Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Сау дарын æмæ саударæг

Читайте также:
  1. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница
  2. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница
  3. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница
  4. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница
  5. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  6. Адам,тұлға, азамат ұғымдарының арақатынасы
  7. Адам», «индивид», «тұлға», «даралық» ұғымдарына сипаттама.

 

Саударæг йæхимæ райсы уæззау æмæ кадджын хæс — йæхи схицæн кæны æнцонад, æхцонад æмæ царды цинтæй æмæ уый аргъæй дунедарæг иунæг Хуыцауы раз амæлæгæн æлхæны мæрдты удыбæстæ.

Амæлæг адæймаг кæд уæлæуыл Хуыцауы раз истæмæй азымджын кæнæ тæригъæдджын уыдис, уæд ын йæ тæригъæд саударæг йæхимæ райсы, æмæ йын æй утæхсæн æмæ æрхæндæгæй уæлæуыл фæфиды.

Саударæг йæхæдæг йæ алыварс уæвæг адæмæн уаз у, йæ ми, йæ архайд та мæрдты удыбæсты аккаг у.

Ирæттæ сау дарынц барвæндонæй, мардæн йæ амæлæты бонæй фæстæмæ къаддæр-уæддæр мæйы дæргъы, саутæ сисынц марды кæндтæй кæцыдæр бон, фылдæр Зæхæссæны, Зæлдæвæрæны, Майрæмыкуадзæны, Бадæнты кæнæ та афæдзы хисты бон. Нæ рæстæджы, афæдз сау чи фæдары, ахæмтæ стæм сты. Фылдæр хатт сæ саутæ сисынц дыууиссæдзæм боны. Афæдзæй фылдæр сау нæдардæуы.

Сау дардæуы ныййарæгыл, мадызæнæгыл, хæстæг хионыл, æрдхордыл. Усыл æмæ каисыл æргом сау дарын аив нæу, æнæуи сын цы ’мбæлы, уый кæнынц. Сау нæ дардæуы хъодыгонд адæймагыл, стæй ма, Хуыцаумæ чи нæ кувы æмæ йе ’цæгдзинад кæй нæ уырны, ахæм адæймагыл.

Цы ’мбæлы æмæ цы не ’мбæлы саударæгæн:

— саударæг кæны, хæдзары уæззаудæр цы куыстытæ ис, уыдон, амонын дæр ын сæ нæ хъæуы;

— хъæлдзæгдзинæдтыл (кафыныл, зарыныл, худыныл) къух сисы, музыкалон инструменттыл нæ цæгъды;

— циндзинадмæ (куывдмæ, хъазтмæ, чындзхастмæ, чызгæрвыстмæ æмæ æндæр ахæмтæм) нæ цæуы;

— адджинæгтæ нæ хæры, бæгæны æмæ карз нозт нæ нуазы;

— кæд уавæр нæ домы, уæд хæцæнгарз къухмæ нæ исы;

— æнцон æмæ æхцонадыл къух сисы, уыимæ сылгоймагимæ æмуатон уæвыныл;

— хуыссы хъæбæр хуыссæнуаты;

— дæрдджын æмæ тар уæлæдарæсы цæуы;

— сæрыхъуын æмæ зачъемæ цыргъаг (хæсгард, сæрдасæн, æлвынæн) нæ истæуы.

Сау цæнгбæттæн, амæлæджы сурæт (хуызист) риуыл нæ дардæуы, уый ирон æгъдау нæу.

Куыд уынæм, афтæмæй саударын канд тар уæлæдарæс хæссын æмæ хилтæ нæ дасын нæу. Уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы митæ, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, чи не ’ххæст кæны, уымæн саударæг рахонæн нæй, уый мардæн ницы пайда у, йæхæдæг та йæхи худинаг кæны. Иуæй-иутæ сæ хилтæ ныддасынц æмæ сæ марды уæлмæрдыл баныгæнынц. Уыцы митæн бындур нæй.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 64 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)