Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ

УАРЗТЫ ФÆНДАГ | Уарзты уæзæгыл | ИРЫСТОНÆН | AElig;РДЗ | АРФÆЙЫ УЫСМ | ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ | AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ | AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ | ИВГЪУЫД | ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ |


Мæ райгуырæн боныл

Нæ барайдзæн алчи,

Уый зонын:

Кæмæнты ызнаг дæн —

Æнæхъуаджы,

Чи мæ

Æцæгдæр йæ рыстæй æфхæры.

 

Нæ сæм кæнын хъыг,

Мæ удыл дæр абон

Нæ кæнын дыгъуырццæг...

Ызнаг, — уый ызнаг у!

 

Тæргай мын чи кæны,

Гъеуый дæр

Бæстон-бæрæг зоны:

Тызмæг æз нæ уыдтæн,

Фæлæ мæ нæ царды уавæртæ

Дæлдзинæджы ранмæ æппæрстой,

Æмæ уæд нæ барстон

Мæ хъулон хъæбулæн дæр

Никуы...

(Æртæ хатты æрæхснырстон:

Æвæццæгæн, раст у

Мæ ныхас.)

 

Мæ мардыл нæ кæудзысты,

Уый дæр ма зонын,

Фæлæ иу бон сæ зæрдыл æрлæууæд:

Мæн фæндыди æгъдауæй,

Рæдауæй фæцæрын

Мæхи хуызæн кусаг,

Изæрæй —

Цæлуарзаг адæмтимæ,

Æмæ уыйфæстæ

Иу рæсугъд райсом

Расхъиуын арвы цъæх кæрæттæй,

Стъалыйау!

ÆЗ ФЕДТОН АХÆМ НЫВ…

Цыдысты уынджы мад æмæ йæ чызг.

Уыд горæт рухс: къуырддзыкку тау — йæ цъæхыл.

Æрттивы, ризгæ, худгæ хуры зынг,

Цынæ цæрæгой байрайы нæ зæххыл.

 

Бæрзы цонгау, — рæсугъд, æвæлмон, хин, —

Сæрыстыр чызг, нæрæмонау, æрттивы:

Рæхснæг синтыл дывыдойнаджы джинс

Æддæг-мидæг кæны, цæхæрау, ивы.

 

Йæ фæсчъылдым — йæ мад: хъæзау — мæллæг,

Тæсауыгъд хæст йæ дзуринаг, йæ низ у...

Уый нал кæны хæрзамондмæ хæлæг,

Йæ комыкъултæм рог къæбæр нæ хизы.

 

Æрмæст фæзæгъы: о, мæгуыр мæ бон,

Хуыцæутты Хуыцау, бакæн-иу тæригъæд:

Æппын кæд нал и а цардуагæн ивæн,

Уæддæр ныл ма скæ тугуарыны бон!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 62 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФÆСМОН| НОГ АЗЫ КУЫВД

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)