Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН

AElig;РДЗ | АРФÆЙЫ УЫСМ | ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ | AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ | AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ | ИВГЪУЫД | ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ | ФÆСМОН | ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ | НОГ АЗЫ КУЫВД |


Читайте также:
  1. АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС
  2. ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН

Кæйдæр дæ — уый зонын...

Æмæ ма кæйдæрты уыдтæ...

Мæ уд мын æвзонынц

Гъе ацы æлгъыстаг дзырдтæ.

 

Зæдау ма рæсугъд дæ,

Мæ разы æркъул и дæ сæр.

Фæхъазыд дæ удæй

Кæддæры æхцаджын æвзæр.

 

Кæйдæрты-иу уарзтай,

Кæмæ та — ыссад уыд дæ кард...

Фæлæ ма ныр, уастæн,

Кæй бахъуыди сабийы мад?

 

Ды кæй уарзтаис, ахæм

Æз хъуамæ уыдаин, мæ хур!

Фæлæ арвмæ нæ хауы

Мæгуыр лæджы фесхуыстæй дур.

 

Аминоны кæрты

Дыууæ дуары

Уыдзæни дæ разы:

Мæ номыл — зындонмæ,

 

Дæ хъæбулы охыл —

Дзæнæтмæ...

Кæцы сæ æвзарай —

Дæ бар у дæхи!

***

Но я бы стер глаза свои и скулы,

Лишь для того, чтобы тебя вернуть...

П. Васильев

Нæ, дæу раздахын нал у

Ныр мæ уды фыдрыст,

Æви асаст мæ хъару,

Йе — мæ зæрдæйы ныфс?

 

Дард ма, тулдзы мæрайæ,

Уасы, хъарæгау, уыг, —

Уый нæ уарзтыл фæради

Тар æхсæвты, мæгуыр...

 

Ныр цы кæна? Æнафон

Рæгътыл кæрдæг фæбур:

Лæг йæ амонд кæд сафы,

Уый нæ зоны, мæ хур!

 

Сусæг фембæлдтæ... Пъатæ, —

Не сты царды фæрæз:

Ды мæ фæндагыл — мастæн,

Хус цæссыгæн дын — æз.

 

Ехх, гæнæн ма куы уаид,

Сонт сæлавырау уæд

Сыджыт къах, æмæ ссарин

 

Авд дæлзæххы дæр дæу!..

***

Æз дæу уарзтон, бæгуы...

Арвы айдæнау — рухстау, мæ цинаг.

Цас лæппутæ уыдысты, мæгуыр,

Уæд дæ къæсыл кæуинаг.

 

Фæлæ а дуне ивæнтæ нæй:

Кæд хуыздæр уай, дæ ном у æгуыдзæг.

Цæр уæдæ, ды — кæмфæндыдæр уай —

Мæнæн амонд хæсдзынæ.

 

Уарзты хорзæхмæ чи хæсса къух,

Уый фæсмонгонд у царды...

Æз дæу уарзтон мæ зынæй, мæ хур,

Ды — поэт лæджы — кадæн.

 

Æмæ афтæмæй баизæр бон, —

Хорз ма чи зæгъа мардæй:

Æз дæу уарзтон, æмæ мын æфсон

Ис — мæ мæлæт уа

Æви мæ цардæн...

24.08.96


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 51 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆ АДÆМÆН| АРАППÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)