Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Марды рахаст æмæ мард ныгæнын

Читайте также:
  1. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница
  2. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница
  3. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница
  4. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница
  5. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  6. Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц
  7. Амæй фæстæмæ дæ къухы æнтыстытæ æфтæд.

 

Адæмæй хабар кæмæ уыди, уыдон мардмæ куы ’рцæуынц, мардæн йæ ингæн цæттæ куы вæййы, чырыны — табæты йæ куы нывæрынц, рахæссынмæ цæттæ куы вæййы, уæд æй нысангонд афон, йæ ахæссынæй иу-дыууæ сахаты раздæр, сыхы лæппутæ (рагацау кæрты уынаффæгæнæг кæй снысан кæны, уыдон) кæртмæ рахæссынц æмæ йæ истæуыл бæрзонгомау æрæвæрынц, мæрддзыгой йæхорз куыдуыной, афтæ. Кæд амал æмæ гæнæн уа, уæд мард кæрты æрæвæрынц, йæ сæр ныгуылæнырдæм куыд уа, афтæ. Марды чырынæн йæ сæр дæр арæх æрæвæрынц йæ фарсмæ галиу кæнæ рахизæрдыгæй, цæмæй мард рацæйхæсгæйæ кæрты ма баззайа, æрмæст уый тыххæй (æрæвæрынц æй дæлгоммæ кæнæ йæ фарсыл).

Чырынæн йæ фарсмæ галиу кæнæ рахизæрдыгæй бандæттыл сбадын кæнынц мæрдджын бинонты.

Ирон адæммæ сылгоймаг нæдæр ингæн къахы, нæдæр чырын хæссы, кæд уавæр нæ домы, уæд.

Мæрдджыны кæрты уынаффæгæнæг хистæр кæнæ йæ фæндонмæ гæсгæ сыхбæстæй, хъæубæстæй исчи рагацау снысан кæны, саударæн æмбырды мардæн фæстаг фæндарасты ныхас чи кæндзæн, уыдон æмæ сын фæзæгъы, чи сæ кæй фæстæ ныхас кæндзæн, уый.

Нысангонд афон кæрты хистæр фæсиды мæрддзыгоймæ.

В а р и а н т: «Мардмæ æрцæуæг адæм, уæ хорзæхæй, мардмæ хæстæгдæр æрбалæуут, æмæ йын фæндарасты ныхас зæгъæм!»

Мæрддзыгой уыцы сидт куы фехъусынц, уæд иууылдæр мардма; хæстæгдæр æрбацæуынц æмæ æдзæмæй фæлæууынц, цалынмæ æмбырд фæцæуы, уæдмæ. Саударæн æмбырды фыццаг чи раныхас кæны, уый вæййы сыхбæстæй, хъæубæстæй. Дыккаг, цы адæмы ’хсæн куыста, уыдонæй. Æртыккаг — фæстаг ныхасгæнæг — вæййы амæ лæгæн йе ’рвадæлтæй кæнæ хæрæфырттæй исчи. Уыцы æмбырды бинонтæй искæмæн ныхас кæнын не ’мбæлы. Æмбырды раныхасгæнджытæ къаддæр кæнæ фылдæр дæр вæййынц. Ныхасы мидисы хъуамæ уа:

— цы ’рцыди амæлæгыл — цæмæй амард;

— цæмæ тырныдта амæлæг, цæмæ бæллыди царды;

— дзыллæйæн хорзæй цы фæци, цы йын бантыст æмæ йын цы нæ бантыст;

— цы уадзы йæ фæстæ хорзæй;

— йæ амæлæтыл ын йæ зæрдæ кæмæн риссы, уыдонæн узæлæг æмæ зæрдæлхæнæн ныхас зæгъын;

— рухсаг ын зæгъын — мæрдты бардуаг æмæ йæ мæрдтыл бафæдзæхсын.

Уыимæ ныхас кæнын хъæуы цыбырæй — 3—7 минуты.

В а р и а н т: «Мардмæ æрцæуæг адæм, абон не ’хсæнæй йе ’нусон дунемæ цæуы нæ хъæубæсты уарзон хъæбул. Цæрæнбоны Ирыстоны уавæр йæ цин, йæ сагъæс кæмæн уыди, Иры дзыллæйæн бирæ хæрзты чи бацыди, йæ фыдæлты уæзæгæй дыууиссæдз азы бæрц иппæрд уæвгæйæ йын йæ фарн æмæ йæ намыс бæрзонд чи хаста, уыцы Асте, æмæ йын уæ цæстысыг, уæ зæрдæты хъыг æмæ уæ фыдæбон мæрдты бæстæм фæндарасты хос фæуæнт.

Асте адæмы ’хсæн уæздан æмæ кадджынæй фæцарди, хистæртæн лæггадгæнæг, кæстæртæн — зондамонæг, сыхбæстæ æмæ хъæубæсты риссаг фарстатæй иуварс йæхи никуы аиста. Бахъуаджы сахат лæгдзинад равдисын йæ бон уыди. Фарон Ирыстоныл цы тæссаг уавæр æрæнцад, уым дæр йæхи æхсарджынæй чи равдыста, уыдонæй иу уыди Асте.

Астейæн йæ уæлæуыл цард кæд даргъ нæ уыди, уæддæр кæйдæртау дзæгъæлы нæ фæцард, йæ фæстæ уадзы, «мæ фыдыстæн» зæгъын йæ бон кæмæн уыдзæн, ахæм разагъды кæстæртæ, æмæ сæ цæрæнбон бирæ уæд, Стыр Хуыцауыл фæдзæхст уæнт!

Мардмæ æрцæуæг адæм, Астейæн фæстаг салам раттынмæ æрцыдыстут æмæ уæ Хуыцауы са лам уæд! Асте та уыл цардаудæн кæнæд!

Æнæмæлгæ заман нæй æмæ нæ уыдзæн, фæлæ, дунескæнæг Хуыцау, дæ хорзæхæй, ахæм хорз нын ракæн, цæмæй нæ Иры дзыллæ мæрдтæм цардæфсæстæй (зæронды бон) цæуой!

Рухсаг у, Асте! Ацы дунейы æнæ рæдыд адæймаг никуыма рацарди, æмæ дунесфæлдисæг Хуыцауы, дæ разы кæд истæмæй азымджын у, уæд ын, дæ хорзæхæй, ныххатыр кæн, табу дæхицæн!

Де ’нусон дунемæ цæуыс æмæ фæндараст фæу. Цы мæрдтæм цæуыс, уыдон æмæ дæ мæрдты бардуаг Барастыры хорзæх уæд! Дæ фæстæ дæ рæсугъд бинонтæ æмæ дæ уарзон адæмы хъыгзæрдæтæй уадзыс æмæ сыл цардаудæн кæн! Хуыцау æмæ дын Барастыр зæрдæзæгъгæ удыбæстæ саккаг кæнæнт! Рухсаг у, дзæнæты бад!»

Мыггаджы номæй чи фæдзуры, уымæн йæ ныхасы сæйраг ми дис хъуамæ уа мардмæ æрцæуæг æмæ йын лæггадгæнæг адæмæн арфæ ракæнын.

Саударæн æмбырды мардæй, цы нæ уыди, уый зæгъын у æдзæсгомдзинад.

Æрымысгæ, æнæгъдаудзинад у мардæн фæндараст зæгъыны охыл йæ цурмæ хойраг æмæ нозт рахæссын.

Уæлмæрдтæ хæстæг куы вæййынц, уæд саударæн æмбырд саразынц уым, мардæн йæ ингæны цур, æмæ йын уæд йæ ингæн æмæ йæ сыджыты хай дæр ныффæлдисынц.

Саударæн æмбырд куы ахицæн вæййы, уæд, хионтæй мардæн йæ фæстæ уæлмæрдтæм ацæуын йæ хъару кæмæн нæ вæййы, уыдон ын уым кæрты «Рухсаг у, дзæнæты бад!» — фæзæгъынц, сæ къухтæ йыл æрæвæрынц æмæ кæрты баззайынц.

Уыйфæстæ сыхбæсты (хъæубæсты) лæппутæ марды сисынц æмæ йæ кæртæй, йæ къæхтæ размæ, афтæмæй рахæссынц. Мæрддзыгой адæм уæлмæрдтæм фæцæуынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ — разæй фæхæссынц марды хуызист, йæ фæстæ — дидинджытæ, кæд ын исчи æрхæссы, уæд. Уыйфæстæ цырт æмæ чырыны сæр, стæй мард Марды хæд фæстæ фæцæуынц йæ нæлгоймаг хæстæг хионтæ, уыдоны фæстæ — мæрддзыгойы нæлгоймæгтæ. Нæлгоймæгты фæстæ фæцæуынц сылгоймæгтæ, марды сылгоймаг хæстæг хионтæ сæ разæй, афтæмæй.

Мард хæдзарæй иу-фæндзай санчъехы бæрц куы рахæссынц, уæд æй æд чырын фæрсырдæм — хуры фæдыл фæстæмæ 180о — разилынц æмæ йæ чысыл размæ фæкъул кæнынц кæнæ йæ зæххыл æрæвæрынц, цæмæй фæстаг хатт йæ цæрæнуатмæ «ракæса». Стæй йæ ног фæстæмæ æрзилынц, йæ къæхтæ уæлмæрдты ’рдæм куыд уой, афтæ, æмæ йæ ахæссынц.

Мæрддзыгойыл (мард хæсгæйæ) хæрхæмбæлд чидæриддæр фæвæййы, уый кæд марды кæнæ йæ бинонтæи æппындæр никæй зоны, уæддæр хъуамæ мардæн æгъдау радта — фæндагæй иуварсмæ ацæуа, йæ цæнгтæ бынмæ æруадза, марды ’рдæм йе ’ргом аздаха æмæ æдзæмæй лæууа, цалынмæ йын мард йæ рæзты хæссынц, уæдмæ. Уыйфæстæ «Рухсаг у!» фæзæгъы æмæ йæ фæндаг дарддæр адары.

Марды фæстæ мæрддзыгой уæлмæрдтæм кæнæ, мæрдласæн кæм фæлæууы, уырдæм кæуылты цыдысты, уыцы фæндагыл фæстæмæ æрбаздæхынц кæртмæ (ома, дам, уæд мардæн йæ фарн кæртмæ æрбаздæхы), уыйфæстæ алкæй дæр бар ис, йæ хæдзармæ цæуы æви хистмæ æнхъæлмæ кæсы, уымæй. Хисты æнæмæнг сбадыны хæс никæуыл ис. Стæй æрцæуæг адæм се ’ппæт мардæн нозтæй рухсаг зæгъой, ахæм уагæвæрд фыдæлтæм дæр нæ уыд, нæ рæстæджы дæр нæй, фæлæ иуæй-иу нозтуарзæгтæн уый æфсон вæййы бануазынæн.

Уæлмæрдтæ хæстæг куы вæййынц, уæд мард фæхæссынц фистæгæй сæ къухтыл, дард куы вæййынц, уæд та баххуырсынц мæрдласæн (саууæрдон) кæнæ хуымæтæг машинæ, адæмы дæр аласынц машинæтыл.

Иуæй-иу мæрдджынтæ мардæвæрæн бонмæ баххуырсынц оркестр, æмæ кæд нæ фыдæлтæ уыцы хъуыддаг нæ кодтой, уæддæр уый аипп нæу.

Мард уæлмæрдтæм куы æрбахæссынц — æрбаласынц, уæд æй йæ ингæнмæ хæстæг æрæвæрынц, йе ’ргом ингæны ’рдæм, æмæ уым сыхбæсты хистæртæй иу, рагагъоммæ кæмæн бабар кæнынц, уый мардæн йæ ингæн æмæ йæ сыджыты хай ныффæлдисы, æрцæуæг адæмæн æмæ ингæнкъахджытæн арфæ ракæны. Уыйфæстæ хæстæг хионтæн фæзæгъы, мардæн фæндараст зæгъут, зæгъгæ.

В а р и а н т: «Мардмæ æрцæуæг хорз адæм, нырæй фæстæмæ Æрхонтимæ кæрæдзимæ цины хъуыддæгтæм куыд цæуат, ахæм арфæ уын не сфæлдисæг Хуыцау ракæнæд, табу йæхицæн! Нырæй фæстæмæ Иры дзыллæйы Хуыцау фыдбылызтæ æмæ судзаггаг мæрдтæй хизæд! Асте, уæртæ дын дæ кæстæртæ æнусон бынат скодтой æмæ сыл, дæ хорзæхæй, цардаудæн кæн, сæ къухты фæллой дæуæн та мæрдты бæстæм фæндарастæн ахъазгæнæг фæуæд! Уыдонæн та мæ бæсты Хуыцау раарфæ кæнæд! Асте, мæнæ бирæ цы Ирыстон уарзтай, уый зæхх дын пакъуыйау фæлмæн уæд! Дæ ингæн æмæ дын дæ сыджыты хай фæлдыст фæуæнт!»

Уыцы ныхæстимæ армы дзаг ингæны сыджытæй сисы æмæ йæ марды гуырыл (риуæй дæлæмæ) æрызæры. Мард истæй тыххæй ингæнæй дæрддзæфгомау æвæрд куы вæййы, уæд фæлдисæджы цурмæ ингæны сыджытæй белгомыл бахæссынц ингæнкъахджытæ. Фæлдисæг уый фæстæ мардыл йæ къух æрæвæры. Хæстæг хионтæ мардмæ фæстаг хатт бацæуынц, рухсаг ын фæзæгъынц, акæуынц ыл, сæ къухтæ йыл авæрынц, стæй иуварс алæууынц. Хионтæй йæхимæ саударæджы хæс райсæг мардæн фыццаг хатт «рухсаг» фæзæгъы, æрмæст йæ саутæ куы сисы, уæд. Уыцы рæстæджы хионтæ æнæуаг куыд куы фæкæнынц æмæ сæхиуыл куынæуал фæауæрдынц, уæд сын хистæр уæзданæй фæзæгъы: «Уæхи уромын фæразут!» Æмæ уæд хионтæн æмбæлы кæрæдзи басабыр кæнын.

Нæ рæстæджы мардыл марой кæнæ ирон фæндаг ничиуал кæны, дзыккутæ æмæ рустæ ничиуал тоны. Уыдон мардæн дæр æмæ, йæ фæстæ чи баззад, уыдонæн дæр ницы пайда сты, æгъдауы нал сты.

Мард ингæны бавæрыны размæ чырынæмбæрзæны кæроныл гæзæмæ зынг сдарынц, кæнæ чысыл исты (гæххæтт, хъæмп, къæцæл) ссудзынц æмæ йæ ингæны адарынц, ома ингæн æвзæр комулæфтæй асыгъдæг кæнынц. Уыйфæстæ ингæнкъахджытæ чырынæн йæ сæр бахгæнынц (ныффидар æй кæнынц) æмæ йæ ингæны бавæрынц, мардæн йæ сæр ныгуылæнырдæм, ингæнбарæн йæ фарсмæ, афтæмæй. Ингæны дуар агуыри кæнæ æндæр дуртæй самайынц, æмæ уæд сыджытæй ингæны уæзæг саив кæнынц.

Ингæн къахгæйæ кæнæ мард ныгæнгæйæ кусæн дзаумæттæ кæрæдзимæ къухæй-къухмæ нæ лæвæрдæуы, алчи дæр æй исы зæххæй, кæннод, дам, марды рынтæ дзаума райсæг йæ къухтыл ахæссы. Мард куы бафснайынц, уæд, йæ фæстæ уæлмæрдтæм чи рацæуы, уыдонæй алчидæр бацæуы æмæ йын йæ цыртыл кæнæ йæ уæзæгыл къух (армы тъæпæн) æрæвæры, стæй фæзæгъы: «Рухсаг у, дзæнæты бад!»

Уыйадыл мард æфснайд æрцæуы.

5. Марды кæндтæ

 

Ирон адæм раджы заманты бирæ æмæ стыр хистытæ кодтой. Абон дæр Ирыстоны алы кæмттæй ралидзгæ мыггæгтæ æмæ хъæутæ иумæ райсгæйæ бирæ алыхуызон кæндтæ кæнынц, уыдон се ’ппæт адæмæн иумæйаг не сты, сæ фæтк æмæ се ’гъдæуттæ иухуызон куыд не сты, афтæ. Ацы ран ныхас цæудзæн, Ирæн иумæйаг чи у кæнæ фылдæр хъæуты кæй кæнынц, уыцы кæндты сæйраг æрхæцæнтыл.

А. МÆРДÆВÆРÆН БОНЫ ХИСТ — ХÆРНÆГ. Кæнынц æй, мард цы бон бафснайынц, уыцы бон хурныгуылды размæ. Сыхбæстæ æмæ мæрдджын бинонты хионтæ сцæттæ кæнынц, хæрнæджы фынгмæ цыдæриддæр хъæуы, уыдон (кæс дæлсæргонд «Хæрнæджы фынгæвæрд æмæ хæрнæджы бадт»). Куыд цæттæ кæнынц, афтæ сæ хойрагæй, фыдызгъæлæй, нозтæй къæбицы кæнæ æндæр сыгъдæг, хибар ран фынгтыл æрæвæрынц. Кæрдзынтæ (чъиритæ) æрæвæрынц фынджыдзæгтæм (цыппæргæйттæй) кæнæ дыгæйттæй. Уымæй уæлдай ма уыцы фынгтыл æрæвæрынц цæхх, нуазыны дон æмæ кард. Мард уæлмæрдты йæ бæстыхайыл куы сæмбæлы, хæларгæнинæгтæ куы сцæттæ вæййынц, уæд сæм мæрдджынты кæрты уынаффæгæнæг хæларгæнджыты бахоны. Уыдон вæййынц дыууæ кæнæ цыппар дзырддзæугæ æмæ арæхстджын хистæры, сæ иу — сыхбæстæй (хъæубæстæй), иу — мæрдджынты мыггагæй, иннæтæ — æрцæуæг адæмæй, семæ ма сын арвиты кæстæриуæггæнджытæй иуы кæнæ дыууæйы. Хæларгæнæг хистæртæ сæ къухтæ ныхсынц, стæй фынгты раз æрлæууынц, се ’ргом, кæд гæнæн уа, уæд скæсæнырдæм. Хистæр (сыхбæстæй) райсы нуазыны дон, мыггаджы хистæр бæгæны кæнæ къуымæл, иннæтæ сисынц æндæр алыхуызон нозтытæ æмæ хæлар кæнын райдайынц. Фыццаг ныхасы бар хауы сыхбæсты хистæрмæ, фæстаг — мыггаджы хистæрмæ.

Фæлдисæгæн йæ ныхасы мидисы хъуамæ уа:

— Хуыцаумæ батабу кæнын;

— Хуыцауæй мардæн аккаг удыбæстæ ракурын;

— амæлæджы мæрдты бардуагыл æмæ мæрдтыл бафæдзæхсын;

— мардæн цы фыдохы бæркæдтæ скæнынц, уыдон ын ныххæлар кæнын.

В а р и а н т: «Табу дын, не скæнæг иунæг Хуыцау! Дунейы рухс дæр нын ды дæттыс, мæрдтæм дæр нæ ды ’рвитыс, махæн нæ хæс у дæуыл нæхи фæдзæхсын, табу дын кæнын æмæ дæ хорздзинæдтæ курын, æмæ дæ курæм, нæ бæрзонд, нæ буц Хуыцау, абон ацы кæртæй мæрдтæм кæй барвыстай, уымæн рухс удыбæстæ балæвар кæн! Асте адæмы ’хсæн æназымæй фæцард, фæлæ цæрынæй нæ бафсæст, æмæ, табуафси, Стыр Хуыцау, Мæрдты бардуаг, æнæтæригъæдты бæстæм æй саккаг кæнут!

Асте, мæ хæлар, цы мæрдтæм цæуыс, уыдоныл фæдзæхст фæу! Дæ фæстæ цы бинонтæ, цы къабæзтæ ныууагътай, уыдоныл цардаудæн кæн!

Мæнæ дын дæ сыгъдæг уды фæллойæ цы хойраг, фыдызгъæл æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон дын хæлар уæнт, дзæнæтмæ фæндагæн дын ахъаз фæуæнт! Кæй мæ дæ фæнды, уыдонимæ сæ бæркад, сæ фарнæй хайджын ут!

Рухсаг у, дзæнæты бад!»

Хистæртæ хæларгæнгæйæ сæ худтæ сисынц хойраджы фарны кадæн, мардæн йæ иннæ мадзæлттæ чындæуы, худтæ нæ сисгæйæ.

Хæларгæнгæйæ алыхуызон къæбæлдзыг ныхæстæ ницы давынц.

Аипп нæу, хæрнæджы бæркæдтæ, æрцæуæг адæм цы фынгтыл бадынц, уыдоныл куы æрæвæрой æмæ сæ уым куы ныффæлдисой, уæд дæр. Фæлдисинæгтæ марды чырыны (хуыссæны) цурмæ хæссын фыдæлтæй нæ баззад æмæ у стыр æнæгъдаудзинад.

Фæлдисæг ныхас куы фæвæййы, уæд йæ нуазæнæй иуцалдæр æртахы æртадзы зæхмæ, кæнæ фынгмæ. Уыйфæстæ дзы саходы. Хистæры фæстæ иннæтæн сæ ныхас вæййы цыбыр, зæгъæм: «Мæрдты бардуаг æмæ, цы мæрдтæм цæуыс, уыдоны хорзæх дæ уæд! Ацы бæркæдтæ дын хæлар уæнт! Рухсаг у, дзæнæты бад!»

Кæнды фынджы ’гъдæуттæ кæс дæлсæргонды «Хæрнæджы фынгæвæрд æмæ хæрнæджы бадт».

Кæнды бæркæдтæ куы ныххæлар кæнынц, уæд сæ фынгтыл æрæвæрынц æмæ сæм мæрддзыгойы æрбахонынц, уæ хорзæхæй, æрбадут æмæ мардæн рухсаг зæгъут æмæ йын уды бæстæ ракурут, зæгъгæ.

Æ. ЗЫНГХÆССÆН.

Кæнынц æй мардбавæрды фæстæ дыккаг бон. Йæ нысаниуæг у мардæн йæ зынджы (арты) хай ныххæлар кæнын. Архайынц дзы æрмæстдæр сылгоймæгтæ.

Уыцы бон скæнынц дыууæ фынджыдзаджы кæнæ фынджыдзаг æмæ ма дыууæ кæрдзыны, аргæвдынц карк кæнæ гогыз, сфыцынц кас кæнæ сир, йе та дзыкка, уыдæттæ сцæттæ кæнын йæ амал кæмæн нæ вæййы, уый фынджыдзæгтыл фых æйчытæ дæр æрæвæры. Уыдонимæ фынгыл æрæвæрынц адджинæгтæ, дыргътæ, дон, къуымæл кæнæ адджын дæттæ, амæлæг нæлгоймаг куы вæййы, уæд исты карз нозт дæр.

Цы сцæттæ кæнынц, уыдонæй кæнды фынгæвæрд саразынц, хæстæг сыхбæсты сылгоймæгты сæм æрбахонынц, уыдон сæ мардæн ныххæлар кæнынц. Кæнды фынгыл ма æрæвæрынц кард, цæхх æмæ исты æртхос фæлдисынæн. Уыйфæстæ сбадынц, æмæ фынджы бæркæдтæй алчи саходы.

Уымæй уæлдай ма дыууæ-цыппар сылгоймаджы мардæн уæлмæрдтæм ахæссынц йæ зынджы (арты) хай — сугтæ æндзарæнтимæ æмæ æртхос. Ахæссынц дыууæ кæрдзыны нозтимæ æмæ ма кæй сцæттæ кæнынц, уыдонæй истытæ. Цы сугтæ ахæссынц, уыдонæй уым ингæны цур арт скæнынц, стæй арт дæр æмæ бæркæдтæ дæр мардæн ныххæлар кæнынц.

В а р и а н т: «О, чи нæ скодта, уыцы кадджын Хуыцау, ацы сывæллоны æдзардæй йæ ныййарджытæй айстай æмæ, дæ хорзæхæй, дæхи фарнæй йæ хорзæхджын фæкæн — рухс удыбæстæ йын саккаг кæн!

О, сыхбæсты фидауц чи уыди, нæ зæрдæ дæуыл куы лæууыди... Мæнæ дын сыхбæстæ дæ бинонты хидвæллойæ цы дыууæ кæрдзыны скодтой, уыдон дын хæлар уæнт. Ацы хойраг кæй фæллой у, уыдоныл цардаудæн кæн! Уæлионтыл æвиллон хуызы макуы сæмбæл! Мæнæ дын дæ зынг æмæ дæ суджы хай дæр фæлдыст фæуæнт! Рухсаг у! Дзæнæты бад! Кæд уæлæуыл истæмæй тæригъæдджын уыдтæ, уæд дын, мæнæ ацы сугтæ куыд басыгъдысты, афтæ басудзæнт!»

(Хъæдгæройнаг 70-аздзыд Хостыхъоты Нецайы ныхæстæ, 1978 аз).

Стæй нозтæй зæхмæ æртадзы — хæлар кæныны нысанæн. Уый фæстæ устытæ хæринæгтæй саходынц (бахæрынц), мардыл сæ къухтæ æрæвæрынц æмæ рацæуынц.

Уыцы бон мардæн рахицæн кæнынц, раздæр æндæр искæмæн фæлдыст чи не ’рцæуы, ахæм дзаумæттæ — фынг (стъол), бандон, къус, уидыг, донгарз æмæ хисæрфæн. Уыцы дзаумæттæ йын ныффæлдисынц æмæ йын сæ йæ сынтæг, йæ хуыссæнгæрзтæ, стæй йæ уæлæдарæсимæ хицæн уаты бафснайынц, хицæн уат куы нæ вæййы, уæд та йын сæ йæ хуыссæнмæ хæстæг æрæвæрынц.

Б. САБАТИЗÆРТÆ.

Куыд бафиппайдтам, афтæмæй сабат рагæй дæр нымад у мæрдты боныл. Мардæн афæдзы дæргъы цы кæндтæ кæнынц, уыдонæн сæ фылдæр снысан кæнынц сабатмæ, уымæн æмæ къуырийы иннæ бонтæй алкæцы дæр хæссы æндæр фарн — къуырисæры аив нæу, къуырийæн марды кæндæй сæрæвæрæн кæнын, дыццæг — Уастырджийы бон, æртыццæг — дæлимонты, цыппæрæм — Уациллайы, майрæмбон — Мады-Майрæмы, хуыцаубонæн дæр йæ ном йæ уæлæ. Уыцы уаг хынцгæйæ, чи амæлы, уый цалынмæ мæрдтæм фæндагыл вæййы, уæдмæ йын йæ ном фæарынц, разæнгард æй фæкæнынц мæрдты бæстæм, Хуыцау æмæ йын мæрдты бардуагæй рухс дзæнæт фæкурынц æртæ къуырийы дæргъы алы сабатизæры.

Сабатизæртæ æртæ дæр кæнынц иу фæтк, иу æгъдауыл. Сцæттæ кæнынц, чысыл хæрнæджы фынгæн цы хъæуы, уыдон иу фынджыдзаг: хæдзарон маргъ — бæгæны (къуымæл), арахъхъ (кæд уæлæуыл нуæзта, уæд), дзыкка, æйчытæ, дыргътæ, халсартæ æмæ адджинæгтæ. Æрбахонынц хæстæг сыхбæсты сылгой мæгты, æмæ сæ уыдон ныххæлар кæнынц.

Алы сабатизæры дæр сæрмагондæй дыууæ кæрдзыны скæнынц, сæ уæлæ сын æрæвæрынц карк кæнæ æндæр исты хæринæгтæ — адджинæгтæ, нозт, халсартæ æмæ сæ иу-цыппар сылгоймаджы ахæссынц (аласынц) уæлмæрдтæм, уым сæ марды уæзæджы цур ныххæлар кæнынц æмæ дзы сæхæдæг дæр саходынц.

Æртыккаг — фæстаг сабатизæр — скæнынц чысыл удджындæр — сæ фадат кæмæн вæййы, уыдон уæрыкк кæнæ фыс аргæвдынц æмæ уæд кæнды бæркæдтæ хæлар дæр ныккæнынц æргæвдджытæ, æрмæстдæр.

Сабатизæрты æндæр сыхтæ æмæ æндæр хъæутæм хонæг не ’рвыстæуы, фæлæ хæстæг хионтæ æртыккаг сабатизæрмæ æрцæуынц сæхигъдауæй. Сабатизæры кæндмæ æрцæуæг адæмæй хионæй, сыхагæй хæрдзтæ кæныны хæс никæуыл ис, æрмæст хæдзарвæндагæн хæстæг хионтæн сæ амал куы вæййы, уæд æрхæссынц дыууæ, цыппар кæрдзыны кæнæ дыууæ, цыппар адджын чъирийы, науæд та адджинæгтæ, халсартæ кæнæ дыргътæ. Сабатизæры нæлгоймæгтæ не ’рбадынц, уый у худинаг æмæ фидиссаг.

В. ДЫУУИССÆДЗÆМ БОНЫ ХИСТ.

Ацы кæнд скæнынц, адæймаджы амардыл дыууиссæдз боны куы рацæуы, уæд. Хисты ’гъдæуттæ сты мæрдæвæрæн боны хисты æгъдæутты хуызæн (кæс дæлсæргонд «Мæрдæвæрæн боны хист»), æрмæст хуынд адæмы нымæц вæййы дзæвгар къаддæр — æрхонынц сыхбæсты æмæ хæстæг хионты.

Ацы хист фылдæр мæрдджынтæ кæнæ æппындæр нæ кæнынц, кæнæ йæ баиу кæнынц æртыккаг сабатизæры кæндимæ, æмæ уый раст у. Дыууиссæдзæм боны хист ирон адæмæн фыдæлтæй нæ баззад, æрмæстдæр æй, Гуырдзыстоны æмæ Мæздæджы цæрæг ирæттæй сæ фыдæлты æгъдæуттæ чи ферох кодта, уыдон, гуырдзы æмæ уырысы фæзмгæйæ, XIX æнусы кæрон райдыдтой кæнын. Цы кæнд не ’мбæлы, уый мардæн дæр ницы пайда у, стæй йæ кæнын дæр нæ хъæуы, фæлæ йæ иуæй-иутæ (æнæмбаргæдæртæ), кæрæдзи фæзмгæйæ, кæнынц.

Гуыппы охыл, ома хи равдисыны охыл стыр æмæ уæлдай кæндтæ чи кæны, уыдон не ’мбарынц, дыдзæсгомдзинад у, уый.

Г. ÆРТГÆНÆН—ХЪÆБЫНГÆНÆН САБАТ.

Кæнынц æй тъæнджы мæйы Ногбоны фæстæ фыццаг сабаты райсомæй. Мæрдджын бинонтæ райсомæй раджы сæ кæрты дуармæ уынджы арт скæнынц. Арты фарсмæ фынг æрæвæрынц, йæ уæлæ 2 кæрдзыны кæнæ фынджыдзаг, карк кæнæ гогыз, хъарм хъæбынтæ, бæгæны, сæн кæнæ арахъхъ. Арты раз кæстæртæй искæй уырдыгыстæгæн слæууын кæнынц, уый артмæ дæр зилы, стæй фынгмæ дæр йæ цæст дары. Уæдмæ сыхбæсты лæгтæ артмæ иугæйттæй кæнæ иумæ æд суджы æргъæмттæ (4—6 цыбыр суджы) æрбацæуынц, сугтæ артыл бавæрынц, уырдыгыстæг сæм нуазæнтæ ратты, сбадынц æмæ мардæн йæ хъармы (арты) хай ныххæлар кæнынц (кæс дæлсæргонд «Зынгхæссæн»), фæйнæ дыууæ нуазæнæй йын «рухсаг» фæзæгъынц, хойрагæй саходынц. Уыйфæстæ сыстынц æмæ ма сыхбæсты кæд искæмæн арт скæнынц, уæд уырдæм дæр æд сугтæ ацæуынц.

Уырдыглæууæг ма баззайы арты раз, исчи ма рухсаг зæгъынмæ куы ’рбацæуа, уый æнхъæлæй.

Кæд арты рæзты цæуджытæ вæййы, уæд уырдыглæууæг уыдонмæ дæр æрхаты, цæмæй мардæн «рухсаг» зæгъой. Арты размæ сылгоймæгтæ дæр æрбацæуынц æмæ мардæн фæзæгъынц: «Дæ хъармы хай дын фæлдыст фæуæд, рухсаг у!» — сылгоймæгтæ фылдæр хатт фынгмæ не ’рæвналынц. Бонрæфты 2—4 сылгоймаджы хæстæг хионтæй æмæ сыхбæстæй дыууæ кæрдзыны уæлмæрдтæм ахæссынц æмæ сæ мардæн ныххæлар кæнынц (кæс дæлсæргонд «Зынгхæссæн»).

Д. БАДÆНТÆ (БАДÆНÆХСÆВ).

Кæнынц æй, Зазхæссæны фæстæ чи амарди, уыдонæн. Вæййы Ногбоны хæд фæстæ фыццаг къуырисæр æхсæв зæронд нымадæй. Мардæн йæ сынтæг æмæ йæ фынг цы уаты вæййынц, уым саразынц фынгæвæрд (кæс дæлсæргонд («Сабатизæртæ») — (3-аг сабатизæр). Уымæй уæлдай ма сфыцынц алыхуызон кастæ, дзыкка кæнæ сир æмæ кæсæгтæ. Сфæлындынц заз кæнæ æлæм, науæд та заз дæр æмæ æлæм дæр, кæмæн куыд йæ къух амона, афтæ. (Æлæм сылгоймаджы мардæн нæ чындæуы). Зазыл дæр æмæ æлæмыл дæр æрцауындзынц: къафеттæ, æнгузтæ, дыргътæ, чисмис æмæ æнд.

Мæрдджынтæ, цы ’мбæлы, уый куы сцæттæ кæнынц, уæд æрбахонынц сыхбæсты хистæрты. Уыдон æрбацæуынц æмæ, куыд æмбæлы, афтæ, фынгтыл цы вæййы, уый ныххæлар кæнынц (кæс дæлсæргонд «Мæрдæвæрæн боны хист»), фынджы бæркæдтæй саходынц æмæ ацæуынц. Бадты чындæуы дыууæ кæнæ цыппар рæгъы.

Уыйфæстæ фынджы уæлхъус бандоныл æрæвæрынц амæлæгæн йæ уæлæ дарæсæй иу фæлыст, сæрæй къæхтæм цыдæриддæр хъæуы, уыдон, кæсæнцæстæй къухмæрзæны онг. Фынгыл ма æрæвæрынц: къус, уидыг, саджилæг, кард, донгарз æмæ агуывзæ, тамако (кæд амæлæг тамако дымдта, уæд) æмæ æртхос.

Бадæн æхсæвмæ æндæр хъæутæй никæй хуындæуы, хæстæг хионтæ мæрдджынтæм æрцæуынц сæхæдæг, семæ æрхæссынц хæларгæнинæгтæ æмæ мыдадзын цырæгътæ, амæлæджы уатмæ куы бацæуынц, уæд сæ алчидæр йæ цырагъ ссудзы, фынгыл æй сæвæры æмæ йæхæдæг мардæн рухсаг фæзæгъы, бандоныл къух æрæвæры, афтæмæй. Бадæнтæм æнæ цырагъæй нæцыдæуы.

Дыккаг бон заз (æлæм) æмæ ма уæлмæрдтæм цы ’мбæлы, уыдон сылгоймæгтæн лæппутæй исчи аласы, уыдон та сæ хæлар ныккæнынц, дæлсæргонды «Зынгхæссæн» куыд амынд ис, афтæ, æрмæст зынджы хайы бæсты фæзæгъы: «Дæ бæлас, дæ зайæгхал дæр дын фæлдыст фæуæнт!»

Нæ рæстæджы æлæм кæнæ заз уæлмæрдтæм иуæй-иу хатт нæ ахæссынц, ныххæлар æй кæнынц æмæ йын йæ адджинæгтæ сыхы сывæллæттæн байуарынц. Зазхæссæн цы мардæн скæнынц, уымæн бадæнты кæнд нæ чындæуы.

Хæстæг хионтæ уыцы æхсæв бирæ фæбадынц, фæмысынц амæлæджы. Бирæтæ æхсæв-бонмæ дæр нæ бафынæй вæййынц.

Е. ЛАУЫЗГÆНÆНТÆ — МАРХОЙЫ КÆНДТÆ. Сты дыууæ, кæнынц сæ, чырыстон комбæттæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд дыккаг æмæ æртыккаг сабаты. Бинонтæ скæнынц фынджыдзаг кæнæ дыууæ кæрдзыны — хус чъиритæ (насджынтæ, хъæдурджынтæ, къабускаджынтæ, алыхуызон лауызтæ, задынтæ) арахъхъ (кæд амæлæг нæлгоймаг уыди, уæд), хъæдур, дзæрна, алыхуызон хортæй æмæ кæсæгтæ. Бахсидынц бæгæны, къуымæл. Кæй сцæттæ кæнынц, уыдон мардæн ныххæлар кæнынц. Лауызгæнæнмæ никæй хуындæуы, фæлæ сыхбæсты сылгоймæгтæй искæмæты куы фæдзурой, уæд аипп нæ уыдзæн. Хæстæг хионтæ ацы кæндмæ фылдæр хатт цæугæ дæр не ’ркæнынц. Хæларгæнинæгтæ дæр фылдæр уæлмæрдмæ нæ ахæссынц.

Ж. ЗÆХÆССÆН (НÆЗУЙ ХИСТ).

Кæнынц æй, Бадæнты фæстæ чи амарди æмæ афæдзы хист кæмæн нæма уыди, уыдонæн, Куадзæнмæ ма дыууæ къуырийы куы вæййы, уæд — сабаты. Зазхæссæны æгъдæуттæ иууылдæр сты Бадæнты кæнды хуызæн. Амæлæгæн бадæнтæ чи скæны, уыцы бинонтæ (мæрдджынтæ) зазхæссæны кæнд нал фæкæнынц. Æрмæст Зæхæссæны фынгæвæрдыл зыны комдарæны хъомыс, фынгтыл фыдызгъæлы бæсты æрæвæрынц кæсæгтæ æмæ кæсагæй конд хæринæгтæ, сой æмæ царвы бæсты пайда кæнынц зетийæ, чъиритæ вæййынц æныгуыз, уый дæр фылдæр урсаджы бæсты айдагъ зайæгхалæй. Кæнды сæйраг архайд райдайы майрæмбоны изæрæй. Уыцы сабаты марды уæзæджы фарсмæ ныссадзынц талабæлас.

З. МÆРДТЫ КУАДЗÆНКУАДЗÆНЫ ХИСТ. Кæнынц æй фылдæр ирон хъæуты куадзæны хæд фæстæ къуырисæры. Йæ нысаниуæг у, афæдзы хист кæмæн нæма уыди, уыцы мæрдтæн марходарæнты фæстæ комуадзæны кæнд скæнын. Скæнынц чысыл фынгæвæрд дыууæ кæнæ цыппар кæрдзынæй æмæ сæ ныххæлар кæнынц мардæн. Æрхатынц æм, цæмæй йæ ком суадза. Фылдæр хатт фынгæвæрдмæ хонгæ дæр никæй æрбакæнынц æмæ кæнды хойрæгтæй уæлмæрдтæм дæр нæ ахæссынц. Уыцы бон ма бирæ мæрдджынтæ сæ мæрдты ингæнтæм (уæлмæрдтæм) дæр базилынц. Ног мæрдтæн ныссадзынц бæлæстæ, дидинджытæ æмæ сын сæ ныффæлдисынц — «Дæ бæлас, дæ зайæгхалы хай дын фæлдыст фæуæнт!» — зæгъгæ, æмæ йын йæ уæзæгыл къух æрæвæрынц.

И. 3ÆЛДАВÆРÆН — 3ÆРДÆВÆРÆН (3ÆЛДÆГÆРДÆН). Кæнынц æй Куадзæны фæстæ æхсæзæм къуырийы цыппæрæмы. Уыцы бон ирон адæм иууылдæр фæзилынц сæ мæрдты ингæнтæм (уæлмæрдтæм, ног мæрдтæн фæивынц сæ рæстæгмæйы цыртытæ, фæаразынц зæппæдзтæ, æмбондтæ, фæсадзынц дидинджытæ, мæрдты уæзгуытыл сæвæрынц зæлд (нæуу), ныссыгъдæг кæнынц уæлмæрдтæ. Фæстаг рæстæджы кæйдæр æдылы зондæй чидæртæ марды ингæныл уыцы бон ныгæнынц кæнды кусарты зæрдæ, уый у хъæддагдзинад æмæ Хуыцауы æваст ми.

Уыцы бон скæнынц марды кæнд дæр, йæ афæдзы хист кæмæн нæма ахицæн, уыцы мæрдтæн. Кæндæн йæ фынгæвæрды æгъдæуттæ сты æртыккаг сабатизæры халдих.

Нæ фыдæлтæ ма уыцы бон кодтой бæрæгбон дæр — «Хуымысгарæн», куывтой Стыр Хуыцау æмæ Дзиримæ. Нæ рæстæджы йæ бæрæг кæнынц, æрмæстдæр, куыд марды кæнды бон, æмæ йæ кæнынц, афæдзы хист цы мæрдтæн нæма скæнынц, уыдонæн.

К. МАЙРÆМЫКУАДЗÆН. Ацы мард мысæн бон æрвылаз дæр кæнынц майрæмты (августы) мæйы фæстаг майрæмбоны (бонæй). Кæндæн йæ ми, йæ архайд сты, Мадæлы хист (3-аг сабатизæры) куыддæриддæр вæййы, афтæ, æцæг уæрыкк аргæвдынц æрмæст рæзгæ сывæллоны кæнды. Фынгæвæрды хицæндзинæдтæй иу у уый, æмæ фынгæвæрд иууылдæр вæййы ногхоры сæрæй, фылдæр — халсартæ æмæ дыргътæ. Уыцы бон алчидæр йæ мæрдты ингæнтæм базилы. Йæ мардыл саутæ чи фæдары, уыдонæн сæ хистæртæ сисын кæнынц. Барысчъи чи хаста (ком чи дардта), уыдон сæ ком æнæ исты ракæ-бакæйæ суадзынц. Майрæмыкуадзæны кæнд скæнынц, афæдзы хист цы мæрдтæн нæма скæнынц, æрмæст уыдонæн.

Л. САГÆЙТТЫ ÆХСÆВÆР (ÆХСИРФ ÆФТАУÆН). Сагæйтты æхсæвæр кæнынц зæронд мæрдтæн, ома афæдзæй фылдæр мæрдты бæсты чи ис, уыцы мæрдтæн (æндæр зæронд мæрдтæн ницавæр кæнд фæкæнынц афæдзы хисты фæстæ.

Фæкæнынц æй Майрæмыкуадзæны фæстæ, дæсæм кæнæ иуæндæсæм хуыцаубоны. Ома йæ хуымтæ æфснайд кæмæн фæвæййынц, уый йæ скæны раздæр. Бæрæгбонæн йæ нысаниуæг у быдыры куысты дзаумæттæ (сагæйттæ, халамæрзæнтæ, къæпитæ, гутæттæ æмæ похцитæ) бафснайын, ома куыстыты фæуд бахахх кæнын. Ног хорæй скæнынц дыгай чъиритæ кæнæ фынджыдзæгтæ. Аргæвдынц хæдзарон мæргътæй исты.

Сфыцынц ног хорæй хæринæгтæ. Фынгтыл æрæвæрынц халсартæ, дыргътæ æмæ сæ ныххæлар кæнынц, хæдзарвæндагæй мæрдты бæсты чи ис, уыдонæн. Ракурынц, сæ цæмæй уыдон дæр сæ кусæнгæрзтæ бавæрой æмæ сæ фæллад суадзой. Сагæйтты æхсæвæр кæнынц зæхкусæг бинонтæ се ’ппæт дæр алы фæззæджы. Зæххы куыст чи нæ кæны, уыдон та — рæстæгæй-рæстæгмæ.

М. АФÆДЗЫ ХИСТ.

Мардыл афæдз куы рацæуы, уæд ын скæнынц фæстаг хист, æмæ йын уымæй фæстæмæ сæрмагондæй хæлар ницыуал фæкæнынц, æрмæст ма йæ куы æрымысынц, уæд ын «Рухсаг у!» фæзæгъынц, кæнæ та: «Дзæнæты бадинаг» —йæ уæлмæрдмæ йын чи æрбацæуы, уый ма йын уымæй уæлдай йæ уæзæгыл къух æрæвæры. Нæ рæстæджы афæдзы хистæн аргæвдынц род кæнæ уæныг, фыс куы уа, уæд дæр аипп нæу.

Афæдзы хист кæнынц, йæ æвæрæн бон ын цы хист скæнынц, уый хуызæн, æрмæст дзы адæм вæййы къаддæр. Фылдæр хатт æрхонынц хæстæг хионты æмæ сыхбæсты. Уымæ гæсгæ хæларгæнинæгтæ дæр вæййынц бирæ къаддæр, фæлæ алыхуызæттæ.

Мардæн йæ афæдзы хистмæ йæ ног цырт, йæ зæппадз вæййынц цæттæ, йæ иннæ кæндтæ ахицæн вæййынц, йæ дзаумæттæй (дарæсæй) уæлæуыл чи баззад, уыдонæн сæ бæззонтæ байуарынц бинонтæ, хæстæг, хионтæ æмæ йæ хæлæрттыл. Ахæм дзаума хонынц «марды лæвар». Марды лæвар дзаума батонæг та, дам, фæрнджындæр свæййы.

Кæд ма афæдзы хисты бонмæ хæстæг хионтæй исчи сау фæдары, уæд ын уыцы бон йæ саутæ сисын кæнынц (нæ рæстæджы афæдзы дæргъы сау стæм адæймæгтæ дарынц, (кæс дæлсæргонд «Саударæг æмæ сау дарын»).

Уæлдæр кæй ранымадтам, уыдонæй дарддæр нæ рæстæджы ирон адæм ницавæр æндæр кæндтæ кæнынц.

Нæ фыдæлтæ мардæн йæ афæдзы хисты бон, хатгай йæ ныгæнæн бон дæр, арæзтой алыхуызон ерыстæ — дугъ, хъабахъ, фиусудзæн, æлæмхæссæн æмæ æндæртæ. Уыдон адæм кодтой амæлæджы кадæн, йæ ном ын ссарынæн, фæлæ, хъыгагæн, уыцы æвæджиау фæтк нæ рæстæджы ничиуал кæны, кæд адæмæй рох нæма фæци, уæдцæр. Ирыстоны бирæ номдзыд лæгтæ ацыд мæрдтыбæстæм, уыцы фæрнæйдзаг номарæнты аккаг чи уыд, ахæмтæ.

Уæлдæр куыд сбæлвырд кодтам, афтæмæй марды кæндтæ, кæд бирæ сты афæдзы дæргъы, уæддæр сæ фæлхæстæ афтæ бирæ не сты. Адæмы цæстмæ стыр хæрдзтæ кæнын у дыдзæсгомдзинад.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.034 сек.)