Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хъамбердиаты Мысост

БАРАХЪТЫ ГИНО | ИЛАС ÆРНИГОН | КОСИРАТИ СÆРМÆТ | БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН | САНАХЪОТЫ УАНКЪА | БАЙМÆТАТЫ ЦЫППУ | БЕКОЙТЫ ДЗИБКА ÆМÆ ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДР | ГÆДИАТЫ СЕКЪА |


ЦÆРЫ ÆМÆ ЦÆРДЗÆН

I

Зымæгон æхсæв. Хæххон ирон хæдзар. Сырх пиллонæй судзы къонайы арт. Къæсæрæй бахизæны хæдзары галиуварс — нæлгоймæгты бадæн, рахизырдыгæй сылгоймæгтæ æртыгуыр сты иу ранмæ, бадынц сæ ныллæг бандæттыл æмæ та сын бацайдагъ цыдæр сусæг ныхас. Чындз лæууы, къонайы фарсмæ цы цæджындз ис, уый æнцой, йæ былтæ тыхт йæ кæлмæрзæнæй, æнхъæлмæ кæсы хистæрты цумамæ. Бирæ сты нæ бинонтæ — дæс æмæ ссæдз адæймаджы. Салдаты службæйы цы дыууæ лæппуйы ис, уыдонæй фæстмæ иууылдæр ам сты. Артдзæсты комкоммæ къæлæтджын бандоныл бады мæ фыдыфыд, хæдзары хистæр. Йæ дæлейы — даргъ нывæфтыд бандоныл бады йе ’фсымæр, уый дæле — фæсхохаг уазæг, уырдыгæй дæлæмæ та — иннæ нæлгоймæгтæ. Кæстæртæ дыууæйæ лæууынц æппæты дæлейы. Сæ иу къонайы фарсмæ æфсæн цырагъдарæныл æвæры нæзы цырæгътæ æмæ, уыдонæй мынæг рухс чи фæкæны, уый та асхъауы. Кæстæртæй бадгæ ничи фæкæны, уазæг нæм куы вæййы, уæд.

Æз дæр лæууын фæскъона цырагъдарæны хæд фæстæ æмæ ахуыр кæнын мæ райсомы урок. Бонæй мын амал нæ фæцис, фосмæ зилыныл æмæ къахдзоныгътæй бырыныл æгæр афæстиат дæн. Уæвгæ уыйбæрц бирæ дæр нæу мæ урок. Æдæппæт дыууадæс рæнхъы. Чи зоны, райсом æй скъоламæ цæуыны агъоммæ дæр сахуыр кæнин, фæлæ... Уадз æмæ уазæг дæр фена, æз чиныг кæсын кæй зонын, уый. Стæй мæ фыдыфыдæн дæр æхсызгондæр вæййы, хъæрæй куы фæкæсын, уæд.

Иуахæмы мын æгæр хъæрæй рауад дыккаг куплеты фæстаг дыууæ рæнхъы:

«Фыдæлтæй нын баззад
Зæйы сæфтæн рад».

— О, хæдæгай, уый уын куы нæма радзырдтон... — уазæг æрбакаст мæнырдæм. — Уæртæ лæппуйы ныхасмæ æрлæууыд мæ зæрдыл...

Сагъæссаг уыд, хъудаг уазæг цы хабар ракодта, уый. Бæрзæфцæгæн йæ хуссарварс, Гудауырæй чысыл дæлдæр, Хъуды комы рæбын, Арагуйы донæн йæ галиуварс цардис зыбыты иунæг хæдзар. Кæддæр, дам, дзы цалдæр хæдзары цард, фæлæ фæстæдæр æндæр кæмттæм фæлыгъдысты. Гъе, æмæ уыцы иунæг хæдзар дыууæ къуырийы размæ бабын, зæйы бын бацарæфтыд.

— Багъæц-ма, Бæрзæфцæгæн æз йæ дыууæ фарсы дæр тынг хорз зонын æмæ дзы хуссарырдыгæй ахæм зæйуат куы нæ хъуыды кæнын, уæд цымæ кæм уыдаид?.. — бафарста йæ мæ фыдыфыд. Æмбискар куы уыди, уыцы азты бирæ фæкуыста Бæрзæфцæгыл митмæрзæгæй æмæ ныр дæр нæма бафсæст уæды хабæрттæ дзурынæй.

Уазæг бæстондæр бацамыдта, зæй кæцæй рацыд, уыцы бынат, æмæ сæ ныхас аздæхт зæйты коймæ. Æрымысыдысты, иу зымæг Нары комы рæбинагдæр хъæу Джинаты æгасæй дæр куыд фæласта зæй, сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, сæ зонгæтæй зæйласт чи фæцис, ахæмты дæр, стæй сæ ныхас раздæхт Бæрзæфцæджырдæм. Мæ фыдыфыдæн та амал фæцис, арæх цы хабар фæдзуры, уый ракæнынæн.

Бæрзæфцæг. Дыууæуæладзыгон къазарма, «Быдарты къазарма» кæй хонынц, уый. Зымæг. Цалдæр боны дæргъы митуард æмæ тымыгъ нæ сабыр кæнынц. Æхгæд у фæндаг. Бæлццæттæ ныццæнд сты цæгатырдыгæй Базилæн æмæ Къобы, Хуссары та Млеты æмæ Пасанауры. Фæндагмæрзджытæ джиуынц къазарматы. Цалынмæ мит йæ уарынæй банцайа, дымгæ йæ къуыззиттæй, уæдмæ нæй кусæн. Схъыг сты куыстдзагъд адæм æнцад бадынæй, конд сын фесты ирон æмæ гуырдзиаг адæмон аргъæуттæ æмæ таурæгътæ, тырсыйаг, хиуаг, хадон, хъудаг, дзимыраг, гнугъаг æмæ урстуаллаг хъæлдзæг ныхæстæ æмæ уыци-уыцитæ дæр. Уæддæр ма сæ æрцардта се ’мбæлттæй иу къобаг. Къоб паддзахвæндагыл цæрынц, Дзæуджыхъæумæ дæр æнцондæрæй æфтынц, чиныг кæсын чи зоны, ахæм адæм дæр сæм арæхдæр сты.

Кусджытæй иу къобаг сæхицæй схаста Быдарты къазармамæ Хетæгкаты Къостайы фыст чиныг æмæ йæ хъæрæй каст кусджытæн. Йæхицæй фæстæмæ кусджытæй ничи зыдта чиныджы. Цалдæр боны фæкаст чиныг, суанг ма йæм иннæ къазарматæй дæр цыдысты хъусынмæ. Гъестæй уæд, æвзæр рæстæг æгæр дæргъвæтин куы ахаста, уæд уал ацыд сæхимæ, Къобмæ. Кусджытæ та баззадысты сæхи таурæгъты æвджид.

Æмæ дзы иуæхсæв ахæм ныхас рауад. Фæсахсæвæр уыд, фæлæ кусджытæй ничима бафынæй. Тырсыйаг кусджытæй иу ракодта рагон ирон аргъау, Уастырджи, дам, æртæ æфсымæрæн фæйнæ хæрзиуæджы райсыны бар радта лæварæн, кæй цы хуыздæр фæнды, уый. Хистæр æфсымæр райста бирæ фос, астæуыккаг — бирæ хор, кæстæр æфсымæр та — хорз бинойнаг. Таурæгъы кæрон куыд рабæрæг, афтæмæй амбылдта кæстæр æфсымæр. Гъе, æмæ уыцы аргъау расайдта æндæр ныхæстæ.

— Нæ фæлæ ныр махмæ дæр исчи куы æрбадзурид: кæй уæ цы лавæр хъæуы, уый-ма зæгъæд, уæд, цымæ, чи цы ракурид? — райдыдта гнугъаг кусæг æмæ уал йæ фарстæн йæхæдæг фæразæй дзуапп дæттынмæ. — Махмæ, Гнугъгомы ис, æгас Ирыстоны дæр чи нæй, ахæм стыр сæрвæт, хонгæ та йæ Сангали кæнæм. Алы аз дæр дзы фæхизы иу-дыууадæс мин фысы бæрц. Æмæ уыдон иууылдæр иу лæджы фос сты. Мæн уыцы фос куы уаиккой, æндæр мæ ницы хъæуы...

— Æмæ та дæуæн дæр уыцы таурæгъы лæгау фæллад фæндаггонæн дæ бирæ фосæй иу сæныкк аргæвдын дæ цæст нæ бауарзид... — йæ ныхас баппæрста чидæр.

— Де ’ххуырст фиййæутты нæмгæ нæ кæндзынæ?

— Дæ фосы фаджыс дæ сæрæй нæ фæуæлдæр уыдзæн?

Ныхасæппарæн кæнынц фæйнæрдыгæй. Нæй, никæй — зæрдæмæ фæцыд уыцы бæллиц.

— Уæдæ æз та райсин... — райдыдта хадон кусæг æмæ схуыдта иу къахетаг кънйазы ном. Кæуылты сты йæ зæххытæ æмæ йæ сæндæттæ! æртæ хъæуы цæрынц йæ зæххыл. Йæ фæллойæн банымайæн дæр нæй, æмæ йæ сæр паддзахы раз дæр нæ къул кæны...

— О, о, паддзахы раз нæ къул кæны, фæлæ Арсены раз йæ зонгуытыл æрхауы! — йæ дзырд баппæрста хиуаг. Кусджытæ хорз зонынц, кæй кой кæнынц, уый. Арсен Одзелашвили уыдис кънйазы цагъар. Абырæг алыгъд æмæ дзы æмризæджы рызтысты хъæздгуытæ æмæ кънйæзтæ, уæлдайдæр та, мæгуыр адæмы чи æфхæрдта, уыдон.

Ничи бабæллыд уыцы хъæздыгдзинадмæ дæр. Уыйфæстæ сбирæ сты дзурджытæ. Худæджы хос фæцис, Анануры пъырыстыфы хуызæн лæг суæвынмæ чи бабæллыд, уыцы дзимыраг. Хорз æфсин равзарын дæр, ай-гъай, хорз лæвар у, фæлæ адæймагæн йæ фадат куы нæ уа æрмæст хъæбæрхоры кæрдзынæй дæр йæ бинонты бафсадын, уæд уымæй дæр цæй хорз цард ис. Иу чидæр ма суанг стырдæр лæвармæ дæр ахæццæ. Кæд, дам, бархийæ æвзаргæ у, уæд, дам, æз равзарин, паддзах куыд суон, афтæ. Фæлæ ууыл дæр хъусджытæ се ’ппæт не сразы сты. Уадиссаг бæллиццаг нæу паддзах дæр. Хæлæггæнджытæ йæм бирæ ис. Афтæ дæр, дам, вæййы, æмæ уыцы бынаты тыххæй æфсымæр æфсымæры амары, фырт — йæ фыды. Стæй адæймаджы адæмы хорзæх куы нæ уа, уæд ахæм бынат дæр цæй тæхудиаг у! Паддзах та мæгуыр кусæг адæмæн æлгъыстаг у, хъæздгуытæ æмæ дзы стыр хицæуттæй æндæр чи раппæлдзæн?

Къазармайы цы кусджытæ уыд, уыдонæй ма стæм чидæртæ баззад, иннæтæй алчидæр загъта йæ бæллиц. Уæдмæ Къобæй сыздæхт, «Ирон фæндыр» сын чи каст, уый. Æхсызгон уыд кусджытæн йе ссыд, уымæн æмæ та чиныг дæр йемæ æрбахаста.

Бамбарын ын кодтой, ныхас цæуыл цыд, уый. Радзырдтой йын кусджытæ, чи цæмæ бабæллыд, уыдæттæ дæр. Уый бахудт йæ мидбылты æмæ афтæ зæгъы:

— Ау, æмæ бирæ кæрдзынтæ æмæ дзидзатæ чи хæры, кæнæ мæгуыр кусæг адæмы ехсæй чи нæмы, ахæм хицæуттæй хуыздæр ницы ссардтат?

Адæм фегуыппæг сты. Алчидæр та хъуыдытыл фæцис: уæдæ ма цы хуыздæр бæллиц уа? Къобаг та йæ чиныг райста, рафæлдæхта йæ, иу ранмæ дзы æркаст æмæ дзуры дарддæр:

— Æнхъæл дæн, æмæ уын мæнæ ацы чиныджы цытæ кастæн, уыдон уæ зæрдыл дзæбæх нал лæууынц? — æмæ райдыдта чиныг кæсын:

«Тæхуды, йæ дзыллæйы раз
Чи ракæны барджын ныхас,
Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..

— Ахæм тæхудиаг уыд Къоста йæхæдæг æмæ мæнæн мæхимæ дæр ахæм лæг уæвынæй хуыздæр бæллицц нæ уаид... — балхынцъ кодта къобаг йæ ныхас.

Къазарма ныхъхъус. Иунæг сыбыртт, иунæг дзырдæппарæн дæр ничиуал скодта. Æппынæрæджиау иу ухаттаг бадзырдта чиныгкæсæгмæ:

— Цыбырныхасæй, Къостайы хуызæн, нæ?

— Æмæ цы!

— Æгæр дын нæ уаид?

— Цæмæн! Иугæр фæндонæй у, уæд мын уадз æмæ уа!

Ныр ныхас аздæхт Къостайырдæм. Алчидæр дзырдта, цы дзы фехъуыста æмæ зыдта, уый. Къоста, дам, Нары комы цæрджытæн зæхх райста Лабæйы, иннæ кæмтты чи цæры, уыдонæн дæр архайы зæхх райсыныл быдыры. Терчы облæсты хицау цы инæлар у, уый, дам, Къостайæ афтæ тæрсы, æмæ йæ галуаны алыварс æхсæвæй-бонæй хъахъхъæнджытæ лæууынц æд хæцæнгарз. Къоста, дам, паддзахмæ хъаст бахаста, цæмæй хæхбæсты цæрджытæй алы коммæ дæр уа уæрдонвæндаг. Дзæуджыхъæуы хицæуттæ, дам, иу мæгуыр лæгæн æнаххосæй ауындзыны тæрхон скодтой, фæлæ Къоста йæ сæрыл радзырдта, æмæ лæг фервæзт. Къоста, дам, æрдомдта хицæуттæй, цæмæй алы хъæуы дæр уа скъола, чызгæй, лæппуйæ паддзахы хардзæй кæм ахуыр кæной, ахæм.

Æвæццæгæн, æмбисæхсæвмæ дæр нæма фæцис Къостайы кой. Къостайы хуызæн лæг суæвын — уыцы бæллицæй хуыздæр бæллиц никæмæ разынд кусджытæй...

Ацы хабар-иу арæх кодта мæ фыдыфыд. Уый йæ бæстондæр дзырдта, номæй æмæ мыггагæй амыдта, йемæ митмæрзæгæй чи куыста æмæ Быдарты къазармайы чи царди, уыцы кусджыты. Йæ хабæрттæ мæ зæрдыл даргæйæ æртынæм азты иухатт Къобæй араст дæн фистæгæй Бæрзæфцæгмæ. Федтон, митмæрзджытæ кæмыты куыстой, Быдарты къазармайы хæлддзæгтæ ныр дæр ма лæууынц фæндаджы былгæрон, тъунелтæй дæр иуæй-иутæ фехæлдысты, кусæг дæр дзы нал вæййы зымæгон, æхгæд кæй вæййы, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны, Едысы, райдайæн скъола раджы фæзынд, 1890 азы. Уый уыд цыппар комы фынддæс хъæуæн иунæг скъола. Дамгъæтæ ахуыр кодтам уырыссаг чиныг «Родной мир»-æй. Уыдон-иу куы базыдтам, уæд та-иу райдыдтам ирон чиныджы кæсын. Уыцы рæстæджы, 1900 азты, Цæгат Ирыстоны райдайæн скъолаты ахуыр кодтой Хъаныхъуаты Алмахситты чиныгæй, Хуссар Ирыстоны та Мамытты Стефаны чиныгæй.

Хетæгкаты Къостайы кой хъуыстам нæ хистæртæй æмæ, махразмæ чи ахуыр кодта, уыдонæй, фæлæ йын йæ уацмыстимæ базонгæ стæм, æрмæст скъоламæ куы бацыдыстæм, уæд. Дамгъæты фæстæ ахуыр кодтам Къостайы æмдзæвгæ «Фыдуаг» æнæкæсгæйæ дзурын, уыйфæстæ «Уасæг», «Кæмæн цы?», «Лæгау», «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Фæстаг æмдзæвгæ не ’ппæт дæр æнæкæсгæйæ дзурын куы сахуыр кодтам, уæд ахуыргæнæг æрымысыд æмдзæвгæ хицæн рольты равдисын. Скъоладзаутæй иуы схуыдта бирæгъ, иннæйы — хърихъупп. Æртыккаг та хъуамæ дзырдтаид авторы текст. Лæппутæй алчидæр æнæрхæцгæйæ сахуыр кодта æмбисонд. Бирæгъ йæ дзых ныххæлиу кодта, афтæмæй «мæлыны къахыл» ныллæууыд. Хърихъупп сæрыстырæй æмæ æнæрвæссонæй зилы йæ алыварс. Текст дзурæг афтæ куы загъта: «Бирæгъы хъæлæсы фатау фæцавта даргъ бырынкъ, афтæмæй уæны стæг сдавта», зæгъгæ, афтæ, хърихъупп чи хъазыд, уыцы лæппу æгæр арф фæтъыста йе ’нгуылдз «бирæгъы» хъæлæсы æмæ, чысыл ма бахъæуа, уый йæ аходæны къæбæртæ скала. Скъоладзаутæн та худæджы хос фæцис.

Ахуыры азы кæронмæ ма сахуыр кодтам Мамытты Стефаны чиныджы Къостайы æмдзæвгæтæй «Æрра фиййау», «Мæгуыры зарæг», «Мæгуыры зæрдæ», «Марходарæг», «Саг æмæ уызын»— æдæппæт иуæндæс æмдзæвгæйы.

Дыккаг аз ахуыр кодтам Мамытты Стефаны чиныджы дыккаг хай. Ам дæр та рæдау разынд чиныгаразæг Къостайы æмдзæвгæтыл. Æмæ, æвæццæгæн, канд уый тыххæй нæ, æмæ уæды рæстæджы ирон æмдзæвгæтæ хæрзыстæм кæй уыдысты. Уæдмæ ирон газетты æмæ журналты фæзындысты къорд æмдзæвгæйы, суанг ма хицæн уагъд æмбырдгæндтæ дæр, фæлæ, æвæццæгæн, чиныгаразæгмæ Къостайы æмдзæвгæтæ хуыздæр фæкастысты.

Дыккаг азы ахуыры кæронмæ ма уыцы чиныгæй сахуыр кодтам Къостайы æмдзæвгæтæй: «Тæхуды», «Сагъæс», «Уалдзæг», «Сæрд», «Фæззæг», «Гъæй-джиди!», «Сæрдыгон къæвда», «Æнæ хай», «Зымæг».

Нæ ахуыргæнджытæ (Кокойты Джена æмæ Сланты Ефин) нæ канд уыдоныл дæр нæ ныууагътой. Къостайы «Ирон фæндыр»-ы цы æмдзæвгæтæ уыд æмæ уыдонæй нæ ахуыргæнæн чиигуытæм чи нæ бахауд, ахæмтæ дæр ма нæ ахуыр кодтой æнæкæсгæйæ дзурын. «Ныфс», «Балцы зарæг», «Фесæф», «Хъазтæ», «Марды уæлхъус», «Сидзæргæс», «Всати», «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

Æртыккаг къласмæ куы бахызтыстæм, уæд «Ирон фæндыр» чингуытæ фæфылдæр сты нæ хъæуы. Ахуыргæнæгмæ, сауджынтæм æмæ ма мах размæ чи ахуыр кодта, уыцы лæппутæй кæмæдæрты. Уыцы чингуытæ æвидийгæ цыдысты къухæй-къухмæ, хъæуæй-хъæумæ, хæдзарæй-хæдзармæ, æмæ бирæ рæстæг никæмæ фæстиат кодтой. Махмæ, скъоладзаутæм дæр, хæццæ кодтой, уæдæ куыд! æцæг нæм дзы диссаг фæкастысты иуæй-иу бынæттæ. Зæгъæм, дзырдæн, нæ ахуыргæнæн Мамытты Стефаны чиныджы æмдзæвгæ «Сагъæс» афтæ райдайы:

«Мæ удылхæцæг,
Табу дын фæуа».

«Ирон фæндыры» та:

«Мæ удылхæцæг
æнæнцой уа».

Чиныгаразæг сауджын уыд æмæ, чи зоны, уый тыххæй нæ бакуымдта йæ зæрдæ хуыцауæй «æнæнцой уа» зæгъын.

«Сидзæргæс» дæр ахуыр кодтам «Ирон фæндыр»-æй. Фæлæ, куы ма йæ загътам, чиныг алкæй къухы не ’фтыд. Нæ сыхæгты лæппу Дзадте дæр не ссардта чиныг, фæлæ йæ æнæкæсгæйæ чи дзырдта, уыдонмæ хъусгæйæ уæддæр базыдта, æрмæст иу ран фæрæдыд æмæ та уый дæр худæджы хос фæцис ахуыргæнинæгтæн.

«Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы...»

Ацы дыууæ рæнхъы афтæ сахуыр кодта:

«Халон баргъæвст сындзыл.
Уæтты бын хуыссы...»

Чиныг æм нæ уыд æмæ йæ йæ хъус куыд ахста, афтæ йæ сахуыр кодта.

Мæнæн нæхи хæдзары уæлдай арæхдæр кæсын кодтой «Ирон фæндыр» сылгоймæгтæ. Нæхæдæг дæр бирæ бинонтæ уыдыстæм, фæлæ ма-иу нæм зымæгон бонты не ’рвадæлты æмæ нæ сыхæгты сылгоймæгтæ дæр æрæмбырд сты æд æлвисинæгтæ æмæ та-иу мæм бахатыдысты: «Къостайы та нын бакæс!» Бафиппайдтон иу уавæр: Къостайы æмдзæвгæтæ-иу сын куы дзырдтон æнæкæсгæйæ, уæд сæм уый къаддæр диссаг каст, чиныгæй сын цы кастæн, уымæй. Иухатт мæ фыдымады бафарстон: «Цæмæн уæм афтæ кæсы?» Уый мын загъта: «Искæмæй исты фехъус æмæ йæ æндæр искæмæнты радзур — уый бынтон æнахуыргонд адæймаг дæр базондзæн, фæлæ чиныджы цы фыст ис, уый бакæсын та æрмæст ахуыргонд лæджы бон у». Иугæр сæм афтæ кæсы, уæд æз дæр æнæкæсгæйæ кæй зыдтон, уыцы æмдзæвгæты дæр-иу сын кастæн чиныгæй.

Къостайы æмдзæвгæтæй «Ирон фæндыр»-мæ чи нæ бахауд, уыдон хабар та афтæ рауад: «Додой» нæ уыд чиныджы, фæлæ йæ хистæр скъоладзаутæм æмæ ас адæммæ хъусгæйæ зыдтам не ’ппæт дæр, заргæ дæр æй кодтам. «Салдат» æппæты фыццаг хатт фехъуыстон, рæгъаугæс æй куыд зарыд, афтæмæй, стæй йæ рафыстон, иу-цалдæр азы размæ скъола каст чи фæцис, ахæмы тетрадæй. «Æхсины лæг» бакастæн, æрмæст советон дуджы цы чингуытæ рацыд, уым.

Мæ зæрдыл ма лæууы, фыццаг къласы куы ахуыр кодтам, уæды рæстæгæй иу цау. Æмдзæвгæ «Лæгау» афтæ райдайы:

«Фест райсомæй, лæгау,
Ныхс сапонæй дæхи...»

Не ’мкъласонтæй иу лæппу йæ ныфс бахаста ахуыргæнæджы бафæрсын:

— Ахуыргæнæг, æмæ сапон куы нæ уа, уæд та? Ахуыргæнæг исдугмæ фегуыппæг, фæлæ уайтагъд дзуапп ссардта:

— Сапон куы нæ уа, уæд та афтæ: дæ къухтæ æнтыд æмæ донæй тынг ныхс, стæй та уыйфæстæ дæ цæсгом сыгъдæг донæй...

Æвæццæгæн, уымæн йæ дыккаг боны хуызæн скъоладзаутæн сæ къухтæ афтæ сыгъдæг никæдма уыдысты. Æнтыд та кæцы хæдзары нæ уыд!

***

Цæгат æмæ Хуссар Иры кæмттæй Урстуалты комæй арфдæр нæ разындзæн. Дæс æмæ ссæдз километрæй æввахсдæр æм нæ хæццæ кодта уæрдонвæндаг.

Урстуалты кой афтæ бæстон уымæ гæсгæ кæнæм, æмæ уыцы къуымы дæр Хетæгкаты Къостайы кой чи нæ хъуыста, йæ æхсæнадон архайд ын чи нæ зыдта, йæ диссаджы «Ирон фæндыры» зыланг кæцы хæдзарæй нæ райхъуыст, ахæм нал баззад цыппар комы фынддæс хъæуæй. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй, скъола каст чи фæцис, уыцы лæппутæй Къостайы иронау фыст æмдзæвгæтæй æмбисæй фылдæр æнæкæсгæйæ дзурын чи нæ зыдта, ахæмтæ дæр хæрз стæм уыдаиккой. Уыдонмæ хъусгæйæ ма кæсын æмæ фыссын цы ас адæймæгтæ нæ зыдтой, уыдонæй дæр бирæтæ базыдтой æнæкæсгæйæ дзурын цалдæргай æмдзæвгæтæ: «Додой», «Салдат», «Сидзæргæс», «Мæгуыры зарæг» æмæ æндæртæ.

Номдзыд æмæ стыр фысджытæ бирæ адæмтæм ис. Фæлæ уыцы иу рæстæджы стыр фыссæг дæр уай æмæ адæмы сæрхъуызой дæр, стæй дæ канд ахуыргонд адæм нæ, фæлæ кæсын æмæ фыссын чи нæма зоны, уыдон дæр æнæкæсгæйæ дзурын зоной, ахæм фысджытæ æмæ дзыллæйы лæгтæ стæм хатт вæййынц адæмты историйы. Ирон адæмæн Къоста ахæм уыд.

1936 азы уалдзæджы, Къостайы амардыл 30 азы куы сæххæст, уæд уыдтæн Майрæмададжы. Царахатæй иу лæппулæг кодта Къостайы зарæг, адæм ыл цы зарæг скодтой, уый. Къостайыл зарæг кæй ис, уый зыдтон, фæлæ йæ уæды онг хъусгæ нæма фæкодтон. Иттæг хорз хъæлæсы хицау уыд Царахы-фырт. Тынг хорз зарыд уыцы зарæг. Йæ алы куплеты кæрон дæр-иу фæцис ахæм ныхæстæй:

«Цæрай æмæ бирæ нын фæцæрай,
Хетæгкаты Леуаны фырт
Мæгуыр къуылых Къоста!»

Ацы ныхæстæй дæр бæрæг у, зарæг конд кæй уыд, Къоста ма цæрдуд куы уыд, уыцы рæстæджы. Сгуыхт æмæ номдзыд дзыллæйы лæджы ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр уæлдай буцдæр кодтой зарæгæй, кады æмæ номы зарæгæй. Зарæг-иу кодтой, адæмы сæраппонд йæхи нывондæн чи хаста, удæгас-иу чинæуал уыд, ахæм адæймæгтыл, йæ цæргæ-цæрæнбонты йæ дзыллæйæн æрдхæрæны хорздзинæдты чи бацыд æмæ цæрдудæй кад, цыт æмæ намысы зарæг кæуыл скодтой йæ адæм, ахæм фыццаг лæг ирон адæммæ, чи зоны, Къоста уыд... Æмæ зарæджы ныхæстау, цард, цæры æмæ цæрдзæн ирон адæмы уарзон хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт сахъгуырд Къоста!

«ХУЫМÆТÆДЖЫ ЛÆГ»

Ацы хабар уыд ссæдзæм азты фыццаг æмбисы. Хæхтæй быдыртæм чи ралыгъд, уыдон æрбæстон сты, йæ хорæрзад «’гасæй иу хоры кæфой» кæмæн уыд паддзахы заманы, уыдон ныр хорæй бафсæстысты. Мах æрцардыстæм Ногиры. Иу фæззæджы нæм æрбафтыдысты нæ хæстæджытæ, къостайыхъæуккæгтæ æртæйæ. Уæды рæстæджы хъæутæй горæтмæ уæрдæтты цыдысты, æмæ Къостайыхъæуæн та йæ фæндаг Ногирыл уыд.

Уазджытæн дæр æмæ фысымтæн дæр сæ ныхасы сæр, ног зæххыл ног цард куыд цæуы, уыйфæдыл уыд уьнды азты. Нæ уазджытæ кæм æрцардысты, уыцы бынат — Беслæныхъæуы бакомкоммæ Терчы галиуварс — раздæр «Къардиу» кæй хуыдтой, уым. Æрцардысты дзы, Къостайы райгуырæн ком Нар æмæ Захъайæ чи ралыгъд, ахæмтæ. Къостайы ном дæр ыл сæхæдæг сæвæрдтой.

— Хоры мæт та ма чи кæны! Адæмæн нæ, фæлæ ма фосæн дæр сæ фагæй уæлдайдæр куы у! — райдыдта уазджыты хистæр æмæ баздæхт йæ кæстæрмæ. — Уый бæсты ма мæнæ скъоладзауæн радзур Арæбийы хабар, æмæ мах дæр бахъæлдзæг уæм.

Нæ уазæг «скъоладзау» мæн хуыдта, æмæ уыцы ныхас куы фехъуыстон, уæд хъусынæввонг сдæн æз дæр. Æмæ ахæм цау радзырдта:

«Иу сæрдыгон бон Къоста сæхимæ, Нары уæвгæйæ, рараст и йæхи аирхæфсыны фæдыл фистæгæй Зæрæмæгмæ. Æххæст нæма ныххæццæ хъæумæ, афтæ фæндагыл ныййæфта иу ацæргæ лæджы. Уый бадтис фæндаджы былыл æмæ архайдта йæ дзабыртимæ. Æвæццæгæн, ныронг бæгъæввадæй цыдис, йæ уæфстæн ихсийынæй тæрсгæйæ.

— Дæ фæндаг раст, хорз лæг! — сдзырдта йæм Къоста æмæ æрлæууыд йæ цуры.

— Дæ хъуыддаг раст! — дзуапп радта зæронд лæг, сыстад, афтæмæй.

— Бафæрсын аипп ма уæд, кæйонг цæуыс?

— Мæнæ Зæрæмæгмæ, дæ рын бахæрон... Дæ фарн бирæ уæд, хистæр лæппу чиныг сæрвыста Дзæуджыхъæуæй æмæ йæ, зæгъын, искæмæн куы акæсын кæнин...

— Ау, æмæ уæхимæ, уый чи бакастаид, ахæм нæ разынд?

— Нæхимæ, Зруггомы, дæр ис, чиныг чи зоны, ахæмтæ,— сауджын æмæ диакъон — фæлæ сæ уым никæй баййæфтон, стæй, дам, уыдон, гуырдзиаг чиныг йедтæмæ уырыссаг нæ зонынц... Мæхæдæг та уæллагхъæуккаг дæн, æмæ нæ фондз хæдзарæй чиныг ничи зоны.

— Цæй, уæд та йæ нæхæдæг бакæссиккам? — фæрсы Къоста, йæ мидбылты бахудт, афтæмæй.

— Ома, чи «нæхæдæг»? — нæ бамбæрста лæг Къостайы ныхас.

— Ау, нæ дыууæ иумæ уыцы иу писмо нæ бакæсдзыстæм?!

— Худæн бонтæ дыл цæуæд, мæ хæдзар! Мæ хуызæттæ æмæ дæ хуызæттæ чингуытæ кæсын куы зониккой, уæд сæ бон мæгуыр нæ уаид... — загъта уæллагхъæуккаг æнкъард хъæлæсæй.

— Уæдæ-ма æри дæ писмо! — Къоста йæ къух фæдаргъ кодта бæлццонмæ. Лæг æм дисгæнæджы каст бакодта.

— Фæлæуу-ма, хъазгæ мæ кæныс, æви æцæг зоныс чиныг? — зæгъгæ, та бафарста, фæлæ писмо уæддæр радта.

Къоста йæ цæст ахаста писмойыл кæрæй-кæронмæ æмæ уайтагъд дзурынмæ фæцис, цы хабæрттæ дзы уыдис, уыдон. Зæронды исдугмæ нæ уырныдта, Къоста æцæгæй афтæ тагъд куыд бакаст писмо, фæлæ писморвитæг кæй кой кæны йæ писмойы, уыдон куы ранымадта, уæд дызæрдыг нал кодта, æрмæст ма йæ армытъæпæнтæ кæрæдзийыл æрцавта:

— Хуыцауы тыххæй, афтæ хорз кæм базыдтай чиныг нымайын?

— Мæнæ нæхимæ скъолайы,— бахудт Къоста.

— Æмæ бафæрсын аипп ма уæд, а хъæуккаг дæ, фæлæ кæмæй дæ?

— Асатæй дæн.

— Æххæст мын дæ ном дæр...

— Къоста мæ хонынц.

— Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ, фæлæ нæ фæндаг куы дарддæр кæниккам, уæд дæм куыд кæсы?

— Цом, цом! — загъта Къоста æмæ йæ къух фæдаргъ кодта уæллагкоймаджы бур дзæкъулмæ, фæлæ йæ зæронд нæ бауагъта.

— Уанцон нæу, дæ рын бахæрон! æмæ дзы уæззауæй дæр ницы ис, мæ фæндаггаджы къæбæр æмæ ну къуымыхцы, зæгъын, кæд Зæрæмæджы иучысыл цæхх алхæнин,— зæгъгæ, лæг йæ дзæкъулы бостæ æрбакодта йæ уæхсчытыл.

Уæды рæстæджы Нары кæмтты ’хсæн Зæрæмæгæй стырдæр хъæу нæ уыд. Дыууиссæдз хæдзарæй дзы фылдæр цард. Хъæуыхицауы бынат скъола, аргъуан дæр уый уыдысты, стæй дыууæ дуканийы. Бæлццæттæ хъæумæ куы баввахс сты, уæд кæсынц, æмæ къæнцылар æмæ дуканиты раз лæууынц бирæ адæм æмæ сæ каст скодтой фæндаггонтæм. Стæй уыциу змæлдæй ракалдысты бæлццæтты размæ. Стыр дисы бацыд уæллагхъæуккаг. Адæм æзфæраздæронæй æппарынц сæхи Къостамæ, чи йæ хъæбыс кæны, чи йын йæ къух исы æмæ «Къоста, Къоста!» — æндæр дзырд нал хъуысы уыцы бирæ адæмæй. Уæллагхъæуккаг исдугмæ аззад иунæгæй, стæй адæмы ’хсæн ауыдта йæ зонгæ нароны æмæ йæм бацыд.

— Дæ хорзæхæй, атæппæт адæм уыйбæрц цин кæуыл кæнынц, уый цавæр адæймаг у?

— Æмæ дæхæдæг йемæ куы ’рбацыдтæ, уæд ма фæрсгæ та мæн кæныс?

— Йæхи мын Асатæй схуыдта, фæлæ ахæмы кой никуыма фехъуыстон.

— Гъей, готлекк, готлекк! — бауайдзæф ын кодта нарон. — Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы кой никуы фехъуыстай?

— Уый та ирон лæгæй чи нæ фехъуыста! Фæлæ амæ цы бар дары?

— Ацы лæг Хетæгкаты Къоста у...

— Уанцон нæу! Уæдæ мын Асатæй цæмæн схуыдта йæхи?

— Мæнгæй готлекк уæ нæ хонынц, Зруг! Хетæгкатæ стыр мыггаг сты. Леуаны фыд Елызбар хуынди, уый фыд та — Асса. Къостайы хæдзарвæндаджы ам, Нары комы цæрджытæ, фыды номæй Асатæ хонынц.

Уæллагхъæуккаг исдугмæ хъуыдыты аныгъуылд, стæй бамбæрста хабар æмæ йæхи рæстытæ кæнынмæ фæцис.

— Арæби, мæ зæрдæ дæр æм иучысыл фехсайдта, сыгъдæг туаллаг ныхас куы нæ кодта, уæд, фæлæ, раст дын куы зæгъон, уæд æм æппындæр ахуыргонд лæджы хуызæнæй ницы бафиппайдтон. Раст мæнæ нæхимæ хохаг æнахуыргонд хуымæтæг лæг... Суанг йæ сæрæй йæ къæхты онг. Зачъе уæд, рихи уæд, худæй, цухъхъайæ, бæрцытæй, куырæттæй æмæ хъамайæ — сыгъдæг хæххон ирон лæг. Мæ дзæкъул дæр мын исгæ кодта, æз, — дам, кæстæр дæн æмæ йæ ахæссон. Стыр ахуыргæндтæ æмæ хицæуттæ сæ сæрмæ ахæмтæ хæссынц! Куыд нæ стæй!

Æфсæрмы бынаты бахаудта уæллагкоймаг. Бирæтæ йын бауайдзæф кодтой, Къостайы кæй нæ базыдта, уый тыххæй. Фæлæ алыхатт дæр раст кодта йæхи. Арæби, æз, дам, никуыма федтон ахæм стыр ахуыргонд лæг. Мæнæ, дам, пъырыстыфы раз æмризæджы цы хъæуыхицау фæризы, уый дæр ма, дам, цавæрдæр рæхысгонд æрæфтауы йе ’фцæджы, суанг ма, дам, стражниктæн дæр сæ риутыл, се уæхсчытыл цыдæртæ ферттивы, Къостайæн та йæ риуыл æгънæджыйас майдан дæр нæ уыди. Уыцы хабæрттæ сыхъуыстысты Зруггомы рæбинагдæр хъæу Уæллагхъæумæ дæр. Æмæ уым дæр чидæртæ амæстæй марынмæ рахъавыдысты сæ хъæуккаджы, фæлæ та-иу уый йæхи раст кæнынмæ фæцис:

— Арæби...

Куыдфæстæмæ йын йæхи дæр «Арæби» хонын байдыдтой, фæлæ сæм нæ мæсты кодта.

— Мæнæн Къоста мæ дзæкъул дæр ма иста хæссынмæ, фæлæ сымахæй уæ иуы дæр, дзæкъулы дæр ничи фæхæсдзæн Къостамæ — зæгъгæ, уыд йæ дзуапп...

Нæ уазджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй уыцы уæллагхъæуккагæн йæхи цот дæр Къостайыхъæуы æрцардысты. Йæхæдæг, мæгуырæг, хохæй ралидзыны рæстæгмæ нал фæцард.

1979 аз

ХЪАМБЕРДИАТЫ МЫСОСТ

Хъæздыг, фæлæ донцух мæрыл цы хор байтыдæуыд, уый æвзартæ фæскъæвда куыд ныггуыпп ласынц, афтæ ныггуыпп ласта Стыр Октябры революцийы фæстæ ссæдзæм азты советон ирон литературæйы æрыгон фæлтæр. Дзæвгар уыдысты уыцы фæсивæд: Фæрнион, Дæбе, Цыппу, Геор, Хъазыбег, Тазе, Хадзыбатыр, Тæтæри, Хадо, Давид æмæ ноджы бирæтæ. Æмæ уыдонæн се ’ппæты астæу бирæ цæмæйдæрты бæрæг дардта Хъамбердиаты Бимболаты фырт Мысост.

Кæй ранымадтам, уыцы фысджытæй алчидæр зыдта уырыссаг æвзаг, фæлæ Хетæгкаты Къостайæ фæстæмæ — мадæлон æвзагыл дæр æмæ уырыссаг æвзагыл дæр Хъамбердиаты Мысосты хуызæн уацмыстæ ничи фыста. — Мысост йæ сабийы бонты базыдта уырыссаг æвзаг æмæ уырыссаг литературæ. Дыууæ æвзагыл дæр ын цы аив уацмыстæ рацыд, уыдон нæ советон литературæйы цы бынат ахсынц, уый зонынц чиныгкæсджытæ. Æ з ам зæгъынмæ хъавын æрмæст дыууæ ныхасы, Мысостимæ-иу кæм фембæлдтæн, уыдæтты тыххæй.

Газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Æвзонг тых»-ы руаджы Мысосты ном дардыл айхъуыст Ирыстоны. Уый уыд ссæдзæм азты. Арæх æмбæлдыстæм кæрæдзийыл, фæлæ ирддæрæй лæууы мæ зæрдыл, 1927 азы Мæскуыйы куыд фембæлдыстæм, уый. Æз ахуыр кодтон журналистты институты, Мысост та — аивæдты рабфачы. Иуахæмы йыл фембæлдтæн Мясницкийы уынджы (Ныр Кировы уынг). Мысост уыд дзыхъхъынног костюмы æмæ мын аппæлыд, Мæскуыйы журналтæ йын цы уацмыстæ ныммыхуыр кодтой, уыцы гонорарæй сæ кæй балхæдта, уый. Радзырдта мын, фæскомцæдисы чырæн æй секретарæй кæй сæвзæрстой, стæй йемæ чи ахуыр кæны иу ахæм лæппуимæ кæй фæхыл, æмæ кæрæдзийы кæй аууæрстой, уыдæттæ.

— Æмæ уагæры уæ хылы сæр цæуыл уыд? — афарстон æй æз.

— Йæ фындз æгæр нысхъæл кодта æмæ уымæн,— загъта Мысост уырыссагау æмæ ма йæм бафтыдта иронау. — æмæ йæм дзы æз дæр балæвæрдтон.

Куыд мын радзырдта, афтæмæй, кæимæ фæхыл, уыцы лæппу дæр поэт уыди. Йæхи афтæ дардта, цыма зæххон адæймаг нæ уыд, фæлæ уæларвæй æрхаугæ, сæрыстыр, йе ’мбæлттæм касти уæлейæ дæлæмæ, домдта, иннæты ’хсæн ын уæлдай кад æмæ цыт куыд уыдаид, афтæ. Уыдæттæ йын Мысост нæ барста, æмæ афтæмæй фæхыл сты.

1930 азы Мысост сыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ кусын райдыдта газет «Власть труда»-йы редакцийы. Уыцы азы фæззæджы уыд Цæгат æмæ Хуссар Иры фысджыты фыццаг иумæйаг съезд Цхинвалы. Уырдæм делегат уыд Мысост дæр. Цхинвалмæ дзæбæх ныххæццæ стæм. Уæвгæ, фæндаг, ныртæккæ куыд у, афтæ æнцон нæ уыд: Дзæуджыхъæуæй Калакмæ — автобусы, Калакæй Гурмæ — поезды, Гурæй Цхинвалмæ та — машинæйы кæнæ файтоны.

Мысост, æвæццæгæн, æгæр бафæлмæцыд уыцы дард фæндагыл æмæ йыл фæзынд йæ низ. Делегаттыл айхъуыст: Мысост фæрынчын æмæ йæ аластой рынчындонмæ.

Дыккаг бон, съезды докладты фæдыл прениты ныхас куы цыд, уыцы рæстæджы, президиумы чи бадт, уыдонæй чидæр æвиппайды фестад æмæ нымдзæгъд кодта. Уалынмæ нымдзæгъд кодтой залы уæвджытæ се ’ппæт дæр. Делегаттæ цин кодтой, Мысост залмæ кæй æрбацыд, ууыл, Мысост йæхæдæг та афтæ фенхъæлдта, прениты чи ныхас кодта, ахæмæн æмдзæгъд кæнынц, æмæ йæхæдæг дæр райдыдта æмдзæгъд кæнын. Раст нæм цыма хур æрбакаст, афтæ фестæм не ’ппæт дæр Мысосты æрбацыдæй.

Съезды фæстæ Цæгат Ирыстоны фысджыты разамонæг Косирати Сæрмæт тыхтæй-амæлттæй ссардта балцæг санаторимæ, æмæ Мысост ацыд уырдæм. Уым фæдзæбæхдæр æмæ кусын райдыдта. 1931 азы кæронмæ та фæтарфдæр, æмæ йын тæрсын байдыдтам.

Иуахæмы йæм бацыдтæн сæ хæдзармæ. Уæды онг ын нæма зыдтон йæ фыд Бимболаты.

— Бахатыр кæ... Дæхи мын куы бацамонис... — æфсæрмыгæнгæ загъта Бимболат. — Мæхи йын куы бацамыдтон, уæд бауад мидæмæ æмæ уайтагъд фездæхт фæстæмæ.

— Мидæмæ! Мидæмæ! Дæ хорзæхæй!— зæгъгæ, мын ацамыдта дуармæ.

Мысосты баййæфтон хуыссæны. Æнауи дæр къæсхуыр уыд, ныр бынтондæр смæллæг, ныффæлурс. Цыма уыдæттæ нæ бафиппайдтон æмæ искуы парчы ныхас кæнæм, ахæм хуызы райдыдтон нæ балцы хабæрттæ, Цхинвалы йыл чызджытæ куыд æмбырдтæ кодтой, уыдæттæ æмæ Мысост бахъæлдзæг, худынмæ дæр фæцис. Йæ худынмæ ма Бимболат дæр æрбакаст дуары зыхъхъырæй.

— Де ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Цин» дæр а дыууæ боны цæттæ уыдзæн,— ын куы загътон, уæд бахудт йæ мидбылты.

Уатæй куы рацыдтæн, уæд мæ Бимболат фæурæдта æмæ мæм хатыр курæгау бахатыд:

— Дæ хорзæхæй, кæд дын амал ис, уæд нæ-иу арæхдæр абæрæг кæн.

Куыд мын радзырдта, афтæмæй, рынчынфæрсæг чи цæуы, уыдонæй иуæй-иутæ тæригъæдгæнæг скæнынц сæхи: «мæгуыр дæ бон», «цыхуызæн сдæ!» æмæ æндæр ахæм зæрдæмæгуыргæнæн ныхæстæ, æмæ уый зындæр у рынчынæн...

Мысосты фыццаг чиныг «Цин»-ы тыххæй типографийы кусджытæ тынг бацархайдтой, цæмæй тагъддæр рацæуа, æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта. Уыдон æмæ Мысосты хæлæртты руаджы чиныг «Цин», Косирати Сæрмæты ном кæмæй ссардта, уый ма Мысост федта йæхи цæстæй.

Фæлæ йæ цард бирæ нал ахаста, фæцис 1931 азы 5-æм декабры.

ДЗАНАЙТЫ ИВАН (НИГЕР)

Дзанайты Иванæн йæхи нæма зыдтон, афтæ йын бакастæн, фыццаг хатт ын мыхуыры цы æмдзæвгæ фæзынд, «Цæр!», зæгъгæ, уый. Уый уыди 1921 азы, «Ирон зарджыты чиныджы». Уыцы чиныджы ма уыди иу-цалдæр фыссæджы æмдзæвгæйы, фæлæ се ’ппæтæй дæр мæ зæрдæмæ тынгдæр ныххызт Нигеры æмдзæвгæ. Æмæ уæвгæ дæр куыд нæ! Хохæй ног ралидзæг уыдыстæм, æмæ æмдзæвгæ цыма иууылдæр мах тыххæй фыст уыд, афтæ мæм фæкаст. Афтæ райдайы:

«Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ,
Нал кæуы сидзæр сыдæй.
Мæгуыры къазхты бын ниуынц йæ марджытæ,
Фидынц сæ бонтæ фыдæй».

Ссæдзæм азты кæрон Иванæн йæхи дæр базыдтон, æмæ уæдæй фæстæмæ арæх æмбæлдыстæм нæ кæрæдзийыл.

1933 азы фæззæджы Иван, Фæрниаты Къоста æмæ æз сфæнд кодтам Октябры революцийы бæрæгбонты Цхинвалмæ ацæуын. Ацыдыстæм автобусы. Цхинвалы Иван æмæ æз æрфысым кодтам уазæгуаты, Къоста та йæ кайыстæм бацыд. Уазæгуат уыд Леуахи-доны хиды цур. Радтой нын хицæн уат.

Цхинвал уыд бæрæгбонхуыз. Бæрæгбоны размæ изæр уыдыстæм Культурæйы галуаны (ныртæккæ — драмтеатр). Доклад кодта обкомы фыццаг секретарь. Æмбырды фæстæ уыд стыр концерт.

Бонæй дæр та уыдыстæм галуаны æмæ бирæ бафæстиат стæм Тугъанты Махарбеджы ног ныв «Зæйластыты агургæйæ»,— уый раз. Иван нал фæрæзта йæ цæстытæ атонын уыцы æбуалгъ цауы нывæй. Рацæй-иу цыдыстæм, фæлæ та-иу фæстæмæ фездæхт æмæ-иу нымдзаст нывмæ. Мæнæ-ма! Ахæм æбуалгъ цаутæ арæх нæ вæййынц адæймаджы царды.

Уый уыд 1932 азы зымæджы. Хуссар Иры кæмттæй иуы — Къуыдаргомы хъæу Арасенда фæцис зæйы бын. Цæргæ-цæрæнбонты уыцы хъæуыл никуы ракалд зæй, фæлæ уыцы зымæг мит фыдбирæ ныууарыд, æмæ раст аходæнафон бабын хъæу æппæтæй дæр. Дыууæ æви æртæ адæймагæй фæстæмæ æгас хъæубæстæй удæгас ничиуал баззад. Ахæм стыр æбуалгъы хабар ма æрцыд 1850 азты кæрон Нары комы. Джинаты хъæуы дыууиссæдз хæдзарæй ма фервæзт æрмæст иу хæдзар — зæронд ус æмæ лæг, сæ хæдзар къæдзæхы бын кæй уыд, уый руаджы, иннæты иу æхсæв баныгæдта зæй йæ быны.

Тугъанты Мухарбеджы ныв асæй дæр стыр у — уаты къулы æмбисы ас. Фыццаг бакастæй дæр æм ныккæрзы адæймаджы зæрдæ. Æрдхæрæны, тæригъæддаг ныв. Фæдисонтæ... Æнæнымæц бирæ адæм зæйы уæлæ арæхыс сты æмæ къахынц. Æппæты разæй, ныртæккæ кæй систой зæйы бынæй, ахæм чындздзон чызг уæлгоммæ хаудæй адаргъ зæйыл, йæ цæнгтæ тыгъдæй баззадысты, афтæмæй. Йæ уæлхъус — лæг æмæ ус кæуынц æмæ дзыназынц, сæ тæригъæд хъарынц арв æмæ зæхмæ. Уыдонæй чысыл фалдæр иу зæронд лæг ныггуыбыр йæ хъис-фæндырыл, йæ алыварс та æд фиййæгтæ лæууынц фæдисонтæ цалдæрæй, нымдзаст сты фæндырмæ æмæ йæм хъусынц къæрцхъусæй. Кæд фæндыр æмыр хъæр скæна, уæд, дам, уыцы ран, зæйы бын адæймаг ис æмæ йæ тагъддæр ракъахын хъæуы, чи зоны ма... стæй æнæуи дæр йæ мард уалдзæгмæ миты бын чи уадзы?..

Иван тынг бирæ фæкаст уыцы нывмæ, Культурæйы галуанæй куы рацыдыстæм нæхимæ, уæддæр бирæ рæстæг нæ хицæн кодта йæ хъуыдыйæ Мухарбеджы нывы, бакаст. Фæстæдæр, 1934 азы журнал «Мах дуг»-ы фыццæгæм номыры фæзынд йæ хъуыстгонд æмдзæвгæ «Хур — фæдисон» Арасендайы сæфты тыххæй.

Æртæ боны фæстæ рацыдыстæм фæстæмæ нæхимæ. Райгонд уыдыстæм не ’ппæт дæр нæ балцæй. Фæндагыл Иван æхсызгонæй базарыд.

Млетмæ ма нæ хъуыдис иу-ссæдз километры бæрц, афтæ скастыстæм Бæрзæфцæгмæ, æмæ нæ зæрдæтæ бауазал сты. Урс-урсид дары æфцæг æмбисæй уæлæмæ. Рацæй-рабон, æмæ дыууæ боны раздæр рауарыд мит. Нæ автобусы шофыр басагъæс кодта, мах дæр хъуыдытыл фестæм. Уæлвæзмæ дзæбæх схæццæ стæм, фæлæ уырдыгæй суанг æфцæджы сæрмæ зæнгбæттæны онг мит. Фыдæбонæй амардыстæм. Сæлæф миты-иу машинæйы цæлхытæ сæ мидбынаты зилдух райдыдтой æмæ та: «Фæстейæ рахæцут!», «Цæлхыты бын дуртæ баппарут!». Ацу æмæ ды агур дуртæ миты бын! Гъе, фæлæ уæддæр стылдтам машинæ тыххæй-фыдæй æфцæджы сæрмæ.

Æртынæм азты райдайæны онг нæ республикæйы астæуккаг скъолатæн æмæ институты ирон æвзаджы факультетæн дæр нæ уыд ирон аив литературæйы хрестоматитæ. Ахуыргæнджытæй чи куыд амалджындæр уыд, афтæ ардта ирон аив литературæйы хицæнæй уагъд чингуытæ, фæлæ уæддæр иуæй-иу чингуытæ къухы не ’фтыдысты, уæлдайдæр та, революцийы агъоммæ чи рацыд, ахæмтæ.

Адæмон ахуырады хайады курдиатмæ гæсгæ облæсты хицауад бауынаффæ кодта, цæмæй æвæстиатæй уагъд æрцæуой ирон литературæйы хрестоматитæ астæуккаг скъолаты алы къласæн дæр. Æртæ æви цыппар къорды арæзт æрцыд хрестоматитæ аразджыты автортæй. Октябры революцийы агъоммæйы литературæйы хрестомати лæвæрд æрцыд Иван æмæ мæнмæ.

Къостайы «Ирон фæндыр» ма арæх уыд адæммæ, фæлæ иннæ авторты чингуытæ ссарынæн тынг бирæ рæстæг бахъуыди. Агуырдтам нæ дыууæ дæр. Иу-цалдæр чиныджы ма ссардтам Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты чиныгдоны. Афтæмæй æрæмбырд кодтам Хетæгкаты Къостайы, Мамсыраты Темырболаты, Гæдиаты Секъайы, Гуырдзыбеты Бласкайы, Къубалты Алыксандры, Коцойты Арсены, Тлатты Хохы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Кочысаты Розæйы, Хъороты Дауыты, Илас Æрнигоны, Æбати Шамилы æмæ æндæрты чингуытæ æмæ уацмыстæ.

Хрестоматимæ хъуамæ бахастаиккам критикон уацтæ дæр, фæлæ уыдон зындæр агурæн уыдысты. Къухфыст «Октябры Революцийы агъоммæйы ирон аив литературæ» куы сцæттæ, уæд та нæ разы февзæрд æндæр зындзинад: программæтæ аразын. Иу стæм уацмыстæй фæстæмæ (Къоста æмæ Елбыздыхъойы уацмыстæ) иннæтæн мыхуыры никуыма уыдис аргъгонд æмæ сын мах нæхæдæг хъуамæ бацамыдтаиккам сæ ахаст æмæ сæ хъуыды. Хъуыды ма кæнын, бирæ радзур-бадзуры сæр нæ бахъуыд Кочысаты Розæйы «Гæды лæджы» тыххæй: цы у йæ хъуыды, цæуыл дзурæг у? Уымæй ноджы дæргъвæтиндæр рауад Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты — мæлæт»-ы хабар. Хрестомати аразджытæ куыд æмбæрстой авторы хъуыды, афтæмæй æргом бæрæг у: пъырыстыф ныццавта Хъырымы. Хъырым уыцы худинаг йæ сæрмæ не ’рхаста æмæ амардта пъырыстыфы. Худинаджы бæсты ауæлдай кодта йæ цард. Фæлтау мæлæт хуыздæр. Ахмæт йæ быгъдуан бакодта сæ хъæуы рæгъау. Рæгъауæй исты куы фесæфа (давд æрцæуа æви тыхæй ист — уæлдай нæу), уæд уый сæ гæсæн худинаг у. Æмæ Ахмæт дæр уыцы худинаджы бæсты райста мæлæт. Цыбырныхасæй, сæ иу дæр худинаджы бæсты йæхицæн саккаг кодта мæлæт æмæ иннæ дæр.

Уыцы хъуыды раст нæ фæкаст облæсты ахуырады кусджытæй кæмæдæрты. Уыдон та афтæ дзырдтой: Хъырым амардта паддзахы фæсдзæуин пъырыстыфы. Уымæй уый бакодта революционеры ми. Ахмæт та фæстæзад зондахастыл хæцæг адæймаг у, нæ баххуыс кодта революционерæн. Хъырым — æвæрццæг хъайтар, Ахмæт та — æппæрццæг хъайтар. Ницуал давтой нæ ныхæстæ, Хъырым фæстагмæ адæмы цæстысындз кæй сси, уыдæттæ. Иу-цалдæр хатты нæ цæуын бахъуыд облæсты ахуырады хайадмæ æмæ обкомы скъолаты хайадмæ хъуыддæг сбæлвырд кæнынмæ.

Хрестоматийыл куы куыстам, уыцы рæстæджы мæ иу-бон Иван æхсызгонæн бахъуыд, æмæ йæм ссыдтæн институтмæ. Иван уыцы аз институты студенттæн касти лекцитæ рагон бердзенаг литературæйы тыххæй. Урок уыд йæ тæккæ тæмæны. Аудиторийы дуар йе ’мбисæй уæлæмæ авгæй уыд, æмæ мæм Иван дзæбæх зынд. Лæууыд кафедрæйы фæсте æмæ дзырдта рагон бердзенаг литературæйы тыххæй. Ацы ныв мæ зæрдыл уæлдай ирддæрæй уый тыххæй баззад, æмæ Иваны уæды онг ахæм хуызы дзургæ никуыма федтон. Нæ иумæйаг æмбырдты куыд ныхас кодта, уый цал æмæ цал хатты федтон æмæ фехъуыстон! Цыма-иу тæрсгæ кодта, ома, исчи афтæ куы зæгъа, йæхицæй æппæлы, иннæтæй йæхимæ зондджындæр кæсы, уыйау-иу йæ ныхæстыл арæх æфтыдта ахæм дзырдтæ: «мæнмæ гæсгæ», «чи зоны», «афтæ мæм кæсы» æмæ æндæр уыдон æнгæс дзырдтæ. Сæрмæт ма-иу æй хатгай амæстæй марынмæ дæр рахъавыд: «мне кажется», «может быть» — уыцы дзырдтæ, дам, æгæр бирæ вæййынц дæ ныхасы. Иттæг хорз цы зыдта Иван, æппындæр гуырысхо цæуыл нæ кодта, уыдæтты тыххæй дзургæйæ дæр цыма æфсæрмы кодта комкоммæ зæгъын (искæмæ афтæ куы фæкæса, йæхицæй æппæлы).

Ныр æм лекци кæсгæйæ куы байхъуыстон, уæд æй нал базыдтон. Иван афтæ æнæфæкъæзгæйæ дзырдта, æмæ мæм фæкаст, цы уыд, уымæй дыууæ хатты бæрзонддæр, мæхæдæг та цыма скъоладзау фестадтæн æмæ йæм хæлиудзыхæй хъуыстон.

Нæ уарзта Иван хиппæлой æмæ, «æз», «æз» чи кæны, ахæм адæймæгты, хи стауын æмæ ’вдисын йе ’нæуынон уыдысты. Куыд уæздан, куыд æфсæрмдзæстыг æмæ нымд уыди Иван, уымæн ма иучысыл æвдисæн. Æртынæм азты Косирати Сæрмæт æрхуыдта Мæскуыйæ йæ зонгæ нывгæнæджы, кæддæр альманах «Зиу»-ы чи снывджын кодта, уый — Слуцкийы. Бирæ рæстæг фæцис уый ам æмæ Нары дæр. Ныффыста бирæ нывтæ, уæлдайдæр та хæхты хуызтæй. Наукон-иртасæг институты залы сарæзта йæ нывты равдыст æмæ æрхуыдта адæмы. Нывтыл æрдзурыны размæ Иванимæ кастыстæм Хæхты æмæ Нарыхъæуы нывмæ. Слуцкийы куыстæн саргъ кæныны ныфс мæнмæ нæ уыд, фæлæ Иванимæ æргомдзырд кæй уыдыстæм, уыйфæдыл мæхимидæг загътон, зæгъын, æгæр алыхуызон ахорæнтæ ныккалдта нывгæнæг, хæхтæ æмæ хæххон хъæутæм æз дардæй куы бакæсын, уæд мæм тынгдæр уыцы иухуызон æнкъард æмæ тарфæныкхуыз фæкæсынц.

Равдыстмæ чи ’рцыд, уыдон райдыдтой дзурын. Радзырдта Иван дæр. Уымæ дæр нывтæй иуæй-иутæ æгæр æрттиваг æмæ хъулон-мулон фæкастысты. Æмæ уыдæттыл куы дзырдта Иван, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: «Æниу, уыцы хъуыды Куыдзæг мæнæй раздæр загъта...» Мæнæн хъыггомау уыд уыцы ныхас æмæ Иван йæ ныхас куы фæцис, уæд ын бауайдзæф кодтон, зæгъын, мæн та ма дзы цы фæтъыстай, мæ фиппаинаг мæм афтæ зондджын куы кастаид, уæд мæхæдæг дæр ныхасы бар ракуырдтаин, уыцы хъуыды æз куы нæ загътаин, уæддæр æй ды загътаис...

Цæгат Ирыстоны фысджыты организаци бауынаффæ кодта фысджытæй иу къорды арвитын куыстуæттæ æмæ хъæутæм, цæмæй ныффыссой очерктæ заводты, фабрикты, арæзтадты æмæ колхозты раззагдæр æмæ сгуыхтдæр кусджыты тыххæй. Æмæ ацыдысты фысджытæ иугæйттæ æмæ дыгæйттæй нæ республикæйы алы къуымтæм.

Æртынæм азты райдайæны нæ облæсты тæккæ стырдæр арæзтадыл нымад уыди Джызæлдонарæзт. Гъе, æмæ Иван æмæ æз нысангонд æрцыдыстæм уырдæм, уымы раззагдæр кусджыты тыххæй очерктæ ныффыссынмæ. Иван гуырысхо кодта, ома, нæ очерктæ зæрдæмæдзæугæ куы нæ рауайой, арæзтад æмæ куыстуаты техникæ æмæ кусджыты психологи арф кæй нæ зонæм, уыйфæдыл, хъæууон адæмы зæрдæйы ахаст куыд зонæм, уыимæ абаргæйæ. Æз ын загътон, зæгъын, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусгæйæ æз арæх цыдтæн Джызæлдонарæзтмæ æмæ чысыл цыдæртæ базыдтон, уымæй фылдæр та нæ хъæугæ дæр нæ бакæндзæн йæ техникæ зонын. Кусгæ дзы чи кæны, уыдонæй та бирæтæ мæ зонгæтæ сты, стæй сæхæдæг знон дæр ма хъæууон цæрджытæ уыдысты.

Автобусы бацыдыстæм Хъобанмæ, городокмæ. Арæзтады хицау нын радта хицæн уат, æмæ уым æрбæстон стæм.


Дата добавления: 2015-07-12; просмотров: 266 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДЗЭН СЕКСУ| ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.054 сек.)