Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ног азы куывд

Уарзты уæзæгыл | ИРЫСТОНÆН | AElig;РДЗ | АРФÆЙЫ УЫСМ | ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ | AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ | AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ | ИВГЪУЫД | ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ | ФÆСМОН |


Гъæтт, цы рухс æхсæв у абон,

Цыма уалдзæг у, æрбабон,

Къада зул-мулæй тæхы:

— Ног аз, Ног аз у! — зæгъы.

 

Мит уæззау пакъуыйæ уары

Иунæг цитт нæ хъуысы тары.

Мыст йæ хуыккомæй кæсы,

Ай цы уа, зæгъгæ, фæрсы.

 

Арс йæ хъарм лæгæтæй растад,

У æхсæрæгмæ йæ фарста:

— Ай цытæ кæнут, цытæ,

Æви нал уынут фынтæ?

 

— Диссаг у, — зæгъы æхсæрæг, —

Ком йæ фæдджитæм нызмæлыд:

Бирæгъ сау сыджыт хæры,

Комы та нæ дон нæры.

 

Рувасыл æууæнды карк дæр, —

Фервæзти йæ хин, йæ маргæй.

Сæгуыт хохрындзыл лæууы,

Уый дæр ацырдæм хъæуы.

 

Уæд кæм нæу зымæгдзу халон,

Ууыл дæр, мæ бон, æрбабон;

Сырддонцъиу ын у хуындзау, —

У сæ рæгыæнæг Хуыцау.

 

Тæрхъусмæ уыдзæни дзурæг,

Ау, кæм нæ уыдзæни худæг:

Уый йæ тæппуддзинад ныр

Ам нæ равдисдзæн, мæгуыр!

Æмæ уæд нызмæлыд ком...

Сырдтæ, абон уа йе сом,

Хъуамæ уой æмтуг, æмдзæрин, —

Фод сæ лæгæттæ æмдзæрæн!

 

Æмæ фынг, — кæм зоныс, ахæм, —

Къах-къухтыл фæкафыд халон,

Мыст,

Æхсæрæг,

Арс,

Тæрхъус —

Нал дардтой сæ цардмæ хъус!..

 

Бирæгъ дæр кæцæйдæр ниуы,

Уый дæр агуры йæхион: —

Ног аз, Ног аз нæм æрцыд, —

Назбæлас — нæ мад, нæ фыд!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 102 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ| МÆ АДÆМÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)