнæ тухæнæй цард нæй; фæлæ мæ ницыуал риссы, — афтæ уын мæ зынæвзарæнтæ дæр æмæ мæ ныфс дæр атæхдзысты. (Лæппуйы фенгæйæ.) Чи у?

Вальтер Фиурст. Мæ чызджы лæппу. Арфæ йын ракæн — сидзæр у.

Гедвигæ æмæ йæ фырт сæ зоныгыл æрлæууыдысты рынчыны раз.

Аттингаузен. Сидзæрæй уæ уадзын сымах дæр, сымах, мæ хæлæрттæ! Еуу æмæ сар куыд фæци сæ сæр, гъе! Мæ мæрдон цæстæнгасæй æз уынын — мæ фыдæлты бæстæ æгадмæ куыд æрцæуы; мæгуыр мæ бон, — уыйбæрц фæцæргæйæ, йæ фыдæлты кад, йæ фыдæлты фарн æмæ ныфс мæрдтæм йемæ чи бахæсдзæн?

Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Гъау, æмæ нæ уыцы зæрдæнизимæ мæрдтæм афтæ бацæуа? Уый нæ уыдзæн! Фæстаг хатт ын рухсы тын фенын кæнæм! Уæздангуырд рицæр, мауал хæр дæхи. Ныууадз дæ сагъæс, дæ маст! Бынтон дзæгъæл нæ зайæм, стæй уыйбæрц æнæсæрæн дæр не стæм!

Аттингаузен. Уæдæ ма уæ сæрылхæцæг, уæ ирвæзынгæнæг чи уыдзæн?

Вальтер Фиурст. Мах нæхуыдтæг. Байхъус-ма нæм: æрæджы æртæ кантоны кæрæдзийæн дзырд радтой, цæмæй фæсурой тыхгæнджыты. Сæ цæдис ардæй сфидар кодтой. Нæ фæнд куы суа, уæд ногбоны размæ, дæ ингæн цы зæххыл уа, уымæ бархъомыс ничиуал дардзæн, нæ бæстæ уыдзæн сæрибар.

Аттингаузен. Ноджыдæр-ма мын æй радзур! Сæ дзырд иу скодтой, зæгъыс?

Мельхталь. О, ме ’лдар! Уыцы иу бон сыстдзысты æртæ кантоны. Цæттæ у хъуыддаг; фæлæ нырма нæ сусæг æргом нæ кæнæм, кæд æмæ йæ бирæ адæм райдыдтой, уæддæр. Дзыллæйы домджытæ, тирантæ къæдзæхы был æрлæууыдысты. Сæхи хъал цы бартæй дардтой, уыдонæн æрхæццæ кæны тагъд сæ кæрон, æмæ дыууæ боны, сæ фæд циу, уый дæр нал зындзæн, сæ кой дæр фесæфдзæн.

Аттингаузен. Сæ фидар мæсгуытæ та — сахарты мидæг?

Мельхталь. Дур сæ дурыл нал баззайдзæн уыциу æхсæв.

Аттингаузен. Фæнды мидæг рицæртæ дæр сты?

Мельхталь. Æххуыс æнхъæлмæ сæм кæсæм, фæлæ нырма æрмæст фæллойгæнæг адæм бахордтой ард иудзинадыл.

Аттингаузен (стыр дисгæнгæйæ рабады йæ хуыссæны). Æмæ уæдæ фæллойгæнæг адæм дæр уыцы сгуыхт хъуыддагыл архайæг сысты, сæхи хъæппæрисæй, æнæ уæздæтты æххуысæй? Куыд?.. Æмæ уыйбæрц сæ зæрдæ дарын байдыдтой сæхиуыл, уыйбæрц ныфс сæвзæрди уыдонæн сæхи астæу? Уæд сæ мах сæр нал хъæуы æмæ æз мæрдтæм æнæсагъæсæй разы дæн...

Ам баззайдзысты адæм мæ фæстæ, ног фæрæзтæй се стыр кад чи бафæраздзæн хъахъхъæнын. (Зонгуытыл йæ разы чи лæууы, уыцы лæппуйы сæрыл йæ къух æрæвæрдта.) Ацы сæрæй, фæткъуы кæуыл лæууыди, сæвзæрдзæн сымахæн хуыздæр сæрибардзинад! Зæронд царды арæзтытæ æрызгъæлдзысты бынтондæр æмæ сæ хæлддзæгты бынæй ног æмæ æрттиваг дур æрæгас уыдзæн.

Штауффахер (Вальтер Фиурстмæ). Куыд æрттивынц йæ цæстытæ! Удхæссæг нæма зилы, нæ, йæ сæрмæ, уый ног царды рæсугъд тын æрттивы.

Аттингаузен. Мæнæ рацæуынц æлдæрттæ сæ фидæрттæй ард хæрынмæ сахартæн; Иухтланд æмæ сæ Тургау сæхиуыл банымадтой; мæнæ Бери систа йæ хъомысджын сæр, æмæ сæрибары дуг хъахъхъæнын Фрейбург йæхимæ райста; хъæздыг Циурих йæ адæмы хæстмæ срæвдз кодта æмæ йæ фидар галуанты раз паддзæхты тыхтæ фæцудыдтой. (Йæ ныхас пехуымпары ныхасы хуызæн куыдфæстæмæ курдиатджындæр кæны.) Æмæ уынын æз зынæрвæссон паддзæхты, рицæрты, сæ уæлæ — сызгъæрин гæрзтæ; уыдон фæцæуынц, цæмæй схæцой фыййæуттимæ. Стыр хæст уыдзæн уыцы хæст, æмæ дзы сгуыхт хъуыддæгтæй нæ кæмттæ скадджын кæндзысты нæ райгуырæн хæхты. Уым фæллойгæнæг адæймаг, гом риуæй нывондау йæхи ныццæвдзæн фыдгулы æрцытыл, кæрæй-кæронмæ сæ байсдзæн, йæ буарæй иу æнæхъæн гæппæл дæр нал баззайдзæн, фæлæ знаджы къона дæр байхæлдзæн æмæ сæрибары тырысатæ фæйлауын байдайдзысты алы ран. (Штауффахер æмæ Вальтер Фиурсты къухтыл ныххæцыди.) Мауал фæхицæн ут мыггагæй-мыггагмæ дæр æфсымæртау, æрдхорд æмгæрттау, уæрдæхау стыхсут уæ кæрæдзийыл уарзондзинадæй! Тас заманы, уаритау, тæхут фæдисы уæ кæрæдзи сæрыл. Цæрут æнгомæй... æнгомæй... æнгомæй. (Æрхауди базыл æмæ систа йæ уд, фæле мæлгæ-мæлын дæр уæгъд нæ уадзы уыдонæн сæ къухтæ.)

Фиурст æмæ йæм Штауффахер кæсынц æгуыппæгæй, стæй айстой сæхи æмæ сагъæстыл фесты. Бароны мардыл æмбырд кæнынц йæ кусджытæ, тынг æнкъардæй æвдисынц се ’ппæтдæр сæхи; иуæй-иутæ дзы сæ зонгуытыл æрлæууынц йæ разы æмæ сæ цæссыг уадзынц йæ къухтыл. Уыцы æгуыппæг æвдысты сахат хъуысы дзæнгæрæджы хъæр фидары мидæг.

Руденц (æрбазгъоргæйæ). Æгас ма у, базондзæн ма мæ?

Вальтер Фиурст (æнкъардæй). Амæй фæстæмæды — нæ хицау æмæ нæ хъахъхъæнæг: ног номæй дзурдзысты нырæй фæстæмæ нæ фидармæ.

Руденц (тынг æрхæндæгæй кæсы бароны мардмæ). Уæ, хуыцау! Уæдæ мæ фæсмонæн æгæр байрæджы уа? Иу цъусдуг ма уæддæр куы ахастаид, кæд æмæ мæ фæсмон федтаид. Мæ хъусы алгъы дæр нæ уадысты мæнæн йæ зондджын уынаффæтæ! Æрдумæ дæр сæ нæ дардтон! Ныр уый — æнусон бæсты, æз та ацы ран баззадтæн цæргæйæ, мæхи сраст кæнын дзы нæ бафæрæзтон, афтæмæй! Сусæг мын æй ма бакæнут — йæ мæлæты сахат мæ азымы дардта, æвæццæгæн?

Штауффахер. Уымæн дæр йæ фæстаг сахат сæргом сты хъуыддæгтæ иууылдæр æмæ дæ бузныгæй бацыди мæрдтæм.

Руденц (æрзоныгыл кодта марды раз). Цытджын æмæ намысджын мард, уæ, мæ уарзон зынаргъ буар! Дзырд дын дæттын ацы ран, дæ уазал къух дын исын: мæ адæмы сæрвæлтау знагыл бахъоды кодтон. Швейцайраг дæн æз æмæ швейцайрагæй хъуамæ амæлон. (Сыстади.) Кæугæ ут уæ хæларыл, уæ цæссыг калут уарзæгой фыдыл, фæлæ уæ бахъуыди лæджы сæр; уый мын ныууагъта йæ уд æмæ йæ зæрдæ: хорз йæ фарн мæрдтæм нæ хæссы. Дзырд уын дæттын: фæрнджын зæронд уын цы фæдзæхста, уымæй уын кæстæр зæрдæ æвæры, æххæст кæнын дæр æй бафæраздзæн! Дæ къух мæм ратт, мæ кадджын фыд, ды дæр мæм æри дæ къух.

Мельхталь. Уæхи мыл ма атигъ кæнут, мæ хæлæрттæ! Дзырд уын дæттын, ард уын хæрын!

Вальтер Фиурст. Нæ къухтæ йæм раттæм: нæ фæсайдзæн йæ дзырд.

Мельхталь. Стырсæр-иу кодтай махыл; уæд дæм æнхъæлмæ цæмæ бакæсæм, дæ хорзæхæй?

Руденц. Лæппуйæ цы фæрæдыдтæн, уыдон мын хурмæ мауал хæссут, и!

Штауффахер (Мельхтальмæ). «Цæрут æнгомæй», — афтæ нын нæ фæдзæхста, нæ, йæ мæлæты сахат? Рох уæ ма кæнæд!

Мельхталь. Ай уын мæ къух! Хуымæтæджы къух у ацы къух, фæлæ уый зонут: мæнæн дæр ис дзырд, рицæрæн цы дзырд ис, ахæм дзырд. Æниу цы стут, цы, æнæ мах, цы уаиккат? Рицæртæн сæ кой циу, уый дæр нæма уыди, уæддæр хуымгæнджытæ зæхх фæлдæхтой сæ гутоны бырынкъæй.

Руденц. Æз сæ нымайын æмæ сын уыдзынæн сæ сæрылхæцæг мæ карды фындзæй.

Мельхталь. Æрдзы рохтыл чи æрхæцыди, уæззау гутонæй йын йæ зæххы цъар чи фæуæлгоммæ кодта, уыцы къух ын йæ риу бахъахъхъæнын дæр бафæраздзæн.

Руденц. Æз — сымах, сымах та — мæн, афтæмæй стырдæр уыдзæн нæ тых, хуыздæр хъахъхъæд æрцæудзыстæм иумæ. Фæлæ дардыл цæмæн дзурæм: нырма нæ куы домы æцæгæлон тираны æлдарад! Раздæр уал знаджы нæ бæстæй фæсурæм; уый фæстæ нæ кæмæн цы бартæ æмбæла, уый дæр равзардзыстæм. (Чысыл фæстæдæр.) Куы ницы дзурут. Мæнæн кæй зæгъат, ахæмæй уæм ницы ис, æвæццæгæн? Æви уын аккаг нæ дæн, цæмæй мын раргом кæнат уæ сусæгдзинæдтæ. Уæдæ тыхы руаджы хъуамæ бацæуон æз уæ сусæг фæнды. Æргом мын сты уæ хъуыддæгтæ иууылдæр! Риутлийы ард кæй бахордтат, уый зонын. Кæд мын æй сымах нæ зæгъат, уæддæр æй арф бавæрдтон мæ зæрдæйы, æмæ йæ уым норстæй дардтон, фыдæлты хæзна куыд дарай, афтæ. Ныр уæ бауырнæд: хæрам зæрдæ никуы дардтон нæ фыдæлты бæстæм, мæнгардæй дæр ыл никуы рацыдтæн. Фæстиат нал хъæуы: рæстæг сымахмæ нæ кæсдзæн... Æрæджы кæй кæнут, уый тыххæй нын нал ис Телль дæр!

Штауффахер. Нæ ардмæ гæсгæ, цыппурсæй раздæр нæ райдайдзыстæм.

Руденц. Æз дзы нæ уыдтæн, дзырд нæ радтон. Сымах нæ райдыдтат — æз байдайдзынæн.

Мельхталь. Куыд? Ды дæр...

Руденц. Æз дæр, мæ мад, мæ фыдыстæн, æз дæр! Бæсты æфсарм кæмæ ис, æз дæр амæй фæстæмæ уыдонæй иу дæн, æмæ мын хæс у уæ кой бакæнын.

Вальтер Фиурст. Уе стырдæр хæс уал — раздæр ацы зынаргъ мард йæ сыджытыл бавæрын.

Руденц. Бæстæ куы ссæрибар кæнæм, уæд ын кады худ сæвæрдзыстæм йæ ингæныл, знаджы кæй басастам, уый нысанæн. Мæ хæлар адæм, стæй уын æргом зæгъын бафæразон, и: мæ хæст иудадзыг сымах сæрыл хæст нæ уыдзæн, — сагъæс дæр кæнын! Цы уын æй æмбæхсон — Бертæ никуыуал зыны: ардыгæй йæ мах сусæгæй аскъæфтæуыд!

Штауффахер. Тыхгæнæджы бон цы нæ у, æдых цы нæ бары? Фыдызнаджы тыхми бакодта, — уæздан мыггагæй чи равзæрыди, уыцы чызгмæ батасыди йæ къух!

Руденц. Мæ хæлар адæм, зæрдæ уын сæвæрдтон æххуысæй, фæлæ уын уæхицæй дæр æххуыс курæг дæн. Кæй ракуырдтон, уыцы чызджы мын ахастой! Хуыцау зоны, кæм æй бамбæхста тыхгæнæг! Хъуамæ йæ алы мадзæлттæй дæр йæхи бакæна. Курын уæ, фыдбылызæй йæ бахизæм. Бауырнæд уæ, уæ фыдæбон дзæгъæл нæ фæуыдзæн. Бертæ бæлвырдæй дæр у ахæм адæймаг, кæй сæрыл схæцат.

Вальтер Фиурст. Æмæ цы кæнынмæ хъавыс?

Руденц. Мæхæдæг дæр æй нæма зонын! Æнцад нал кæны мæ зæрдæ. Фыр сагъæсæй æрдуйæ нарæгдæр кæны мæ уд. Уыцы мæт мын мæ риуы бафтыдта æрмæст иу хъуыды, рухс хъуыды: цыфæнды уа, уæддæр хъуамæ бацархайæм, нæ хъаруйæ мацыуал ныууадзæм фæсте, цæмæй знагæн йæ фидæртты хæлддзæгты бынæй махæн бантыса Бертæйы фервæзын кæнын... Ныппырх кæнæм фидæрттæ, ссарæм ахæстон!

Мельхталь. Цæугæ нæ разæй, мах — дæ фæдыл! Абон цы бафта къухы, уымæн æмгъуыд нæ хъæуы сомбонмæ. Телль сæрибар уыди, Риутлийы ард куы хордтам, уæд; уыцы рæстæджы афтæ бирæ нæма уыдысты ацы æбуалгъ хъуыддæгтæ. Ног чындзæн — ног æгъдау, афтæ алы ног дуг дæр æрцæуы ног æгъдæуттимæ; æмæ усы кæрдæн æркæнæд йæ сæрыл, ныр дæр чи зила фæстиатыл.

Руденц (Штауффахер æмæ Вальтер Фиурстмæ). Хæцæнгæрзтæй срæвдз кæнут уæхи æмæ архайын байдайут! Хæхтыл тагъд æртытæ ссудздзысты: уæлахизы уацхъуыд уæм батæхдзæн фатау æмæ, уыцы бæллиццаг рухс фенгæйæ, уаритау уе знæгтыл уæхи ныццæвут, цæмæй ныппырх кæнат тыхдзинады фидар! (Фæцæуынц.)


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 87 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Фыццаг æвдыст| AElig;ртыккаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)