Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дыккаг æвдыст. Швицы бæстæйы; Штауффахеры хæдзары комкоммæ

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст
  7. Дыккаг æвдыст

Швицы бæстæйы; Штауффахеры хæдзары комкоммæ. Стыр фæндагыл, хиды раз — сусхъæд бæлас. Вернер Штауффахер æмæ Пфайфер дзургæ-дзурын æрбацæуынц Лиуцернæй.

Пфайфер. Афтæ, Штауффахер, куыд загътон, афтæ бакæнут, ард-ма бахæрут Австрийæн. Амал уын цæйбæрц уа, уыйбæрц фыццаджы хуызæн фидар хæцут уæ дзырдыл. Уæ ныфс уын хуыцау ныффидар кæнæд уæ алы хъуыддаджы дæр. (Райста йын йæ къух, раст кæнынмæ хъавы.)

Штауффахер. Фæфæстиат у, мæ хæлар! Ме ’фсин дæр ныртæккæ зындзæн. Швицы мæ уазæг дæ, Лиуцерны та æз уыдзынæн дæ уазæг.

Пфайфер. Бузныг, мæ лымæн! Мæнæн абон Герзауы æнæ сæмбæлгæ нæй. Фæлæ дæ курын: быхсут уал æбуалгъ бæстыхицæутты æфхæрдтæн. Рæстæг, æвæццæгæн, æмæ рæхджы аивдзæн, мæ хæлар-имперы уынаффæ бафтдзæн æндæр адæймагмæ. Фæлæ нæм бархъомыс дарын куы байдайа, уæд уый зон, æмæ йын æнусмæ баззайдзыстæм цагъарæй. (Фæцæуы.)

Штауффахер æрбадт сусхъæд бæласы бын æмæ хъуыдытыл фæци. Æрбацæуы Гертрудæ, Штауффахеры ус. Йæ мойы фарсмæ бандоныл æрбадт æмæ йæм цъусдуг æдзынæг кæсы.

Гертрудæ. Цæй тарæрфыг дæ, нæхион! Зæгъ-ма мын, цы дыл æрцыди? Иу къорд боны дæм кæсын, æмæ дæхи уагыл нæ дæ, сагъæс кæныс цæуылдæр, — раргом æй кæн дæ уарзон бинойнагæн; дæ мастæй, дæ сагъæсæй хай бакæн мæнæн дæр.

Штауффахер ын, æнæдзургæйæ, ныххæцыд йæ къухыл.

Зæгъгæ ма мын кæн, цæмæн риссы дæ зæрдæ? Дæ фæллойæн дын арфæ ракодта Хуыцау; хæдзар æппæтæй дæр — йедзаг; дæ фосы дзугтæ, дæ хæрзхаст бæхрæгъау сæрæгасæй æрыздæхтысты хæхтæй; бæхдонтæ æфснайд дæ бæхтæн азымæгмæ; æлдары мæсыгау рæсугъд — дæ хæдзар: конд у дæ æвзаргæ хъæдæрмæгæй; айдæнау æрттивынц йæ рудзгуытæ, хæрзаив æфтыд — йæ нывтæ; зондджын дзырдтæ фыст йæ къултыл; уыдон кæсынц бæлццæттæ æмæ дисгæнæг сты, цæмæ цæуынц, ууыл.

Штауффахер. Рæсугъд у мæ хæдзар, хæрзаив йе ’вæрд, фæлæ фидар нæу йæ бындур!

Гертрудæ. Цы зæгъынмæ хъавыс, нæ дæ æмбарын?

Штауффахер. Æрæджы бадтæн æз ацы ран, сусхъæд бæласы бын, хъæлдзæг уыди мæ зæрдæ нæ ног хæдзарæй; уалынмæ дын мæнæ бæстыхицау æрцæуы æд фæсдзæуинтæ Киунснахæй æмæ æрæнцад нæ разы. Дисгæнгæйæ уыцы каст фæкодта нæ хæдзармæ. Уайтагъд мæ бадæнæй фестадтæн, паддзах нæ бæстæн хицауæй кæй сæвæрдта, уымæ бацыдтæн хæстæг, æгъдауыл. «Кæй хæдзар у ацы хæдзар?» — къахæгау мæ бафарста, йæхи нæзонæг скодта. Æз æм фæцарæхстæн æмæ йын загътон: «Бæстыхицау, хæдзар у мæ цытджын паддзах æмæ дæ хæдзар, мæнмæ та у æфстау лæвæрд». Уæд, дын, афтæ: «Уый та куыд, æмæ хъæубæсты цæрæг адæймаг зæрдæйы фæндоныл хæдзæрттæ араза æмæ æлдары цард кæна? Æз уый нæ ныббардзынæн. Ахæм уаг, ахæм хивæнддзинадæн æз, цы æмбæла, уый бакæндзынæн: сæ бындзарæй сæ стондзынæн». Уыцы ныхасы фæстæ бæстыхицау ацыди хъал æмæ барджын цыдæй. Мæнæн та уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæ нал ис мæ риуы; йæ фыдбылызы дзырдтæ мæ стыр мæт бауагътой.

Гертрудæ. Мæ уарзон хæлар æмæ мæ сæрыхицау! Хъыг дын ма уæд, мæхи дын зæрдиагæй амонæг куы скæнон, уæд. Æз райгуырдтæн гъе уыцы зондджын фыд Ибергæн, æмæ мын адæм ард кæмæй хордтой, — мæхи дзы хъал кæнын æдæрсгæ! Изæрыгон-иу, æвæдза, мæ хотимæ æрбадтыстæм æлвисыныл, афтæ-иу адæмы хистæртæ æмбырд кодтой мæ фыдмæ; уыдон-иу кастысты имперæй æрвыст чингуытæ, тæрхон-иу кодтой сæ дзыллæйы амонды сæрыл. Лæмбынæг-иу сæм хъуыстон æмæ сын арф бафснайдтон мæ зæрдæйы сæ зондджын ныхæстæ, сæ фæндонтæ. Хъуыды дар, цы дын зæгъон, уый. Рагæй зыдтон æз дæ сагъæс. Бæстыхицау дæ йæ удхæссæг федта, мæ хæлар: Швиц дæу руаджы нæ бафтыд ног хицæуттæм; ды равдыстай дæ рагон фыдæлтау зæрдæйы фидардзинад, ды сайдæй нæ рацыдтæ дæхи паддзахадыл, дæ имперыл. Афтæ у æви нæу, Вернер? Раст нæ зæгъын?

Штауффахер. Раст зæгъыс — хæрам мæм уый тыххæй фæци.

Гертрудæ. Фыр хæлæгæй риссы уымæн йæ зæрдæ, ды сæрибарæй кæй цæрыс дæхи бынтыл, уый йæ фыны дæр кæй нæма федта, ахæм бынтыл. Æфстау райстай дæ хæдзар паддзахæн йæхицæй. Иу æлдар цы исбоныл хæцæг у, уыцы исбоныл хæцæг дæ ды дæр; паддзахæй фæстæмæ хицау нæй цæуæн; уый та у паддзахæн йæ æнæзынгæ вассалтæй, йæ хъæздыгдзинад уæлæмæ цæр, дæлæмæ цæр — йæ рицæры пæлæз. Гъе уый тыххæй адæмы амонд уымæн у йæ цæстысындз. Дæу байсафыныл та уый рагæй кусы. Сæрæгас дæ абоны онг, фæлæ кæдмæ бадинаг дæ æнцад-æнцойæ, дæ къухтæ дæ роны, афтæмæй, дæ фыдгул дын цалынмæ иу фыдбылыз нæ сараза, уалынмæ? Нæ! Æд-зонц адæймагæн йæхиуыл æмбæлы архайын.

Штауффахер. Æмæ уæдæ цы бачындæуа?

Гертрудæ (фæцæуы йæм хæстæгдæр). Ай дын мæ фæнд: æнхъæлдæн æмæ æнæзонгæ нæ дæ, бæстыхицауы цæйбæрц нæ уарзынц нæ кантоны, йæ зыд æмæ йæ налат миты тыххæй; уæдæ уый зон æмæ Унтервальдены, Уры дæр ссардзынæ бирæты, хицæуттæй разы чи нæу. Ацы ран Геслер махæн цы у, уый у Ланденберг дæр уыцы ран, цады иннæ фарс. Уырдыгæй иу бæлæгъ цæр ахæм нæма æрбацыди, æнкъард уацхъуыдтæ чи нæ æрбахаста: адæмы хурхыл уæрдæх сæвæрдтой бæстыхицæуттæ. Хорз уаид, иу къорд æмбаргæ лæджы куы æрбамбырд уаид, сусæгæй сæ фæнд иу куы скæниккой, цæмæй уыцы уæззау æмæ æгад уаргъ адæмы бæрзæйæ раппарой. Ныфс мæ ис — хуыцау баххуыс кæнид уыдонæн, уыцы раст хъуыддагыл чи сифтындзид сæхи. Зæгъ-ма, зæгъ, дæ зæрдæйы сагъæстæ кæмæн сæргом кæнай, ахæм хæлар дын нæ разындзæн Уры бæстæйы?

Штауффахер. Лæджы хуызæн лæгæй уыцы ран кæй нæ зонын, ахæм дзы бирæ нæй, æхсар дæр кæмæ разындзæн, нымады дæр чи у; стæй мæ се ’гас дæр уарзынц, мæ зæрдæйы фæндон дæр сын раргом кæндзынæн. (Сыстад.) Усай, мæ сабыр, æнцад риуы мидæг мын цы базмæлын коцтай, кæрон кæмæн нæй, ахæм тар æмæ тызмæг сагъæстæ. Ды мын хуры рухсæй фæирд кодтай мæ хъуыдытæ. Мæ фæсонæрхæджы дæр цы нæ æфтыди, мæ тæппуд зонд цæмæй тарст, уыдон мын æхсарджын ныхасæй ды мæ зæрдæйы бауагътай. Фæлæ дæ бафæрсон: дæ фæнд дзæбæх æрхъуыды кодтай, лыстæг æй равзæрстай, нæ рæдийыс? Дæ ныхасы кæрон дæуæн уымæ арæзт у, цæмæй нæ быдырты æрцæуа кардæй хæст, айхъуыса дзы æфсæдты хотыхты нæрын. Æмæ уæд цы бакæнинаг стæм мах, сабыр цардуарзаг фыййаутæ, æгас дунейæн æлдарад чи кæны, уыимæ? Баууæнд мыл, æнæуи цæр æфсон агурынц, цæмæй нæ мæгуыр кæмттæм æрбарвитой сæ тугдзых æфсæдтæ, цæмæй нын сæ тыхы руаджы байсой ацы ран æфсонмæ-æфсонты нæ рагон бартæ, нæ сæрибар.

Гертрудæ. Æмæ хæцæнгæрзтимæ сымах дæр æнæ арæхсгæ куы нæ стут; хуыцау та æхсарджынтæн у фарсласæг.

Штауффахер. Стыр фыдбылыз, бынтон бынысæфты нысан у хæст; уымæй бабын вæййынц дзугтæ æмæ фыййаутæ.

Гертрудæ. Хуыцауы æфхæрд — хуыцауы сой, фæлæ дыл исчи цы æгады уаргъ сæвæра, уый хæссын аккаг нæу.

Штауффахер. Усай! Нæ ног хæдзары цæрынæй куы нæма бафсæстæ: хæст куы байдайа, уæд дын æй рыг фестын кæндзысты.

Гертрудæ. Цыфæнды адджын мын фæуæд, уæддæр ыл раст мæхи дыууæ къухæй арт бандзарин.

Штауффахер. Хæст нæ хатыр кæны æнахъом сабитæн цæр.

Гертрудæ. Сыгъдæджытæ сæхицæн ссардзысты раст тæрхон уæларвы. Размæ кæс, мæ хæлар, размæ, фæстæмæ хæцынæй ницы рауайдзæн.

Штауффахер. Хæсты быдыры амæлын мах базондзыстæм, фæлæ ма сымах цы уыдзыстут нæ фæстæ?

Гертрудæ. Æдыхтæн дæр ма уыдзæн фæстаджы бар: иу къæдзæхæй — сæррæтт, æмæ уæд æнусмæ дæр — сæрибар.

Штауффахер (йæ усы хъæбысмæ йæхи æппаргæйæ). Ахæм зæрдæйы хицау тох скæндзæн йæ райгуырæн къонайы сæрыл, уый нæ фæтæрсдзæн паддзахы тыхæй! Ацы сахат араст дæн Урмæ. Уым цæры мæ хæлар Вальтер Фиурст: æмзонд у мæнимæ алы хъуыддаджы дæр. Стæй дзы фендзынæн барон Аттингаузены; уый кæд æмæ уæздан мыггагæй у, уæддæр æнæ уарзгæ нæу йæ дзыллæйы æмæ йын аргъ кæны йæ бартæн. Бауынаффæ кæндзынæн уыдонимæ, нæ райгуырæн бæстæ куыд бахъахъхъæнæм фыдгултæй. Хæрзбон! Мæ раздæхынмæ хæдзар — дæ бар; фæдзæхсын дын ницы хъæуы: кувынмæ цæуæг бæлццон, аргъуантæн кувæг бирæ фысым ссардзысты ацы ран. Мæ хæдзары дуæрттыл у сæ фæндаг. Мæ дуæрттæ та уазæгæн гом сты æдзухдæр.

Уыдон мидæгоз куыд араст сты сценæйы, афтæ æрбацæуынц Вильгельм Телль æмæ Баумгартен.

Телль (Баумгартенмæ). Ныр дæ мæ сæр нал хъæуы. Мæнæ ацы хæдзармæ бацу: уым цæры Штауффахер, æфхæрд адæмы сæрыл чи хæцы, уыцы лæг. Уæртæ дын уый та йæхæдæг! Цом мæ фæдыл!

Араст сты. Сценæ аивтой.


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 101 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Фыццаг æвдыст| AElig;ртыккаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)