Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Пушкины фæз мæскуыйы

ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ | НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ | ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ | ТÆРС | ТЕЛЕФОН | ИРÆТТÆМ | УАРЗТЫ ФÆНДАГ | Уарзты уæзæгыл | ИРЫСТОНÆН | AElig;РДЗ |


Читайте также:
  1. ВСТРЕЧА С ПУШКИНЫМ
  2. ФÆЗЗÆГ
  3. ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ
  4. ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР
  5. ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР ГОРÆТГÆРОН

Хъызыд. Мæ хуыздæр цин — дæу фенын,

Нæ алвæрсты тъыфылтæ калдта уад.

Нæ цуры та лæууыд уырыссаг гени

Йæ пæлæзы — уæнгуагъд æмæ æнкъард.

 

Цыдтæ мæнæй. Цæссыгамæхст — дæ цæсгом...

Цæуыл ма дзурæм, уый бæрæг нæ уыд:

У не ’намондыл дун-дуне æвæсмон,

Нæ амондыл, бæгуы, нæ цыди дзырд.

 

Æмбæрстон æй: фæсвæд ныхæстæ, хахуыр,

Дæу баййардтой. Цы уыд мæ бон зæгъын! —

У а хъуыддаг нæ адæмтæн сæ ахуыр,

Сæ къахайстау ыл нал хъуыды кæнынц.

 

Æмæ хъызыд. Рæхуыста уад йæ арцæй.

Бæрзонд поэт хъуыдыдзастæй лæууыд.

Нæ зыдтон æз, кæмæн нæ кодта уайдзæф

Дæуæй мæнæй? — Фæлæ цы уыд, уый уыд!

 

Мæнæй та уæд уыди æппæтдæр рохы,

Поэт лæгмар куы нæ вæййы, бæргæ,

Фæлæ цыдтæн дæ хорзы номыл тохмæ —

Цæргæ уа,

Йе — мæлгæ!

АЛАНТÆ

Æрдз нызмæлыд фæдисхъæрæй, —

Дурты расхуыста хох, —

Уый алантæ сæ хистæрæй

Сидтау айхъуыстой: тох!

 

«Тох! Тох!» — азæлыд быдырты,

Кæрдтæ ферттывтой рог,

Тагъд ызнæгты сæркъуыдыртыл

Калдзæн рухс цæссыг бон.

 

Æмæ фесхуыстой хуссæртты:

«Лæуу фæстæдæр, æрдхорд!»

Зæхх сын фехсы сæ дугъæтты,

Стæй сæ ацахсы ног.

 

Гъæтт, кæдæм тырныс, сахъ хæстон,

Нæу дын уа зынаргъ цард? —

Уæд дæ хибар, æнкъард къæсы

Чи ыссудздзæнис арт?..

 

Хивæнд — уый у æрвондзæдис,

Сахъ иронæн — йæ фæтк...

Цас поэттæ ныццагъды ис

Уыцы сау хæсты уæд!

 

Ныр дæ кой дæр куы нал хъуысы,

О мæ фыдæл, мæ туг!

Æви афтæ дæ сау къæсыл

Хинæй разылди дуг?..

ПУШКИНМÆ

Ужасная судьба отца и сына —

Жить розно и в разлуке умереть.

М. Ю. Лермонтов

Æз дæ карæй фæхистæр дæн,

Фарн дæм бадзурæд, цардхæрæфырт! —

Ныр мæрдтыбæсты диссагæн

(Уый нæ зыдтай) мæ дзырд

 

Ды кæсдзынæ... Ехх, барджынау,

Цæссыг ахсы мæ хъуыр:

О, ирон туджы дадзинтæ,

О, нæ уды мæгуыр!

 

Дуне афтæ æвæлмон у:

Амонд — цæхх æмæ дзул!..

Нал фыд зоны йæ хъæбулы,

Нал йæ фыды — хъæбул.

 

Иунæг туг ма нæ фæцуды,

У историйæн — куырд...

Байрйай, гъе уæдæ, сау лæппу,

Уаз ирон мады фырт!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
АРФÆЙЫ УЫСМ| AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)