Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фыццаг æвдыст. Теллы кæрт æмæ хæдзар.

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст
  7. Дыккаг æвдыст

Теллы кæрт æмæ хæдзар.

Телль хъæды куыст кæны, Гедвигæ архайы хæдзары; Вальтер æмæ Вильгельм — сценæйы, мидæгоз, иу чысыл фатæй хъазынц.

Вальтер (зары)

 

Хохаг гуырд — рæстдзæвин,

’Ргъæвы цъиуы цæст.

Æмæ та фæцæуы

Къахвæндæгтыл, кæс.

 

Цъæх, хæххон уæлвæзтæм

Йе ’рдынимæ схызт.

Уым — æрмæст цæргæстæ,

Урс мигъты хъæбыс.

 

Сырд фæзынæд, маргъ дæр

Йе ’ввæхсты тæхæд —

Басуры сæ фат дæр,

Ссары сæ мæлæт.

Фезгъоры йæ фыдмæ.

Ме ’рдынбос аскъуыди, баба, сараз ма мын æй!

Телль. Ницæй тыххæй! Дæсны фатæхсæг хъуамæ йæхæдæг арæхса.

Сывæллæттæ фезгъорынц.

Гедвигæ. Æхсын æгæр раджы райдыдтой нæ сывæллæттæ.

Телль. Уадз æмæ фæлварой: хъазгæ-хъазын базондзысты, базонын сыл цы дæсныйад æмбæлы, уый!

Гедвигæ. Хуыцауы бафæндæд, ахæм дæсныйад сæ мыггагмæ дæр куыд нæ базоной!

Телль. Алцыдæр зонын хъæуы, алцы! Змæст рæстæджы куы цæрай, уæд гæрзифтонг у: ахæм сахат сæр бахъæуы хи бахъахъхъæнынæн, стæй знагимæ тох кæнынæн.

Гедвигæ. Уауу-æна! Æмæ ма уæд æнцад-æнцойæ чи бацæрдзæн йæ бинонты астæу?

Телль. Ме ’фсин, уый æз дæр нæ зонын! Фæлæ дын зæгъдзынæн, миниуджытæ чи уары адæмæн, алы фæндагыл сæ чи аразы, уый мæ не снысан кодта сабыр фосгæнæг; æппынæдзух æз хъуамæ тындзон цæмæдæр. Цæмæ, уый хорз мæхæдæг дæр не ’мбарын! Мæ цард мын ад нæ кæны, æвæдза, алы бон дæр истæй æфсон тох куы нæ скæнон, уæд.

Гедвигæ. Де ’нкъард æфсин та дæм тæрсгæ-ризгæйæ æнхъæлмæ фæкæсы дæ хæдзары. Æз-иу гæды хъæдау срызтæн фыр тæссæй, хохы куыд фесгуыхтыстут, уыдон-иу дзурын куы байдайынц, уæд. Дæ кæртæй цал хатты араст вæййыс, уал хатты мæм афтæ фæкæсы, цыма дæ нал фендзынæн бынтондæр. Зæрдæ цæмæ нæ ахсайдзæн: кæд мын фæндаг нал арыс их цæнды сæрыл, кæд мын искуы айнæгæй фæбырыдтæ æмæ фæхауыс... Æз дæ фенын, цыма дæ сычъи йæ фæдыл фæласы æнæбын коммæ, куы та дыл зæй рацæйцæуы бæрзæндтæй; намæ их дæ быны ныххауы æмæ дæ йæ быны фæкæны цæрдудæй... Æмæ цы алыхуызон мардæй нæ амæлдзæн фатæхсæг — зæгъæн дæр сын нæй! Тæссаг, ницæйаг куыст у цуаноны куыст — хайыр никæмæн ма фæци.

Телль. Йæ риуæмбæрц чи цæуа, цырд æмæ тыхджын чи уа, йæ хуыцауы хай рох кæмæй нæ уа, уымæн тас ницæмæй у: хæхты чи схъомыл, ууыл фыдбылыз не ’рцæудзæн къæдзæхтыл. (Куыст куы фæци, уæд йæ фæрæт æрæвæрдта.) Нæ дуар бирæ фæлæудзæн. Фæрæт дæм уæд, æндæра дæ хъæдæй дæсныйы сæр ницæмæн хъæуы. (Райста йæ худ.)

Гедвигæ. Кæдæм та цæуыс?

Телль. Мæ фыдмæ цæуын, Альторфмæ.

Гедвигæ. Басæтт, цыдæр фыдбылыз æрæфтыд дæ зæрды.

Телль. Уый та дын чердыгон фарст у, не ’фсин?

Гедвигæ. Бæстыхицæуттыл фæнд кæнынц: Риутлийы æмбырд уыдысты уынаффæ кæнынмæ, ды дæр дзы уыдтæ.

Телль. Æз дзы нæ уыдтæн, фæлæ мæм куы фæсидой, уæд мæхи нæ фæласдзынæн мæ фыдыбæстæй.

Гедвигæ. Тæссагдæр цы ран уа, уырдæм дæ арвитдзысты, зындæр цы хъуыддаг уа, уый дын де ’вджид бакæндзысты.

Телль. Хæс у, алкæмæн дæр йæ бон цæйбæрц уа, уыйбæрц саразын.

Гедвигæ. Айагъоммæ цады иннæ фарс фестут Баумгартенимæ, арв æмæ зæхх та кæрæдзийы хостой. Ирвæзгæ куыд бакодтат, уый у диссагæн дзуринаг. Фæлæ ноджы диссагдæр та ма уый у, æмæ дæуæй бынтондæр байрох, дæ хæдзары дын æнахъом сабитæ æмæ сæ мад дзæгъæлæй кæй задысты.

Телль. Уый ма зæгъ: æз асагъæс кодтон, æмæ æрмæст гъе уый тыххæй бафтыд мæ къухы кæйдæр сывæллæттæн сæ фыды фыдбылызæй бахизын.

Гедвигæ. Уый хуызæн тымыгъы цады цæуынæй цыма нæ рафæлдисæг хуыцауы къахыс, афтæ зыны.

Телль. Хъуыддагыл фæстиат-фæстиат чи кæна, уымæн дзы бирæ пайда æрхæссын нæ бантысдзæн.

Гедвигæ. Æххуыс кæнынмæ алкæмæн дæр цæттæ дæ, фæлæ дын бахъуаджы сахат дæхицæн иу æххуысгæнæг дæр нæ разындзæн.

Телль. Хуыцау мæ бахизæд ахæм тыхст рæстæгæй. (Райста фат æмæ æрдын.)

Гедвигæ. Уæд ма æрдын æмæ фатæй та цы кæныс?..

Телль. Æнæ уыдон цыма бынтон æнæ къухтæ дæн, уыйау вæййын.

Æрбазгъордтой сывæллæттæ.

Вальтер. Баба, кæдæм, кæ?

Телль. Альторфмæ, нæ цæуыс мемæ дадамæ?

Вальтер. Цæуылнæ цæуын!

Гедвигæ. Бæстыхицау Альторфы ис, — дæ къонайыл куы бадис фæлтау.

Телль. Раст кæнынмæ хъавы абон.

Гедвигæ. Гъемæ уал уæдæ фæфæстиат у, намæ йыл куы сæмбæлай, мыййаг. Цы зæрдæ нæм дары, уый зоныс дæхæдæг дæр.

Телль. Æрдумæ дæр ын нæ дарын йæ маст; цæрын рæстæй, тас мын нæу ме знæгтæй.

Гедвигæ. Раст адæмы уындæй уымæн йæ цæстытæ риссынц.

Телль. Уый тыххæй æмæ уыдонмæ нæй къух бакæнæн; цыдæриддæр уа, уæддæр, æнхъæл дæн, мæн нæ бахъыгдардзæн.

Гедвигæ. Æнхъæл дæ, фæлæ уæд цæмæ гæсгæ фервæссыдтæ дæхиуыл?

Телль. Æрæджы цуаны уыдтæн Шехены комы — æдзæрæг хъæддаг ран. Уым фæцæйцыдтæн иу фæсвæд лæзгъæры, — æндæр къахавæрæн дзы никæуылты уыди. Мæ сæрмæ — айнæг къæдзæхы цæндтæ, мæ быны та пæллæхъхъæй фыцы хæстмаст Шехены дон...

Сывæллæттæ йæм хæрз æввахс бацыдысты æмæ йæм хъусынц тынг æнувыдæй.

Æваст баиу стæм бæстыхицауимæ, уый дæр фæцæуы лæзгъæры. Цъиутæхæг дæр дзы нæ уыди, нæ дыууæйæ æндæр, ныхæй-ныхмæ фестæм, нæ разæй — æнæбын ком. Базыдта мæ бæстыхицау æмæ хорзау нал фæци: бирæ бонтæ йыл нæма рацыд, афтæ мæ кæй бафхæрдта, æвæццæгæн, æмæ дзы уый рох нæ уыди. Фадат ран ыл фæхæст дæн, мæ хæцæнгæрзтæ дæр — мемæ. Дзæбæх нал уыд йæ хъуыддаг: уайтагъд афæлурс, ризын байдыдтой йæ уæрджытæ; бирæ йæ нал хъуыди — фыр тæссæй фæцæйхауди коммæ. Фæлæ йын фæтæригъæд кодтон, хæстæг æм мæхи байстон æмæ йæм дзурын: «Уый æз дæн, æз, мæ хицау». Ницы сдзырдта, ауыгъта йæ къух — ома, мæ цыды кой кæнон. Уыцы ран æй ныууагътон æмæ йæм æрбарвыстон кæстæриуæггæнджыты.

Гедвигæ. Дæ разы, зæгъыс, йæ зæрдæ хорзау нал уыди! Хъахъхъæн дзы дæхи! Адзалмæ дæр дзы нал байрох уыдзæн.

Телль. Фæсвæд дзы мæхи куы ласон, уæд уый дæр мæн агурæг нæ зилдзæн.

Гедвигæ. Уырдæм цæуыны бæсты уал баздæх æмæ цуан акæн.

Телль. Уæддæр цæмæй тæрсыс?

Гедвигæ. Куыддæр зæрдæрхæндæг дæн абон. Лæуу, ма ацу!

Телль. Æмæ уæддæр цæй тыххæй? Цæмæ гæсгæ?

Гедвигæ. Ницæмæ, фæлæ дын æдзæугæ нæй?

Телль. Дзырд радтон, нæй мын гæнæн.

Гедвигæ. Цæугæ уæдæ, фæлæ мын мæ хъæбулы уадз йæ къонайыл.

Вальтер. Нæ, нана, ауадз мæ — æз дæр цæуын!

Гедвигæ. Вальтер дæр йæ мады иунæгæй ныууадзынмæ хъавы.

Вальтер. Афтæ ма фæкæс, нана, — æз дын хуын куынæ æрбахæссон дадайæ. (Фæцæуы йæ фыдимæ.)

Вильгельм. Нана, æз баззайдзынæн демæ.

Гедвигæ (йæ хъæбысы йæ кæны). О, о, нанайы цæстырухс, иунæг ды ма мыл нæ ивыс дæ зæрдæ. (Араст кулдуармæ æмæ бæлццæтты фæстæ бирæ фæкаст.)


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 86 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Дыккаг æвдыст| Дыккаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)