Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чындзмæ цæуæггаг — фыццаг аходæн

Читайте также:
  1. Фыццаг сусæг (интимон) фембæлд

Чындзмæ цæуæггаг фыдæлтæ кодтой чындзы кадæн, уæлибонæй æмæ хъæлдзæгæй бæрæг кодтой чындзы фыццаг аходæн йæ ног бинонтимæ иу фынгыл. Бæрæгбоны архайынц æрмæстдæр сылгоймæгтæ. Æфсин æмæ сыхæгты устытæ сцæттæ кæнынц, сылгоймæгты фынгæвæрдæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон, фылдæр — адджын хойрæгтæ æмæ нозтытæ. Æрбахонынц сыхбæсты æмæ хæстæг хион сылгоймæгты. Фынгтæ куы срæвдз вæййынц, уæд устытæ сæ бынæттæ бацахсынц, фынгтыл сбадынц чындзы ходыгъдтæ æмæ файнустытæ дæр.

Къухылхæцæг кæнæ æмдзуарджын кæнгæ мадимæ чындзы чындздзон дарæсы заргæ æмæ фæндырæй цæгъдгæ устыты цурмæ ракæнынц. Устытæ иууылдæр сыстынц æмæ къухæмдзæгъдимæ сæмбæлынц чындзы рацыдыл. Чындзы хистæрты раз æрлæууын кæнынц, уый сын æртæ хатты йæ сæрæй акувы, æмæ уæд бадты хистæр бæгæны кæнæ æндæр исты адджын нозт йæ къухмæ сисы æмæ скувы.

В а р и а н т: «Дунескæнæг иунæг Хуыцау, табу дæхицæн! Абон ацы чызг йæ ног бинонтимæ зонгæ кæны, æмæ сын сæ базынд амонды хос фæкæн!

Абон ам фыццаг аходæн хæрдзæн, æмæ мæнæ ацы хойраг куыд адджын у, йе ’фсин æмæ йæ бинонтимæ кæрæдзийæн афтæ адджын фæуæнт! Йе ’фсинимæ мад æмæ чызджы хуызæн кæрæдзийы куыд уарзой, ходыгъдтæ æмæ файнустытимæ кæрæдзийæн хотау куыд уой, ахæм арфæ сын ракæн!

Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Зæринæ æмæ Тотрадз кæрæдзи уарзгæ мыггагмæ куыд цæрой, ахæм арфæ сын ракæн! Уарзондзинады хъомысæй æнæниз æмæ рæсугъд цот бирæ куыд рантыса, ахæм амонд сын саккаг кæн!

Табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн!

Тымбылхъæды дзуар, табу дæхицæн! Мæнæ знон Зæринæ æмæ Тотрадзы нæ хистæртæ дæуыл дæр бафæдзæхстой æмæ, дæ хорзæхæй, дæ хъомыс сыл хорзæй равдис! Табу дæхицæн!

Бынатыхицау æмæ артдзæсты зæд, ацы чындзæн ацы бынаты йæ ми, йæ архайды фарн куыд уа, ахæм хорз та йын сымах ракæнут! Йæ бинонты ’хсæн зæрдæрухсæй æмæ æнæмастæй куыд цæра, ахæм арфæ дæр ын ракæнут, уæ хорзæхæй!

О бæркадæфтауæг æмæ фыдбылызсафæг Мыкалгабыртæ, Зæринæйæн цæрæнбоны йæ сихор, йæ аходæн ацы фынгæвæрдæй мæгуырдæр куыд никуы уой, ахæм хорз ын ракæнут!

Стыр Хуыцау, ацы дунейыл Зæринæ кæд истæмæй фæрæдыди, уæд ын ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй! Табу дæхицæн, нæ буц Хуыцау!»

Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд чындзæн ацаходын кæны.

Уыйфæстæ хистæр нуазæн ратты чындзмæ æмæ йын фæзæгъы: «Амæй фæстæмæ дын мæнæ ацы Хуыцауы уарзон сылгоймаг — æфсинмæ амонгæйæ —дæ мады бæсты уыдзæн æмæ йемæ базонгæ у!»

Чындз нуазæн райсы, æфсинмæ хæстæг бацæуы, йæ сæрæй йын ныллæг æркувы æмæ йæм нуазæн ратты мæнæ ахæм ныхæстимæ: «Табуафси, айс!» Кæнæ: «Дæ хорзæхæй, мæ нуазæн айс!»

Æфсин нуазæн райсы, чындзæн цыбыр арфæ ракæны, нуазæн ануазы кæнæ дзы саходы æмæ йæ фæстæмæ чындзмæ, рагацау кæй сцæттæ кæны, уыцы лæваримæ (кæс дæлсæргонд «Чындзхастмæ цæттæ кæнын») ратты, цыбырæй йын арфæ ракæны: «Фæрнæй йæ дар, мæ къона!» Кæнæ: «Амонды хос дын фæуæд, мæ хур!»

Чындз лæвар райсы, æфсинæн зæрдæрухсæй бузныг фæзæгъы (чындз æмæ æфсин кæрæдзи хорз куы фæзонынц, уæд хъæбыс дæр акæнынц).

Уыйфæстæ устытæ сбадынц æмæ чындзмæ æрхатынц, цæмæй семæ сбада, уый тыххæй. Фæлæ чындз сбады, æрмæстдæр ын йе ’фсин куы фæзæгъы, уæд. Зæгъæм: «Зæринæ, мæ къона, амæй фæстæмæ нæ хæрд, нæ нозт иумæ уыдзæн, æмæ сбад!» Кæнæ та: «Зæринæ, мæ хур, амæй фæстæмæ ацы хæдзары ды бинойнаг дæ æмæ сбад, саход!»

Бадты хистæртæ чындзæн бацамонынц йæ ходыгъдты, йæ файнустыты æмæ сыхбæсты сылгоймæгты.

Уыйфæстæ фæминас кæнынц, фæзарынц, фæкафынц, æфсин æмæ чындзæн арфæтæ фæкæнынц, стæй сæ хæдзæрттæм ацæуынц.

 

XIV. МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆМАРДЫ КÆНДТÆ

«Спросите себя: «Что является самым худшим из того, что может произойти? И приготовьтесь примириться с этим, при необходимости».

КАРНЕГИ


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 54 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)