Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фыццаг æвдыст. Фæз Альтофы раз.

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст
  7. Дыккаг æвдыст

Фæз Альтофы раз.

Сценæйы арф, рахизварс — фидар «Уры къæлæт» æд аразæнхъæдтæ [2] , фыццаг архайды æртыккаг сценæйы куыд уыди, афтæ. Галиуварс — хохæфцæг, æрттивынц ыл бæрæггæнæн æртытæ. Бон цъæхтæ кæны. Ранæй-ран хъуысы дзæнгæрæджы хъæр.

Руоди, Куони, Верни, дурамайæг æмæ бирæ æндæр хъæууон адæм; стæй устытæ æмæ сывæллæттæ.

Руоди. Нæ уынут нæ хæхтыл бæрæггæнæнтæ?

Дурамайæг. Хъусут — дзæнгæрджытæ цæгъдынц?

Руоди. Знаджы фæсырдтой.

Дурамайæг. Фидæрттæ ист фесты се ’ппæт дæр.

Руоди. Мах та ма ам, Уры, цæмæ кæсæм, уый нæ зонын; цæуылнæ ныппырх кæнæм ацы фидар, цы боны хорзмæ йыл ауæрдæм? Гъау, æмæ уæдæ æппæты фæстæ мах райсдзыстæм нæ сæрибардзинад?

Дурамайæг. Ахæстон куыд ныууадздзыстæм мах нæ сæрибар бæсты? Ныппырх æй хъæуы!

Се ’ппæт дæр. Пырх! Дæрæн! Пырх!

Руоди. Кæм ис нæ уадындзæй уасæг?

Уадындзæй уасæг. Æз мæнæ дæн. Цы уæ хъæуы?

Руоди. Схиз мæсыгмæ, æфсымæр, æмæ ныууас, цæмæй дæ уадындзы хъæр азæла æмæ дзыллæмæ ардæм æрсида.

Уадындзæй уасæг фæцæуы. Вальтер Фиурст фæзыны.

Вальтер Фиурст. Фæлæуут уал, æфсымæртæ! Ныр ма нæм ницы уацхъуыд ис Швиц æмæ Унтервальдены бæстæй. Банхъæлмæ уал кæсæм уыдон уацхæсджытæм.

Руоди. Цы ма сæм кæсыс? Тиран мард æрцыд, цы рæстæгмæ бæллыдыстæм, уыцы рæстæг нын ралæууыд: нæхи фервæзын кæнынæн нын фадат æрзылди.

Дурамайæг. Пиллон арт куы уадзынц хæхтæ алырдыгæй, уæд ма дæ цавæр уацхæссæг хъæуы?

Руоди. Цомут, аразæнхъæдтæ ныссæттæм! Йæ цары агъуыст ын фехалæм, ныппырх ын кæнæм йæ къултæ, дур дзы дурыл цæмæй нал баззайа!

Дурамайæг. Æфсымæртæ, амайгæ дæр æй мах скодтам, йæ халынмæ дæр ын кæд сарæхсиккам.

Се ’ппæт дæр. Цомут! (Алырдыгæй згъорынц бæстыхаймæ.)

Вальтер Фиурст. Нырсæ уромæг нал бауромдзæн.

Мельхталь æмæ Баумгартен æрбацæуынц.

Мельхталь. Гъе уый дын, гъе, хъуыддаг! Фæнык фестын кодтой Сарнены фидары, Росбергæн нал ис йæ кой дæр; ацы гæнах та ма уæд цы боны хорзмæ лæууы?

Вальтер Фиурст. Мельхталь, цы хорз уацхъуыдтимæ нæм фæзындтæ? Нæ сæртæ нæ бар систы? Нæ райгуырæн бæстæ фервæзт не знæгтæй?

Мельхталь (æй кæны йæ хъæбысы). Хæрзæггурæггаг дæм фæдæн, нæ хистæр! Цин кæн: суæгъд стæм нæ къæлæтæй, — иу тиран дæр нал баззади нæ фыдæлты зæххыл.

Вальтер Фиурст. Радзур-ма мын, радзур, — фидæрттæ та уæд куыд райстат?

Мельхталь. Руденц æхсарæй бацахста тызмæг Сарнены, æз та уый агъоммæ æхсæвыгон баирвæзтæн Росбергмæ. Фæлæ уал дын радзурон, уыцы ран цы æрцыдис, уый. Знагæй фидар куы асыгъдæг, уæд ыл арт бандзæрстам, æмæ йæ пиллон арвмæ цæджындзау куыд лæууыд, афтæ нæм бæстыхицауы хæцæнгæрзтæхæссæг Дитгельм æрбатахт æмæ хъæр кæны: «Бертæ баззад фидары!»

Вальтер Фиурст. Уæ, Хуыцау!..

Аразæн хъæдæрмæг куыд кæлы, уый хъуысы.

Мельхталь. Геслер æй уыцы ран бакодта талынг ахæстоны. Руденцыл хуссайраг калм цыма фæхæцыд, уыйау ма фесхъиудта, бæргæ; фæлæ уый агъоммæ æркалдысты фидарæн йæ агъуыстытæ, стæй нæм уый фæстæ пиллон арты бынæй æрбайхъуыст æнамонд адæймаджы хъæр дæр.

Вальтер Фиурст. Фервæзын ма йæ кодтат?

Мельхталь. Йæ фервæзынæн хъуыди æхсар æмæ цырддзинад. Руденцы сæрыл ничи стох кодтаид махæй, æрмæст нæ хицау у, зæгъгæ, уый тыххæй; фæлæ уый уыди махæн нæ цæдисæмбал, нæ фарсласæг; стæй уыцы иузæрдион уыдысты Бертæйыл æппæт дзыллæ дæр; уыйадыл Руденцы фæдыл артмæ иууылдæр бакалдтам нæхи.

Вальтер Фиурст. Ницы æрцыд йæ удыл?

Мельхталь. Ницы! Барон æмæ йæ æз арты цырынæй уадзыгæй рахастам æмæ куыддæр раирвæзтыстæм, афтæ æрхаудысты царыхъæдтæ дæр! Уалынмæ Бертæ æрчъицыдта æмæ арвмæ куыд скасти, афтæ мыл Руденц йæхи æрбаппæрста, æмæ мæ фыр цинæй йæ хъæбысы ныккодта. Уыйадыл нæ иудзинад фидаргонд æрцыди арты мидæг, стæй, нæхинымæры ард схъаргæйæ, тынгдæр стыхджын. Ныр дуне иннæрдæм куы фæуа, уæддæр нæ иудзинадæн тас нал у.

Вальтер Фиурст. Æмæ уæд Ланденберг та цы фæцадаид?

Мельхталь. Бриунены фæстæ фæци. Мæ аххос нæу, мæ фыды цæстытæ мын чи скъахта, уый ардыгæй кæй аирвæзт удæгасæй; бафтыдтæн йæ фæдыл, сурынтæ йæ систон, æрцахстон æй; мæ фыды раз æй æрбырстон, æмæ йæ уыцы ран мæнæ ацы кардæй фысы æргæвст скæнон, зæгъгæ, афтæ мæ фыд йæ сæрыл сдзырдта, фæтæригъæд ын кодта, æз дæр æй уый хатырæй нал амардтон. Куы цыди, уæд мын ард схъардта, куыд нал æрбаздæхдзæн а бæстæм... Æмæ нæм цæугæ дæр нал æрбакæндзæн. Нæ ахаст нын базыдта.

Вальтер Фиурст. Стыр хорз хъуыддаг бакодтай, кæй йæ нæ амардтай, уымæй, намæ нæ хъуыддаг иу чысыл фæтар уыдаид.

Сывæллæттæ (аразæнхъæды сæстытимæ). Ссæрибар стæм мах, ссæрибар!

Хъуысы Уры уадындзы тыхджын уаст.

Вальтер Фиурст. Нæ сæм кæсыс, куыд цин кæнынц! Базæронды бонмæ дæр сæ нал ферох уыдзæн.

Чызджытæ хъилыл æрбахæссынц худ, сценæ байдзаг адæмæй.

Руоди. Мæнæ уын ай та, нæ зоныгыл кæмæн куывтам, уыцы худ!

Баумгартен. Зæгъут-ма — цы йæ фæкæнæм?

Вальтер Фиурст. Хуыцау, табу дæуæн! Мæ хæрæфырт кæй бын лæууыди, гъе уыцы худ!

Бирæты дзурын. Сафын æй хъæуы! Уый у тыхы дуджы худинаджы цырт! Артмæ, артмæ!

Вальтер Фиурст. Бавæрæм æй, хуыздæр уыдзæн. Айагъоммæ уый уыди цагъайраг дуджы нысан, фæлæ сæрибардзинады нысан фæуæд нырæй фæстæмæ.

Хъæууон адæм — усæй, лæгæй, сывæллонæй — чи лæууы, чи бады аразæнхъæдтыл; сты хæрзаив стыр æрдыны хуызæн.

Мельхталь. Куыд хъæлдзæг у, куы, ацы сахат, уæ нæ цæдисæттæ, тыхдзинады хæлддзæгтыл фидар куы æрцауындзæм, уæд! Риутлийы ард цæуыл бахордтам, уый федтам нæ цæстæй!

Вальтер Фиурст. Хъуыддагæн скодтам сæр, фæлæ йын кæрон нæма ис. Нæ иудзинад хъуамæ уа ныр фидардæр: паддзах, бауырнæд уæ, афтæ не сбаддзæн, — уый нæ агурдзæн йæ бæстыхицауы туг; стæй ардыгæй кæй фæсырдтам, уыдон та нæм ам æрбалæууын кæндзæн.

Мельхталь. Хуыцау зæгъæд, æд æфсæдтæ куыд фæзына ардæм. Знаджы нæ бæсты бæрæгастæуæй кæм фæсырдтам, уым нæм фæсарæнтæй чи бырса, уыдонæн дæр хос ссардзыстæм.

Руоди. Нæ хæхтæм бирæ æрбацæуæнтæ нæй, фæлæ дзы цы æрбацæуæнтæ ис, уыдон мах нæхи буæрттæй дæр фидар сæхгæндзыстæм.

Баумгартен. Знаг нæ нал фæтæрсын кæндзæн æфсадæй; ард бахордтам мах, æнусмæ дæр иу кæй сыстæм, ууыл.

Рессельман æмæ Штауффахер æрбацæуынц.

Рессельман. Уæлæрвтæм маст куы бахъары, сæ тæрхон тызмæг æмæ карз уæд вæййы.

Хъæууон адæм. Цавæр у, цы ма æрцыди?

Рессельман. Цард ныл бацайдагъ и, зæгъгæ, уæд ма истытæ уындзыстæм.

Вальтер Фиурст. Цавæр хабар у? Радзур-ма нын æй. Уый Вернер куы дæ, сæрæй! Цы уацхъуыд нын æрхастай?

Хъæууон адæм. Уагæр æмæ цы æрцыди?

Рессельман. Байхъусут æмæ ныддис кæндзыстут.

Штауффахер. Махæн тæссагæй дзы ницы ис.

Рессельман. Амардæуыд императоры.

Вальтер Фиурст. Ме скæнæг хуыцау!

Хъæууон адæм Штауффахеры алыварс æрзылдысты.

Иууылдæр. Фæмарди? Куыд?.. Император?.. Императоры амардтой?..

Мельхталь. Уый нæ уыдзæн! Чи уын æй дзырдта:

Штауффахер. Бæлвырд хабар у. Бручы раз амардæуыд Альбрехт-къаролы. Кæуыл нæ баууæндай, ахæмæй йæ нæ фехъуыстон: уацхъуыд æрбахаста намысджын адæймаг — Иоганнес Миуллер, сафгаузенаг.

Вальтер Фиурст. Æмæ ахæм æбуалгъ хъуыддагмæ кæмæн батасыд йæ къух?

Штауффахер. Йæ ном ын зæрдæ зæгъын дæр нæ комы. Йæ марæг кæд разынд герцог Иоганн, йе ’фсымæры фырт.

Мельхталь. Æмæ цæй фæдыл бакодта ахæм æвирхъау хъуыддаг?

Штауффахер. Паддзах ын йæ фыды бынтыл тыхæй æрхæцыд, стæй йæм фæнд уыди: иудадзыгдæр сæ йæхи куыд бакæна, æлдарыл та куыд æркæна алчеры худ. Æмæ уый фæдыл æвзонг æлдар бакаст йæ хæлæртты коммæ. Æххуысгæнджытæ йын уыдысты Эшенбах, фон Варт, фон Тегерфельд æмæ Пальм. Йæхæдæг йæхи къухæй сфæнд кодта паддзахæй йæ маст райсын.

Вальтер Фиурст. Æбуалгъ хъуыддаг куыд æрцыди, уый нын радзур.

Штауффахер. Къарол фæцæйцыди Штейнæй Баденмæ, Рейнфелды ’рдæм дæлæмæ, йемæ Иоганн-æлдар æмæ Леопольд-æлдар, стæй йæ уæздан адæм. Куыддæр Ройсы комкоммæ æрхæццæ сты, доны уайын сæ кæм хъуыди, уырдæм, афтæ марджытæ бæлæгъ бацахстой, паддзахы йæ адæмæй фæхицæн кодтой. Уый фæстæ уæрæх быдыры араст сты; куыд дзурынц, афтæмæй уыцы ран кæддæр уыди муртакк адæмы сахар, ныр та дзы бæрзæндты дардмæ æрттивы рагон фидар — Габсбург, габсбургæгты уæздан мыггаг кæм равзæрди. Уым паддзахæн Иоганн хъама йæ хурхы атъыста. Пальм æй арцæй ныррæхуыста, фон Эшенбах та йын йæ сæры кæхц кардæй дыууæ дихы фæкодта. Паддзах, тугкалгæ, мардæй уæлгоммæ ахауди йæ хæстæджыты къухæй, йæхи райгуырæн зæххыл. Доны иннæ фарсæй йæм, хъæлæкк, кастысты йæ адæм, сæ кæуынæй къардиутæ бæргæ азæлдысты, фæлæ цы бакодтаиккой! Йæ разы фæци иу зæронд ус, æмæ уый уæрджытыл йæ уд систа паддзах.

Мельхталь. Исбонæй бафсис кæмæн нæ уа, уый ингæн къахы йæхицæн цæрдудæй.

Штауффахер. Бæстæ фыр тæссæй кæрæй-кæронмæ æмризæджы ризы: хохы фæндæгтыл маргъ атæхæн дæр нал ис; алчи хъахъхъæны йæ зæххы арæнтæ; фыдæлтыккон Циурих марджытæ æмæ тугисджыты тæссæй йæ дуæрттæ сæхгæдта, дæс æмæ ссæдз азы цы дуæрттæ нæ бассыдта, уыдон. Венгыры ус-паддзах, хæстмаст Агнесæ, рараст ис æд æфсæдтæ; хъоды бакодта сылгоймаджы фæлмæн зæрдæйы уагыл; уый ард бахордта, йæ фыды марджытæй йæ туг кæй райсдзæн: сæ тъымы-тъымайы онг дæр сыл кæй нæ бацауæрддзæн, йæ маст кæй исдзæн сæ кусджытæй дæр ма, сæ цотæй, сæ цоты цотæй, йæ маст исдзæн раст сæ хæдзары дуртæй дæр. Ард хордта, æгас бинонтæй сæ йæ фыды ингæны кæй ныккалдзæн, сæ тугæй йæхи кæй цæхсдзæн, уалдзыгон æртæхæй куыд æхсай, афтæ.

Мельхталь. Паддзахы куы амардтой, уый фæстæ алырдæм ныххæлиутæ сты, цæмæй кæрæдзийы цæсгом мауал феной адзалы онг; Иоганн герцог та, дам, хæхбæсты йæхи æмбæхсы.

Вальтер Фиурст. Се ’вирхъау хъуыддаг сын уæдæ ницы пайда фæци. Маст райсынæй фос ничима скодта; æнамонд, æнæхайыр, чъизи хъуыддаг у уый; мастæн йæ райсын циндзинад вæййы, фæлæ йæ чи райсы, уый та дзы æрæджиау фæвæййы фæсмонгонд.

Штауффахер. Марджытæн ницы пайда вæййы се ’взæр хъуыддагæй, фæлæ дзы мах нæ сыгъдæг къухæй нæхицæн æртондзыстæм тæхудиаджы дыргъ. Нæ уд кæмæй нал уыди, уыцы зæрдæмарæн тасдзинадæй фервæзтыстæм: сæрибардзинады знæгтæн сæ тæккæ тыхджындæрæн йæ зынг бахуыссыди æмæ, куыд дзурынц, афтæмæй скипетр Габсбурджы мыггагæй æндæр искæмæ бафтдзæн. Имперы фæнды, паддзах равзарыны бар адæмæн сæхимæ куыд уа, афтæ.

Вальтер Фиурст æмæ ма бирæтæ. Уæдæ кæй кæнынц? Кæй æвзарынц?

Штауффахер. Лиуксембург-графы, дам, æвзарынц адæмæн сæ фылдæр.

Вальтер Фиурст. Имперыл сайдæй кæй нæ рацыдыстæм, уымæй хорз бакодтам: ныр рæстдзинад фæлгъауын æдæрсгæ уыдзæни нæ бон.

Штауффахер. Ног хицау бæлвырдæй дæр йæхицæн агурдзæн хæлæрттæ.

Хъæууон адæм хъæбыстæ кæнынц кæрæдзийæн. Петерман æмæ имперы уацхъуыдхæссæг.

Петерман. Мæнæ дын адон нæ дзыллæйы намысджын хистæртæ.

Рессельман æмæ ноджы бирæтæ. Сымах та ма нын цы зæгъинаг стут?

Петерман. Имперы уацхъуыдхæссæг нæм æрбахаста чиныг.

Се ’ппæт дæр (баздæхтысты Вальтер Фиурстмæ). Бакæс нын æй!

Вальтер Фиурст (кæсы). «Швиц, Ур æмæ Унтервальдены базонгæ цæрджытæн ацы чиныджы фыстæй хорздзинæдтæ лæвар кæны Елизаветæ».

Бирæйы дзурын. «Æмæ мах уый къухы куынæуал стæм, уæд ма йæ цы хъуыддаг ис махимæ?»

Вальтер Фиурст (кæсы). «Стыр æнамонд хъуыддаг йæ сæр баййæфта уымæн йæ мойы мардæй; йæ зæрдыл дары уый уæ уарзондзинад æмæ уæ иузæрдиондзинад».

Мельхталь. Амондджын цардæй куы царди, уæд дзы рох уыдыстæм.

Рессельман. Сабырдæр, кæрæй-кæронмæ йæм байхъусæм!

Вальтер Фиурст (кæсы). «Æмæ, йæ раст адæммæ йæхи баздахгæйæ, ныфс æй ис уыдонæй — æнаккаг марджытæм кæй смæсты уыдзысты, уазæг кæй не скæндзысты æвзæргæнджыты, фæлæ сæ кæй агурдзысты æнувыдæй, кæй сæ ратдзысты тæрхонмæ, Рудольф-паддзахы мыггаджы уарзондзинад æмæ дзæбæхдзинæдтæ сæ зæрдыл даргæйæ».

Адæмæн хъыг куыд уыди, уымæ гæсгæ базмæлдысты.

Бирæйы дзурын. Уарзондзинад æмæ дзæбæхдзинæдтæ!

Штауффахер. Дзæбæхдзинæдтæ лæвæрд уыдысты махæн йæ разагъды фыдæй; фыртæй раппæлинаг ницæмæй стæм. Цы бартæ нын лæвæрд уыди, уыдон нын не сфидар кодта, уый размæ паддзæхтæ куыд кодтой, афтæ. Раст æмæ хæрамæн хаста иу тæрхон. Æфхæрд адæмы фарс никуы фæци, сæ сæрыл никуы сдзырдта. Минæвæрттæ йæм æрвыстам æмæ сæ уый, æгæр-мæгуыр, никуы бауагъта йæхимæ дæр, нæ сæм байхъуыста. Ницы хорздзинад дзы дарæм нæ зæрдыл; æмæ, æвæдза, не ’хсарæй нæхи хъахъхъæнын куы бафæрæзтаиккам, уæд нын уый нæ феххуыс уыдаид. Уæдæ ма йын арфæ та цæй фæдыл кæнæм? Бузныг дзы цæмæй фæуæм, ахæм хъуыддагæй ницы сарæзта мах бæстæйы. Фæлæ, раст зæгъын хъæуы, уыди йын фадат, цæмæй йæ баргонд адæмтæм кастаид, фыд йæ хъæбултæм куыд кæсы, афтæ. Фæлæ уый йæ арм дардта æрмæст йæхионтыл, æмæ йыл уæдæ хъыг дæр уыдон кæнæнт.

Вальтер Фиурст. Йæ мардыл ын мах нæ фæрайдзыстæм, стæй не ’фхæрдтæ нымайыныл дæр не сбаддзыстæм ацы ран. Фæлæ нын хорздзинадæй чи никуы ницы фæци, уый туг агурыныл дæхи сифтындз, стæй ма дæ зæрдыл маст кæмæй нæ дарыс, уыдонмæ лæбур, уыдонæн фыдбылыз араз. Уый мах нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм, — сæр та сæрмæ хæссын хъæуы. Уарзондзинадæн та нæй рафæлгъауæн — зæрдæвæндоны уаргъ у! Стæй адæймаг, æвæдза, фæцъынд и, афтæ йæ хæстæ иууылдæр ахицæн вæййынц! Ныр мах дæр хæсджын нал стæм.

Мельхталь. Хъарджытæ йыл кæнæд паддзахы хæдзары йæ ус, мауал æнцайæд дзыназынæй, уæлæрвтæм йæ риу хойынæй. Ацы ран ды уыныс, сæ уаргъ сæ уæлæ кæмæн нал ис, уыцы адæм. Уыдон дæр сарæзтой уæларвмæ сæ риутæ æмæ йæм æрвитынц арфæтæ. Рох не ’мбæлы: тæригъæд ын кодтой, зæгъгæ, кæй фæнды, уый тауæд уарзондзинад æнæвгъау!

Уацхъуыдхæссæг араст.

Штауффахер (адæмы ’рдæм). Æмæ нын Телль та уæд цы фæуа? Мах астæу цæуылнæ ис? Уый нын куы радта сæрибар; уыйбæрц нæ никæмæн нæдæр æнтысгæ бакодта, нæдæр нæ исчи зындзинæдтæ бавзæрста. Æфсымæртæ, уæдæ йын цæугæ уæм йæ хæдзармæ! Уыйбæрц зындзинæдтæй кæй руаджы фервæзтыстæм, мах уымæн арфæ ракæнæм.

Се ’ппæтдæр араст вæййынц.


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 98 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Цыппæрæм æвдыст| Дыккаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.017 сек.)