Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Гæдиаты Секъа

ХЪАМБЕРДИАТЫ МЫСОСТ | ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ | БАРАХЪТЫ ГИНО | ИЛАС ÆРНИГОН | КОСИРАТИ СÆРМÆТ | БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН | САНАХЪОТЫ УАНКЪА | БАЙМÆТАТЫ ЦЫППУ |


Читайте также:
  1. ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ

Революцийы агъоммæ нæ хæхбæсты кæмттæй бирæтæм нæ уыд цæлхвæндаг. Фæлæ фæразон уыдысты хохæгтæ æмæ, уæды рæстæджы-иу цы иугай ирон чингуытæ фæзынд, уыдон дæр. Ирон чингуытæ хæццæ кодтой арф кæмтты тæккæ рæбинагдæр хъæутæм дæр, кæм æккойæ хæсгæйæ, кæм та бæхуаргъæи.

Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-ы фæстæ Урстуалтæм, нæ хъæу Едысмæ дæр æрбахæццæ Гæдиаты Секъайы фыст чиныг, йæ ном«Ирон фыййау», зæгъгæ.

Секъа райгуырд Хъуды комы. Уыцы комæй Урстуалты ’хсæн ис æрмæст иу ныллæг æфцæг. Арæх æфтыдысты урстуаллæгтæ Хъудмæ, се ’хсæн хæстæгдзинад дæр арæх уыд æмæ сæ кæрæдзийы хорз зыдтой. Уыдæттæ уый тыххæй дзурын, æмæ нæ комбæстæ хорз зыдтой Секъайы райгуырæн ком — Хъуды цард æмæ уавæр.

Чиныг «Ирон фиййау» цыдис къухæй-къухмæ, кастысты йæ алы хæдзары дæр, скъоладзау кæмæ уыд, уыдон (Скъола нæхи хъæуы уыд). Кастæн æй æз дæр, иу-цалдæр æмдзæвгæйы: «Сидзæр», «Чермен», «Кæсаг, хæфс æмæ цъиусур» æнæкæсгæйæ дзурын дæр ма сахуыр кодтон.

Секъайæн лæгæй-лæгмæ йæхи чи зыдта, ахæмтæй исчи куы радзурид йæ мысинæгтæ, уæд, хъæлæкк, хуыздæр уаид, фæлæ, æвæццæгæн, уый зынæй æфты къухы. Æз нал æрæййæфтон Секъайы. Ам æрмæст зæгъынмæ хъавын, Секъайы тыххæй кæмæйдæрты цы фехъуыстон, уыдонæй иучысыл.

Секъайæн йæ фырт Петка куыд дзырдта, афтæмæй йæ фыд амард 1915 азы сæрды. Секъа бæхуæрдоны араст Дзæуджыхъæуæй Хъудмæ. Йæ фырт Петка, нырма æнахъом лæппу, уый дæр йемæ цыд балцы, æмæ йын Секъа загъта, ды уал разæй цу, уæддæр дæ баййафдзынæн, зæгъгæ. Петка ацыд, горæтæй фæуæлдæр, суанг Бæлтамæ бахæццæ, уæддæр æй нæма баййæфта йæ фыд. Нæ зыдта саби, йæ фыдыл цы бæллæх æрцыд, уый. Секъа ахызт Цæнгæт хидæй Терчы галиу фарсмæ, фæцæйцыд Олгинскæйы (ныр Республиканская улица) уынджы æмæ Калачы уынгмæ куы бахæццæ, уæд бæх фæтарст (æвæццæгæн трамвайæ æви конкæйæ), уæрдон афæлдæхт, æмæ Секъа йæ сæр дурты цæндыæ æрхаста æмæ бабын...

Секъа йæ æртæ фыртæн æмæ йæ чызгæн ахæм амæлттæ скодта, æмæ се ’ппæт дæр каст фесты хистæр скъолатæ. Уый стыр хъуыддаг уыд паддзахы заманы. Фæлæ уый йæ къухы куыд зынтæй бафтыд, ууыл дзурæг у мæнæ ацы хабар. (Уый дæр мын Петка радзырдта).

Иубон, дам, мæм ме ’фсымæр Цомахъ æрбацыд.

— Рауай-ма тагъддæр!

— Цы хабар у?

— Дæлæ проспекты иу лæгыл фембæлдтæн æмæ мæм раст нæ фыды хуызæн фæкаст.

— Гъе, æмæ цы?

— Цом, ды дæр ма йæм бакæс æмæ йын йæ къам сисæм...

Цæвиттон, Секъа уыйбæрц цыбыркъух уыд, алы капекк дæр ын афтæ нымад уыди, æмæ, йæ къам сисыныл цас æхца бахъуыдаид, уый йæ цæст нæ бауарзта. Цомахъы фæндыд, йæ фыды къам æм куы уыдаид, уый. Æвæццæгæн йæ мидхъуыдыты цы ныв сфæлыста йæ фыдæн, ахæм лæгыл куы фембæлд, уæд ын хъавыд йæ къам сисынмæ, фæлæ уыцы лæг Петкамæ нæ фæкаст сæ фыды хуызæн.

Гæдиаты Секъайæн йæ уацмыстæн сæ къаддæр хай рацыд революцийы агъоммæ. Йæ прозаикон уацмыстæ чиныгæй фыццаг хатт æрмæст советон заманы рацыдысты.

Секъайы радзырдты хуыздæртæй иу «Азау» 1922 азы «Малусæджы» куы рацыд, уæд мæм афтæ хорз æмæ цымыдисаг фæкаст, æмæ ма уый фæдыл иу æхсæв Хъуды æфцæгыл дæр баззадтæн. Уыцы хабар та афтæ уыд. Ссæдзæм азты дыууæйæ араст стæм Ногирæй Хуссар Ирмæ. Арвы комыл. Мæнæн мæ фæндаг уыд Къобæй Тырсыгоммæ, стæй æфцæгыл Урстуалтæм. Ме ’мбалæн та — Къобæй Бæрзæфцæгыл Хъуды коммæ, стæй уырдыгæй та — Гнугъмæ.

Къобмæ куы схæццæ стæм, уæд хъуамæ кæрæдзийæ фæхицæн уыдаиккам, фæлæ ахъуыды кодтон: алы хатт дæр нæхимæ ацы иу фæндагыл фæцæуын. Иу къуыбыр дæр мын дзы æнæзонгæ нал у Тырсыйы æфцæгыл.

Цæй-ма, ацы хатт ацæуон, Секъайы Азау æмæ йæ уарзон Таймураз Хъудæй Урстуалтæм цы фæндæгтыл ацыдысты, ууылты.

Тырсымæ нал, фæлæ Бæрзæвцæгмæ ахæрд кодтам.

Фæсæфцæг ныххызтыстæм Секъайы хъæу Ганисæй чысыл мидæгдæр, стæй араст стæм Хъуды комы мидæмæ. Бирæ нæ нал хъуыд Хъелы æфцæгмæ, афтæ ныл баизæр æмæ æхсæвы Хады фиййæуттæм баззадыстæм. Райсомæй ныххæццæ дæн, Таймураз кæм амард, уырдæм,— Мидæггаг Ерманмæ.

Æмæ ма иу къаннæг цау мæ ныхасы кæрон. Æртынæм азты иу фæззыгон бон фæцæйцыдтæн Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ. Адæмласæн гомсæр автобус йæ тæккæ дзаг бацис адæмæй. Бæлццæттæ иу стæм гурдзиæгтæй фæстæмæ ирæттæ уыдысты, ХуссарИраг æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ. Арвы комы, цалынмæ Бæрзæфцæгмæ схæццæ стæм, уæдмæ бæлццæттæй алчи дæр ныхас кодта йæ сыхагимæ. Гудауыры дæле, Млеты уырдыг кæй хонынц, уырдæм куы ныххæццæ стæм, уæд лæппутæй иу йæ къухæй фаллаг фарсмæ амонгæйæ фæхъæр ласта:

— Бакæсут-ма, уа-а-ртæ Ганисы сæрмæ уæлмæрдты цы бæлæстæ зайы, уыдонмæ!

Адæм фегуыппæг сты æмæ сæ цæстæнгас скодтой, уыцы лæппу кæдæм бацамыдта, уырдæм.

— Уыдон, Азау æмæ Таймуразы ингæныл чи æрзад, уыцы бæлæстæ сты...

— Цымæ дыууæ бæласы кæрæдзийыл æцæг стыхстысты? — фæрсы бæлццон чызджытæй иу.

— Æцæг, дам, афтæ у, æцæг! Æз дæр æй бирæ хæттыты фехъуыстон, — дзуапп ын дæтты йæ сыхаг бæлццон.

Нæ машинæ ныххæццæ Млеты бынмæ, фæлæ бæлццæттæн бацайдагъ Азау æмæ Таймуразы кой æмæ суанг Пасанаурмæ нæ фæцис. Хорз цырт у бæлæс, фæлæ Секъа йæхицæн скодта бæласæй дæр хуыздæр цырт, зæронд чи нæ кæны, ахæм цырт.

«ИРОН ФÆНДЫР»

(Фыццаг фембæлд)

Уый уыд революцийы агъоммæ. Цардысты Хуссар Ирыстоны Урстуалты астæуккаг хъæу — Едысы. Райдайæн скъола нæ хъæуы рагæй уыд. Æниу цалынмæ скъоламæ цæуын райдыдтон, уæдмæ дæр арæх хъуыстон — Къостайы кой хъуыстон æй скъоладзаутæй æмæ æнæуи ас адæмæй дæр. Цыма канд фыссæг нæ, фæлæ ма Къоста уыд адæмы сæрыл дзурæг, сæ сæрхъуызой паддзахы хицæутты раз, ахæм хуызы.

Мах, скъоладзаутæ, дамгъæтæ куы базыдтам, уæд. фыццагдæр цы æмдзæвгæ сахуыр кодтам, уый уыдис «Ирон фæндыр»-æй ист «Фыдуаг». Ахуыр кодтам Мамытты Степаны чиныгæй, 1908 азы горæт Батумы кæй ныммыхуыр кодтой, уымæй. Чиныджы уыд Къостайы æмдзæвгæтæй иу-æртындæсы бæрц. Дыккаг азы чиныджы дæр уыйбæрцæй чысыл къаддæр. Се ’ппæты дæр зыдтам æнæкæсгæйæ дзурын.

Нæ ахуыргæнæн чиныджы цы æмдзæвгæтæ уыди, уыдонæй дарддæр ма сахуыр кодтам «Ирон фæндыр»-æй цалдæр æмдзæвгæйы, заргæ дæр кæй кодтам, ахæмтæ: «Сидзæргæс», «Фæсæф», «Марды уæлхъус», «Ныфс» æмæ æндæртæ, æмдзæвгæ «Сидзæргæс» дæр нæ уыдис нæ чиныджы, уый дæр нæ бахъуыд «Ирон фæндыр»-æй ахуыр кæнын, фæлæ уыцы чиныг алкæй къухы не ’фтыд.

Зыдтам æнæкæсгæйæ дзурын æмæ ма зарын дæр æмдзæвгæтæ «Додой» æмæ «Салдат». Уыдон нæ ахуыргæнæн чингуыты дæр нæ уыдысты æмæ «Ирон фæндыр»-ы дæр, фæлæ сæ адæм кæрæдзийы дзыхæй истой æмæ сæ мах дæр афтæмæй базыдтам.

Бирæ бинонтæ уыдыстæм хохы, нæ хæдзар дæр стыр уыд. Зымæгон бонты-иу нæ сыхы устытæ се ’лвисинæгтæ æмæ æндæр митимæ æрæмбырд сты махмæ æмæ-иу æрхатыдысты мæнмæ, Къостайы фыстытæ нын бакæс, зæгъгæ. Цал æмæ цал хатты! Раст зæгъын хъæуы, мæхимæ дæр хорз касти, ас адæймæгтæ мæм кæй хатынц æмæ мæм кæй хъусынц, уый æмæ зивæг нæ кодтон.

Устытæ мын арæхдæр кæсын кодтой «Чи дæ?» æмæ «Уæлмæрдты». Æмæ куыд æхсызгонæй хъуыстой! Афтæ-иу ныссабыр сты, æмæ ма хъуыст æрмæст йе ’лхуи йæ хæлын раздарæныл кæмæн андзæвыд, уый хыррытт. Стæй-иу сæ æлвисын бынтондæр ферох æмæ хъуыстой æгуыппæгæй, æнкъардæй, сæ иуæй-иутæн сæ цæссыг сæ рустыл зæйтæ кодта, афтæмæй. Æзрагацау зыдтон, кæцы рæттæ сæм дзæбæхдæр æмæ æрхæндæгдæр кастысты, уый æмæ уыцы бынæттæ кастæн сындæгдæр æмæ хъæрдæрæй.

Уæлдæр куыд загътам, афтæ Къоста адæмы цæсты номдзыд æмæ зынгæ лæг канд йæ чиныг «Ирон фæндыр»-ы руаджы не сси. йе ’хсæнадон куыст, фæллойгæнæг хæххон адæмы сæрыл паддзахы хицауады администрациимæ цы тох кодта, уый дардыл айхъуыст. Фæлæ ам нæ ныхас «Ирон фæндыр»-ыл у. Ацы чиныджы хуызæн никæцы чиныг бахъардта адæмы зæрдæмæ, уый хуызæн никæцы чиныг сæнкъуысын кодта адæмы зондахаст æмæ хъуыдытæ, Мæнмæ афтæ кæсы, цыма «Ирон фæндыр» бакæсгæйæ ирон фæллойгæнæг лæг, афтæ кæмæй дзырдтой — хуыцауæй дæр æмæ паддзахæй дæр рох баззад, зæгъгæ, Къоста йæхæдæг дæр афтæ кæмæй загъта: «Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, йæ сихор, йе ’хсæвæр — йæ мæт; йæ уат — æскъæт, зыгуым — йæ лыстæн, хъæбæр — йæ цъæх хуыссæн нымæт» — гъе-уыцы мæгуыр лæг йæхи цæсты æвиппайды сбæрзонд ис, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Кæсут-ма! Лæг дæн æз дæр! Мæ дзырд, мæ хъæр æмæ мæ сагъæс хъуысын байдыдтой дун-дунемæ. Æмæ мын уыцы æнусон бæллиц ралæвар кодта Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста йæ «Ирон фæндыр»-æй!»

1974 аз.


Дата добавления: 2015-07-12; просмотров: 124 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БЕКОЙТЫ ДЗИБКА ÆМÆ ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДР| Зачетное задание

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)