Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница

Читайте также:
  1. 1 страница
  2. 1 страница
  3. 1 страница
  4. 1 страница
  5. 1 страница
  6. 1 страница
  7. 1 страница

26. УАЦИЛЛАЙЫ (ХОРÆЛДАРЫ) БÆРÆГБОН.Бæрæгбон æппæт ирон адæмæн дæр у иумæйаг. Скæнынц æй, Куадзæнæй фараст къуырийы кæнæ Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд — къуырисæры. Бæрæгбоны сæйраг нысаниуæг у, цы хортæ байтауынц æмæ бакусынц, уыдон Хоруациллайыл (Хорæлдарыл) бафæдзæхсын æмæ дзы бæрзонд хорæрзад ракурын. Бæрæгбон Ирыстоны иуæй-иу хъæуты кæнынц бон раздæр, фæлæ йæ нысаниуæг æмæ, куыд фæкувынц, уыдон сты æмхуызон. Уыцы бон иуæй-иу хъæуты хонынц «Цыргъ обау»-ы бæрæгбон — кувæндоны номæй. Уациллайы бон алы хæдзары дæр скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд. Фæткмæ гæсгæ бæрæгбоны фынгыл хъуамæ æнæмæнг уа чъиритæ исты зайæг халæй (цæхæраджынтæ, хъолоджынтæ, скъудаджынтæ кæнæ æндæр ахæмтæ). Куывдæуы Стыр Хуыцаумæ, Уацилламæ æмæ Мыкалгабыртæм. Нæ рæстæджы ацы бæрæгбоны иумæйаг куывд арæх нал кæнынц, фæлæ алы хæдзары дæр æртæ кæрдзыны, фыдызгъæл æмæ нозт вæййы.

27. САУХЪÆДЫ ДЗУАРЫ БОН — САУЫДЗУАРЫ БОН. Бæрæгбон вæййы Уациллайы боны фæстæ æртыццæджы. Бæрæг æй кæнынц хохы Хъахъхъæдурæй рацæугæ мыггæгтæ æмæ, хъæдыгуыст чи кæны, уыцы ирæттæ. Скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд æмæ йын йæ ном ссарынц, балæгъстæ йын кæнынц, цæмæй хъæдтæ зынгæй æмæ æрдзон фыдбылызтæй хызт уой, сæ бæркад макуы сыскъуыйа, уый тыххæй. Нæ рæстæджы йæ сæйраг нысаниуæг у хъæдтæ адæймаджы фыдархайдæй бахъахъхъæнын. Саухъæды дзуармæ æртæдзыхон кæрдзынтæй нæ куывдæуы.

28. УАСТЫРДЖИЙЫ (УАСГЕРГИ) БÆРÆГБОН. Кæнынц æй æппæт ирон адæм Кæрдæгхæссæнæй цыппар, Куадзæнæй та иуæндæс къуырийы куы рацæуы, уæд — хуыцаубоны. Иуæй-иу хъæуты йæ кæнынц сусæны мæй Майрæмыкуадзæны размæ. Алы хæдзары дæр вæййы стыр хъæлдзæгдзинæдтæ, бæрæгбоны фынгæвæрдтæ, фæдзурынц сыхбæсты хистæр нæлгоймæгтæм æмæ скувынц Стыр Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ, фæсивæды æмæ бæлццæтты сыл бафæдзæхсынц, ракурынц сын фарн, амонд æмæ сабырдзинад.

Уымæй уæлдай ма йæ амал кæмæн вæййы, уыдон иумæйаг куывдмæ кæнæ Уастырджийы дзуары бынмæ арвитынц æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ бæгæны.

Иумæйаг куывд скæнынц уыцы бон кæнæ дыццæджы, сыхæгтæй фысымы рад кæмæ ’рхауы, уый хæдзары, кæнæ та хъæумæ (сахармæ) хæстæгдæр цы кувæндон ис, уым. Иумæйаг куывд скæнынц, рагацау цы мысайнæгтæ æрæмбырд кæнынц, уыдонæй. Самал кæнынц алыхуызон хæринæгтæ æмæ кувинæгтæ. Иумæйаг куывдмæ «Хъалон» (Æртæ чъирийы, сæ уæлæ кусарты базыг, æдфарс æвдасарм кæнæ физонæг фылдæр хатт — фæрскфизонæг, бæгæны кæнæ æндæр исты нозт) æрбахæссынц, фароны бæрæгбонæй ацы азы бæрæгбонмæ лæппу кæмæн райгуыры кæнæ ус чи ракуры, уый бинонтæ. Уыцы æртæ чъирийы хистæртæ скувынц хицæнæй.

Уастырджийы кувæнбон ма хонынц «Хетæджы бон», Хетæджы Уастырджийы бон». Уæлладжыры комы Тербаты Уастырджимæ чи куывта, уыдон бæрæгбон скæнынц Кæхцгæнæны фæстæ дыццæджы. Уыцы бон иннæ бæрæгбонтæй уæлдай вæййы хъæлдзæгдæр æмæ бæркадджындæр йæ афонмæ гæсгæ — бирæ дыргътæ æмæ халсартæ кæй фæзыны, стæй бæрæгбон æппæтадæмон кæй у, уый тыххæй. Кувæндæтты фæсивæд скæнынц хъазт, фæкафынц, фæзарынц. Бирæ хъæуты скæнынц ерыстæ нæлгоймаг фæсивæды ’хсæн, хъæбысхæст æмæ армæйхæстæй, кафынæй æмæ зарынæй. Куырттаты комы цæрджытæ рагæй æрæгмæ Хетæджы æмæ Дзывгъисы Уастырджийы бонты арæзтой ерыстæ бæхтыл хъазынæй æмæ бæхтыл цæлхдурты сæрты дугъ кæнынæй. Хъыгагæн, нæ рæстæджы ахæм ерыстæ нал аразынц.

29. КÆХЦГÆНÆН — Кæхцхæссæн. Кæнынц æй, Хетæджы Уастырджийы бонæй къуыри куы рацæуы, уæд — хуыцаубоны. Уыцы къуыри йæхæдæг та хуыйны «Кæхцгæнæны къуыри», хонынц ма йæ «Сойгæнæн къуыри» дæр. Бæрæгбон æппæт ирон адæмæн дæр у иумæйаг, кæнгæта йæ кæнынц, ноггуырд лæппутæ цы хæдзары (бинонты ’хсæн) вæййы, уыцы хæдзары бинонтæ æмæ ноггуырдæн йæ мадырвадæлтæ. Кæхцгæнæны æгъдæутты тыххæй бæлвырддæр кæс сæргонд «Сывæллон»-ы.

30. АТЫНÆГ— Цыргъисæн (Циргъйесæн) дæр æй хонынц. Вæййы Кæхцгæнæны фæстæ дыккаг Хуыцаубоны. Уыцы бон бæрæг кодтой хосгæрдæнты райдиан. Уый размæ-иу иумæйаг уыгæрдæнтæ хæдзæрттыл байуæрстой, хæлттæ æппæрстæй. Цыргъисæны бонта-иу сæм кæрдынмæ бавнæлдтой. Фос-иу чи дардта æмæ хосдзау цы хæдзары уыди, уыдон кодтой стыр куывдтæ. Куывтой Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Дзиримæ, цæмæй сын сæ уыгæрдæнты куыстытæ рæстмæ фæкæной, уый сæ куырдтой. Ныр дæр, 15 азы кæуыл сæххæст, ахæм ног хосдзау цы хæдзары вæййы, уыцы хæдзары бинонтæ кæддæрау скæнынц хосдзауы хуын æмæ йæ хосдзаутæн уыгæрдæнмæ ахæссынц (Хосдзауы хуыны тыххæй кæс сæргонд «Сывæллон»-ы).

31. МАЙРÆМЫКУАДЗÆН.Майрæмыкуадзæн алы аз дæр бæрæг кæнынц Майрæмы — августы мæйы фæстаг майрæмбоны, чырыстæтты динмæ гæсгæ. Бæрæгбон у æппæт ирон адæмæн иумæйаг. Алы хæдзары дæр скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд, скувынц Стыр Хуыцаумæ æмæ Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ). Курынц сæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæн æнæниздзинад, царды цин æмæ ныфс. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты Мадызæдмæ бафæдзæхсынц. Уыцы бон стыр куывдтæ æмæ егъау фынгæвæрдтæ ничи кæны, скæнынц æртæ чъирийы, æмæ сæ бинонты хистæр йæхæдæг скувы.

Майрæмыкуадзæн канд бæрæгбон нæу, фæлæ ма у марды кæнды бон дæр. Йæ амардыл афæдз кæмæн нæма сæххæст вæййы, уыцы мæрдтæн скæнынц кæнд (хист). Майрæмыкуадзæны мæрдджын бинонтæ кæнды хъуыддæгтæ куыд хуызы кæнынц, уый кæс сæргонд «Мард ныгæнын æмæ марды кæндтæ»-йы.

32. ЗОНЫНДЗИНÆДТЫ БОН.Ацы бæрæгбон кæнынц æппæт Уæрæсейы дзыллæ ахуыры азы райдиан, рухæны мæйы фыццаг бон. Бæрæг æй кæнынц скъолаты æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Рагæй дæр Иры фæсивæд ахуырыл æнувыд уыдысты, уымæ гæсгæ ацы бæрæгбон сси стыр æмæ ахсджиаг æппæт Иры дзыллæйæн дæр. Уыцы бон ныййарджытæ ахуыргæнджытæн æмæ ахуырдзаутæн фæкæнынц лæвæрттæ æмæ зæрдæлхæнæнтæ. Фыццаг хатт ахуыры фæндагыл ныллæууæг сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрдтæ, Хуыцау æмæ сæ Уастырджийыл бафæдзæхсынц.

33. ТАРАНДЖЕЛОЗ.Бæрæгбон кæнынц Майрæмыкуадзæнæй æртæ къуырийы куы рацæуы, уæд цыппæрæмы. Нымад у æппæт ирон адæмы иумæйаг бæрæгбоныл. Йæ нысаниуæг у Хуыцау, Уастырджи, Уацилла æмæ Мыкалгабыртæй хæхбæсты цæрæг адæмæн бæркæдтæ ракурын, сон æмæ фыдбылызтæй сæ бахизын. Ацы кадджын бæрæгбоны нæ рæстæджы стыр куывдтæ ничиуал кæны, фæлæ бирæ ирон бинонтæ, уæлдайдæр та йæ кувæндоны бынæй рацæуджытæ, æртæ чъирийæ скувынц.

Ирыстоны иуæй-иу рæтты Таранджелоз бæрæг кæнынц уалдзæджы — Кæрдæгхæссæны размæ.

34. МЫКАЛГАБЫРТЫ БОН.Ацы бæрæгбон вæййы Майрæмыкуадзæны фæстæ, фæндзæм цыппæрæмы. Хуры рахаттыл æртæ мæйы куы сæххæст вæййы, уæд. Мыкалгабырты бæрæгбонтæ нæ рæстæджы, кæддæрау, стыр кусæрттимæ ничиуал кæны. Æртыгай чъиритæ скæнынц æмæ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мыкалгабыртæм, Уацилла æмæ Сафамæ. Иннæ бæрæгбонты хъауджыдæр уыцы бон фæкурынц, цæмæй бинонтæ æмæ сыхбæстæ, хъæубæстæ фыдбылызтæй хызт уой, кæрæдзиимæ хæларæй цæрой, се ’хсæн хæрамдзинад æмæ фыдæхдзинад куыд никуы равзæра, сæ бæркад, бæрæчетæй кæрæдзийы хынцын сæ бон куыд уа.

Хоры куыст чи кæны, уыцы бинонтæ Мыкалгабыртæй ракурынц, цæмæй сын зулчъытæ, мыстытæ æмæ уырытæй сæ фæллой бахизой. Кувинæгтæ кувынмæ æрæвæрынц артдзæсты раз.

35. ИЧЪЫНА (ИКЪИНА).Бæрæгбон æппæт Ирыстонæн дæр у иумæйаг, вæййы Майрæмыкуадзæны фæстæ æхсæзæм хуыцаубоны изæрæй —къуырисæрæхсæв. Бæрæгбон нымад у фæззæджы райдианыл — фæззыгон куыстыты райдианыл. Скæнынц бæркадджын фынгæвæрд æмæ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Уацилламæ æмæ Мигъдаумæ, цæмæй сын æрдзы хорздзинæдтæй хай бакæной, сæ уды фæллой радта бæркадджын тыллæг. «Ичъынайы æхсæв, дам, Хоры Уацилла йæ кæстæрты калмы хуызы рарвиты быдыртæм æмæ цæхæрадæттæм æмæ, зæгъы, сын бафæдзæхсы: базонут, йæ зæххыл зæрдиаг фæллой чи бакодта, уыдонæн фарн, амонд ахæссут. Мæйы дæргъы, зæгъы, кæлмытæ хуымтыл, цæхæрадæттыл, уыгæрдæнтыл æмæ сæрвæттыл фæзилынц æмæ Уациллайы арфæтæ фæуарынц». (90-аздзыд гулиаг Хуыдзиаты Бабойы ныхæстæ, 1967 аз). Æвæццæгæн, уыцы лыстæг æмæ цыбыр бур калмы уымæн хонынц хоргалм, æмæ йæ нæ мардæуы.

36. КЪОСТАЙЫ РАЙГУЫРÆН БОН.У æппæт Ирыстоны цæрæг адæмы иумæйаг бæрæгбон, бæрæг æй кæнынц кæфты мæйы 15 бон. Бæрæгбоны уæлибондзинæдтæ райдайынц къуыри раздæр æмæ ахицæн ваййынц йæ бон, нымад у литературæ æмæ аивады бæрæгбоныл. Йæ сæйраг уæлибондзинæдтæ арæзт æрцæуынц Къостайы райгуырæн хъæу — Нары. Уырдæм Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы алы рæттæй дзыллæ æрцæуынц Къостайы нæртон курдиаты кадæн. Равдыстытæ, фембæлдтытæ, концерттæ, кæфтытæ æмæ алыхуызон ерыстæ фæцæуынц алы хъæуы æмæ алы сахары дæр, фæлæ сæйраг бæрæгбон арæзт æрцæуы, алы иронæн дæр йæ зæрдæйæн адджын чи у, уыцы Поты фæзы.

37. ХУЫЦАУЫДЗУАРЫ БОН.Кæнынц æй Уæлладжыр æмæ Дыгургомæй рацæугæ мыггæгтæ, Майрæмыкуадзæны фæстæ æвдæм майрæмбоны. Бæрæгбоны кæмæ куыд фæкувынц, æмæ йæ куыд æрвитынц, уыдон кæс 16-æм дæлсæргонды — «Хуыцауыдзуары бон». Уымæй уæлдай ма Дыгуры хъæуты уыцы бон сылгоймæгтæ скæнынц хицæн куывд æнæ нæлгоймæгтæй. Фæархайынц дзы æгас сыхбæсты, (хъæубæсты) сылгоймæгтæ. Хонынц æй «Остæлти кувд». Остæлти куывдæн йæ мидисы цы митæ æмæ архæйдтытæ ис, уымæ гæсгæ хæстæг лæууы Касуты бæрæгбонмæ. (Кæс 20-æм дæлсæргонд). Уым сывæллæттæн вæййы хицæн фынгæвæрд, фылдæр дыргътæ æмæ адджинæгтæ кæм вæййы, ахæм. Куывд куы ахицæн вæййы, уæд ма бирæ фæкафынц, фæзарынц, скæнынц алыхуызон хъæлдзæг хъæзтытæ æмæ ерыстæ хуыйынæй, бæхсгуытæ бийынæй, алдымбыдæй æмæ æлвисынæй.

38. БЫДЫРЫ ДЗУÆРТТЫ БОН.Ацы бæрæгбон Ирыстоны алы рæтты хонынц алыхуызон нæмттæй: «Хоры сæры куывд», «Хуарелдари бон», «Тæтæртуппы бæрæгбон». Фæлæ йæ куыд кæнынц æмæ зæдтæ, дауджытæй кæмæ кувынц, уыдон сты иухуызæттæ. Бæрæгбон вæййы Майрæмыкуадзæны фæстæ æвдæм цыппæрæмы кæнæ хуыцаубоны. Ног хорæй скæнынц дзаджджын фынгæвæрдтæ æмæ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Никколæмæ æмæ Хорæлдармæ — Уацилламæ. Ракурынц сæ быдыры фарн æмæ хъæздыгдзинæдтæ. Абон дæр ма уыцы бон иуæй-иу быдыры хъæуты, уæлдайдæр та Дыгургомæй рацæугæ хъæуты æмæ Тæтæртуппы (Дзылаты), стæй «Дурджынбæрзонды» кувæндæттæм хæстæг хъæуты скæнынц иумæйаг куывдтæ. Дыгуры хъæуты иумæйаг куывдæн фыдæлтæ кодтой сæрмагонд стыр гуыдын æмæ-иу æй æппæт хъæуы цæрджытыл байуæрстой фæдзæхсæн хæйттæй.

39. ЗЫГУЫМОНЫ ХУЫЦАУБОН.Кæнынц æй хуыцаубоны, Джеоргуыбамæ ма къуыри куы баззайы, уæд, зæххы куыст чи кæны, уыцы бинонтæ. Скæнынц æртæ чъирийы æмæ бæгæны ног хорæй, скувынц Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Уацилламæ æмæ сæ ракурынц, цæмæй сыл сæ зымæг æнæ фыдбылызæй, фарн æмæ амондимæ ацæуа. Уыцы бæрæгбон вæййы фæззыгон куыстытæ фæуыны нысан. Куывдтæ ничи кæны, адæм се ’ртæ кæрдзынмæ хонгæ дæр никæйы æрбакæнынц.

40. УАСТЫДЖИЙЫ (Уасгерги) БÆРÆГБОН — ДЖЕОРГУЫБА (гырдз. Горгоба).Кæнынц æй Майрæмыкуадзæны фæстæ дыууадæсæм къуырийы. Райдайы хуыцаубоны (Галæргæвдæн хуыцаубон) æмæ фæвæййы иннæ хуыцаубоны — йæ ’рвитæн боны.

Къуырийы бонтæй иуы алы ирон хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгвæрд, æппынкъаддæр — æртæ уæлибæхы æмæ ирон бæгæны. Кусарт чи акæны, уыдон фынгтыл ма уымæй уæлдай — кусартæй кувинагæн цы æмбæлы, уыдон, æртæ æртæдзыхоны æмæ нозт. Æрхонынц хæстæг сыхбæсты хистæр нæлгоймæгты, уыдон скувынц Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ, ракурынц сæ нæлгоймæгтæн фарн, амонд, лæгдзинад æмæ уæздандзинад, бæлццæттæн — фæндаджы фарн, кæстæртæн — дунейы сабырдзинад æмæ царды фæндæгтыл уæлахизмæ цæуын.

Цалдæр хæдзары иу кусарт куы акæнынц, уæд, хистæр нæлгоймаг цы хæдзары ис, уымæн кувинагæн раттынц сæр, бæрзæй æмæ уæны хай.

Бæрæгбон йæ тынджы бацæуы дыццæгæхсæв, æмæ дыццæджы алы хæдзар дæр фæархайы йæ кувинæгтæ уыцы изæр кæнæ уыцы бонмæ сцæттæ кæныныл, уымæн æмæ уый у Уастырджийы сæйрагдæр кувæн бон. Уæвгæ та, уыцы бонтæй, сабатæй фæстæмæ, æртæ чъирийы кæцыфæнды бон куы скувай, уæддæр аипп нæу.

Раджы Ирыстоны ацы бæрæгбоны кодтой сыхгуывдтæ, фылдæр хатт — дыццæджы кæнæ цыппæрæмы.

Фæззæджы чындзхæстытæн сæ фылдæр æрцæуы Джеоргуыбайы къуыримæ, уый ирон адæмæн фыдæлтæй баззад. Джеоргуыбайы æрхаст чындз, дам, бинонты нæлдых скæны. Джеоргуыбайы бонты адæм кæрæдзиуыл вæййынц уæлдай æнувыддæр, æнæууылд ныхас сæ никæй дзыхæй фæхауы. Хæцæнгарз кæд удхосæн нæ хъæуы, уæд æй йæ къухмæ ничи исы, уыцы бонты æддæ (хъæды, быдыры) нæ куыстæуы, нæ фæтчы.

Джеоргуыбайæн йæ фæстаг хуыцаубон вæййы йе ’рвитæн бон. Уыцы хуыцаубоны, кæнæ хуыцауæхсæв бинонтæ скæнынц фынгæвæрд, сæхи Уастырджийыл бафæдзæхсынц, æмæ ууыл бæрæгбон фæвæййы.

Бафиппайын хъæуы уый, æмæ, хъыгагæн, Джеоргуыбайы бонты ныртæккæ кæддæрау стыр хъæзтытæ æмæ ерыстæ ничиуал кæны, фæлæ нæ рæстæджы йæ ахадындзинад къаддæр нæ фæци, уымæн æмæ сси Ирыстоны цæрæг æппæт адæмыхæттыты иумæйаг хæлардзинады бæрæгбон. Хорз уаид, уыцы бонты-иу сыхбæсты, хъæубæсты хистæртæ æмæ дзуары лæгтæ фæсивæды ’хсæн, уæлдайдæр та лæппуты ’хсæн, уæзæгтæ исынæй, бæхыл бадынæй æмæ армæй хæстæй ерыстæ куы аразаккой, уæд.

41. ДЗЫВГЪИСЫ УАСТЫРДЖИЙЫ БÆРÆГБОН. Бæрæгбон кæнынц, Джеоргуыбайы æрвитæн бонæй къуыри куы рацæуы, уæд хуыцаубоны. Раджы заманы ауы бæрæгбон хуыдтой хæстон Уастырджийы бæрæгбон æмæ Джеоргуыба.

Нæ фыдæлтæ бæрæгбон кодтой Дзывгъисы Уастырджийы дзуары бын, кувынмæ йæм цыдысты канд Куырттаты комы цæрджытæ нæ, фæлæ ма Дæргъæвс æмæ Уæлладжыры кæмттæй. Ам уæлахизхæссæг Уастырджийы номыл æргæвстой уæнгуытæ, куывтой Хуыцау æмæ Уастырджимæ, куырдтой сæ, цæмæй адæмы фыдгул æмæ хæстон фыдбылызæй хизой, знагимæ сæ тох кæнын куы бахъæуа, уæд та — уæлахиз. Бæрæгбон ’нæ рæстæджы дæр рох нæу куырттатыкоймæгтæй, йæ боны дзуары бын скæнынц иумæйаг куывд, афæдзы дæргъы цы мысайнæгтæ æрæмбырд,вæййы, уыдонæй. Уымæй уæлдай ма Дзывгъисæй ралидзæг бинонтæй алкæй хæдзары дæр Уастырджийы ном ссарынц æртæ кæрдзынæй. Æмæ куыд нæ — нæ рæстæджы адæмы хæсты фыдбылызæй бахизынæй ахсджиагдæр ницы ис.

Дзывгъисы дзуары равзæрды тыххæй мæнæ цы таурæгъ ракодта 90-аздзыд Хуыдзиаты Бабо 1967 азы: «Персы паддзах стыр æфсадимæ лæбурдта хох басæттынмæ, фæлæ йыл хъазуатонæй сæмбæлдысты комы цæрджытæ æмæ йын йе ’фсад сухты цагъд ныккодтой. Раст, дам, гъеуыцы æхсæв Уастырджи уæларвæй цæхæркалгæ бæлæгъы йæхи Дзывгъисы хъæуастæумæ æруагъта, уæлахиздзаутæн арфæ ракодта, се уæнджы сын ныфс бавæрдта æмæ фæстæмæ атахт. Тæхгæ бæлæгъ, зæгъы, кæм æрбадт, уым дыккаг бон хуры скастмæ равзæрд фыцгæ суадон — æвдадзы хос (суадон æцæгдæр уым уыд ХХ æнусы райдианмæ). Уæдæй нырмæ комбæстæ уыцы ран æрвылаз кувынц Уастырджимæ» (ома хæстон уæлахизы бардуагмæ. — Х.К.).

42. БЫНАТЫХИЦАУЫ (БУНДОРИ) БÆРÆГБОН.Хонынцæй «Бынаты» ’хсæв дæр. Фылдæр ирон адæм æй кæнынц Джеоргуыбайы фæстæ — кæцыфæнды æртыццæг æхсæв. Скæнынц æртæ чъирийы, аргæвдынц хæдзарон мæргътæй исты, сæгъ кæнæ сæныкк. Сцæттæ кæнынц нозт, скувынц Стыр Хуыцау, Уастырджи, Сафа, Сæрызæд æмæ Бынатыхицаумæ. Ракурынц, сæ цæмæй, цы бынаты цæрынц, уый кæддæриддæр уа амондджын, æнæфыдбылыз. Къæсæрыл фыдгул макуы бахиза, мидæмæ цæуæг фарнхæссæг уа, æддæмæ цæуæг фæндараст кæна, ахæм хорздзинæдтæ. Бынаты куывдмæ æддагоны нæ хуындæуы, кувæггæгтæй йын нæ лæвæрдæуы, бинонтæ та дзы хъуамæ се ’ппæт дæр саходой. Бынаты куывд æмæ хæйрæджыты ’хсæв иу не сты. Хæйрæджыты æхсæв фыдæлтæ кодтой иунæг хатт æмæ-иу сын цы бæркæдтæ сцæттæ кодтой, уыдон сын кодтой хæлар.

Хæйрæг æмæ бынатыхицауæн иумæйагæй ницы ис.

Бынатыхицауы бæрæгбонтæ та кодтой афæдзы алы афоны дæр иу хатт — æдæппæт цыппар хатты. Ссæдзæм æнусы уыцы фæтк рохуаты баззад æмæ ма йæ кæнынц иу хатт — фæззæджы. Стæм чидæртæ ма йæ кæнынц уалдзæджы дæр — хурхæтæнты размæ.

Бæрæгбонмæ цæттæ кæнын хаудта хæдзары æфсинмæ, суанг ма нывондаг равзарын æмæ йæм зилын дæр. Бæрæгбонæн йæ фæтк, йæ кæнонтæ кæд Хæйрæджыты ’хсæвимæ цæмæйдæрты æмхуызæттæ сты, уæддæр сын иумæйагæй ницы ис. Хæйрæджытæ сты фыдбылыз хæсджытæ, Бынатыхицау та, кæд зæд нæу, уæддæр бынаты цæрджытыл ауды æмæ семæ æмдзæрин кæны. Хæйрæджытæн цы фынгæвæрд скæнынц, уый сын хæлар ныккæнынц, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты кой не скæнгæйæ. Бынатыхицауæнта, кæд йæхицæн «табу» нæ фæкæнынц (табуйы бæсты йын фылдæр хатт фæзæгъынц, «æхцон дын уæд»), уæддæр ын Хуыцау æмæ зæдтимæ йæ ном ссарынц, æртæ кæрдзыны та йын барстаг скæнынц.

Бынатыхицаумæ ма уымæй уæлдай фæкувынц кæнæ æртæ кæрдзынæй, йе та дзыхыныхасæй, ног цæрæнуаты куы æрбынат кæнынц, уæд, уыимæ ма, искуы хъæды, быдыры, хосгæрсты кæнæ сæрвæты (уæтæры) æхсæвиуат кæнын куы бахъæуы, уæд.

43. ЗАДАЛЕСЧЫ НАНАЙЫ БÆРÆГБОН. Вæййы сусæны мæйы æртыккаг сабаты. Ахæм ирон адæймаг нæй Задалесчы Нанайы æрдхæрæны хъæбатырдзинад дисы кæй не ’фтауы. Йæ ном сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыд нæ адæмы историйы, йæ фæлгонц уарзон æмæ фæзминаг у алы ирон сылгоймагæн, уымæ гæсгæ бæрæгбон йæхи ’гъдауæй сси æппæтадæмон. Афтæ зæгъæн ис, æмæ уыцы бон у Иры сылгоймæгты намысы бæрæгбон. Сылгоймæгтæн уыцы бон йæ ахадындзинадмæ гæсгæ у, нæлгоймæгтæн Хетæджы бон цы у, уый.

Уыцы бон фылдæр бинонтæ сцæттæ кæнынц бæрæгбоны кувинæгтæ, фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ æмæ Мадызæдмæ, цæмæй Иры дзыллæ фыдбылыз, фыдгул æмæ хæсты бæллæхтæй хызт уой, ныййарджытæ сæ зæнæджы рухс фидæныл æууæндой, сылгоймæгтæ Мадызæд æмæ Нанайы хъомыс æмæ намысæй хайджын уой, уыцы хорздзинадмæ.

Бæрæгбон уæлдай кадджындæр уавæры кæнынц ныгуылæн Ирыстоны цæрджытæ. Сæйраг уæлибондзинæдтæ вæййынц уыцы бон Задалесчы хъæуы, Нанайы цыртдзæвæны цур. Ардæм Ирыстоны алы къуымтæй æрбацæуынц уазджытæ æмæ хъæубæсты цæрджытимæ скæнынц иумæйаг куывд, хъазт æмæ алыхуызон ерыстæ сылгоймæгты кадæн.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 60 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.013 сек.)