Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Баймæтаты Цыппу

ХЪАМБЕРДИАТЫ МЫСОСТ | ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ | БАРАХЪТЫ ГИНО | ИЛАС ÆРНИГОН | КОСИРАТИ СÆРМÆТ | БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН | ГÆДИАТЫ СЕКЪА |


Фыссæг Мæрзойты Сергей йæ роман «Дзæбуг æмæ хъæсдарæджы» фæсныхасы Баймæтаты Цыппуйы тыххæй афтæ фыссы: «Йæ удæгасæй йыл цы фыстой, уый зæрдæмæ тынг хъары, уымæн æмæ-иу чи фыста, уый лæгæй-лæгмæ Цыппуимæ ныхас кодта, хъуыста йын йæ хъæлæс... рæвдыд-иу уыд йæ мидбылхудтæй».

Æз арæх æмбæлдтæн Цыппуимæ, уыдтæн-иу йæ хæдзары дæр æмæ уыйфæдыл зæгъынмæ хъавын дыууæ ныхасы.

Баймæтаты Цыппуйы тыххæй уырыссаг фысджытæ æмæ ахуыргæндтæ цы фыстой, уыдонæй Сергей ранымадта иу-цалдæры. Хорз бакодта уымæй. Фæлæ Цыппуйы тыххæй фылдæр æмæ арæхдæр та фыстой нæхи газеттæ, уæлдайдæр та «Рæстдзинад». «Рæстдзинад»-ы редактор Косирати Сæрмæт тынг хæлар уыд Цыппуимæ. «Уыцы азты æз дæр куыстон «Рæстдзинад»-ы редакцийы æмæ Сæрмæты фæдзæхстытæм гæсгæ фыстон газетмæ Цыппуйы архайды тыххæй.

Цыппу уыдис рæстæмбис кары. Асæй дæр — рæстæмбис, фæлæ мызыхъхъарæзт. Сау цыбыргомау рихитæ. Ахæм бакаст бирæ кæмæндæрты ис, æмæ Цыппуйы сурæт ахæм уæлæнгай ныхæстæй никæй бон бауаид нæ цæсты раз æрæвæрын. Цыппуйыл сæмбæлгæйæ-иу адæймаг æппæты фыццаг цы бафиппайдта, уый уыд уымæн йæ ирд цæсгом æмæ лæгмæ æнæмидбылхудгæйæ кæсын кæй нæ зыдта, уый. Иннæ ахæм йæ дзыхы ныхас! Афтæ фæлмæн уыд, æмæ-иу адæймаджы зæрдæ атайын кодта. Кæимæ ныхас кодта, уымæ-иу «ды цæрай» æмæ «дæ рын бахæрон»-æй дзырдта.

Цыппуйæн йæ кой дардыл айхъуыст йе ’нусон бæллиц — Джызæлдоны гидроэлектростанцæ аразыны хъуыддаг — куы алыг æмæ йæ аразын куы райдыдтой, уыцы рæстæджы. Йæ хæдзар цух нал кодта цымыдис адæмæй. Цæргæ та кодта горæт Орджоникидзейы, Дæллаг Ирыхъæу кæй хуыдтой, уым.

Адæм зыдтой Цыппуйы агъоммæ дæр, доны тых цы у, уый: нучы дон цæвы цалхы, цалх та зилын кæны куыройы фыдты. Фæлæ дзы рухс та кæцæй æвзæры? Уый бирæтæ нæ зыдтой. Цыппу бавдæлд æмæ сæ хæдзары, йæ кусæнуаты иу егъау стъолыл сарæзта къаннæг хъæуы макет. Иу-фараст хæдзары бæрц. Хæдзæртты ас — спичкæйы къоппы бæрц. Се ’хсæн — уынгтæ, телыхъæдтæ. Уыдоныл лыстæг телтæ æмæ сыл дзыппыдарæн фанары цырæгътæ. Стъолы кæрон фидаргонд уыд цалхы хуызæн цыдæр. Уый куы ныззилай, уæд ныррухс вæййынц «уынджы» цырæгътæ дæр æмæ ’хæдзæртты» хуылфытæй дæр ракæлы электрон рухс.

— Гъеныр ма уæхæдæг ахъуыды кæнут,— дзырдта-иу Цыппу йæ уазджытæн. — Иу къухæй æрзилгæйæ ацы гыццыл цалх мæнæ куыд ссудзын кодта цырæгъты! æмæ уæд уагæры Джызæлдоны станцæйы дон 300 метры бæрзæндæй цы цæлхытæм хауа, уый цæйбæрц тых æмæ рухс дæтдзæн!

1930 азы кæрон Хуссар æмæ Цæгат Иры фысджытæ баныхас кодтой сæ фыццаг иумæйаг съезд Цхинвалы саразын. Съездмæ хуынд уыдысты культурæ æмæ ахуырады кусджытæй дæр чидæртæ. Иубон Цыппу æрбацыд Цæгат Ирыстоны фысджыты ассоциацийы сæрдар Косирати Сæрмæтмæ редакцимæ. Салам радта кусджытæн йæ фæлмæн хъæлæсæй, стæй дзуры Сæрмæтмæ.

— Сæрмæт цæра, ацы хатт дæм æндæр хъуыддаджы фæдыл æрбацыддæн... — æмæ бахатыд, цæмæй йын Сæрмæт бар радта съездмæ ацæуынæн. Сæрмæт ын дзуапп нæма радта, афтæ та йæхæдæг фæраздæр, ома, цы хардз бахъæуа, уый мæхæдæг баххæст кæндзынæн.

Гъемæ Цыппу дæр ацыд Цхинвалмæ, Æлборты Барысби, Гуыриаты Гагуыдз, Дзагуырты Гуыбади æмæ ма æндæр, делегат чи нæ уыд, ахæмтимæ. Съезды ныхасы бар дæр ракуырдта æмæ йæ ныхас фæцис мæнæ ацы: æмдзæвгæйæ:

Быдыртæй нæ арф кæмттæм
Байгæрстам фæндæгтæ.
Скæндзыстæм нæ хистæртæн
Сызгъæринæй дæндæгтæ.

Иу сæрдыгон æнцойбон «Рæстдзинад»-ы редакцийы æмæ типографийы кусджытæ сфæнд кодтой Джызæлдоны арæзтад сæхи цæстæй фенын æмæ араст сты усæй, лæгæй, чи линейкæйы, чи та фистæгæй æмæ фæссихор бахæццæ сты Хъобанмæ. Линейкæтæ уырдыгæй фалдæр нал бакуымдтой, æмæ комы мидæмæ ацыдыстæм фистæгæй. Ком-иу кусгæ бонты йæ тæккæ дзаг уыд адæмæй, фæлæ ацы бон афтид уыд. Пурты æхсæрдзæн æмæ Къæхтысæры бынмæ куы бахæццæ стæм, уæд фембæлдыстæм Цыппуйыл. Уый та уæле æрцæйцыдис, йæ бæх йæ фæдыл ласта, афтæмæй. Мах æй нæ уагътам, фæлæ йæхæдæг уæддæр ахæрд кодта фæстæмæ немæ. Абон, дам, нын кусгæ бон нæу æмæ уын уæдæ чи радзурдзæн станцæйы хабæрттæ. Нæ хистæртæй-иу куы иумæ бахатыд, куы та иннæмæ, бæхыл сбад, зæгъгæ, фæлæ йæхи разæй чи хъуамæ сбадтаид!

Къæхтысæр рагъыл нын Цыппу бæстон фæдзырдта: цад кæм уыдзæн, йæ ауæзт, тъунел къæдзæхы хуылфы кæуылты цæудзæн, стæй нæ акодта, къахт цы тъунел, фæци, уырдæм (донауадзæн — водосброс кæй хуыдтой, уымæ). Дæргъæвсмæ дæр ма немæ цæуинаг уыд, фысымтæ, дам, уын ссарон, фæлæ йæ нæ ауагътам. Цалдæр ссæдзы уыдыстæм æмæ куыд хъуамæ стыхсын кодтаиккам адæмы! Афтид скъолайы ногкарст хосы лыстæныл бахсæвиуат кодтам.

«Рæстдзинад»-ы редакцимæ бирæ уацхъуыдтæ цыдис Джызæлдоны арæзтадæй. Уацхæсджытæ-иу арæх хъаст кодтой къуылымиыдзинæдты фæдыл. Куы-иу сæм хæринаг нæ хæццæ кодта афоныл, куы та-иу аразæн æрмæг хъуаг уыдысты. Æз-иу куы бацыдтæн уыцы уацхъуыдты фæдыл арæзтадмæ, уæд-иу алы хатт дæр Цыппуйæ райдыдтон. Канд мæнмæ нæ, фæлæ кусджытæм се ’ппæтмæ дæр афтæ каст, цыма арæзтадыл Цыппуйы хуызæн никæй зæрдæ риссы. Иухатт мын Цыппу йæхæдæг дæр рахъаст кодта кæмæйдæртæй. Цæвиттон, уæды рæстæджы ног, советон, специалисттæ бирæ нæма уыдысты. Джызæлдоны арæзтады инженертæ иу стæмтæй фæстæмæ уыдысты рагон, паддзахы заманы специалист чи уыд, ахæмтæ. Уыдонæй чидæртæ былысчъилтæ кодтой Цыппуйыл, ома, ахуырдзинад æм нæй æмæ цæй прорабы аккаг у. Гъе, фæлæ та-иу сæхæдæг лæгъстæйаг фесты Цыппуйæн. Къæхтысæрæн йæ бынæй йæ сæрмæ æмуырдыг къæдзæхыл бремсберг куы арæзтой, стæй Пурты æхсæрдзæнæй рæстæгмæ электрон станцæмæ хæтæлтæ æвæрын куы бахъуыд уыцы нарæг комы, уæд уыцы хиппæлой инженертæ æнæ Цыппу ницы бакодтаиккой. Сæхæдæг ахæм рæттæм уæндгæ нæ кодтой, стæй кусджытæ дæр нæ куымдтой ахæм рæттæм цæуын, цалынмæ-иу сæм Цыппу бахатыд, уæдмæ. Инженертæ уыдтой, арæзтады разамонджытæй се ’ппæтæй дæр Баймæты-фырт уæлдай номдзыддæр, зæрдæхæлардæр кæй у, уый, æмæ сæм уый дæр хардзау каст. Æмæ-иу сæ искæд фæдисы куыст куы бахъуыд, уæд та-иу згъорынмæ фесты Цыппумæ.

Гъе, ахæм лæг уыд, дзуæрттæ æмæ, дам, хæйрæджытæ дæр цы Пурты æхсæрдзæнмæ нæ уæндыдысты, ууыл электрон станцæ саразыны фæнд æппæты фыццаг кæй сæры фæзынд, уый.

МÆ АХУЫРГÆНДЖЫТÆ

1. РАЙДАЙÆН СКЪОЛАЙЫ

Дзæбæх ма хъуыды кæнын, скъоламæ фыццаг хатт цы бон бацыдтæн, уый. Уæды онг дæр уыдтон скъоладзауты, уымæн æмæ скъола нæхи хъæу, Едысы, уыди. Фæлæ йæхи мидæг никæдма уыдтæн. Нæ уæндыдтæн. Афтæ фехъуыстой, ахуыргæнæг, дам, лæппутæй алкæйдæр нæмгæ кæны, æмæ кæй фæнды н1ады бахауын?

Æппæты фыццаг мæм стыр диссаг фæкастысты, скъолайы агъуысты къултыл цы алыхуызон бирæ нывтæ уыдис, уыдон. Адæмæй, фосæй, сырдæй, маргъæй, кæсагæй — кæй ныв дзы нæ уыд!

Мæн сбадын кодтой фыццаг партæйыл, фарон дæр ма чи цыд скъоламæ æмæ, дам, йæ бынаты чи баззад, ахæм лæппуйы фарсмæ. Æрбацыд ахуыргæнæт — Кокойты Джена. Скъоладзаутæ сыстадысты, стæй се ’ргом аздæхтой хурыскæсæнырдæм, æмæ хистæр скъоладзаутæй иу лæппу, йæхиуыл дзуæрттæ æфтаугæйæ, райдыдта, мæ сыхаг мын куыд бамбарын кодта, афтæмæй, «Цару небесни» æнæкæсгæйæ дзурын. Куывд фæцис æмæ алчидæр сбадт йæ бынаты.

Фыццаг хатт скъоламæ чи бацыд, уыдон бадтысты раззаг дыууæ партæйыл, дыккаг аз чи ахуыр кодта, уыдон æртыккаг æмæ цыппæрæмыл, фæндзæмыл та — æртыккаг аз чи ахуыр кодта, уыдон. Æртæ къласы дæр ахуыр кодтой уыцы иу уаты.

Ахуыргæнæг мæ бафарста:

— Кæй лæппу дæ?

Æз дзуапп радтон, нæхимæ мын куыд бацамыдтой, афтæ:

— Дæ ном та куыд у?

— Куыдзæг.

— Æндæр ма?

Уыцы фарст нæ бамбæрстон æмæ ныхъхъус дæн.

— Дæ аргъуыды ном? — фæрсы та ахуыргæнæг. Уыцы фарстæн дæр та мæм дзуапп нæ разынд, аргъуыды ном цы хуыдта, уымæн дæр ницы зыдтон.

— Куыдзæг у, Куыдзæг, йæ ном! — схор-хор кодтой нæхи хъæуккаг скъоладзаутæй чидæртæ («нæхи хъæуккаг» уымæн зæгъын, æмæ Едысы скъола уыд иумæйаг æгас Урстуалты хъæутæн).

— Сабыр! — фæхъæр кодта ахуыргæнæг, стæй уæд мæнырдæм:

— Бафæрсдзынæн сауджыны æмæ дын райсом зæгъдзынæн, де ’цæг ном куыд у, уый.

Диссаг мæм фæкаст йæ ныхас. «Мæ ном мæхицæй æмæ мæ бинонтæй хуыздæр зоны сауджын? Цæмæ гæсгæ йæ фæрсы?»

Райдыдта урок. Ахуыргæнæг цыдæр бахæс кодта, фæстаг партæйыл чи бадт, уыдонæн, стæй та астæуккæгтæн. Æз адзæгъæл дæн къулты нывтæм кæсыныл æмæ йæ мæхæдæг дæр не ’нкъардтон, афтæ мæ фарсмæ бадæгæн хъæрæй дзурын райдыдтон, цы уыдтон, уыдон. Æвиппайды ме ’хсæрфарсæн — цъыкк! Фестъæлфыдтæн, Ахуыргæнæг, цыма ницы бакодта, уыйау дарддæр цыдæртæ дзуры астæуыккаг партæтыл бадджытæн. Афарстон, мæ фарсмæ чи бадтис, уыцы лæппуйы:

— Ахуыргæнæг мæ цæмæн ныццавта?

— Хъæрæй дзырдтай æмæ уымæн...

Ахуыргæнæг цыдæр фыссинаг куыст радта, мах фæстæ чи бадт, уыдонæн æмæ ныр раздæхт махырдæм. Алкæмæн дæр нæ радта чингуытæ æмæ тетрæдтæ. Тетрæдты æддаг цъарыл фыста алкæмæн дæр йæ ном æмæ йæ мыггаг, мæнæн та æрмæст мæ мыггаг.

Уыцы боны цаутæй мæ зæрдыл æндæр ницуал лæууы. Дыккаг бон мын ахуыргæнæг мæ тетрады цъарыл ныффыста мæ ном æмæ мæ мыггаг, æмæ мæхæдæг кæсын нæма зыдтон, фæлæ мын мæ сыхаг бакаст: «Дзесов Алвес». Хъусгæ дæр никæдма фæкодтон ахæм ном. Нæхимæ мын мæ фыды кæстæр æфсымæр — уый дæр кæддæр уыцы скъолайы ахуыр кодта — бамбарын кодта хъуыддаг. Рацæй-рабон, æмæ сауджын куы фæаргъауы ноггуырд сывæллоныл, уæд æрдумæ дæр нæ дары, сабийыл йæ бинонтæ цы ном сæвæрдтой, уый, фæлæ æркæсы йæ къæлиндармæ æмæ, уым уыцы бон цы нæмттæ вæййы, уыдонæй искæцы иыффыссы йæ чиныджы сывæллоны номæн.

Иу аз йедтæмæ нал бакуыста Джена Едысы скъолайы. Цалынмæ ног ахуыргæнæг нæма райдыдта кусын, уæдмæ сфæнд кодтон мæ «Алвес» ном фæхуыздæр кæнын. Бынтон æй аивон, уый нæ бауæндыдтæн. Ахуыргæнæг уый куы базона, уæд та сауджыны бафæрсдзæн æмæ та «Алвес» йæ бынаты баззайдзæн. Цæвиттон, нæ хъæуккæгтæй æфсæддон службæйæ чи æрыздæхт, ахæмтæ дзæвгар уыд. Уыдонæй уырыссаг æвзаг чысылтæ чи базыдта, ахæмтæ дæр уыд. Чидæр сæ бацамыдта нæ хъæуы сывæллæттæн, «балбес» цы дзырд у, уый æмæ мæ мæстæй марын байдыдтой: «Алвес — балбес!» Гъеуый тыххæй уыд мæ фæнд мæ ном фæнывылдæр кæнын.

Ног ахуыргæнæг — Сланты Ефин — куы райдыдта кусын, уæд мæ тетрæдтыл фыстон Алвес нал, фæлæ Авел (фæлмæн нысан «ь» дзы æвæрын хъæуы кæронæй, уый нæма зыдтон). Ахуыргæнæг мын нæ бафиппайдта мæ «хин», фæлæ та сывæллæттæ ацы номмæ дæр ссардтой къух бакæнæн.

Тæккæ æнцондæр предметыл нымад нæм уыд «Закон божий» кæй хуыдтой, уый — хуыцау дуне æмæ адæмы куыд сфæлдыста, уыдæттæ. Амыдта нын æй нæхи хъæуы сауджын Беджызаты Дауит. Аргъауы хуызæн-иу нын радзырдта иронау йæ таурæгътæ, æмæ йæм æрмæст хъусгæ бакæн, æндæр дзы ахуыр кæнын ницы хъуыд. Таурæгъты та афтæ фыст уыд: «Хуыцау сфæлдыста фыццаг лæг æмæ йæ схуыдта Адам. Стæй фыццаг ус æмæ йыл ном сæвæрдта Евæ. Райгуырд сын дыууæ лæппуйы: Каин æмæ Авель. Хуыцау цæуылдæр смæсты Каинмæ æмæ йын нæ айста йæ нывонд. Уæд уый бахæлæг кодта Авелмæ æмæ йæ амардта».

Гъемæ та не скъоладзауты къухы бафтыд ног мадзал ахынджылæгæн. Куы сæ иу, куы та иннæ, мæ разы-иу æрлæууыдысты æмæ-иу мæ æцæгхуызæй фарстой:

— Уæддæр дæ, Куыдзæг, Каин цæй дымæгмæ амардта?

Бæргæ та нæ цыд ацы ном дæр мæ зæрдæмæ, фæлæ йын цы хос хъуамæ скодтаин? Иунæг скъоладзау дæр нæ хуынд афтæ. Æмæ 1916 азы Хуссар Ирыстоны Дзауы хъæуы цы ног скъола байгом, хъæууон скъолайы фæстæ ма ноджыдæр фондз азы ахуыр кæнын кæм хъуыд, ахæм, уырдæм курдиат куы балæвæрдтон, уæд мæ ном Авель нал ныффыстон, фæлæ ма йæм разæй бафтыдтон дамгъæ «П», æмæ рауад «Павел». Уыцы «официалон» ном фæхастон суанг 1925 азмæ. Ногиры куы цардтæн, уæд мæм иуахæмы ссыд мæ къардойнаг зонгæ æмæ мын мæ хæдзар кæй нæ зыдта, уый тыххæй хъæуы бынæй фæрсгæ рацыд, Дзесты Павел кæм цæры, зæгъгæ. Бацамыдтой, йын Дзестæй кæйдæрты, фæлæ уыдон нæ зыдтой, Павел сæ чи у, уый. Фарстой мæ мады, фæлæ уый дæр нæ зыдта, Дзестæй Павел кæй хонынц, уый. Æз уыцы. рæстæджы горæты уыдтæн æмæ изæры нæхимæ куы æрцыдтæн, уæд мын радзырдтой хабар.

Уæдæй фæстæмæ мæ къух систон «Павелæй» дæр æмæ фыссын байдыдтон «Куыдзæг». Уæды рæстæджы паспорттæ нæма уыд æмæ æнцон аивæн уыди ном дæр æмæ мыггаг дæр. Лæвæрдтой-иу рæстæгмæ æвдисæндартæ æмæ дæ куыд фæнды, афтæ схон дæхи æмæ дын æй афтæ ныффысдзысты.

О, фæлæ, хатырæй фод, нæ ныхас ууыл нæ, ахуыргæнджытыл уыдис. Дзауы скъоламæ куы бацыдтæн, уæд нын фыццæгæм къласы алы предметæй дæр, стæй ма гуырдзиаг æвзагæй дæр ахуыргæнæг уыд Санахъоты Накъа. Бирæ азты дæргъы ахуыргæнæгæй чи фæкуыста, ахæм ацæргæ лæг, асæй — бæрзонд, урсхил. Иттæг хорз зыдта ирон, уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ. Карз ахуыргæнæг уыд Накъа. йæ урок чи нæ зыдта, уыдон-иу ранадта. йæхи лæппутæ дæр дыууæйæ мах къласмæ цыдысты æмæ-иу уыдон дæр рацæфтæ кодта. Фыдуаг митæ чи кодта скъоладзаутæй, уыдон хуыдта «дирбаг хæрджытæ», фæлæ æз абон дæр ма нæ зонын уыцы Дирб кæм ис, уый. Махмæ-иу æфтыдысты æрмæст тырсыйаг æмæ захъайаг хæрджытæ.

Фондз лæппуйæ цардыстæм иу къаннæг уаты. Хæринаг ыын хастой нæхицæй, Урстуалтæй, æртиссæдз километры дæрддзæгæй бæхуаргъæй, кæрдзын та нын кодтой нæ фатеры хицæуттæ. Нæхицæй-иу нæм исчи куы рафтыд, уæд нын бæрæгбон уыд, уæд та-иу æфсæст уыдыстæм. Нæ фатер уыд скъолайæ иу-дыууæсæдæ метры æддæдæр. Иуахæмы тæ нæм нæхицæй рацыдысты чидæртæ, æмæ семæ æгæр афæстиат стæм скъоламæ цæуын афон. Бæргæ ма азгъордтам нæ тых, нæ бонæй, фæлæ нын байрæджы. Æртæйæ Накъамæ ахуыр кодтам. Бахызтыстæм къласмæ æмæ дуаргæрон мæсæллæйгæнджыты лæуд æркодтам.

— Почему опоздали?! — фæхъæр ныл кодта Накъа. Махæй ничи ницы дзуры.

— Я спрашиваю: почему опоздали? — ноджы мæстыдæрæн фæрсы Накъа æмæ йæ цæстæнгас комкоммæ мæнмæ сарæзта. Æз æнхъæлмæ кастæн, зæгъын, кæд ме ’мбæлттæй исчи раттид дзуапп, уымæн æмæ уыдон мæнæй рæвдздæр уыдысты уырыссаг æвзагæй, фæлæ — нæй! Ныхъхъус сты. Иронау зæгъыны бар мын куы уыдаид, уæд загътаин, нæ бинонтæй чидæртæ рацыдысты хохæй, абон фæстæмæ здæхтысты æмæ уыдон рæвдз кæнгæйæ бафæстиат стæм, зæгъгæ. Гъе, фæлæ уыйбæрц ныхæстæ уырыссагау кæцæй хъуамæ æрхастаин? Гæнæн куы нæуал уыд, уæд тыххæй-фыдæй ралæмæрстон:

— Наши отцы здесь были...

Наши овчи ждеш били, зæгъгæ, мæ сфæзмыдта Накъа, стæй мын мæ къабазыл фæхæцыд, æмæ мæ дзæхст фæцыд, къласы фисынмæ æввахс цы лæугæфыссæн фæйнæг æвæрд уыди, ууыл. Ме ’мбæлтты дæр афтæ. Стæй сбадтыстæм нæ бынæтты.

Рамæсты дæн Накъамæ, æниу мæм йæ митæ фауинаг дæр нæ фæкастысты, уымæн æмæ уæды рæстæджы ахуыргæнджытæ иууылдæр афтæтæ кодтой. Æнæуи та хорз ахуыргæнæг уыд Накъа. Иухатт нын бакаст хæрзчысыл ирон чиныг, йæхæдæг гуырдзиаг æвзагæй кæй ратæлмац кодта, ахæм. Урок æгасæй дæр бахъуыд уымæн. Афтæ къæрцхъусæй йæм хъуыстам, æмæ цыппæрдæс æмæ дыууиссæдз скъоладзауæй сыбыртт дæр ничи скодта. «Авдæнон зарæг цы бакодта?» — цыма афтæ хуынди, цы уацмыс нын каст, уый. Цæвиттон, Гуырдзыстоны скæсæйнаг хайы иу гуырдзиаг ус æмæ лæгæн сæ æнахъом сывæллон чызджы аскъæфтой дагъистайнæгтæ æмæ йæ ауæй кодтой иу æнæзæнæг хъæздыг ус æмæ лæгæн. Уыдон æй хъомыл кодтой сæхи сывæллоны хуызæн. Сывæллонæн йæхи фыд бирæ фæцархайдта йæ чызджы фæстæмæ раскъæфыныл, фæлæ йæ къухы никæд ницы бафтыд. Цалдæр азы бафæлвæрды фæстæ иуахæмы сæ къухы бафтыд сæ чызджы фæстæмæ раскъæфын. Гъе, фæлæ ног фыдбылыз: чызг нал дæр йæ мад æмæ йæ фыды зоны, нал дæр сын се ’взаг æмбары. Æдзухдæр кæуы æмæ куры, цæмæй йæ акæной, йæ мад æмæ йæ фыд кæй хоны, уыдонмæ, ома Лекъмæ.

Бирæ рæстæг фæтухæн кодтой чызгæн йе ’цæг мад æмæ фыд, цæмæй сæ саби æрымыса йæ рагон бонтæй исты, фæлæ нæй æмæ нæй, чызг кæуынæй йæхи æргæвды. Нал фæрæзтой мад æмæ фыд сæ хъæбулы удхармæ кæсын æмæ сфæнд кодтой: цæйнæфæлтау афтæ хъизæмар кæна, фæлтау æй акæнæм Дагъистанмæ æмæ цæрæд йе схъомылгæнджытимæ. Фæстаг хатт ма йæ мад цæссыгкалгæ æрымысыд, йæ хъæбул ма авдæны куы уыд, уæд-иу ын цы алолайы зарджытæ кодта, уыдон æмæ æрхæндæгæй базарыд. Чызг йæ кæуынæй банцад, ныхъхъус, байхъуыста зарæгмæ, йæ зæрдыл æрлæууыд уыцы зарæг æмæ йæ мады æфцæгыл атыхст.

Тынг фæцыд скъоладзауты зæрдæмæ уыцы таурæгъ. Чиныг Накъайы къухæй нæ фæхицæн, æндæра йын йæ авторы дæр бахъуыды кодтаин. Уыйфæстæ дæр ма нын цыдæртæ бакаст Накъа, фæлæ уыдон рæстмæ нал хъуыды кæнын. Бакаст нын, йæхæдæг цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй дæр цыдæртæ. Хъуыды ма дзы кæнын æрмæст иу —«Цъиу»:

Дзиго уæларвмæ ыстахти,
Хъæлдзæг зардæй зары...

Æндæр дзы мæ зæрдыл ницуал лæууы.

Накъа цы уыд, уымæй бирæ фæуæлдæр мæ цæсты. Фæндыд мæ, уыцы чиныг кæнæ дзы æндæр чиныг куы ракуырдтаин кæсынмæ, фæлæ хæйрæг бауæндæд ахæм мæстыгæр лæгмæ.

Накъайæн ма йæ литературон куыстытæй исты рацыд мыхуыры революцийы агъоммæ, уый нæ зонын. Советон заманы йæ прозаикон уацмыстæй цыдæртæ фæзындысты «Фидиуæджы» («Дон — йæ бæх, калм — йæ ехс» æмæ æндæртæ, стæй цыма райдайæн кълæстæн дæр сарæзта ахуыргæнæн кæсыны чингуытæ).


Дата добавления: 2015-07-12; просмотров: 77 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
САНАХЪОТЫ УАНКЪА| БЕКОЙТЫ ДЗИБКА ÆМÆ ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДР

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.014 сек.)