Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Бекойты Дзибка æмæ тыбылты Алыксандр

ХЪАМБЕРДИАТЫ МЫСОСТ | ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ | БАРАХЪТЫ ГИНО | ИЛАС ÆРНИГОН | КОСИРАТИ СÆРМÆТ | БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН | САНАХЪОТЫ УАНКЪА |


Дзауы скъолайы фæцахуыр кодтон æртæ азы. 1920 азы сæрды нæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Æрцардыстæм уал Дзæуджыхъæуы. Ацархайдтон, цæмæй мæ айсой сывæллæтты хæдзармæ, фæлæ ницы рауад нæ фæндæй, æгæр, дам, сдынджыр дæ. Дыууæ азæй фылдæр фæцух дæн скъолайæ, хæдзары куыстытæй мæ кæй не ’вдæлд, уый аххосæй. 1923 азы бацыдтæн Дзæуджыхъæуы ирон скъоламæ. Рабфакмæ мын байрæджы. Даргъ ном уыд, цы скъоламæ бацыдтæн, уымæн: «Первая Осетинская областная опытно-показательная единая трудовая школа». Дзауы скъолайы цы æртæ къласы каст фæдæн, уыцы ахуырмæ гæсгæ мын æмбæлд бацæуын æвдæм къласмæ, фæлæ та ам дæр ахуыргæнджытæ Бекойты Дзибка æмæ Тыбылты Алыксандр басагъæс кодтой, æгæр стыр, дам, у æмæ сывæллæтты ’хсæн йæхи куыд æнкъардзæн... Стыр та уымæн уыдтæн, æмæ, куы ма йæ загътон, 2—3 азы дæргъы фæцух дæн æмæ уæдмæ сывæллон рæзгæ кæны, уæдæ цы! Сæ дыууæ дæр ахъуыды кодтой, стæй уæд Алыксандр дзуры Дзибкамæ:

— Цæй, уæд та уал мæ къласмæ рацæуæд!

Афтæмæй смидæг дæн 8-æм къласы. Алыксандрæн йæ предмет уыд уырыссаг æвзаг æмæ фæсарæйнаг аив литературæ. йæ бындурон куыст уыди Хæххон республикæйы адæмон рухсады комиссарады, æрмæст-иу 1—2 сахаты бæрц акуыста Алыксандр не скъолайы, цæргæ дæр скъолайы агъуысты кодта йæ бинонтимæ, стæй ацыд Хуссар Ирыстонмæ. Йæ уроктæй ма мæ зæрдыл лæууы уый, æмæ-иу дзургæ-дзурын йæ ныхас, йæ хъуыдыйад æрдæгыл фескъуыдта æмæ-иу йæ къухæй ацамыдта ахуыргæнинæгтæй искæмæ, ома, ды йæ æххæстæй зæгъ кæронмæ. Скъоладзаутæй алчидæр æнхъæлмæ каст; ахуыргæнæг мæнмæ ацамондзæн йæ къухæй, зæгъгæ, уымæ æмæ цæттæ лæууыд дзуапп раттынмæ. Уымæ гæсгæ кълас иу минут дæр æнцад нæ уыд. Кæд-иу исчи дзуапп дæтгæйæ. ферхæцыд, уæд та-иу ахуыргæнæг ацамыдта æндæрмæ æмæ афтæмæй ныхасы хал не скъуыд.

Алыксандры фæстæ уыцы предмет иу-цалдæр боны дæргъы лæвæрдта Дзибка, стæй нæм æрбацыд ног ахуыргæнæг.

Дзибкайы метод æндæрхуызон уыд. Искæцы уацмыс æвзаргæйæ-иу æрлæууыд къласы бæстастæу, йæ мидбынаты, йæ амонæн æнгуылдзы кæрон-иу йæ къæмисæныл сæвæрдта æмæ «... обратите внимание на...» æмæ-иу райдыдта дзурын, уацмысы йæм сæйрагдæр цы каст, уыдæттыл.

Æз цы къласы ахуыр кодтон, уый уыд дыккаг уæладзыджы, бынæй ахуыргæнджыты уат кæм уыд, раст уый тæккæ сæрмæ. Урокæй урочы ’хсæн цы переменæ вæййы, уым-иу скъоладзаутæ кæрæдзийы расур-басуртæй ахæм æнæхъола хъазт райдыдтой, æмæ партæтæ хаудтой кæрæдзийы сæрты, сæ гуыпп та-иу фæцыд пъолыл. Ахуыргæнджытыл гæппæлгай згъæлди сæ цары штукатуркæ. Уæд та-иу нæм Дзибка слæбурдта æмæ — «Дураки!» «Ешаки!» — ахæм ныхæстæй-иу ахицæн йæ хыл. Диссаг уый уыд, æмæ йæм ахуыргæнинæгтæй мæсты ничи кодта. Иуæй аххос нæхи уыд, иннæмæй та не ’ппæтмæ дæр афтæ каст, цыма нæм нæхи бинонты хистæр хæцы, цыма нæ алкæмæдæр йæхи дада хыл кæны...

Иухатт нæм Дзибка æрбацыд урокмæ иу æнæзонгæ лæгимæ.

— Уæрæсейы Наркомпросы инструктор Мæскуыйæ!— зæгъгæ, нын бацамыдта йæ уазæджы, куы сыстадыстæм, уæд.

Инструктор афарста ахуыргæнинæгтæй кæйдæрты. Уыдонæй алчидæр дзуапп дæтгæйæ, ныронг куыд кодта, афтæ-иу сыстад æмæ дзырдта лæугæйæ.

— Стгæ цæмæн кæнут дзуапп дæтгæйæ? Афтæ паддзахы заманы скъолаты кодтой. Бадгæйæ дзурут, — загъта инструктор.

Бакастыстæм не скъолайы хицау Дзибкамæ. Йæ цæсгом фæхъуынтъызгонд, фæлæ дзургæ ницы скодта. Бамбæрстам, инструкторы ныхас ын хъыг кæй уыд, уый. Скъоладзаутæй ма чи дзырдта, уыдон, сæ ахуыр куыд уыди, афтæ дзырдтой сыстгæйæ.

Ацыдысты. Дыууæ урочы фæстæ нæм къласмæ æрбацыд Дзибка иунæгæй. Наркомпросы инструктор куыд загъта, афтæ, дам, уын ис бар бадгæйæ дзуапп дæттынæн, ахуыргæнæг уæм куы ’рбацæуа, уæд дæр куы нæ сыстат, уый бар дæр уын ис, фæлæ... Гъеуыцы «фæлæ»-йы фæстæ нын бирæ фæдзырдта. Æз, зæгъы, бакастæн, йæ ном æгас дунейыл дæр хъуыстгонд кæмæн у, ахæм педагогты чингуытæ æмæ се ’ппæт афтæ зæгъынц: дзуапп дæтгæйæ ахуыргæнинаг хъуамæ сыста æмæ лæугæйæ дзура.

— Бафæлварут-ма ахæм уавæр! — дзырдта Дзибка. — Райсут, зынгомау чи у, ахæм фарст кæнæ хынцинаг æмæ уæ алчидæр раттæд дзуапп æртæ хуызы: хуысгæйæ, бадгæйæ æмæ лæугæйæ. Гъеуæд уæхæдæг фендзыстут, хуыздæр дзуапп лæугæйæ кæй бафтдзæн уæ къухы. Уый уымæн афтæ у, æмæ ахуыргæнинаг иннæты астæу лæугæ куы кæна, уæд бæрæг дары се ’ппæты ’хсæн, йæхимæ æркæсын æмæ æрыхъусын кæны йæ алфамбылай уæвджыты, уыдон æфсæрмæй йæ тых æмæ йæ зонындзинад æрбамбырд кæны æмæ йын бантысы хуыздæр дзуапп раттын. Стæй канд скъолайы нæ, фæлæ æнæуи адæмы ’хсæн дæр рагæй нырмæ афтæ у: дзурæг хъуамæ иннæ адæмы астæу бæрæгдæр дара, размæ ралæууа, сыста, йæ худ сиса... Гъе, æмæ хъусут? Алкæмæн дæр уæ бар ис дзуапп дæттын бадгæйæ æмæ уæ куыд фæнды, афтæ кæнут. Æниу, уын зæгъон мæхи хъуыды дæр. Кæмæ хъуамæ фæкæса аив ахæм уавæр: дæхицæй дыууæ-æртæ хатты хистæр чи у, ахæм ахуыргæнæг дæм лæугæйæ дзура, ды та дæ бадæнæй змæлгæ дæр ма фæкæн æмæ йæм дзур...

Ничи нæм бафæзмыдта мæскуыйаг инструкторы амынд уавæр, уæды онг куыд лæвæрдтам дзуапп лæугæйæ, афтæ кодтам дарддæр дæр.

Дзибка йæхæдæг хорз цæстæй каст советон скъолайы ногдзинæдтæм. Алцæмæй дæр æххуыс кодта Ахуыргæнинæгты комитетæн æмæ фæскомцæдисы организацийæн.

Иуахæмы хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ сфæнд кодтой, типографийы мыхуыргонд чи уа, ахæм аивадон æмæ политикон-æхсæнадон журнал уадзын. Ныры цæстæнгасæй кæсгæйæ диссаг дæр у æмæ худæг дæр — куыд бахастам нæ ныфс ахæм стыр хъуыддагмæ! Дзибка нæ ам дæр нæ бакъуылымпы кодта. Уый нæ, фæлæ ма журнал рауадзæггаг хæрдзтæ дæр айста йæхимæ, стæй дзы йæхæдæг дæр фыста уацтæ. Рацыд дзы æрмæст дыууæ чиныджы 1925 азы, стæй фæцис йæ цард «Æвзонг Ирыстонæн» (Юная Осетия) — афтæ хуынд йæ ном нæ журналæн.

Не скъолайы фæскомцæдисон организаци куы фæзынд, уæд ахуыргæнинæгтæй бирæтæ афтæ «фæхæлоф» кодтой æхсæны куыстытыл, æмæ «неуд»-тæ сбирæ сты. Цæвиттон, уыцы азты скъоладзаутæн сæ ахуыры æнтыстдзинадæн ахæм нысæнттæ æвæрдтой: иуы бæсты æвæрдтой ВНУ — весьма неудовлетворительно, дыууæйы бæсты — НУ — неудовлетворнтельно; æртæйы бæсты — У — удовлетворительно.

Дзибка ныффæдис кодта Цæгат Ирыстоны Фæскомцæдисы обкоммæ. Скъоламæ нæм æрбацыд комитеты секретарь Джыккайты Валодя, доклад скодта æмæ нын бамбарын кодта, скъоладзау-фæскомцæдисонтæн сæ ахсджиаг хæс хорз ахуыр кæнын кæй у, уый. Уыцы бонæй фæстæмæ фæскомцæдисонты ахуыры æнтыстдзинад зынгæ фæбæрзонддæр.

Фæскомцæдисы организаци æмæ Ахуыргæнинæгты комитет (Учком) арæх арæзтой хъазтизæртæ, æрхуыдтой-иу горæты кусæндæтты кусджыты, æмæ сæм-иу цы æхца æрæмбырд, уый хардз кодтой чингуытæ æлхæныныл æмæ залы сценæ фæлындыныл. Уыцы хъуыддæгтæн дæр нын æнæзивæг æххуыс кодта Дзибка.

Иуахæмы бауæндыдтæн Дзибкамæ æмæ йæм радтон бакæсынмæ, мæхи хъуыдымæ гæсгæ «радзырдгонд» кæй хуыдтон, ахæм цыдæр. йæ мидис ын рæстмæ нал хъуыды кæнын, фæлæ цыма мидбæстон хæсты цаутæм гæсгæ уыд. Партизантæ тох кæнынц урсгвардионты фæлхортимæ. Фæуæлахиз сыл сты, æцæг, сæхæдæг дæр æвыдæй нæ баззадысты. Хæсты фæстæ æрæмбырд сты, се ’мбæлттæй уыцы тохы чн фæмард, уый алыварс æмæ дзурынц хæсты фæстиуджытыл.

— Хорз сын фестæм! — зæгъы партизантæй иу, ома не знæгтæн.

«Дæхæдæг ма ахъуыды кæн, — дзырдта мын Дзибка,— адæмæн сæ разы се ’мбалы мард, сагъæс æмæ хъынцъымыл сты се ’ппæт дæр, æмæ ма уыцы уавæры исчи ахæм æппæлой ныхас зæгъа „хорз сын фестæм“. Уый бауырнинаг нæу». Радзырдгонд æппæтæй дæр нæ фæцыд йæ зæрдæмæ, æмæ йæ æз дæр аскъуыдтæ кодтон. Дзибка мæ цæсты афтæ. стыр ахуыргонд уыд, афтæ арф зыдта литературæ, æмæ, цы аргъ скодта, ууыл æппындæр гуырысхо нæ кодтон.

Цырддзаст æмæ æнæзивæг уыд Дзибка, ирон аив литературæйы-иу ногæй исты куы фæзынд, уæд уымæ. Уæлдæр цы журналы кой кодтам, — «Æвзонг Ирыстон», уымæн йæ 2—3 номыры фæзынд Дзибкайы рецензи Быдтаты Агуыбечыр æмæ Бтемыраты Бимболат Берлины, Гутнаты Елбыздыхъойы типографийы цы «Хъæлдзæг ныхæсты» чиныг рауагътой, уый тыххæй. Цæстуарзон æмæ арфхъуыдыджын уац ныффыста Дзибка «Зиу»-ы фыццаг чиныгæн дæр.

Дзибка цы скъолайы хицау уыд, уымы ахуыргæнджытæй ма мæ фæнды иу сылгоймаг ахуыргæнæджы кой ракæнын. Мæ ахуыргæнæг дæр уыд, стæй Дзибкаимæ тынг хæлар уыдысты. Æстæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд нæм иуахæмы Дзибка æрбакодта къласмæ иу æрыгон къæсхуыр бурдзалыг чызджы.

— Базонгæ ут! Мæнæ уæ ног ахуыргæнæг — Иринæ Кирилловнæ, йæ предмет — обществоведение (уыцы рæстæджы истори афтæ хуыдтой). Нæ къласы цы чызджытæ ахуыр кодтой, уыдонæй иуæй-иутæ бæрзонддæр æмæ ставддæр уыдысты Иринæ Кирилловнæйæ. Лæппутæ æнхъæл нæ уыдысты, уыцы тæнтъихæг ахуыргæнæг бирæ рæстæг бафæраздзæн махимæ кусын, уый. Фыдуаг уыдысты ахуыргæнинæгтæ. Географийы (уæд æй землеведение хуыдтой) урок-иу нæм куы уыди, уæд нæм æддагон адæймаг куы ’рбакастаид, уæд загътаид: ай кълас нæу, фæлæ, дынджыр сывæллæттæ гæлæмытæй кæм фæхъазынц, ахæм бынат. Афтæмæй та нæ ахуыргæнæг — Александр Александрович — бæрзонд æмæ бæзæрхыг ацæргæ лæг, йæ даргъ рихитæ йæ фæскъæбут кæрæдзимæ æххæсыдысты, йæ бакаст дæр уæйыджы хуызæн уыд. йæхимæ йын «Сан Санич»-æй дзырдтам, нæхимидæг та йæ «тъуз» хуыдтам. Гъемæ уыцы стыр лæджы урокты рæстæджы къласы мидæг ахуыргæнинæгтæ цы нæ кодтой, ахæм сын нæ уыд.

Иринæ Кирилловнæйы урокты та афтæ уыд, æмæ къласы дзынга куы атахтаид, уæд дзы хъуыстаид æрмæст уый базырты хъæр. Никæд фехъуыстам Иринæ Кирилловнæйæ иннæ ахуыргæнджытæ арæх цы дзырдтой, «тише!» — зæгъгæ, ахæм дзырд. Æрбацыд-иу къласмæ, иннæ ахуыргæнджытау-иу бæрзонд кафедрæмæ не схызт, фæлæ-иу æрбадт уаты бæстастæу фыссæн фæйнæджы раз бандоныл æмæ-иу фæстаг партæтыл бадджытæм зынгæ дæр нал кодта. Фæлæ, зæгъæм, махæй исчи йæ фарсмæ бадæгимæ сусу-бусутæ райдыдта, уæд-иу Иринæ Кирилловнæ йæ ныхас фæурæдта æмæ-иу æнæдзургæйæ æрбакаст, хъæлæба йæм кæцæй фехъуыст, уыцырдæм. Æндæр ницы. Æмæ та кълас ныссабыр, цыма дзы иу адæймаг йедтæмæ ничи ис, уыйхуызæн.

Абон дæр ма дис кæнын Иринæ Кирилловнæ Горлова-Нигровскаяйыл. Цавæр тых æм уыд? Кæд, миййаг, йæ уроктæ стыр цымыдисаг уыдысты? Уыцы миниуæг дæр æм уыд, фæлæ ахæм дæсныйад, хæрзхъæд уроктæ бирæ ахуыргæнджытæ лæвæрдтой, фæлæ уæддæр Иринæйы урокты æгъдау куыд уыди, афтæ никæмæн ма федтон. Уæдæ дзы тæрсгæ дæр ничи кодта. Хæларзæрдæ уыд. йæ чысыл цъæх цæстытæй-иу æнæдзургæйæ кæмæ бакаст, уымæ уæлдай сныхас кæнын нал хъуыди. Суанг пенсимæ ацæуыны бонмæ фæкуыста Иринæ Кирилловнæ Цæгат Ирыстоны педагогон институты историйы ахуыргæнæджы бынаты...

Ахæм уыди, раджы кæддæр нæм Дзибка цы бурдзалыг чызджы æрбакодта, уый. Дзибкайæн ма йæхиуыл фæстаг хатт фембæлдтæн 1935 азы фæззæджы Цхинвалы, центры цы бульвар ис, уым цæугæ-цæуын...


Дата добавления: 2015-07-12; просмотров: 83 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БАЙМÆТАТЫ ЦЫППУ| ГÆДИАТЫ СЕКЪА

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)