Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница

Читайте также:
  1. 1 страница
  2. 1 страница
  3. 1 страница
  4. 1 страница
  5. 1 страница
  6. 1 страница
  7. 1 страница

Чидæртæ æртхуроны хонынц арты æмæ низты бардуаг — уыдон сты æнæбындур, æрымысгæ ныхæстæ.

Æртхуронæн йæ ном, йæ конд (Хуыцауы хъузон — хуры æнгæс), йæ чъирифыст, йæ гаха, стæй ма йæ Ног азы къæсæрыл Хуыцауæн кæй кувынц, уыдон иууылдæр амонынц, Хуыцау адæмы цардхъомæн цы сæйрагдæр фæрæзтæ радта, уыдон: хур, арт, рухс, хъарм. Æртхуронæй Хуыцаумæ дæр уымæн фæкувынц, цæмæй уыцы цардыхостæ удгоймæгтæн æнусмæ уой — хур ма баталынг уа, «арт ма бауазал уа».

В а р и а н т: «Æхсæв бонæй, зымæг сæрдæй ивæг æмæ ацы Дуне сфæлдисæг иунæг кадджын Стыр Хуыцау, табу дæуæн! Табу дæ цытджындзинадæн!

Абон, Ногбоны къæсæрыл, дунейы дзыллæ дæумæ кувынц æмæ йæ дзыхæй фарн кæмæн схауа, уый æмбал мах дæр фæкæн! Мах дæ табугæнджытæ стæм, ды нæ хæрзгæнæг фæу! Табуафси, Дунедарæг, нæ ног аз нын фарн, амондимæ рауадз! Цард æвæлмон, æнæ зындзинæдтæ никуы уыдзæн, фæлæ нын нæ сабиты, нæ фæсивæды хæсты фыдбылызтæй бахиз!

Афæдзы дæргъы дæуæн, нæ буц Хуыцау, куывдты дæ цытджын ном арынхъом куыд уæм, ахæм хорз нын ракæн! Табу дæхицæн, табу де стырдзинадæн!

О Иры æргом зæд — тæхгæ-нæргæ Уастырджи — табу дæхицæн! Нæ цард, нæ хъуыддæгтæ фыдæй бындурмæ дæуыл фæдзæхсæм, æмæ, дæ хорзæхæй, дæ къух ныл макуы сис! Ацы ног азы къæсæрыл нæ кæстæрты хъуыдытæ æмæ фæндтæ дæ бæрны кæнæм, æмæ сын уæлахиздзинад ратт! Хæсты фыдбылыз, хæсты артæй нын сæ бахиз! Нæ бæлццæттæ де уазæг уæнт! Дæ сызгъæрин къабазы бын сæ рæсугъд фæндæгтыл уадз! Табуафси!

Сызгъæрин тæбæгъты дын фæкуывдæуæд, Мадызæд (Мады-Майрæм)! Табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Нæ саби, нæ сылыстæг дæуыл фæдзæхсæм æмæ сыл, дæ хорзæхæй, аудæг у! Нæ ног аз нын сабиджын æмæ кæхцарæх фæкæн! Нæ сабиты уæнджы нын æвæлмас æмæ æнæниздзинад ныффидар кæн! Мадæлтæй алкæй дæр нæлгоймаджы узæлд æмæ ныййарæджы цинæй бафсад! Иры дзыллæйы æвæд æмæ фыдвæдæй бахиз! Ныййарæг йæ хъæбулы фæстаг бон куыд никуы фена, ахæм хорз ын ракæн! Табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн!

Бæрзонд Арвуацилла, арвы хорзæхтæй нæ хайджын фæкæн! Арвы фыдбылызтæй та нæ хизгæ бакæн! Дæ рæдаудзинад нын нæ удты фæллойæн ма бавгъау кæн! Хоры хорзæхæй нæ бафсад! Табу дæхицæн!

Нæ зæрдæхæлар Бынатыхицау, дæуæн дæр æхцон уæд! Ацы бынаты фарн макуы бавзийæд, ныронг æй куыд хызтай, дæ хорзæхæй, афтæ нын æй хиз! Бынатмæ фыдæх, фыдбылыз æмæ фыдгул макуы ’рбауадз! Мидæмæ цæуæг — амонд хæссæг, æддæмæ цæуæг — фæндарастгæнæг!

Артдзæсты уæздан Сафа, табу дын уæд! Хæдзары бинонтæн дæ артдзæсты фарнæй хай кæн! Кæрæдзийæн уарзон, барон куыд уой, ахæм хорз сын ракæн!

Фæлвæра, Реком, табу уæхицæн уæд! Уæ хорзæхтæй цины хъуыддæгтæ æмæ куывдтæ куыд кæнæм, ахæм арфæ нын ракæнут! Ног азы нæ фос — нæ ис сымахыл фæдзæхсæм, табуафси!

Бæркад хæссæг, фыдбылыз сафæг авд-авд Мыкалгабыры, сымахæн дæр æхцон уæд! Нæ бæркад, нæ бæрæчет нæ стонгæй бахизæд! Нæ гон, нæ хæлцыстон нын уæле хъаугæ, бынæй ахадгæ фæкæнут!

Зæдтæ, дауджытæй афтæ чи зæгъа: «Уыцы ногбоны фынгыл мæ ном куы ссардтаиккой, уæд æргом ахъз бакодтаин», уымæн дæр — табу!

Дуне сфæлдисæг Хуыцау, ацы сыгъдæг кувинæгты руаджы фыдæлтæ дæуæй цы фарн æмæ цы хорздзинæдтæ куырдтой, мах дæр дæ гъе уыдон курæм æмæ, дæ хорзæхæй, æвгъау нын сæ ма бакæн. Табу дæхицæн!

Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ, а цы фынгыл уæ лæвар бæркæдтæ сты, æмæ сæ фенут, барст уын уæнт.

Дуне скæнæг Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ, ацы фынджы фарнæй нæ хайджын фæкæнут, йæ бæркад, йæ бæрæчет та уын барст уæд!

Не сфæлдисæг Хуыацау, кæд Иры дзыллæ дæ разы истæмæй азимаг сты, уæд сын, дæ хорзæхæй, бахатыр кæн! Табу дæхицæн!»

Ногбон дæр Ног азы хуызæн нымад у бинонты бæрæгбоныл, уымæ гæсгæ, цы кувинæгтæ скæнынц, уыдон скувы бинонты хистæр йæхæдæг. Кæд æмæ бинонтæ кусарт акæнынц, уæд хæстæг сыхбæстæй искæмæты фæдзурынц, æрбахонынц сæ æмæ уыдонимæ иумæ скувынц. Ногбоны куывдæуы Стыр Хуыцаумæ æмæ æппæт зæдтæ æмæ дауджытæм, ома, чындæуы стыр скуывд.

Ногбоны ’хсæв-иу нæ фыдæлтæ артдзæстыл бавæрдтой стыр къодах райсомы хурыскастмæ — ногбонмæ чи сыгъдаид, ахæм (кæс сæргонд «Иуæй-иу ныхæстæ æмæ нысæнтты мидис»).

Ногбоны уæлибондзинад канд фынгæвæрдæй нæ вæййы, фæлæ ма хистæртæ бацархайынц, бинонтæй, сыхбæстæй алчи дæр хъæлдзæг æмæ зæрдæрухс цæмæй уа, ууыл. Уынгты æмæ кæртыты скæнынц æртытæ æмæ «Сой, фиу» фæкæнынц (кæс дæлсæргонд «Цыппурс»), донбылтыл æмæ уырдгуытыл дон ныссæлын кæнынц дзоныгътæ уадзынæн. Иуæй-иу хъæуты лæгъз ран скæнынц, «Долапи» кæй хонынц, ахæм дзоныгътыл зилгæбырдгæнæн (каруселъ). «Долапи» скæнынæн хъæуы уæрдоны сæмæн, йæ иу кæрон — цалх, афтæмæй йæ ныссадзынц зæххы (цалх уæлæрдæм). Цалхыл бафидар кæнынц даргъ хъил, хъилы иннæ кæроныл бабæттынц дзоныгъ, дзоныгъы сбадынц цалдæрæй, дыууæ-æртæ лæгæй та хъилыл рæбыноз æрхæцынц æмæ дзы цалх йæ сæмæны алыварс тыхджын æрзилын кæнынц, дзоныгъы бадджытæ зилгæ-зилын митыл куыд атулой (ахауой), афтæ.

Уыцы ’хсæв фæсивæд мæнгцæсгæмтты фæзилынц кæрæдзи хæдзæрттыл, фыццаг хæдзары дуармæ кæнæ кæрты æрлæууынц æмæ азарынц «хæдзаронты» зарæг (кæс XV сæргонд 28 фиппаинаг). Фылдæр хатт уый вæййы Къостайы «Нæуæгбонты зарæг», æрмæст ма йæм базард: «Ой, уæрæйдæ-ой!» бафтауынц. Уыйфæстæ райдайынц алыхуызон кæфтытæ æмæ айуандзинæдтæ, цалынмæ сын «æгъдау» рахæссынц, уæдмæ (кæс дæлсæргонд «Цыппурс»). «Æгъдауæй» Хуыцауы ном цыбырæй ссарынц, алчидæр дзы саходы, стæй, сæ фысымтæн арфæ ракæнгæйæ, æмæ заргæ ацæуынц дарддæр.

В а р и а н т арфæйæн: «Ног аз уын ног хæрзтæ ракæнæд!

Царды хорз ногдзинæдтæй хайджын ут!

Ног азы фыдбылызæй хызт ут!»

Кæнæ:

«Ног аз уын фарн, амонд æрхæссæд. Уæ низтæ, уæ фыдбылызтæ Ногбоны къодахау фæнык фестæнт!»

Райсомы хур куы скæсы, уæд сыхбæстæ æмæ хионтæ кæрæдзимæ фæцæуынц арфæтæ кæнынмæ. Семæ ахæссынц хоры нæмгуытæ кæнæ лыстæг æхцатæ æмæ сæ, арфæ кæмæн ракæнынц, уый хæдзары пъолыл байтауынц. Хионтæ кæрæдзимæ дард куы фæцæрынц, уæд кæрæдзийæн Ногбоны арфæтæ фæкæнынц телефонæй кæнæ телеграммæтæй. Ногбоны агъоммæ алы хæдзары бинонтæ дæр фæархайынц, хæс кæмæй фæдарынц, уыдонæн сæ бафидыныл, азымджын кæмæй сты, уыдонæй хатыр ракурыныл æмæ бафидауыныл. Ногбонмæ бæтгæмæ, кæд гæнæн ис, уæд ницы истæуы, искæйы дзаума хæдзары нæ уагъдæуы, хи дзаума та искæмæ нæ уагъдæуы. Бæлвырд бафснайынц бæстыхæйттæ, базилынц æмæ сцалцæг кæнынц хæдзары дзаумæттæ.

Адæм Ногбоны кæрæдзимæ уæлдай хæлар цæстæнгас дарынц, кæнынц узæлгæ лæгъз ныхас, хиуылхæцгæ митæ, æвдисынц зæрдæхæлардзинад æмæ рæдаудзинад.

Бинонтæй рох нæ вæййынц сæ мæрдтæ дæр. Ногбоны хурыскастимæ хæдзары хицау кæрты кæнæ хæдзары дуармæ дыууæ чысыл хъæмпы тъыфылæй арт скæны æмæ фæзæгъы: «Рухсаг ут, нæ мæрдтæ, дзæнæты бадут! Уæ зынджы хай макуы ахуыссæд!» Уыцы арты раз «Сой», стæй фынгæвæрдтæ нæ чындæуы.

5. АМОНДКУРÆН ÆХСÆВ, ЧЫЗДЖЫТЫ ’ХСÆВ (Хъысмæтæвзарæн). Кæнынц æй Ногбоны (Тъæнджы мæйы 14-æм бон), куы баизæр вæййы, уæд. Бинонты ’хсæн чызджытæ цал вæййы, уалæн скæнынц фæйнæ æртæ хæрз чысыл уæлибæхы (æртæдзыхон гуылтæ) æмæ сын сæ мад кæнæ фыды мад скувы —Хуыцау æмæ Мады-Майрæммæ батабу кæны.

В а р и а н т: «О нæ бæрзонд Хуыцау, о сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу! Табу уын уæд! Мæнæ адон сымахмæ кувгæйæ мæгуырæй схастон æмæ, табуафси, уæ хорзæхæй, амондджын сæ фæкæнут гъе ныр!

Алчи дæр сæ æнæнизæй, æнæ фыдбылызæй, æнæхудинагæй куыд бахъомыл уа, ахæм хорз сын ракæнут! Кæд уæ цуры истæмæй сæргуыбыраг сты, уæд сын æй, табуафси, ныххатыр кæнут! Алкæмæн дæр сæ амонд ссарын афон у, æмæ хорз амæндтæ куыд ссарой, ахæм арфæ дæр сын ракæнут! Табу, Табу уæхицæн!»

(Æвдайаздзыд Хæуытаты Аминæты ныхæстæ, 1969 аз.)

Мад куы скувы, уæд чызджытæй алчидæр, йæхи гуылтæй æмæ бæгæныйæ саходы. Уыцы ’хсæв чызджытæ хъазгæмхасæнты сæ базты бын бакæнынц сæ дзабыртæ, ома, дам, уæд фыны йæ мойаджы фены. Уыцы изæр æмæ дыккаг бон бинонтæ чызджытыл уæлдай æнувыддæр вæййынц, зæрдæлхæнæнтæ æмæ сын кæстæриуæг фæкæнынц.

6. ДОНЫСКЪÆФÆН.Ирон адæмæн у иумæйаг, кæнынц æй æрвылаз 19-æм январы ног нымадæй. Ома Чырыстон аргъуыды бон — «Крещение»-йы бон, у Чырыстон динæй райсгæ. Иры фыдæлтæ йæ кодтой сæхи кæнонтæм гæсгæ, бастой йæ Ногбоны бæрæгбонтимæ.

Уыцы бон иу сæударæй, хæдзары бинонты кæстæр сылгоймæгтæй исчи ацыд донисæнуатмæ, йемæ-иу ахаста Ногбоны басылтæй иу, армыдзаг алыхуызон хоры нæмгуытæ æмæ донгарз. Куыддæр-иу хур скаст, афтæ-иу басылы сæр æмæ хоры нæмгуытæ доны баппæрста, стæй иу скуывта йæхинымæры «Хуыцау, табу дæхицæн, дæ хорзæхæй донхъуаг нæ макуы фæкæн, йæ фыдбылызæй та нæ хизгæ бакæн». Уыцы митæн сæ рагбавæрд нысан — сæ символикæйы мидис уыдис Хуыцауæй ног азы бинонтæн æмæ азы тыллæгæн доныхорзæх ракурын, сæууон доны та Хуыцауы комытæфдзыд фæкæнын.

Уый фæстæ-иу дон систа æмæ-иу æй рæвдз — скъæфæгау хæдзармæ бахаста. Дон скъæфæгау кæй хаста, уыйадыл бæрæгбон рахуыдтой Донскъæфæн. Скъæфæгау та йæ кодтой, цæмæй уыцы æвдадзы хосау сæууон дон тагъддæр сатæгæй æмæ йæ уæлфæдзæхстонад сыгъдæгæй бинонтæм фæхæццæ уа, уый тыххæй.

Бинонтæй алчидæр хъуамæ йæ цæсгом æрæнхъæвзтаид уыцы донæй, сахуыстаид дзы æмæ фæдзæхсæн басылæй фæхъæстæ уыдаид. Уыцы донæй-иу чысыл бапырх кодтой хордоныл, къутуйыл æмæ бæстыхайы къæсæрыл, кæнæ кулдуарыл.

Уыйфæстæ — æфсин, уыцы фæдзæхсæн донæй кодта бæрæгбоны æртæ кæрдзыны æмæ сæ хæдзары хицау куывта Стыр Хуыцаумæ, ардта Уацилла æмæ Донбеттыры нæмттæ, гъе стæй-иу бинонтæ фынгыл æрбадтысты æмæ минас кодтой.

Нæ рæстæджы, кæд дон дардæй скъæфын нал хъæуы, уæддæр бæрæгбоны иннæ кæнонтæ адæмæй ферох сты æмæ сæ бирæтæ кæнгæ дæр нал кæнынц.

 

7. ФÆЦБАДÆНТÆ (Фацбадæн). Бæрæгбон райдайы Бадæнты фæстæ дыккаг хуыцауæхсæв æмæ ахæссы фондз боны дæргъы. Бæрæг æй кæнынц æрмæстдæр Дыгургомæй рацæугæ мыггæгтæ. Фондз бонæй бинонтæ иу равзарынц, сцæттæ кæнынц кувинæгтæ æмæ алыхуызон бæркæдтæ æмæ нуазинæгтæ, аргæвдынц хæдзарон мæргътæ, иуæй-иу бинонтæ кусарт дæр акæнынц, æрбахонынц хæстæг сыхбæсты æмæ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мады-Майрæммæ æмæ Алардымæ. Фæцбадæнты рæстæджы быдырон куыстытæ ничи кæны, хæцæнгарз йæ къухмæ ничи исы — нæ фæтчы. Фыдæлтæй цы фæтк баззад, уымæ гæсгæ рынчын чидæриддæр вæййы, уымæн хионтæ, сыхбæстæ фæкæнынц лæвæрттæ, кусарт чи акæны, уыдон та йын арвитынц хай («Фæстинонгæнæггаг»). Фæцбадæнты фæстаг бон (цыппæрæмы) сыхбæстæ, хъæубæстæ скæнынц иумæйаг куывд. Бæрæгбоны хъæубæстæй балцы нæ цыдæуы, уазæг нæ уагъдæуы.

 

8. КОМАХСÆН. У æппæт ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон. Бæрæгбон райдайы Ногбоны фæстæ æстæм къуырисæры æмæ ахæссы дыууæ къуырийы, суанг комбæттæн Хуыцаубонмæ. Комахсæн иуæй-иу хатт райдайы дыууæ къуырийы раздæр — мæй Ногбоны фæстæ куы сног вæййы, уæд. Комахсæнæн йæ фыццаг къуыри хонынц Фыдыкомбæттæн, дыккаг та — Урсы къуыри. Комахсæнæн йæ нысаниуæг у Мархо дарынмæ адæймагæн йæхи бацæттæ кæнын, уымæн æмæ авд къуырийы дæргъы марходарыны уагæвæрдтæ æххæст кæнын æнцон нæу.

А. Фыдыкомбæттæн, Бæрæгбон райдайы хуыцаубоны изæрæй. Уыцы изæр алы хæдзары дæр скæнынц дзаджджын фынгæвæрдтæ. Раджы заманы нæ фыдæлтæ уыцы хуыцаубоны кодтой стур кусæрттæ, стур кæмæ нæ уыди, уыдон та-иу фыстæ аргæвстой. Уымæн рахуыдтой уыцы бон «Галæргæвдæн хуыцаубон». Цæмæй мархо даргæйæ зæдтæ æмæ дауджытæ адæммæ зæрдæхæлар цæстæнгас дарой, ма сæм фæфыдæх уой, уый тыххæй сæ тызмæгдæртæн кодтой сæрмагонд фынгæвæрдтæ æмæ сын табу кодтой, хурыскастæй хурныгуылдмæ та сæ номыл ком дардтой. Хæринаг нæ хордтой Къуырисæры — Алардыйы номыл комдарæн, дыццæджы — Уастырджийы номарæн бæрæгбон, цыппæрæмы — Мыкалгабырты бæрæгбон, майрæмбоны — Мадызæды (Мады-Майрæмы) бæрæгбон. Сабаты райсомæй изæрмæ ком фæдарынц мæрдты удыбæстæн. Раджы дæр æмæ ныр дæр комахсæны фыццаг къуыри нымад уыди æмæ у фыдызгъæл хæрæнкъуырийыл, ома, алы хæрдæн дæр фынгтыл парахатæй æрæвæрынц дзидза æмæ дзидзайæ конд алыхуызон хæринæгтæ.

Комахсæны фыццаг къуырийы дæргъы хионтæ æмæ сыхбæстæ кæрæдзимæ афтæ æнгом вæййынц, æмæ æнæхъæн бинонтæй кæрæдзимæ уазæгуаты фæцæуынц, иумæты сæ бæрæгбон фервитынц. Уыцы бонты сыхаджы не ’рбахонын нымад у худинагыл. Цæмæй сывæллæттæ дæр æфсæст æмæ хъæлдæзг уой, уый тыххæй сын хистæртæ æрхъуыды кæнынц сæрмагонд боны фæтк. Сæйрагдæр вæййынц сыгъдæг уæлдæфы (уынджы) хъæлдзæг хъæзтытæ æмæ ерыстæ.

Б. Урсы къуыриЦæрвтæхæрæн. Урсы къуыри дæр у мархо дарынмæ цæттæгæнæн къуыри. Йæ номæй бæрæг у, Комахсæны фыццаг къуырийæ хъауджыдæр ацы къуырийы фынгтæм фылдæр урсагæй конд хæринæгтæ кæй хæсдзысты, уый.

Урсы къуыри райдайы чырыстон Стыр комбæттæны хæд размæ къуырисæрæхсæв æмæ ахæссы суанг хуыцаубонмæ — комбæттæн æхсæвмæ. Къуырисæрæхсæв ком дарынмæ чи фæцæттæ кæны, уыдонæн скæнынц дзаджджын фынгæвæрдтæ, фынджы бæркæдтæ фылдæр конд вæййынц урсагæй.

Æртæ кæрдзынæй скувынц Хуыцаумæ æмæ Алардымæ. Дыккаг бон Алардыйы номыл ком фæдарынц (хæринаг нæ хæрынц) хурныгуылдмæ, стæй сæ ком суадзынц. Урсы къуырийы иннæ бæрæгбонтæй хъауджыдæр фынгтæм кувинагæн рахæссынц æртæ кæрдзынимæ дзыкка æмæ царв.

Нæ фыдæлтæм Комахсæны бæрæгбонтæ нымад уыдысты æппæтæй хъæлдзæгдæр æмæ райдзастдæртыл. Адæм сæ рæстæг фылдæр æрвыстой уынгты — хъæлдзæг хъæзтыты. Хъыгагæн, уыцы райдзаст бæрæгбонтæ ирон адæмæй бирæтæ нал кæнынц. Комахсæны бæрæгбонтæ ныр дæр адæмæй рох нæма сты æмæ сæм се ’ргом здахынц. Адæм уæд вæййынц уæлдай зæрдæхæлар, раздæр кæрæдзиимæ хъаугъа чи фæкæны, уыдон дæр бафидауынц. Алы адæймаг дæр бацархайы, цæмæй йыл мархойы къуыритæ удсыгъдæгæй ахицæн уой, ууыл. Гæнæн æмæ амал куы вæййы, уæд хæцæнгарз йæ къухмæ ничи исы, скуынæг кæнынц уыцы бонты, цыргъаг кæм хъæуы къухмæ райсын, уыцы куыстытæ. Кусарт дæр нæ чындæуы. Урсы къуыри нымад у бинонты бæрæгбоныл, уымæ гæсгæ æцæгæлон адæм кæрæдзимæ æнæ исты ахсджиаг хъуыддагæй нæ цæуынц.

Мархо дарынмæ комдарæг йæхи фæцæттæ кæны дыууæ хуызы:

фыццаг — хæлцæй йæхимæ базилы, цæмæй 5—7 къуырийы дæргъы йæ хъару марходарыны фаг уа, уый охыл;

дыккаг — йæ ком, ахсæн æмæ миддуне ссыгъдæг кæны Хуыцауы комытæф райсынмæ, ома, йæ уд æмæ буар сыгъдæг кæнын райдайы йæ дзых æмæ йæ ахсæнæй. Бæрæгбоны ном дæр дзурæг у ууыл, æрмæст дзырд ахсæн (хуылфыдзаума) уыцы номмæ ницы бар дары.

9. КОМБÆТТÆН. Комбæттæнæн йæ ном дзурæг у йæ мидисыл, ома, мархойы хæринæгтæн ком бабæттын — дзых бахгæнын (нæ сæ хæрын). Бæрæгбон райдайы Урсы къуырийы хæд фæстæ хуыцаубоны изæрæй (къуырисæр æхсæв). Алы хæдзары дæр скæнынц бæркадджын бæрæгбоны фынгæвæрдтæ. Фынгтыл æртæ кæрдзыны æмæ нозтæй уæлдай вæййынц сойджын хæринæгтæ: дзидза, цыхт, царв, дзыкка, æйчытæ æмæ ’хсыр. Скувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Мады-Майрæммæ, Уацилламæ æмæ Чырыстимæ. Дыккаг бон хурыскастимæ райдайы марходарæн æмæ ахæссы суанг Куадзæнмæ.

Мархо ирон адæм дарынц незамантæй нырмæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты номыл. Марходарыны мидисы æвæрд ис цалдæр нысаниуæджы: Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл иузæрдиондзинад равдисын, сæ зæрдæтæ сын балхæнын, цæмæй сæ хæрзтæ адæмæн æвгъау ма бакæной; Хуыцауæй удыбæстæ ракурыны охыл, ома мæрдты хорз удыбæстæйы аккаг уæвыны охыл удæй æмæ буарæй хи ссыгъдæг кæнын, тæригъæдтæй æмæ дæлимонты тæфагæй хи аиппæрд кæнын. Ирон адæмæн мархо дарын чырыстон динæй райсгæ нæу, баззад сын сæ рагфыдæлтæй, фæлæ сæ кæнонтæ сты дыгъуызон.

10. ТУТЫРЫ (ТОТУРИ) БÆРÆГБОН — СТЫР ТУТЫРТÆ.

Бæрæгбон нæ фыдæлтæ кодтой Комбæттæны фæстæ Мархойы фыццаг бон къуырисæры. Хурыскастæй фæссихормæ Тутыры номыл дардтой ком, нæ хордтой æмæ нæ нызтой. Хурныгуылды размæ та йын кодтой фынгæвæрд мархойы хæринæгтæй (æртæ чъирийы æнæ сой æмæ æнæ урсаджы хъæстæйæ). Куывтой Хуыцаумæ, Уастырджимæ æмæ Тутырмæ. Тутырæй куырдтой канд фосы æнæниздзинад æмæ æнæхъæндзинад нæ, фæлæ ма æндæр хорздзинæдтæ дæр, уымæн æмæ Тутырæн Хуыцау æмæ зæдтимæ хорз ахастдзинæдтæ ис æмæ йæ бон у уыдонæй кувæг адæмæн хорздзинæдтæ ракурын. Нæ рæстæджы адæммæ бирæ фос кæй нал ис æмæ тугдзых сырдтæ кæй скуынæг сты, уымæ гæсгæ бæрæгбон стæмтæй фæстæмæ ничиуал кæны, фæлæ фосы куыст чи кæны, уыдонæй бæрæгбон скæнын рох никуы вæййы.

11. СЫЛГОЙМÆГТЫ ÆППÆТДУНЕОН, БОН.Кæнынц æй тæргæйтты мæйы 8 бон, хонынц ма йæ 8-æм Мартъийы бæрæгбон. У хъæлдзæг фæлладуадзæн бон, стæй фыццаг уалдзыгон бæрæгбон. Уыцы бон Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувыны хæс никæуыл ис, фæлæ æртæ хæбизджынæй сылгоймæгты цардамондæн Хуыцау æмæ Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ) бакувын аипп нæу, уымæ гæсгæ сæм фылдæр ирон бинонтæ кувынц. Уыцы бон сылгоймæгтæн нæлгоймæгтæ арфæтæ фæкæнынц æмæ сын саккаг кæнынц дидинджытæ, лæвæрттæ æмæ æндæр ахæм зæрдæлхæнæнтæ. Æстæм мартъийы бæрæгбон ирон адæм фæстаг азты бæрæг кæнынц тынг зæрдиагæй. Уыцы бон нæлгоймæгтæн уæлдай буцгæнинагдæр вæййынц сæ ныййарджытæ. Лæвар скæнын кæй бон нæ вæййы, уый йæ зæрдæйы уаг равдисы йæ дзыхы ныхасæй. Уый аипп нæу, аипп у æнæрхъуыдыдзинад.

Уыцы бон сылгоймæгтæй алкæмæ дæр æвдыстæуы барондзинад æмæ зæрдæхæлардзинад.

12. РÆСТÆЙЫ БОН.Нымад у сылгоймæгты бæрæгбоныл, кæнынц æй Комбæттæны æмæ Тутыры бæрæгбоны фæстæ цыппæрæмы. Нæ фыдæлтæм ацы бæрæгбон тынг кадджын уыдис, фæлæ ныр, кæд йæ ахадындзинад къаддæр нæу, уæддæр æм зæрдиаг цæстдард нал ис. Кæддæрау стыр куывдтæ ничиуал кæны, фæлæ чызджытæ æмæ зæнæггæнæг кары чындзытæ цы хæдзары ис, уыцы бинонтæ скæнынц æртæ кæрдзыны, фынгтыл æрæвæрынц алыхуызон мархойы хæринæгтæ æмæ кæсæгтæ, æрбахонынц сыхбæсты карджын сылгоймæгты æмæ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ) æмæ Сæрызæдмæ, курынц сæ хæдзары сылгоймæгтæн фарн æмæ амонд, батабу кæнынц Мадызæдмæ, цæмæй конд æмæ уынд радта æвзонг чызджытæн, хорз амонд — чындздзон чызджытæн, бирæ æмæ æнæниз цот — чындзытæн, рæстмæйы хъуыддаг æнхъæлцау устытæн (æнхъæлцау сылгоймæгтæн ма уымæй уæлдай скæнынц сæрмагонд «Рæстæйы куывд» — кæс сæргонд «Сывæллон»).


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 99 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.016 сек.)