|
Джыккайты Шамилæн
Æз арын йæ ном...
Æдзухдæр Къостайæ
Æрхæссы дæнцæг...
Къостайы номыл ын
Лæвæрд у лауреат...
Абойты Созырыхъо
Джыккайты Шамилæн
Æз арын йæ ном.
Мæнæй дæр лæгдæр у,
Цы ма йын кæнон?
Поэт у, профессор
Нæ Шамил, æцæг,
Æз уымæн дæн абон
Йæ сæрылхæцæг.
Хъæуа-йе нæ хъæуа, —
Æрхæссы дæнцæг
Къостайæ... Йæдзырдтæм
Кæм нæ ис кæуæг!..
Нæ фысджыты астæу
Бæрзонд у йæ кад:
О, уый лауреат у, —
Кæнæм ын лæггад!
Кæд исты мæнг зæгъын,
Ныббар мын уæддæр:
«Лæппуйæ рæдийаг
Нæ вæййы æвзæр!..»
МÆСТÆЙДЗÆГТÆ
Поэты маст у æппæт дунейы рыстыл.
Хæдарцаты Азæ
Æз хъусын ахсæв дунейы хъæлæс,
Мæ рнуы цард дзыназы æмæ худы.
Джыккайты Шамил
Дæ ном мын, Азæ, бирæ азты уаз уа! —
Шамил-поэтæн аудыс йæ удыл...
Къуыдайрагыл цы нæ фидауы, цæй-ма,
Хæрзæбонæй уа, худæг æви дудæг!
Æз уыл фыссын цыдæр-цыдæртæ, оххай,
Мæнмæ гæсгæ, пароди хуыйны вроде,
Мæ куыдз та уæд,
Æнхъæлмæгæс, мæгуыр,
Фырыстонгæй
«Дзыназы
Æмæ худы»!
Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 32 | Нарушение авторских прав
<== предыдущая страница | | | следующая страница ==> |
ТÆРСЫН... | | | Наставление первое |