Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Уынджы æмæ æхсæнадон бынæтты

Читайте также:
  1. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница
  2. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница
  3. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница
  4. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница
  5. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  6. Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц
  7. Амæй фæстæмæ дæ къухы æнтыстытæ æфтæд.

 

Адæмы ’хсæнмæ æмæ искæдæм балцы ацæуыны размæ æркæс дæхимæ, базил дæ буармæ, дæ цæсгоммæ, дæ дарæсмæ, дæ хил адас, дæ ныхтæ рацамай, дæ дарæс барæвдз кæн, ахъуыды кæн, дæуæлæ цы скæндзынæ, ууыл, демæ дæ цы райсын хъæуы (хызын, дзæкъул, æвдисæндар гæххæттытæ, фыссæн сис, къухмæрзæн, фæндаггаг, зонтик). Ахъуыды кæн, кæдæм, кæуылты æмæ цæмæй цæудзынæ. Дæхимæ кæсæнмæ дæр бакæс. Хъуамæ дæ буар, дæ дарæс, дæ фадыварц æдде бакæсгæйæ уой зæрдæмæдзæугæ, аив, сыгъдæг.

Æхсæнадон уагæвæрдмæ гæсгæ цæуын кæуылты не ’мбæлы, ууылты цæуын æнæуагдзинад у. Архай фæндагæн (тротуарæн, зæххы бын цæуынæн, тыргъæн) йæ рахиз фæрсты цæуыныл.

Цæугæйæ дæ гуыр къаддæр змæлын кæн, цæнгты змæлд æмæ къахы айст хъуамæ уой фæлмæн, аив. Гуыр — раст, сæры æвæрд — бæрзондгомау. Кæд уавæр нæ домы, уæд кæн сабыр æмæ цыбыр санчъехтæ. Кæд дæм исты хæссинаг ис, уæд æй аив батух кæнæ йæ сæвæр хæссæнгарзы, дæхи дæр æмæ искæйы дæр куыд нæ хъыгдара, афтæ. Хъавгæ цу, искæйы куыд ницæмæй батыхсын кæнай, афтæ. Æнæбары искæйы куы бакъуырай кæнæ куы асхойай, уæд дзы хатыр ракур — æрлæуу, де ’ргом æм аздах æмæ зæгъ: «Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн!»

Адæмы ’хсæн дæхи хъæлдзæг, æвæлладхуыз дар. Нæфæразгæ куы уай, уæддæр, кæд дæ хъару у, уæд быхс. Кæд уавæр нæ домы, уæд дæ сагъæстæ макæмæн дзур, архай дæхи æгуыдзæгæй не ’вдисыныл.

Уынджы цæугæйæ искæйы рудзгуытæм, искæйы кæртмæ, искæйы машинæмæ, искæйы дзаумæттæм æдзынæг кæсын, алырдæм дзæгъæлгаст кæнын, къухæй сæм амонын — æнæфенддзинад у.

Æцæгæлон æмæ æнæзонгæ адæймагмæ, нæлгоймагæн сылгоймагмæ, кæнæ сылгоймагæн нæлгоймагмæ æдзынæг кæсын кæнæ йын йæ гуырыл бæлвырд фæлгæсын æнæфсармдзинад у.

Уавæр куынæ дома, уæд, чи у, уый нæ зонгæйæ, искæимæ ныхас кæнын, æнæхъуаджы йæ истæмæйты фæрсын — аипп у.

Æнæзонгæ адæймаджы сæр дæ куы бахъæуа, уæд ын зæгъ: «Æфсымæр, дæ бон (райсом, изæр, æхсæв) хорз уæд!» Æмæ дарддæр: «Дæ хорзæхæй, аххуыс мын кæн, мæ голлагыл мын схæц!» Кæнæ: «Хорз чызг, бахатыр кæн! Ам автобусы æрлæууæн кæцы ран ис?» Уыйфæстæ хæрзиуæггæнæгæн раарфæ кæн: «Дæ цæрæнбон бирæ уæд!» Кæнæ: «Стыр Хуыцауы хорзæх дæ уæд!» Йе та: «Стыр бузныг, Хуыцау дын æххуысгæнæг уæд!» Науæд та: «Бузныг, дæ цæрæнбон бирæ!» Ахæм курдиатимæ дын дæхимæ исчи куы хата, уæд ын зæгъ: «Табуафси!» — уыйфæстæ, цы куры, уый баххæст кæн, кæд дын зын у, уæддæр, æмæ йын йæ арфæйæн дзуапп ратт.

Такси кæнæ æндæр транспорты дæ цæуын куы бахъæуа, уæд æй, кæм æмбæлы, уым æруром, скъæрæгæн зæгъ: «Дæ фæндаг раст!» Стæй дæ кæдæм цæуын хъæуы, уый бацамон.

В а р и а н т: «Æфсымæр, дæ хорзæхæй, уæртæ-ма мæ театры фæзмæ бадав!» Машинæйæ куы хизай, уæд та йын арфæ ракæн: «Дæ цæрæнбон бирæ уæд! Уастырджийы уазæг у!» Кæнæ: «Бузныг, дæ фæндæгтæ дæхи фæндиаг уæнт!»

Æхсæнадон транспорт куынæ уа æмæ кæд уавæр нæ домы, уæд æнæзонгæ адæймаджы машинæйы сбадын не ’мбæлы.

Хионыл кæнæ зонгæ адæймагыл сæмбæлгæйæ йын салам ратт: «Дæ бон (райсом, изæр, æхсæв) хорз!» Кæд æй исты архайгæ баййафай, уæд та: «Байрай!» кæнæ «Рæстмæ у!» науæд та: «Дæхъуыддаг раст!» Кæд дæ хæстæг (зонгæ) дæуæй кæстæр кæнæ де ’мгар у, уæд æм æгасцуай зæгъынмæ дæ къух ратт. Дæхимæ дын исчи йæ къух куы дæтта, уæд æй нæ райсын амоны æфхæрд кæнæ стыр уайдзæф дæуырдыгæй.

Цалдæр адæймаджы кæрæдзийыл куы сæмбæлынц, уæд салам ратты æрмæстдæр хистæр, кæстæртæта сæ бынæттæй сыстынц æмæ салам раттæгмæ се ’ргæмттæ аздахынц, уый фæстæ кæрæдзийæн хистæрæй-кæстæрмæ сæ къухтæ райсынц, уыимæ, цалынмæ хистæртæ кæрæдзи къухтæ райсой, уæдмæ кæстæртæ банхъæлмæ кæсынц. Къухтæ исгæйæ кæддæриддæр райдайынц хистæрæй, уымæй æцæгæлонмæ кæнæ уазæгмæ æмæ фæвæййынц хионыл.

Куывдмæ æрцæуæг кæнæ куывды бадæг адæмæн салам лæвæрдæуы худысистæй æмæ мæнæ ахæм ныхæстæй: «Цы зæдтæ æмæ дауджытæм бакуывтат, уый хорзæх уæ уæд æмæ бæрсткуывд ут!» Кæнæ: «Уæ бакуывд, уæ табу дунескæнæг Хуыцаумæ фехъуысæд!» Науæд та: «Уæ бадт Хуыцауы фарнæй хайджын уæд, æмæ бæрсткуывд ут!»

Хион кæнæ зонгæ адæймаг дæ исты архайгæ куы æрбаййафа, уæд ын «Æгас цу!» кæнæ йæ номæй «Хъайтыхъо, æгас цу!» зæгъ. Кæд дын йæхæдæг арфæ ракæна, уæд та йын зæгъ: «Арфæгонд у, Хъайтыхъо!» Кæнæ: «Хъайтыхъо, æгас цу, æмæ дыл Хуыцауы арфæ сæмбæлæд!» Уыйфæстæ дзы хатыр ракур, æнæвдæлон кæй дæ, уый тыххæй (куыст ныууадзынæн дын кæд мадзал нæй, уæд): «Хъайтыхъо, чысыл фæгæдзæ кæн, дæ хорзæхæй!» — йе та: «Хъайтыхъо, тынг ахсджиаг хъуыддаг у, ныууадзæн ын нæй æмæ дæ хатыр курæг дæн».

Кæд дæ ми, дæ архайд, фæуадзæн кæмæн ис, ахæм у, уæд æй фæуадз, слæуу кæнæ уаазæгæн йæ размæ рацу æмæ йын афтæмæй æгасцуай зæгъ. Кæд æй рагæй нæ федтай, уæд ын йæ къух райс.

Уынджы фæцæйцæугæйæ искæй кæртæй дæ размæ бæлццон кæнæ уазæг куы рацæйцæуа (хæрхæмбæлд куы фæуа), уæд ын йæ фæндаг ма алыг кæн — иуварс алæуу, фæндаг ын ратт æмæ йын раарфæ кæн: «Уастырджи дæ фæндараст фæкæнæд!» Кæнæ: «Дæ балц дæхи фæндиаг уæд!» Ахæм уавæры дын дæхиуыл исчи куы амбæла æмæ дын арфæ куы ракæна, уæд ын дзуапп ратт: «Хæрзæмбæлæг фæу, дæ цæрæнбон бирæ!» Кæнæ: «Нæ фембæлд Хуыцауы зæрдæмæ фæцæуæд, дæ цæрæнбон бирæ!»

Хистæрыл кæнæ сылгоймагыл къæсæрыл (дуарыл) хæрхæмбæлд куы фæуай, уæд иуварс алæуу (фæндаг ын ратт) æмæ йын зæгъ: «Табуафси, æрбахиз!» Кæнæ: «Дæ хорзæхæй, æрбахиз, æз дæ разæй саг дæр нæ амардзынæн!»

Иу къæсæрыл фембæлгæйæ дын исчи фæндаг куы радта, уæд ын раарфæ кæн: «Дæ цæрæнбон бирæ!» Кæд, кæимæ фембæлдтæ, уый æрыгон адæймаг у, уæд та: «Хорз амонд дæ хай!» Кæд æмæ æвзонг адæймаг у, уæд та: «Дæ ныййарджыты фæндиаг бахъомыл у!»

Æхсæнадон транспортмæ бахизгæйæ уым кæд дæ зонгæтæй исчи ис, уæд сын салам ратт: «Уæ фæндаг раст!», зæгъгæ, æмæ æнæ искæйы бахъыгдаргæйæ дæ бынат æрцахс. Де ’мбæлццæттимæ хиуылхæцгæ ныхас кæн, тагъд ма кæн семæ базонгæ кæныныл, стæй, кæд уавæр нæ домы, уæд дæ уыдонимæ кæрæдзи зонын дæр ницæмæн хъæуы. Де ’мбæлццæттимæ уыл иугæр ныхас куы бацайдагъ уа, уæд архай къаддæр дзурыныл. Æнæзонгæ адæймагимæ ныхасы сæр хъуамæ уа уæ фæндаг, боныхъæд, æрдз, аивад кæнæ культурæ (Кæс сæргонд «Уæздандзинад»).

Æхсæнадон транспорты хистæрæн, сылгоймагæн, сахъатджынæн, хъæбысыдаргæ сывæллонджынæн æмæ ’нæфæразгæ адæймагæн сыст æмæ йын: «Табуафси, сбад!» зæгъгæйæ, дæ бынат суæгъд кæн, æрмæст æй тыххæй ма бадын кæн, ома, йæ ма сфæлмæцын кæн æгæр хатынæй. Дæхицæн дын исчи йæ бынат куы суæгъд кæна, уæд ын арфæ ракæн, фæлæ бадыс, нæ бадыс, уый дæхи хъуыддаг у.

Театры, транспортон фæрæзты, сæудæджергæнæн рæтты æмæ адæмы ’хсæн — уынджы æхснырсгæйæ, хуыфгæйæ æмæ комивазгæйæ дæ дзых дæ армытъæпæнæй æхгæн (æмбæрз), кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд адæмæй иуварс дæхи азил, дæ къухмæрзæн сис æмæ дзы дæ дзых æмбæрз. Æхснырсгæйæ, хуыфгæйæ кæнæ æнæбары комивазгæйæ, кæд дæ фарсмæ исчи ис, уæд дзы хатыр ракур: «Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн!» зæгъгæйæ.

Кæстæр дæ разы куы æрæхснырса, уæд ын зæгъ: «Цæргæ!» кæнæ «Царды нывтæ дæ хай!» Æрæхснырсæг карджын адæймаг куы уа, уæд та йын зæгъ: «Æнæниз у!»

Нуазгæйæ кæнæ хæргæйæ дæ разы исчи куы ферхæца, уæд ын зæгъ: «Дæхи хай!» кæнæ «Дæ хай — дæхи!» Адæмы ’хсæн исты æнаив ми æнæбары куы бакæнай, уæд хатыр ракур, фæлæ уæлдай ныхæстæй дæхи ма раст кæн æмæ дæхи ма ’фхæр.

Æхсæнадон бынæтты уæвгæйæ æмæ уынджы цæугæйæ хæрын, чъиу кæнæ æндæр исты æууилын, æхсынæнтæ æхсынын, нуазын æмæ тамако дымын æнæуагдзинæдтæ сты. Исты диссаджы ногдзинад фенгæйæ дæ цымыдисдзинад ма ’вдис, театры, цирчы æмæ æндæр ахæм аивадон бынæтты хъæрæй дзурын, æхситт кæнын, фест-фест кæнын æнæфенддзинады бæрæггæнæнтæ сты.

Кæмдæриддæр адæмы ’хсæн æнæфсармдзинæдтæ сты: æнæхъуаджы хъæр æмæ æхситт кæнын, дæндæгтæ схъауын, хъæрæй ныхас кæнын æмæ худын, бухъхъытæ кæнын, фындз хъæрæй сыгъдæг кæнын, фындзы хуынчъытæ къахын, тутæ кæнын æмæ хæппæр калын, буарыхæйттæ ныхын, бавнал-бавнал сæм кæнын. Аипп у сылгоймагæн адæмы ’хсæн, кæд уавæр нæ домы, уæд хи ахорын, айдæнмæ кæсын æмæ дзыккутæ фасын, нæлгоймаджы раз риутæ æмæ æгъдтæ байгом кæнын мидæггаг дзаумæтты рацæуын.

Æнæфенддзинæдтæ сты искæмæ, уæртæ уый, зæгъгæ, æнгуылдзæй кæнæ

æндæр истæмæй (зонт, лæдзæг, чиныг æмæ æнд.) амонын, æнæзонгæ адæймагмæ айуангæнæгау ныхасæппарæн, схъæл кæнæ тызмæг ныхас кæнын, искæй чысыл истæйы тыххæй мæстджын кæнын, æнæфсарм дзыхыуагæй дзурын (чъизи ныхас кæнын). Чъизи ныхас кæнын хъазгæмхасæнты дæр у æнæгъдаудзинад, æнæуагдзинады бæрæггæнæн.

Æнæфенддзинад у искæйы исбоныл, фосы бирæйыл, æхсыры ’ркондыл, хорæрзадыл, сывæллоны (рæзгæ сабийы) уынд æмæ кондыл зæрдæргъæвдыл æмæ искæй ног дзаумайыл дис кæнын.

Адæмы ’хсæн уæвгæйæ дыл зæрдаивæй, æнæнхъæлæджы кæнæ æнæбары, æнæзæрдæмæдзæугæ, æдзæлгъæд ми куы ’рцæуа, уæд дæ цуры уæвæг адæмæн зæгъ: «Уæ фарн бирæ уæд, бахатыр кæнут!» — кæнæ: «Хуыцауы хатыр мын бакæнут!» Дæ разы æндæр исчи ахæм ми куы бакæна, уæд дæхи ’нæхъусæг æмæ ’нæфенæгау дар. Кæд дæуæй сæрмагондæй хатыр ракура, уæд та зæгъ: «Хуыцауы раз æназым у!» — кæнæ: «Чи нæма ’рцыд, ахæм хабар нæу. Сæрызæд дæ хизæд!» — йе та: «Уымæй стырдæр рæдыд дыл макуы ’рцæуæд!» Ахæм адæймагыл айуан кæнæ былысчъилтæ кæнын аив нæу.

Адæмы ’хсæн истæмæ рады лæугæйæ, йе траспортмæ

кæнæ, дуканийы исты æлхæнынмæ, кæд дæ фæстæ зæронд кæнæ рынчын адæймаг лæууы, æмæ дын кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд æй дæ разæй бауадз.

Æхсæнадон транспорты, вагзалы, театры кæнæ æндæр искуы дæуæй хистæр чи у, ахæм хæстæг-хионыл, хæларыл, сыхагыл амбæлгæйæ йын йæ зæрдæ истæмæй сбуц кæн — фæндаджы аргъ ын бафид, йæ хæссинæгтæ дæхимæ райс, йе та йын адджинæгтæ, науæд дидинджытæ балхæн, кæд дæ фадат амоны, уæд, бацин ыл кæн.

Уынджы кæнæ искуы фæндагыл дыууæ адæймаджы кæрæдзи фæндæгтыл цæхгæрмæ ацæуын куы бахъæуы, уæд, кæстæр чи у, уый рагацау, 3—5 санчъехы бæрц ма се ’хсæн дæрддзæг куы вæййы, уæд æрлæууы, хистæры æрбацыдмæ банхъæлмæ кæсы, стæй йын салам ратты æмæ йæ, йæ рæзты ауадзы — йæ фæндаг ын нæ алыг кæны. Хистæр та йын арфæ ракæны: «Дæ цæрæнбон бирæ!» Науæд та: «Амондджын фæндæгтыл цу!», зæгъгæ. Кæстæр ын дзуапп ратты: «Хуыцауы арфæ дæ уæд!» Кæнæ: «Бузныг».

Дыууæ æмгар фæндаггонæй уазæг, бæлццон, сылгоймаг, рынчын чи у, кæнæ уæззæутæ чи хæссы, уымæн иннæ фæндаг ратты — «Табуафси, рацу!» зæгъгæйæ.

Фæндагыл дыууæ адæймаджы иумæ куы фæцæйцæуынц, уæд кæстæр йæ фæндаг дары хистæрæн йæ галиу фарсырдыгæй, дыууæйæ иу сылгоймаг куы уа, уæд нæлгоймаг цæуы галиуырдыгæй, ома, сылгоймаг йæ рахиз къабазы бын куыд уа, афтæ. Фæндаггæттæ æртæ куы вæййынц, уæд дыууæ кæстæры фæцæуынц хистæрæн йæ фæйнæфæрсты, æртæйæ иу сылгоймаг куы вæййы, уæд фæцæуы астæуæй.

Нарæг фæндагыл кæнæ талынджы дыууæ бæлццонæй кæстæр чи у, уый фæцæуы разæй, æртæ куы вæййынц, уæд та кæстæртæ фæцæуынц разæй æмæ фæсте. Æртæйæ иу сылгоймаг куы вæййы, уæд та нæлгоймæгтæ фæцæуынц йæ разæй æмæ йæ фæстæ. Фæндаггæтты къордæй дыууæ кæнæ фылдæр нæлгоймæгтæ куы вæййынц, цалдæрæй та сылгоймæгтæ, уæд нæлгоймæгтæ фæцæуынц разæй æмæ фæсте. Фæндаггæттæй иу нæлгоймаг æмæ дыууæ, кæнæ фылдæр сылгоймæгтæ куы вæййынц, уæд нæлгоймаг фæцæуы сылгоймæгты галиуырдыгæй фарс, сылгоймæгты кæстæр та — рахизырдыгæй. Нарæг фæндагыл талынджы, кæнæ тæссаг ран нæлгоймаг фæцæуы сылгоймæгты разæй, сылгоймæгты кæстæр та — сæ фæстæ.

Зонгæ сылгоймаджы кæнæ хистæры дæ фæндагыл куы сæййафай, кæнæ дæ комкоммæ куы ’рцæйцæуа, уæд ын «дæ фæндаг раст!» зæгъ æмæ йæ галиу фæрсты дæ фæндаг адар.

Сылгоймагимæ фæндагыл иумæ цæугæйæ архай, цæмæй сылгоймаг фæндагæн йæ лæгъзыл цæуа, ууыл. Цæттæ у бахъуаджы сахат ын истæмæй лæггад бакæнынмæ, фæндаг амонæг æмæ йын ныфс æвæрæг у.

Нæлгоймаг сылгоймагимæ куы фæцæйцæуа, уæд хъуамæ сылгоймагæн йæ разæй дæр ма цæуа, фæсте дæр ма зайа.

Зонгæ сылгоймагимæ фембæлгæйæ йын куыд æмбæлы, афтæ салам ратт, æмæ дæм æгасцуай кæнынмæ кæд йæ къух æрбадара, уæд ын æй райс, фæлæ йæм дæхæдæг раздæр дæ къух ма бадар, стæй йын йæ къух куы райсай, уæд æй æлхъивгæ æгæр ма кæн.

Сылгоймагæн йæ къухтæн, йæ дарæсæн батæ кæнын нымад у æнæгъдаудзинадыл.

Сылгоймаг кæд æххуысхъуаг нæу, уæд æм армæй æвналын не ’мбæлы. Машинæмæ, уæрдонмæ, трамваймæ хизгæйæ, доны (арыхъхъы) сæрты цæугæйæ æмæ æндæр ахæм рæтты сылгоймагмæ къух бадарын кæнæ йын йæ цонгыл фæхæцын, йе та йын æндæр исты лæггад бакæнын нæлгоймагæн хæс у, æрмæст уый агъоммæ базон, дæ лæггад бакæнд йæхицæн фæндон у æви нæ. Сылгоймаг рахизынмæ куы хъава, уæд машинæ бауром, рахиз, сылгоймагæн машинæйы дуар байгом кæн æмæ йын зæгъ: «Табуафси, рахиз!» кæнæ «Табуафси, æрхæццæ стæм!» Æмæ йæ кæд æххуыс хъæуы, уæд ын баххуыс кæн.

Хъæлдзæгдзинады сæмбæлгæйæ, сылгоймагмæ нæлгоймагæй арфæйы нуазæн куы ’рбацæуы, уæд æй йæ рахиз къухæй райсы æмæ йын раарфæ кæны.

Вариант: «Стыр бузныг де ’рхъуыды æмæ дæ уæздандзинадæй! Нуазæны аккаг арфæ ракæнын æз нæ сарæхсдзынæн, фæлæ дын мæ бæсты Стыр Хуыцау арфæ ракæнæд. Табу йæхицæн! Буц мæ кæныс æмæ дæ не скæнæг йæ хорздзинæдтæй сбуц кæнæд!»

Уыйфæстæ нуазæн кæстæр нæлгоймæгтæй иумæ ратты, кæд йæ алыварс уæвæг нæлгоймæгтæй æцæгæлон кæнæ уазæг исчи у, уæд уымæ ахæм ныхæстимæ: «Ацы нуазæны фарнæй ды дæр хайджын куы уаис, уый мæ фæнды, æмæ... Табуафси!» Уыйфæстæ æдзæмæй æнцад фæлæууы æмæ лæмбынæг фæхъусы, нуазæн кæмæ ратты, уымæ, цалынмæ йын йæ нуазæнæн æгъдау ратта, уæдмæ. Нæлгоймаг нуазæн райсы æмæ раарфæ кæны:

В а р и а н т: «Дæ цæрæнбон бирæ уæд! Хъæлдзæгдзинæдты дын адæм бирæ зæрдиаг арфæтæ куыд кæной, ды та сын дæ фæрныг къæбицæй арфæйы нуазæнтæ æмæ хæйттæ куыд дæттай, ахæм арфæ дын иунæг кадджын Хуыцау ракæнæд! Табу йæхицæн!»

Уый фæстæ, нуазæн кæмæй рацыди, уымæн дæр фæзæгъы: «Арсау, фарн дæм бадзурæд, æмæ дæ абонау æрхъуыдыйы фæрцы мацы ферох уæд! Хуыцауы арфæ дыл сæмбæлæд!» кæнæ:

«Арсау, фарн дæм бадзурæд! Стыр Хуыцау дæ йæ хорздзинæдтæй æрхъуыды кæнæд! Табу йæхицæн!»

Арфæйы нуазæн сылгоймаг йæхæдæг куы ратты, уæд ын нæлгоймаг арфæ ракæны, нуазæн бануазы, стæй сыкъа афтидæй, фæлæ бузныггадæн — сылгоймаджы фарн æмæ бæрзонддзинады нысан равдисынæн — агуывзæйыл (сыкъайыл) иучысыл æхца æрæвæры æмæ йæ сылгоймагмæ ратты. Уыцы бузныггадаг куынæ æрæвæра, уæддæр сылгоймаг хъаст нæ ракæндзæн, уый худинаг у. Худинаг у бирæ æхца æрæвæрын, уый сылгоймаджы дæлджиныг кæны, ома, сылгоймагæн уыцы капеччытæ йæ царды хос сты, зæгъгæ.

Уæздан адæймаг искуы хионыл кæнæ йæ хæлæрттæ æмæ сыхбæстæй искæуыл куы амбæлы, уæд ын салам ратты.

В а р и а н т: «Хазби, дæ бон хорз! Цы хабæрттæ уæм ис? Дзæбæх, æнæниз стут, æви?.. Кæстæртæ цы архайынц, цы митæ кæнынц?» Кæнæ: «Хуыцауы арфæ дыл сæмбæлæд, Хæби! Дæ фенд мын тынг æхсызгон у! Рахабæрттæ-ма мын кæн, ногæй уæм цы ис? Куыдтæ цæрут, мæ дзæбæх мады хо куыд у? Мах дæр-иу абæрæг кæн, æхсызгон нын уыдзæн!»

Дæ цæрæн бынатмæ хæстæг хионыл, хæларыл куы амбæлай, уæд æй дæ хæдзармæ бахоныныл бацархай.

В а р и а н т: «Уаспи, дæ хорзæхæй, мидæмæ нæм рацу! Махæн дæ фенд кæддæриддæр æхсызгон вæййы. Хорз дæр дæ фендзыстæм истæмæйты». Кæнæ: «Уаспи, мæ хур, фысым нæм бакæн, ницæмæй нæм стыхсдзынæ! Фæбадæм æмæ кæрæдзийæн нæ хабæрттæ фæкæнæм».

Кæд адæймаджы суазæг кæныныл дæ зæрдæ нæ дарыс, уæд æй хонгæ дæр ма кæн! Былалгъ ныхæстæ æмæ сыдывд митæ адæймаджы æгад кæнынц.

Уынджы, фæндагыл искуы хион кæнæ дæ хæлары чысыл сывæллæттыл куы фембæлай, уæд сæ истæмæй барæвдау, бацинтæ сыл кæн, кæд дæ уавæр амоны, уæд сын исты зæрдæлхæнæн скæн (балхæн сын хъазæнтæ, фыссæн дзаумæттæ, дыргътæ кæнæ исты адджинæгтæ).

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 37 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)