Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Тæрсын. . .

ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС | ХЪАЗÆН НЫХАС | РÆТТÆЙ ХЪАЗТ | ЭПИТАФИ | ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ | ПОЭТÆН | МÆРДДЗЫГОЙÆН | ИРЫСТОНЫ ГИМН | AElig;рдзы диссæгтæй |


Мæ удæн ацы бæллиц уаз у,

Фæлæ нæ фæфæлдæхдзæн зæхх,

Къæссайау... Æмæ мæ фыдæх

Мæрдтæм куы барвита йæ разæй...

Хостыхъоты Зинæ

Тæрсгæ кæнын... Цы йæ æмбæхсон!..

Хостыхъон дæн, æмæ тæрсын:

Мыййаг, куы рацæуа мæ рæзты

Фыдæх,

Куы райдайа мæрзын

Мæ кæрт!..

Куыд ма уыдзынæн, оххай!..

Мæ уд цæмæ бæллыд, цæмæ?!.

Æмдзæвгæты æмхиц дæн тохмæ, —

Фыдæх фæзынд, —

Уæд лидз хъæмæ!

Мæнæн, бæргæ, поэзи уаз у, —

Йæ пайдайæ йæ сар — фыддæр,

Нæ кæнын уый тыххæй йæ разы

Æвгъау

Къæбæрсайæн дзырдтæ...

 

ИРЫСТОНЫ АДÆМОН ПОЭТ ХОДЫ КАМАЛЫ ФЫСТÆГ ЙÆ ХÆЛАР, ЗÆРОНДБÆТÆХЪОЙЫХЪÆУККАГ ЛÆППУ, УАТАТЫ БИБОМÆ

Цæй, цом, мæ хæлар, бауайæм Къуыдармæ,

Уым бирæ ис парахатзæрдæ адæм...

Цом, боныцъæхтæм «Ерцъойы» [5] фæбадæм...

Цæлхъзард фæкæнæм...

Къуыдары мын ныффæлдисдзысты

Суадон...

Ходы Камал

Ма бакæ, мæ хæлар, ма кæ! —

Нал цæуæм Къуыдаргоммæ,

Мæн мæлын нæ фæнды, оххай,

Нал мæ хъæуы суадон дæр...

 

Уым хæст цæуы. Уым, Къуыдары,

Ехх, мæгуырæг, — сау бонтæ.

Уыцы рухс бæстæйыл ма

Æз ныззарин абон дæр,

 

Фæлæ хæст хæст у, æмæ дзы

Нал фæлæууин ибонау,

Ма ацу ды дæр, фæлæуу,

О мæхи дзæбæх Бибо!

 

Бонзонгæ кæм нæу нæхион, —

Нæй мæ удæн асайæн, —

Абон мæн дыууæ цæдæй дæр

Нал аласис Къуайсамæ[6].

 

Цом фæлтау нæ зæронд хъæумæ,

Уым æдасæй рабадæм, —

Æз, мæ хур, Къуыдары тæфтыл

Нал, нæ цæуын, а-ба-бау!..

ÆРДЗЫ ДИССÆГТÆ

Нæу вазыгджын

Цыбырбеджы

æрдзысконд —

Цыбырæнгуылдз,

Цыбырбоцъо,

Цыбырзонд...

Ходы Камал

Æз фæфыссын æмдзæвгитæ,

Æмæ, чи зоны, ницы сты,

Фæлæ, — гъа-ма, гъа, — иу ахæм

Хорз кæм нæ ысты диссæгтæн?!

 

Чи у сабыр — цыбырæнгуылдз,

Чи, мæгуырæг, — цыбырбоцъо...

Чи — цыбырзонд: Уæлладжыры

Иу бон раргæвста сау гоцо.

 

Æз цыбыркъух дæн, зонын æй, —

Роцъо-боцъо дæр уа-даргъ нæу,

Фæлæ, чи зоны, а фыстæй

«Уа мын» искæд æхца, фæлæуу!

 

P.S.

Мæ зонд та?!

Хатыр бакæнут (уый уын сусæгæй зæгъын),

Дæлæ мæ райгуырæн уæзæг

Зæронд Бæтæхъойыхъæуæй дарддæр

Не ’ххæссы.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 41 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ СÆРДАРЫ ДЗУАПП| СÆРЫЛХÆЦÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)