Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Мардæрцыд

Фылдæр ирæтты уырны, адæймаг ацы дунейæ куы ацæуы, уæд мæрдты Барастыры бæстæйы ног цард кæй райдайы, уый. Фæлæ амæлæг уд се ’хсæнæй æндæр, æбæрæг бæстæмæ кæй фæцæуы, æнустæм йæ бинонты кæй ныууадзы, уый вæййы, хионтæ, хæлæрттæ æмæ йæ хорзæй чи зыдта, уыдонæн сæ сагъæсы сæр, сæ хъыг, уæлдайдæр та йæ уæлæуыл цард цыбыр æмæ уæззау куы вæййы, уæд.

Ирыстоны мардæн фæстаг фæндараст зæгъын, йæ фæстаг бон ын срæсугъд кæнын рагæй дæр стыр æмæ ахсджиаг хъуыддагыл нымад у. Уымæ гæсгæ бинонтæ æмæ хионтæ нæ бацауæрдынц фæстаг лæггад ын бакæныныл, Хуыцау æмæ йын мæрдты бардуагæй хорз удыбæстæ ракурыныл. Нæ йын бавгъау кæнынц сæ цæстысыг æмæ кæнды фæлхæстæ. Уымæн æмæ сæ фидарæй уырны, уыдон ын дзæнæтмæ бацæуынæн ахъаз кæй уыдзысты, уый. Уый хынцгæйæ, марды алцыппæтæй фæндагмæ фæцæттæ кæнынц.

Мæрдджынтæн сæ фарсмæ æрбалæууын, ныфс сын бавæрын, сабæттаг нывæрын, æндæр исты лæггад бакæнын, мардæн та фæстаг фæндараст зæгъын алы ирон лæгæн дæр хæс у.

Мард бафснайын, йæ кæндтæ йын нывыл скæнын сыхбæстæн, хъæубæстæн фыдæлтæй баззайгæ хæс у. Уыдон сæхимæ райсынц æппæт лæггæдтæ æмæ кæстæриуджытæ æмæ сæ, куыд æмбæлы, афтæ бæлвырд бакæнынц. Мæрдджынтæн не ’мбæлы, мард бафснайынæн æмæ йæ хистытæн цы куыст, цы архайд хъæуы, уыдонмæ ’вналын. Ахæм хъуыддаг сыхбæсты дæлджиныг кæны, цæсты сæ ’фтауы. Мæрдджынтæн сæхи та æгад кæны, ома, дам, сыхбæстимæ лымæнæй куы цæриккой, уæд уыцы куыстытæ сæхимæ нæ хауиккой.

Алы адæймаджы дæр раджы уа, æрæджы уа, уæддæр мæлын хъæуы, уымæ гæсгæ уæлæуыл адæмæн лæггад кæнынæй, уæлдайдæр та амæлæг удæн йæхицæн хъуамæ удыбæстæ скæна.

Амæлæг адæймагæн йæ цуры чи вæййы, йæ мардæрцыд ын фыццаг чи фены, уый чифæнды куы уа, уæддæр, кæд уавæр амоны, уæд йæ хæс у:

— мардæн йæ цæстытæ æрæхгæнын, йе ’фсæртæ йын кæрæдзимæ бангом кæнын;

— йæ къæхтæ йын æмраст иумæ сæвæрын;

— йæ къухтæ йын йæ риуыл дзуарæвæрд скæнын (галиу къух бынæй, рахиз — армытъæпæнæй галиуыл);

— йæ хуыссæнуат ын банывыл кæнын;

— хæстæг сыхбæстæн æвæстиатæй фехъусын кæнын;

— мæрдджынты кулдуар тыгъдгом бакæнын (афтæ вæййы мард бафснайыны онг).

Сыхбæстæ æвæстиатæй æрбамбырд вæййынц æмæ мардæн йæ хуыссæн, йæ уат, кæрт бабæлвырд кæнынц æмæ бафснайынц.

Мæрдджын бинонты хистæрæн мардæрцыды фыццаг сахæтты йæ хæс у:

— цыфæнды зынæй дæр равдисын хиуылхæцынад æмæ уавæрмæ ’вронг цæстæй æркæсын, бинонтæн æнцой дæ, уый æвдисын;

— сыхбæстæй (хъæубæстæй) кæмæн æмбæлы, уыдонмæ арвитын æмæ сын кæрт, хæдзар сæ быгъдуан бакæнын;

— сбæлвырд кæнын, хæстæг хионтæй кæмæн æмæ кæдæм хъæуы хабар ахæссын, стæй чи æмæ цæмæй;

— снысан кæнын мардæн йе ’фснайæн бон, кæцæй йæ рахæсдзысты æмæ йæ кæм баныгæндзысты, уый;

— снысан кæнын мадзæлттæ мард бафснайынæн (чырын, ингæнæн цырт, æвдисæндар, мæрддзæгтæ, транспортон фæрæзтæ);

— сбæлвырд кæнын, рæстæмбис нымадæй цас бахъæудзæн æхцайы фæрæзтæ.

Сыхбæстæ æмæ хæстæг хионтæ куы ’рбамбырд вæййынц, уæд сын хæдзары хицау (мыггаджы хистæр) фæзæгъы.

В а р и а н т: «Сыхбæстæ стæм, кæрæдзи æмбарæм, уавæр уæхæдæг уынут. Мæ бавналæнтæ дæр мын зонут æмæ мард бафснайынæн цыдæриддæр хъæуы, гъе уый, табуафси, уæхимæ райсут!»

Кæнæ та: «Мæ сыхбæстæ, сымах стут мæ ныфс ацы уæззау сахат æмæ, уæ хорзæхæй, кæрты цы уынаффæ, цы куыст ис, уыдон уæхимæ райсут!»

Кæрты хистæрæн кæй снысан кæны, уымæн та фæзæгъы:

В а р и а н т: «Аслæнбег, дæуæй та курын, æмæ ацы бонты мæ кæрты уынаффæ дæхимæ райс æмæ хистæриуæг кæн!»

Фылдæр хатт сыхбæстæ хорз фæзонынц сæ хæстæ мард æфснайыны бонты æмæ сæхæдæг хæдзары хицауæн бахъарынц сæ лæггæдтæ — бамбарын ын кæнынц, мард бафснайынмæ цæттæ кæй сты, уый.

Хæдзары хицау (мыггаджы хистæр) хæстæг хионтæй иуæн йæ бар бакæны, хабар хæссын кæдæм æмæ кæмæ хъæуы, уыдон номхыгъдтæ скæнынц æмæ сæм афойнадыл хъæргæнджытæ арвитын кæнæ телефонæй фехъусын кæнын.

Мардæвæрæн бон нæ, фæлæ ма йæ кæнды бонты дæр сыхбæстæ сæхи ’гъдауæй æрбацæуынц æмæ кæрты хистæрæн сæхи фæхъарынц, лæггад кæнынмæ чи цæмæ арæхсы, уымæй.

Мардæн æмæ мæрдджынæн балæггадгæнæг раджы дæр æмæ ныр дæр нымад у уæздан адæймагыл, мæрдтыбæсты та — дзæнæты — бадинагыл. Стыр кады хъуыддагыл нымад сты мард ныннайын æмæ ныддасын, йæ мæрддзæгтæ йын йæ уæлæ скæнын æмæ йын ингæн скъахын. Абон дæр Ирыстоны ахæм адæймаг нæй, уыцы куыстытæй йæхи чи аласа.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 38 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.02 сек.)