Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фынгыл алкæмæн дæр ис йæхи бынат

Читайте также:
  1. Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц
  2. Мардæрцыд

Бадты сæргъы — фынгæн йæ ныхмæ ныгуылæнырдыгæй фæбады фынджы хистæр, сæйраг чъирикувæг. Фылдæр хатт фысымтæ (хæдзарвæндаг, мыггаг) хистæрæн сбадын кæнынц сыхбæсты (хъæубæсты) кадджындæр æмæ карджындæр адæймæгтæй иуы. Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон адæммæ фыдæй фыртмæ сыхаг (хъæуккаг) кадджын уыдис, уый та уæздандзинады бæрæггæнæн у.

Хистæрæн йæ рахиз фарс фæбады дыккаг хистæр — уазджыты (æрцæуæг адæмы) хистæр. Уымæн йæ бакомкоммæ — хистæры галиу фарс — фæбады æртыккаг хистæр, мыггаджы хистæр, кæнæ уый фæндонмæ гæсгæ — хæстæг хионты хистæртæй исчи. Мыггаджы хистæр бадты хистæры бынаты сбады, хистæртæ йæм куы ’рхатынц, æрмæстдæр уæд.

Куывды, чындзæхсæвы æмæ æндæр ахæм циндзинæдты æмæ марды кæндты, ирон фынгæвæрд кæмдæриддæр вæййы, уым чъирикувæг (фæлдисæг) хистæртæ нымад сты æххæст бархъомысджын, уаз адæймæгтыл. Цины хъуыддаджы дæр æмæ марды кæнды дæр хистæрты бынæтты чи баддзæн, фысымтæ уыдон снысан кæнынц (равзарынц) рагагъоммæ.

Хистæры бынатмæ хъæугæ адæймаг цæмæй нысангонд æрцæуа, уый гыххæй зæрдыл дарын хъæуы — зæронд лæгтæ æмæ устытæ бирæ ис, стæй сæ æвзæр рахонæн дæр нæй, фæлæ се ’ппæт кувынмæ æмæ фынджы æгъдау хæссынмæ нæ арæхсынц.

Æрмæстдæр бадты хистæртæ бакувынц, батабу кæнынц Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм хæдзарвæндаг æмæ мыггаджы номæй. Уымæ гæсгæ хистæр тæчъирикувджытæхъуамæ рæстуд адæймæгтæ уой, йæ дзыхы ныхасы фарн кæмæн уа. Чъирикувæг хъуамæ уа карджын æмæ арæхстджын, дзырддзæугæ æмæ сыгъдæгзæрдæ, æгъдæуттæ хорззонæг æмæ Хуыцаумæ кувæг, æууæнкджын æмæ ныфсхаст нæлгоймаг, сылгоймæгты бадты та — сылгоймаг.

Бадты хистæрæн йæ сæйраг хæстæ сты:

— афойнадыл æмæ, куыд æмбæлы, афтæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм скувын æмæ гаджидæуттæ уадзын;

— афойнадыл, кæмæн æмбæлы, уыдонæн арфæ ракæнын æмæ арфæйы нузæнтæ раттын — æрвитын;

— бадты адæм фынджы æгъдау æмæ фæтк куыд æххæст кæнынц, уымæ цæст дарын куы бахъæуа, уæд кæстæртæн уæзданæй уайдзæф кæнын, чи сæ рæдийы, уымæн йæ рæдыд сраст кæнын;

— цæст дарын, цæмæй бадты адæм хъæлдзæгæй, зæрдæрайгæйæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм дæр кувой, минас дæр æмæ заргæ дæр кæной, кæнды фынгыл та цæмæй æдзæмæй бадой æмæм раст æххæст кæной хæрнæджы æгъдæуттæ;

— лæггадгæнджытæн æмæ кæстæриуæггæнæг фæсивæдæн амонын, кæд, кæм æмæ куыд бакæнын хъæуы бадты фæтк æмæ кæнонтæ, уый.

Хистæрæн уайдзæф бакæнын кæнæ йын йæ аиппытæ бацамонын кæстæртæм нæ хауы, дыккаг æмæ æртыккаг хистæрæй дарддæр. Кæд хистæрæй исты рох кæны кæнæ йæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ кæны, уæд ын дыккаг хистæр аивæй æмæ лæгъзæй бамбарын кæны, æмæ кæд хистæр йæ архайд, йæ ми растыл нымайы, уæд кæстæртæн сæ хæс у, хистæр цы зæгъы, уый бакæнын.

В а р и а н т: «Арсау, фарн дæм бадзурæд, фæлæ махмæ афтæ кæсы, æмæ ацы хъуыддаг бакæнын хъæуы мæнæ афтæ... æмæ дæумæ та куыд кæсы?»

Хистæртæ фынджы уæлхъус сæ бынæттæ куы ’рцахсынц, уæд сæ дæле (хурсыкæсæнырдæм) хуынд адæм иууылдæр фысымæй, уазæгæй, сыхагæй, хионæй, сæ кармæ гæсгæ кæмæн кæм æмбæлы, уым сбадынц. Фылдæр хатт уазджытæ æмæ фысымтæ фæбадынц æхсæнмæхсæнты.

Фынджы дæллаг кæрон сбадынц æртæ кæстæры, фæткмæ гæсгæ кæстæрты номæй арфæйы нуазæнтæ æмæ аходинæгтæ кæмæ цæуынц, уыдон. Хъусы хай дæр хистæртæ дæттынц уыдонмæ, исгæ та йæ ракæны уыцы кæстæртæн сæ хистæр — дæлейæ æртыккаг. Æппæты кæронæй фынджы ныхмæ, кæнæ иуварсырдыгæй фæбады бадты кæстæр — цумайы лæппу — фысымты кæстæртæй иу, уазæгæн уым бадын не ’мбæлы. Бадты кæстæрæн йæ хæстæ сты: хистæртæй, кæнæ уазджытæй исчи бадтæй куы сысты йæ къухтæ ’хсынмæ кæнæ йæхи хъуыдыйы, йе та æндæр истæй тыххæй, уæд йемæ ацæуын, фæндаг ын бацамонын æмæ йын кæстæриуæг кæнын, хистæры бардзырдтæ æххæст кæнын. Зæгъæм, фынгмæ искæй æрбахонын кæнæ исты æрбахæссын, гаджидау кæронмæ куы ахæццæ вæййы, уæд æй хистæрæн бамбарын кæнын.

3. Фынджы уæлхъус кæстæриуæггæнджытæ

Бадты адæмæн кæстæриуæг фæкæнынц уырдыглæуджытæ (уырдыгыстæджытæ). Уыдонæй иу вæййы сæ хистæр йæ кар æмæ йæ фæлтæрддзинадмæ гæсгæ. Хистæр уырдыглæууæг кæстæриуæг фæкæны æртæ хистæрæн, стæй йæ цæст фæдары иннæ уырдыглæуджытæм. Уырдыглæуджытæ фылдæр хатт вæййынц æвзонг лæппутæ (сылгоймæгты бадты та чызджытæ). Уырдыглæуджыты нымæц вæййы бадты адæмы нымæцмæ гæсгæ — 10—12 хуынды лæгæн иу.

Уырдыглæууæджы хæстæ сты:

— циндзинады уырдыглæууæгæн йæ бынат ис фынджы рахиз фарс, марды кæнды та — галиурдыгæй.

—гаджидæутты рæгъытæ дæлæмæ куыд цæуынц, афтæ бадты адæмæн сæ агуывзæты (нуазæнты) нозт кæнын æмæ сæм æй дæттын;

— фынгтæм уæлæмхасæн хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ хæссын æмæ æвæрын;

— хистæртæ фынгæй цы арфæйы нуазæнтæ æрвитынц, уыдон цæттæ кæнын;

— хистæртæн сæ разы цы хойраг æмæ фыдызгъæл ис, уый дихтæ кæнын æмæ сын сæ тæбæгъты æвæрын;

— бадты хистæрмæ æнæсцухæй хъус дарын æмæ, цы бардзырдтæ дæтты, уыдон æнæуæлдай ныхасæй æххæст кæнын.

Уырдыглæууæгæн нозты дурын (цайдан) æнæсцухæй вæййы йæ галиу къухы, нуазæнимæ (агуывзæимæ) та архайы рахиз къухæй. Бадты рæгъ кæмæ ’рхæццæ вæййы, уымæ уырдыглæууæг нуазæн ратты рахиз къухæй йæ рахиз фарсмæ æрлæугæйæ. Нуазæн дæтгæйæ фæзæгъы «табуафси!» кæнæ «табуафси, айс!» Бадты адæмæй искæй сæрты нуазæн, науæд æндæр исты нæ лæвæрдæуы, куы бахъæуа, уæд та, хатыр ракургæйæ.

Уырдыглæууæгæн не ’мбæлы:

— æдзæлгъæд митæ кæнын — чъизи къухтæй хæринæгтæм æмæ нозтмæ ’вналын, фынджырдæм хуыфын, æхснырсын, нозт сыгъдæгхъуаг агуывзæты уадзын, тамако дымын, чъиу æууилын, æхсынæнтæ æхсынын;

— искæимæ хъæрæй дзурын, загъд кæнын, æхситт кæнын;

— хистæртæ куы нæ ’рхатой, уæд хæрын æмæ нуазын, фынгæй истытæ исын;

— къухтæ дзыппыты дарын, ронбæгъдæй архайын, истæуыл æнцой кæнын, бадын;

— искæмæн нозт æмæ хæринаг тыххæй хъарын; хистæры æвастæй фынгæй искæдæм ацæуын.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 26 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)