Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

КОСИРАТИ СÆРМÆТ

ХЪАМБЕРДИАТЫ МЫСОСТ | ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ | БАРАХЪТЫ ГИНО | САНАХЪОТЫ УАНКЪА | БАЙМÆТАТЫ ЦЫППУ | БЕКОЙТЫ ДЗИБКА ÆМÆ ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДР | ГÆДИАТЫ СЕКЪА |


Косирати Уырысбийы фырт Сæрмæт ирон адæмы культурæ æмæ аивад рæзыны сæраппонд нæртон куыст кæй фæкодта, уый бирæтæ зонынц. Фæлæ йæхæдæг бирæ литературон бынтæ нæ ныууагъта. Йе сфæлдыстадон куысты тæккæ тæмæнмæ куы бахæццæ, цалдæр азы дæргъы æрмæг кæмæн фембырд кодта, уыцы роман («Къуылых цæргæс»— Хетæгкаты Къостайы тыххæй) фыссын куы райдыдта, раст æй уыцы рæстæджы басыгъта иу адæймаджы культы азар.

Æз цалдæр азы цардтæн Сæрмæтимæ иу хæдзары, фæрсæй-фæрстæм, бирæ азты дæргъы куыстам иумæ редакциты, мæхи цæстæй федтон, куыд æнувыд, æнæрæнцой кусæг уыд, уыдæттæ æмæ азимаг уаин, Сæрмæты цард æмæ куыстæй мæ зæрдыл цы лæууы, уыдон ныры адæмæн куы нæ радзурин, уæд.

Фыццаг ирон газет рацыд 1906 азы. Фыццаг ирон журналтæ фæзындысты чысыл фæстæдæр. Журналисттæ та Ирыстоны уыд уæды онг дæр, æрмæст фысгæ кодтой уырыссагау. Фæлæ журналистты сæрмагонд институт каст цы фыццаг ирон лæг фæцис, уый уыди Косирати Уырысбийы фырт Сæрмæт.

Æдзæттæйæ нæ ацыд Сæрмæт институтмæ,— астæуккаг ахуыр æм æххæстæй уыд, уырыссаг æвзаг дзæбæх базыдта. Ахуыр кодта ссæдзæм азты. Уыцы институты Сæрмæты фæстæ Ирыстонæй чи ахуыр кодта, уыдон сæхи цæстæй федтой, Сæрмæт уым цы фæд ныууагъта, уый.

Фыццаджыдæр уал уый, æмæ уæды рæстæджы Мæскуыйы цыдæриддæр зынгæ журналисттæ уыд, уыдонæй иу дæр Сæрмæтæн æнæзонгæ нæ уыд. Институт рауагъта, иу-астсæдæ фарсы кæм уыд, ахæм чиныг: «Справочник журналиста». Уыцы чиныгæн йæ автортæ æмæ йæ аразджытæй иу уыд Сæрмæт, кæд ма йæхæдæг студент уыди, уæддæр.

Йе студенты бонты цардæй ахæм хабар ракодта.

Уый уыд, ног экономикон политикæйы бындурыл сæрмагонд ис куы райтынг, уыцы азты. Советон хицауадæн йæхи бон нæма уыд, йе ’рдзон хъæздыгдзинæдтæ æппæтæй дæр йæхæдæг куыстаид, уый æмæ уал сæ рæстæгмæ лæвæрдта концесситы фæсарæйнаг капиталисттæн. Иуахæмы Мæскуымæ æрбацыд, æппæт дунейы дæр хъуыстгонд чи уыд, ахæм коммерсант. Мæскуыйы æмæ центрон газетты журналисттæ архайдтой уыцы коммерсантæй интервью райсыныл, фæлæ никæмæн лæвæрдта, уацхæсджытæй йæхимæ никæй уагъта.

Сæрмæт айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ ирон дарæс: уæлдзарм худ, цухъхъа, куырæт, æвзист рон, хъамайæ æндæрæй йæхи афæлыста æмæ балæгæрста, коммерсант цы уазæгуаты уыд, уырдæм. Сыгъдæг уырыссаг æвзагыл дæр нал дзырдта, фæлæ цыма йæхæдæг дæр дард фæсарæнтæй æрбацыд. Бантыст ын лæгмæ бацæуын. Фыццаг уал æндæр цæуылдæрты скодта дзурæг йæхи, стæй уæд рахызти, Мæскуыйы газеттæ йæ цæмæйты бафæрсынмæ хъавыдысты, уыдонмæ. Цыбырныхасæй, райста интервью центрон газеттæн дæр.

Æппæтцæдисон Коммунистон партийы Центрон Комитеты Мыхуыры национ хайады хицау Аршаруни Сæрмæтæн йæ хорз хæлар уыди æмæ-иу, Ирыстонæй Журналистты институты чи ахуыр кодта, уыдоны алы хатт дæр Сæрмæтæй фарста. Хæлар æмæ зонгæ уыд Сæрмæт уæды рæстæджы фысджыты организациты сæргъы лæуджытимæ дæр. Ныры хуызæн уæд иу Цæдис нæ уыд, къорд уыдысты уыцы организацитæ. Сæрмæт йæхæдæг лæуд уыди пролетарон фысджыты ассоциацийы. Мæскуйы цы ирон литератортæ уыд, уыдонæй уал сарæзта къорды бындур «Зиу».

Уыцы рæстæджы Сæрмæт Мæскуыйы рауагъта Центриздаты дыууæ чиныджы уырыссаг æвзагæй иронмæ тæлмацгондæй æмæ альманах «Зиу»-ы фыццаг чиныг, цалдæр азы фæстæдæр та 2-аг чиныг дæр. Уыцы дыууæ чиныджы рацыд зынгæ хъуыддаг уыд нæ советон аив литературæйы рæзыны хъуыддаджы. Уым фæзындысты, ныронг Къостайы фыстытæй мыхуыры чи нæма уыд, ахæмтæ, стæй аив литературæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыцы æрыгон советон фысджыты уацмыстæ.

Сæрмæт Мæскуыйæ куы ссыд, уæд кусын райдыдта тазет «Рæстдзинад»-ы редакцийы редакторы бынаты. Къорд азты дæргъы йæ сæйраг куыст уыди ам, æмæ уыцы архайд сæрмагонд иртæстон куысты аккаг у, æмæ, æвæццæгæн, уæвгæ дæр уыдзæн фидæны, фæлæ уал ныр дæр цыбырæй зæгъын æмбæлы, Сæрмæты куыст газетыл бирæ цæмæйдæрты кæй фæзынд, уый.

Уыцы азты латинаг дамгъæтæм рахизын стыр ахсджиаг хъуыддагыл нымад уыди скæсæйнаг адæмты ’хсæн, уæлдайдæр та, араббаг дамгъæтæй чи архайдта, уыцы адæмты ’хсæн. Сæрмæты ссыдмæ-иу «Рæстдзинад»-ы фæзынд латинаг шрифтæй хицæн æмдзæвгæтæ æмæ абетæ, фæлæ уый кусын куы райдыдта, уæд газет иууылдæр рахызт латинагмæ.

Сæрмæт редакцимæ æрбахаста дуджы комулæфт, æвзыгъд æмæ цырддзастдзинад царды алы фарстатæм. Газет канд йæ редакцийы кусджытæй аразгæ кæй нæу, уый хорз зыдта Сæрмæт æмæ цæхгæр фендæрхуызон кодта, редакцимæ æддейæ чи фыста, уыдонимæ куыст. Алы уацхæссæгæн дæр скæнын кодта хицæн цъаргонд, æмæ йын æмбырд кодта уым, газеты йын цыдæриддæр цыди, уыдон. Редакцийы кусджытæн уый бирæ феххуыс, уымæн æмæ-иу уыцы иу æркастæй зыдтой: уацхæссæг цы лæг у, куыд у йæ арæхстдзинад, йæ дæсныйад æмæ йæ ахуырдзинад.

Сæрмæты рæстæджы «Рæстдзинад»-ы фæзындысты, уæды онг мыхуыры чи нæма уыд: Хетæгкаты Къостайы, Æрнигон Иласы, Багъæраты Созыры æмæ ма бирæ æндæрты уацмыстæ. Уыцы рæстæджы стынг ис редакцийы бастдзинад, ирон адæмæй фæсарæнты чи ис, уыдонимæ. Цалдæр азы дæргъы редакци алы къуыри дæр иста 3—4 фыстæджы, Америчы Иугонд Штатты æмæ Канадæйы цы ирон кусæг адæм уыд, уыдонæй. Уыцы ирæттæ фæкъордтæ сты æхсæнадон хъуыддаджы мидæг. Сæ иутæ бацыдысты коммунистон партимæ, иннæтæ та ныллæуыдысты алыхуызон æхсæнадон къордты (зæгъæм дзырдæн, «Ирыстоны æвæгæсæг сывæллæттæн æххуысы къорд» æмæ æнд.). Уыдон æхца дæр æрвыстой сывæллæтты хæдзæрттæн æххуысæн, фыстой «Рæстдзинад»-мæ сæ хъæстытæ æмæ сæ сагъæстæ.

Редакци иста писмотæ Австрали, Япон, Африкæ æмæ æндæр рæттæй дæр. Сæрмæты рæстæджы Америчы ирæттимæ бастдзинад цæйбæрц тынг уыд, уымæн ма æвдисæн у мæнæ ахæм цау дæр.

1920 азы Америчы Иугонд Штатты сусæг пъæлицæ æрцахста итайлаг эмигрант кусджыты Сакко æмæ Ванцеттийы, цыма уыдон кæйдæр бастыгътой æмæ йæ амардтой. Уый мæнг дау уыди. Уыцы дыууæ кусæджы æрмæст архайдтой ууыл, цæмæй хурмæ рахæссой сусæг пъæлицæйы фыдмитæ, стæй ма кодтой антиимпериалистон агитаци. Сакко æмæ Ванцеттийы фæдардтой ахæстæтты, марыны тæрхон кæмæн скæнынц, ахæмты кæм фæдарынц, уыцы камерæйы суанг 1927 азмæ. Америчы кусæг адæм, стæй æппæт дунейы кусæг адæм дæр хастой протесттæ, архайдтой уыцы дыууæ кусæджы фервæзыны тыххæй. Фæлæ Америчы хицауад уæддæр рахаста марыны тæрхон Сакко æмæ Ванцеттийæн.

Советон Цæдисы газеттæ æмæ уыдонимæ «Рæстдзинад» дæр арæх мыхуыр кодтой æрмæг Сакко æмæ Ванцеттийы тыххæй. Ирон адæмæй Америчы чи ис æмæ газет «Рæстдзинад» чи иста, уыдон бавдыстой нæ газет, Сакко æмæ Ванцеттийы фервæзын кæныны тыххæй цы центрон æхсæнад арæзт уыд, уырдæм, æмæ «Рæстдзинад»-æн сæрмагонд нысан сæрвыстой, дыууæ лæджы суæгъд кæныны æхсæнад кæй рауагъта, уый. Уыцы цауы тыххæй фыстой йæ рæстæджы Цæгат Кавказы крайы газеттæ дæр.

Газет «Рæстдзинад»-ы фæзындысты бирæ ног хæйттæ: уацхæсджыты къуым, моллотæ, сауджынтæ, дæснытæ, скъæфджытæ, давджытæ æмæ æндæр ахæмтæ сагъд кæуыл цыдысты, уыцы номдзыд «Уæхст», агрономы амындтæ, «Рæстдзинад»-ы айдæн, алцæй тыххæй æмæ æндæртæ. Газеты арæхдæр зынын байдыдтой очерктæ æмæ фельетонтæ. Арæхдæр æмæ парахатдæр арæзт цыдысты уацхæсджыты æмæ газеткæсджыты конференцитæ.

Уæлдæр куыд загътам, афтæ Сæрмæт куыд журналист æмæ газет аразæг — уый стыр темæ у, ууыл бирæ дзурæн ис, æмæ æз мæ разы уыцы хæс не ’вæрын, фæлæ ма мæ фæнды Сæрмæты куысты стилы тыххæй иу цау æрымысын.

Иу сæрд редакцимæ æрбацыд ахæм хабар, Ставд-Дурты æмæ Змейкæйы зæххытыл фæзынд мæтых, æмæ Æрджынарæгæй куы ’рбахиза Ирыстоны тыгъд быдыртæм, уымæй æдас нæу, зæгъгæ. Сæрмæт иу минут дæр æнцой нал зыдта. Фыццагдæр уал хабар фехъусын кодта, хицауадæй кæмæн æмбæлы, уыдонæн, стæй уæд фæцис газет кæнынмæ. Ома, мæтыхимæ тохы æппæт адæм куы нæ сыстой, уæд уыцы хæстæй ницы рауайдзæн. Æмæ адæм сыстын кæныны хæс та Сæрмæт газетыл æвæрдта. Нывгæнджытæй иуæн скæнын кодта мæтыхы ныв æмæ йæ стырæй газеты фыццаг фарсыл ныммыхуыр кодта. Уыимæ ахæм уац ныффыста, стæй уыцы уацæн стыр дамгъæтæй ахæм фæдисхъæргæнæг сæр скодта, æмæ уыдон бакæсгæйæ адæймаг загътаид: уыцы æнæхайыры мæтых нын нæ быдыртæ нæ, фæлæ нæ хъæуты дæр бахæрдзæн.

Газеты сæргъы лæууæгæн æнæ адæм, æнæ уацхæсджытæ цæй кусæн ис! Æмæ Сæрмæт ахæм фæтк сæвæрдта редакцийы: чидæриддæр фыццаг хатт æрбацæуа редакцимæ йæ уацхъуыдимæ кæнæ æндæр истæй фæдыл, уæлдайдæр та хъæутæй, уыдонæй иу адæймаг дæр хъуамæ ма ацæуа йемæ æнæ бæстон баныхас кæнгæйæ.

Гъемæ-иу исчи куы ’рбацыд, уæд ын-иу редакцийы кусæг райста йæ фыст, æркаст-иу æм йæхи цур, загъта-иу йæ фиппаинæгтæй дæр цыдæртæ, стæй-иу æй барвыста Сæрмæтмæ. Уый редакцийы кусджытæ сæхи ’хсæн хуыдтой: «Сæрмæтмæ, рæгъæд кæнынмæ». Сæрмæт ын-иу бакаст цыбыр лекци, уацхæссæг æмæ цы хъуамæ кæна, уыдæтты тыххæй, æппæлгæ дæр дзы-иу ракодта, уæдæ куыд! Æмæ-иу æрбацæуæг бузныгæй æмæ райгондæй ацыд сæхимæ. Уыцы фæтк редакцийы кусджытæ кодтой, Сæрмæт уым куынæуал куыста, уæд дæр. Рагон уацхæсджытæй иу Саламты Алихан-иу арæх æрымысыд: «Рæстдзинад»-мæ мæ фыццаг уацхъуыд куы бахастон, уæд мын ахæм ныхæстæ фæкодтой, æмæ цыма Советон хицауадæн мæнæй хъæугæдæр лæг нал ис».

Кæд-иу Сæрмæт бафиппайдта æрбацæуджытæй искæмæ исты курдиат, уæд та-иу æй æппын нал рох кодта. Иухатт редакцимæ æрбацыд иу æрыгон лæппу (æнхъæлдæн, цыма Цырауæй уыд) æмæ равдыста Сæрмæтмæ иу-цалдæр æмдзæвгæйы. Куыд радзырдта, афтæмæй æмдзæвгæтæ фылдæр æрбахастаид, фæлæ йæм цæмæй æмæ цæуыл фысса, уый нæй. Фиййау уæвгæйæ фæфыссы къæйтыл кæнæ доны был змисыл, фæлæ уыдон дæр фæскъæвда нал фæзынынц.

Сæрмæт та цъил фестад. Æмдзæвгæтæ, раст зæгъгæйæ, лæмæгъ уыдысты, фæлæ сæ Сæрмæт алкæмæндæр ахæм хъæлæсæй касти, цыма уыдон стыр диссаг уыдысты. Уыцы лæппуйы хъысмæт дарддæр куыд рауад, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ ацы койы фæдыл дыууæ ныхасы зæгъын æмбæлы Сæрмæты миниуджытæй иуы тыххæй.

Уый у курдиатджын адæмæн, уæлдайдæр та æрыгæттæн, стæй йе ’мкусджытæн æххуыс кæныны æмæ уыдоныл алцæмæй дæр аудыны миниуæг. Йæ уыцы миниуæг æз, йе ’мкусæг, фыццаг хатт бавзæрстон мæхиуыл. Цæвиттон, æз редакцимæ цы бон бацыдтæн, уæдæй фæстæмæ бæллыдтæн, Сæрмæт йæхæдæг каст цы институт фæцис — журналистты институт, — уырдæм бацæуыныл. Уæды рæстæджы уыцы институт коммунистон хистæр скъолайыл нымад уыди (комвуз), æмæ уырдæм бынæттæ уæрста партийы Центрон Комитет. Уыцы аз Цæгат Ирыстонмæ иу бынат дæр не ’рхауд. Фæрниаты Къостаимæ ма Ростовмæ дæр ацыдыстæм, æрхатыдыстæм Цæгат Кавказы ÆКП (б)-йы крайкомы секретармæ дæр, фæлæ нæ хъуыддагæй ницы рауад. Сыздæхтыстæм фæстæмæ. Сæрмæт нын ныффыста фыстæджытæ ЦК-мæ æмæ йын институты цы зонгæтæ уыд, уыдонмæ æмæ та нæ дыууæ дæр ацыдыстæм Мæскуымæ. Гъеуыцы фыстæджытæм гæсгæ нæ иуæн ЦК йæхи бынæттæй иу радта.

Ирон фысджыты хистæр фæлтæрæй бирæтæ федтой æмæ зонынц, Сæрмæт Хъамбердиаты Мысостæн йæ рынчыны рæстæджы цæйбæрц æххуыс кодта, уый.

Рох кæнын нæ хъæуы уый, æмæ уæды рæстæджы ныры хуызæн нæ уыди Фысджыты Цæдистæ, Литфондтæ, мыздисæг кусджытæ (аппарат) æмæ æндæр ахæмтæ. Сæрмæт йæхæдæг уыцы иу рæстæджы уыд Фысджыты ассоциацийы сæрдар, журналы редактор (30-æм азты) æмæ газет «Рæстдзинад»-ы редактор. Мызд та иста æрмæст газеты редакцийæ кæнæ фæстæдæр театрæй, директор ын куы уыд, уæд.

Сæрмæт зылди æхсæнадон организацитыл æмæ стыр зындзинæдтæй мадзал кодта путевкæтæ санаторитæм. Мысостæн йæ фыццаг чиныг «Цин» чи райса йæ къухмæ, уый ма-иу йæ фыццаг фæрстæм æркæсæд æмæ базонæд кæмæн нывонд кæны уæззау рынчын поэт йæ фыццаг хъæбулы. Уый хуымæтæджы нæ уыди.

Æртынæм азты тифæй фæрынчын Дзанайты Иван (Нигер). Республикон рынчындоны йын Сæрмæт самал кодта хицæн палатæ. Фæлæ йæм уый æгъгъæд нæ фæкаст. Иван уæззау рынчын уыди. Йæ тæвд-иу куы сбæрзонд, уæд-иу дзæгъæлтæ кæнын райдыдта.

Сæрмæт бацагуырдта, рынчындоны тæккæ дæсныдæр æмæ фæлтæрддæр медицинон хо чи уыд, уый (тетя Миля йæ хуыдтой дохтыртæ) æмæ баныхас кодта йемæ, цæмæй æдзухдæр уа рынчыны цур æмæ йæм йæ хъус дара. Гъе, фæлæ йын уый тыххæй æхца фидын хъуыди, æмæ Сæрмæт афтæ бакодта: фысджытæй æмæ интеллигенцийæ йæ зæрдæ цы зонгæтыл дардта, уыдоны номхыгъд сарæзта, кæмæн куыд йæ фадат уыд, афтæ æхцайæ куыд баххуыс кодтаид, уый тыххæй. Иукъорд кæмæйдæрты йæхæдæг райста æхца, сæ фылдæрыл фæзилын та мæнæн бахæс кодта, æмæ нæм афтæмæй æрæмбырд, Миляйæн цас раттын хъуыди, уыйбæрц.

Иваны тарфы рæстæджы æз рынчындонмæ цыдтæн алы бон дæр — куы иунæгæй, куы та Сæрмæтимæ. Рынчынфæрсджыты цы бонты уагътой, уыцы бонты алкæмæн дæр уыд цæуæн, фæлæ иннæ бонты тынг зынæй уагътой мидæмæ. Сæрмæтимæ-иу иумæ куы бацыдыстæм, уæд-иу уый уыцы хицаухуызæй разæй балæгæрста, барджын хост-иу бакодта дуар, «откройте!» зæгъгæ-иу загъта, йæ рахиз къухы хистæр æнгуылдзæй-иу фæстæмæ мæнмæ ацамыдта «пропустите его!» æмæ-иу нæ дыууæ дæр фæмидæг стæм.

Косирати Сæрмæт Цæгат Ирыстоны фысджыты фыццаг организатор кæй уыд, уый загътам. Зæгъын ма хъæуы уый æмæ фысджыты организацийы сæргъы лæууыд бирæ азты дæргъы. 1939 азы ЦК-йы уынаффæйы фæстæ Фысджыты Цæдис куы сырæзт, уæд уымæн дæр йæ фыццаг сæрдар Сæрмæт уыди. Сæрмæт уыдн нæ фыццаг æрвылмæйон журнал «Мах Дуг»-ы фыццаг редактор дæр.

1930 азты дæргъы нæ культурон царды Ирон театрæй сæйрагдæр ницы уыд. Æмæ партийы обком Сæрмæты снысан кодта суинаг театрæн директорæй. Уыцы бынæттæй алы ран дæр Сæрмæт кодта нæртон куыст, фæлæ уæддæр йе ’мкусджытæм уæлдай диссагдæр фæкаст, Дыгуры зылдæн типографи куыд сарæзта, уый.

Партийы обком бауынаффæ кодта, цæмæй тæккæ стырдæр зылд Дыгуры зылдæн цæуын райдайа газет сæхимæ зылды центры — Чырыстонхъæуы. Гъе, фæлæ газет уадзынæн типографи хъæуы æмæ уый та куыд? Облæсты типографи йæхæдæг дæр хъæздыг нæу шрифттæй æмæ машинæтæй, æмæ ма искæмæн цы ратта?

Уыцы хъуыддаджы фæдыл Сæрмæт æрвыст æрцыд Мæскуымæ, фæзылд алы организацитыл, рауагъдадтыл, фæкуырдта кæмæй шрифт, кæмæй машинæтæ æмæ сласта лæвар алцæмæй дæр ифтонг нырыккон типографи. Бирæ бакуыста Сæрмæт Хетæгкаты Къостайы къухфыстытæ ссарыныл. Цалдæр хатты уыд Лабæйы, фæзылд Къостайы хæстæджытыл æмæ зонгæтыл. Æз æм федтон иу бæгæнынуазæн дзæбйдыры сыкъа, Лабæйæ кæй сласта, ахæм. Сæрмæт куыд дзырдта, афтæмæй уый уыд, Къостайæн кæй балæвар чындæуыд, ахæм сыкъа. Федтон æм Хетæгкаты Андухъапары фыстæг Къостайы тыххæй, мæнмæ та йæ тæлмац кæнынмæ радта.

Федтон æм Хетæгкаты Леуаны (Къостайы фыд) фыстæг Къостамæ. Фæстæдæр, Сæрмæт Къостайыл цы роман фыссын райдыдта, уым уыцы фыстæг мыхуыргонд æрцыд, Леуан æй йæхæдæг куыд фыста, раст ахæм орфографийæ (романы райдайæн мыхуыргонд уыди журнал «Мах Дуг»-ы).

Сæрмæт арæх фыста фыстæджытæ Къостайы хæстæджытæм, зонгæтæм, хæлæрттæм æмæ, йе ’мгар адæмæй ма æгас чи уыд, уыдонмæ. Къостайы уарзон Поповайæ цы фыстæг райста, уый ма мæнмæ дæр уыдис тæлмац кæнынмæ.

Къостайæ цы баззад, Сæрмæт канд уыдон не ’мбырд кодта. Нæ газетты æмæ нæ журналты арæх цы къам вæййы «Киров æмæ Орджоникидзе» иумæ истæй — Орджоникидзе бадгæйæ, Киров — æрдæгбадгæ, æрдæг лæугæ — сæ дыууæ дæр мидхæсты рæстæджы ам, Дзæуджыхъæуы, куы куыстой, уæды ист,— уыцы къам æз фыццаг хатт Сæрмæтмæ федтон, мыхуыргонд куы никуыма уыд, уæд.

Фысджыты, номдзыд æхсæнадон кусджыты æмæ æндæр ахæм хъуыстгонд адæймæгты дзаумæттæ, къухфыстытæ, къамтæ, фыстæджытæ, стæм чингуытæ æмæ æндæр алыхуызон цымыдисаг истытæ Сæрмæт афтæ зæрдиагæй æмбырд кодта, æмæ-иу хатгай йе ’мкусджыты дисы бафтыдта. Йæ зонгæтæй-иу йæ фатермæ чи бацыд, уыдонæн-иу равдыста, сæхæдæг раджы кæй ферох кодтой, ахæм къухфыстытæ, фыстæджытæ æмæ къамтæ. Æвæргæ та сæ афтæ бæстон кодта æмæ, æвæццæгæн, йæ цæрæнбонты адæмæй цы фыстæджытæ фæиста, уыдонæй иу дæр сæфт нæ уыд. Уыцы хъуыддагыл Сæрмæт куыд æнувыд уыди, уый тыххæй ма иу æвдисæн.

Революцийы агъоммæ Мæхъхъæлмæ нæ уыд газет сæхи æвзагыл. Сæ облæстон газет «Сердало» («Рухс») цæуын райдыдта ссæдзæм азты æмбисы. Сæрмæт йæ мæхъхъæлон хæлæрттæй базыдта, сæ газет цы бон рацæуинаг у, уый æмæ суанг райсомæй изæрмæ нал рацыд Мæхъхъæлы типографийæ.

Мах бафарстам Сæрмæты:

— Уыйбæрц æнхъæлмæ кæсын цæмæн хъуыд? Газет куы рацæуа, уæд дзы райс йæ фыццаг номыртæй, цас дæ хъæуы, уыйас.

Сæрмæт бахудт.

— Газеты фыццаг номыр райсын диссаг нæу, уымæн æмæ газеты тираж сæдæтæ кæнæ минтæ вæййы. Фæлæ ай та (равдыста нæм газет) канд фыццаг номыр нæу, фæлæ мыхуыргæнæн машинæ цы фыццаг экземпляр ныммыхуыр кодта, уый, — æмæ нын фенын кодта, газетыл газетуадзджыты къухфыстытæ.

Гъе, фæлæ бæллæх уый у, æмæ Сæрмæт уырзæй кæй фембырд кодта, уыдон абон дæр ма сæфтыл нымад сты.

Сæрмæт дæсны уыд раныхасмæ. Лæгæй-лæгмæ-иу куы ныхас кодта искæимæ, уæд-иу йæ дзырдтæ æгæр тагъд-тагъд ивылдысты, цыма-иу кæрæдзийы æййæфтой æмæ-иу ныттыгуыр сты. Фæлæ искуы доклад кæны, кæнæ лекци кæсы, цæвиттон, бирæ адæм æм хъусы, уæд-иу цæхгæр фендæр йæ ныхас.

Хъуыды ма кæнын, фыццаг хатт æй бирæ адæмы раз дзургæ цы бон федтон, уый. Уый уыд 1926 азы. Китайы кусæг адæмы революцион змæлд тынг сцырен. Шанхайы кусджытæ тохы мидæг райстой Китайы стырдæр горæт Шанхай. Уыцы хабары фæдыл æгас Советон Цæдисы горæтты дæр уыд митингтæ. Уыд митинг мах горæт Дзæуджыхъæуы дæр, проспекты, Ленины цырты раз. Митинджы ныхасгæнæг уыд Сæрмæт.

Дыккаг хатт æм байхъуыстон бирæ адæмы раз дзургæ — уæды рæстæджы партийы обкомы секретарь Тæкъоты Симоны юбилейы æмбырды. Дыууæ хатты дæр Сæрмæт йæ ныхас кодта, æрвылбон, мидцарды куыд дзырдта афтæ нæ, фæлæ сындæг æмæ хъæрæй, цыма йæ алы ныхас дæр джиппы уагъта æмæ йæ афтæмæй хæццæ кодта хъусджытæм, фæлтæрд æмæ дæсны оратор куыд фæдзуры, афтæ.

Облæсты партион конференциты æмæ Советты съездты рæстæджы-иу Сæрмæт арæх æвзæрст цыд секретариат кæнæ редакцион къамисмæ. Арæх-иу уыд Сæрмæт тæлмацгæнæг дæр. Иуахæмы, Советты съезды, финансон хайады хицау йæ доклад куы фæцис, уæд съезды президиумы сæрдар загъта:

— Доклад ирон æвзагмæ раивыны тыххæй ныхасы бар газет «Рæстдзинад»-ы редактор Косирати Сæрмæтæн.

Сæрмæт райдыдта тæлмац кæнын. Доклад иууылдæр нымæцтæй уыд, уæдæ куыд! æмæ Сæрмæт дæр æнæферхæцгæйæ къæр-къæр кодта ног, æссон нымæц кæй хуыдтой, уымæй. Делегаттæ хъуыстой: «сæдæ, фæндзай, нæуæдз, цыппор, æвдай, дыууынтæ æмæ æртынтæ» æмæ сын ницыма æмбæрстой (уыцы нымæц скъолаты дæр нæма æрфидар уæды рæстæджы).

Сæрмæт куы фæци йæ тæлмац, уæд, залы чи бадт, уыцы делегаттæй иу бахъæр кодта президиуммæ:

— Гъеныр ма нын æй æххæст ирон æвзагмæ дæр куы ратæлмац кæниккат!

Адæм ныххудтысты. Сæрмæт йæхæдæг дæр.

«Дзыхæй радзырды дæсны» кæй схуыдтам Сæрмæты, ам нæ ныхас фылдæр уыйфæдыл у. Исты хабар-иу куы дзырдта Сæрмæт, уæд æй афтæ бæстон æмæ нывджынæй дзырдта, æмæ йæм чи хъуыста, уыдоны цæстытыл ирдæй уадысты, цы цауты кой кодта, уыдон.

Иухатт дзы ахæм хабар фехъуыстон. Уый уыди 1920 азы агъоммæ. Кæмдæр ам, Дзæуджыхъæуы, хъазтизæры фæсивæды къорд сбыцæу сты, цымыдисагдæр цау чи радзурдзæн, ууыл. Хуыздæрыл нымад хъуамæ æрцыдаид, фылдæр хъæлæстæ кæй радзырд райстаид, уый.

Радзырдтой се ’ппæт дæр. Æппæты хуыздæрыл нымад æрцыд Сæрмæты радзырд-æцæг цау.

Сæрмæтæн йе ’фсин — Дзагуырты Зинæимæ иу астæуккаг скъолайы ахуыр кодтам, æцæг уый иу кълас уæлдæр уыд. 1930 азты Сæрмæтимæ нæ фатертæ фесты фæрсæй-фæрстæм иу хæдзары, Советты уынджы.

Уазæгджын уыд Сæрмæт. Хъæутæй, уæлдайдæр та Уæллагкомæй-иу æм арæх уыди уазджытæ. Иуахæмы йын уыйбæрц баисты, æмæ дзы дыууæйы уазæгуатмæ акодта, уымæн æмæ се ’ппæтæн бынат нæ уыди уыцы иу уаты. Иу-цалдæр азы йæ фатер къуындæг уыди Сæрмæтæн: иу стыргомау уат æмæ ма æрбацæуæн тыргъы къуым, стъол, чингуыты скъапп æмæ дзы дыууæ бандоны йедтæмæ ницы цыд. Чысыл фæстæдæр, йæ сыхаг куы алыгъд уыцы хæдзарæй, уæд фæуæрæхдæр Сæрмæты фатер дæр. Сæ хæстæджытæ-иу сæм къуыригæйттæ æмæ мæйгæйттæ баззадысты.

Сæхæдæг та — Сæрмæт æмæ Зинæ — афтæ хæларæй цардысты, æмæ æз бирæ нæ федтон уыдон хуызæн æнгом æмæ хъæлдзæг цæргæ. Цалдæр азы фæцардыстæм уым, æмæ уыдон фатерæй худын йедтæмæ хъæрæй ныхас дæр никуы райхъуыст.

Сæрмæтæн йæ æртæаздзыд лæппу Алан дæр фæзмыдта йæ мад æмæ йæ фыды. Фæйнæджы гæппæлæй конд «хъама» йæ астæуыл, афтæмæй-иу сбырыд Сандочме æмæ-иу райдыдта:

На горе стоит Шамиль.
Он молится богу.
Вынимает кинжал.
И бросает в воду, —

зæгъгæ-иу фæцъортт ласта йæ хъама, рагæпп-иу кодта бандонæй æмæ — кафгæ.

Сæрмæты лæппу æмæ мах чызг æмбай сывæллæттæ уыдысты. Сабитæ рæзыдысты иумæ, хъазыдысты æдзухдæр иумæ, чи кæй фатср у, уый не ’взæрстой, уымæн æмæ нæ фатерты дурæтты ’хсæн уыд æрмæст æртæ метры бæрц. Сæрмæты йæ фырт хуыдта «папæ». Мæн та мæ чызг — бинонтæ мæ куыд хуыдтой, афтæ — Куыдзæг.

Иуахæмы æз нæхимæ нæ уыдтæн, афтæмæй нæм æрбацыдысты Дзанайты Иван æмæ Фæрниаты Къоста. Иван бафарста чызджы: «Папæ кæм ис?» Уый йæ сæр батылдта æмæ загъта, нæ зонын, зæгъгæ. Æз куы ’рбацыдтæн, уæд Къоста дзуры сывæллонмæ: «Аллочкæ, мæнæ ’рбацыд дæ папæ!» Чызг та йæ сæр батылдта æмæ загъта: «Уый папæ нæу, Куыдзæг у».

Уалынмæ æрбацыд Сæрмæт æмæ уæд чызг фæхъæр ласта Сæрмæтмæ амонгæйæ:

— Мæнæ папæ!

Æнæмаст нæ уыд Сæрмæты цард. Æцæг уый йæхи аххос дæр нæ уыд æмæ бинонты аххос дæр. Сæрмæтæн йæ фыд хъæздыг лæг уыди. Сæрмæт анкетты фарст «социалон раззæрд»-æн кæддæриддæр ахæм дзуапп лæвæрдта: «Хъæздыг лæджы фырт».

Мидхæсты рæстæджы Сæрмæт курдиат балæвæрдта цавæрдæр партимæ (æнхъæлдæн, социалистты-революционерты партимæ) æмæ дзы фæцис, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй æрмæст иунæг бон, стæй та йæхи систа фæстæмæ.

Кæй загътам, уыцы дыууæ факты Сæрмæт сусæг никуы кодта, æгæр арæх дæр ма сæ дзырдта æмæ фыста, æмæ-иу бирæ рæстæджы дæргъы айрохау сты. Фæлæ партийы рæнхъытæ сыгъдæг кæныны кæнæ æндæр ахæм заманы та-иу ногæй зæрдæхсайгæ кодтой лæджы цæсгом. Уæвгæ та Сæрмæт уыди æнувыд партион, афтæ зæгъæн дæр ис, фырнымд партион.

Цы дыууæ факты кой скодтон (социалон равзæрд æмæ æндæр партийы уæвын), уыдонæй йын фылдæр маст æрхаста æртыккаг. Уый та афтæ уыд. Урс эмигрант Байаты Гаппо фæсарæнтæй æрбарвыста фыстæг Косирати Сæрмæтмæ. Йæ фыстæджы бæрзонд æмæ къæбæлдзыг ныхæстæй зæрдиаг арфæтæ кодта редактор Косирати Сæрмæтæн, кæй йæ нæ ферох кодта æмæ йын газет «Рæстдзинад» лæвар кæй æрвиты, уый тыххæй. Фыстæг бахауд партийы обкоммæ. Сæрмæтмæ фæсидтысты æмæ йæ бафарстой. Диссаг куыд нæ фæкастаид уый Сæрмæтмæ! Йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд Гаппойæн газет æрвитын, писмотæ фыссыныл та ныхас дæр нæй. Кæд-иу Сæрмæт искæд Байаты Гаппойы кой скодта йæ уацты кæнæ йæ докладты, уæд уый куыд урс эмигрант, монархист, стыр уырыссаг шовинист æмæ æндæр ахæмты хуызы.

Гъе, фæлæ цæмæй хъуамæ сраст кодтаид йæхи, Гаппойæн газет чи рафыста, уый æнæ сбæрæг кæнгæйæ?

Газет рафыссæг бæрæг вæййы, квитанцийы корешок кæй хонынц, уымæй. Сæрмæт агурын байдыдта «Рæстдзинад»-ы къанторы, газеты экспедицийы квитанциты корешокты, фæлæ нæ æмæ нæй, ницы ссардта. Нæ йыл баууæндыд контролон къамис æмæ йæ партийæ ацух кодта.

Сæрмæт та агуырдта æмæ агуырдта. Къанторæн йæхи мидæг иунæг гæххæтты гæбаз дæр æнæ басгаргæ нал ныууагъта æмæ куы ницы ссардта, уæд змæнтын байдыдта кæрты бырондон асыччы, æнæхъæугæ гæххæтт, зæронд корешоктæ æмæ æндæр ахæмтæ кæдæм калдтой, уым. Йæ амондæн, ссардта квитанцийы корешок. Рацæй-рабон, æмæ Гаппойæн «Рæстдзинад» рафыста йе ’фсымæр, хъæууон хæдзарады институты ахуыргæнæг. Сæрмæт æм атындзыдта. Байы-фырт загъта Сæрмæтæн йæхицæн æмæ контролон къамисæн дæр: «Бæгуыдæр, æз рафыстон Гаппойæн газет. Урс эмигранттæ афтæ æнхъæлынц, Советон Уæрæсе æнæ уыдон бабын ис, æмæ кæсæнт нæ газетты, куыд бабын стæм, уый».

— Æмæ уæд де ’фсымæрæн йæхицæн цæуылнæ бамбарын кодтай, газет ын рафыстай, уый? — зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд дзуапп радта:

— Переписку с ним никогда не имел и не имею.

Рæстдзинад сбæлвырд, æмæ Сæрмæты фæстæмæ сфидар кодтой партийы рæнхъыты. Гъе, фæлæ та уыцы дау 1936—1937 азты сног чындæуыд æмæ Сæрмæты æрцахстой.

СЦКП-йы Ссæдзæм съезды фæстæ сбæлвырд ис, Сæрмæт æнаххосæй кæй фесæфти, уый æмæ реабилитацигонд æрцыд. 1964 азы Цæгат Ирыстоны чингуыты руагъдад мыхуырæй рауагъта Сæрмæты уацты æмæ радзырдты æмбырдгонд «Сырх тырысаимæ». Уымæй хорз бакодта рауагъдад, фæлæ уыцы чиныджы Сæрмæты куыстытæ се ’ппæт нæ бацыдысты. Цыдæриддæр амал ис, уымæй ссарын хъæуы Сæрмæты архив æмæ йын æххæстæй рауадзын хъæуы йæ литературон бынтæ...


Дата добавления: 2015-07-12; просмотров: 55 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИЛАС ÆРНИГОН| БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.023 сек.)