Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆ АДÆМÆН

ИРЫСТОНÆН | AElig;РДЗ | АРФÆЙЫ УЫСМ | ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ | AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ | AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ | ИВГЪУЫД | ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ | ФÆСМОН | ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Мæн нæ фæнды, уæ фæтк уа,

Уæ ныхас æмбарын:

Нæ уын фæдæн хорзæн —

Ныббарут!..

Мæ ацыды бон-иу, тæрккъæвда

Куы уара,

Уæд,’курын —

Хъæрæй-иу ныззарут!

Цы уыди, цы нæ уыди,

Уыдæттæ, оххай,

Уыдысты

Цыбыр царды койтæ.

***

Уæдæ ма цæуыл у мæ маст,

Мæ зæрдæ та бары

Æгуыдзæг, фыдлæджы хъæрахст, —

Йæ фæллæйттæ уары!..

 

Кæм нæ у дзырдарæхст, уæндон, —

У ницыйæ исты!..

Рæстæй йæм ысдзырдтай, уæд зон,

Хъуын нал уадзы хъисыл.

 

Æз аудын ууыл — у Лæг!

Нæу аив дæ кары

Тæппуд ми, æдылы, хæлæг

Цыфæнды бынаты.

 

Фæлæ йын ныккæнæн кæм и

Йæ судзгæ фæлдыстæн?

Йæ фæрцы æз адæмæн дæн

Фæсвæдæй æлгъыстаг!

ЗÆРДÆЙЫ ХЪУЫДЫТÆ

Рæсугъддæр амонд нæй лæгæн,

Куы уа йæ аивад йæ артдзæст,

Кæм нæу тæригъæддаг, уæвгæ, —

Фæхонынц æй хъæбатыр, дарддæст.

 

Фæлæ йыл раскъæрынц, бæгуы,

Фæсвæдæй дам-думтæ уа, койтæ

Æмæ ныффæллайы, мæгуыр, —

Нæ йыл кæлы, фæрныгау, сойтæ

 

Цæугæ царды... Æмæ та ног,

Уæддæр у адæмæн сæ хъæбул,

Ныр мæнæ баххæсти йæ цонг

Фæндонхорзмæ, уæд цард фæкъул и!..

 

Цæмæ бæллыс? Поэты кадмæ?

Æмæ дзы уадиссаг цы ис:

Фæлитой дæ — цæрдзынæ адæн,

Ды та-иу бауром дæ рис!

 

О, нæ, йæ царды рухс нæ фæуы,

Цынæтæ йæм кæнынц хæлæг,

Фæлæ, æгæр-мæгуыр, куыд кæуа —

Йæ цин уа, йе ’намондыл лæг!..

***

Æрвон рухс мын дæ удæй кодта рухс.

Æз ахæстмæ цыдтæн,

Ды та æнкъардæй

Мæ уазал былтыл авæрдтай дæ рус,

Æмæ ма хъуысти амонды хъæр дардæй.

 

Æмбæхстай алцы ды...

Æз дæр, мæгуыр,

Кæм нæ зыдтон Хуыцауы раз мæ рæдыд,

Æмæ ма иу: нæ хицæны рад ныр

Рæстæгмæ — нæ, æнусбонтæм ныллæууыд.

 

Æрыздæхтæн, уæд айсысы нæ цин,

Æмбæхсæм-ма — фыдхахуыртæй уа, дамтæй —

Кæрæдзи мах нæ адæмы фæрцы:

Дæ лæгæй — ды,

Æз та — мæ усæй!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
НОГ АЗЫ КУЫВД| АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)