Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ

НЫВОНД ХЪУГ | СЫРДДОНЦЪИУ | МÆСКУЫЙÆН | ЗÆРÆДТЫ НЫХАС | ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ! | AElig;ВЗОНГАДÆН | МЫГГАДЖЫ СÆФТ | ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ | НАРТЫ СЫРДОН МÆРДТЫБÆСТЫ | МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС |


Читайте также:
  1. ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ
  2. КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ
  3. ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ
  4. ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ

Фæлидзæм хæхбæстæм.

Мæ хæлары ныхæстæй.

Æз гъе ныр хъæздыг дæн:

Мæ зæрдæ мæ сонт митæ нал домы...

Мæ афæдзы мыздæй

Фæдарин æнæхъæн Къуыдаргомы!

 

Цы сæ хъæуы: хорыссад,

Картофтæ, уæливых — хъæбæр цыхтæй;

Тъæнджымæйы — боны хъарм,

Фæйнæ сыкъа æмæ фæлмæн дзырдтæ.

 

Цы-иу мæм каст растдæр,

Мæ карз тох цæуыл уыд? — Æдзæлгъæды...

Мæ хъарм пецы фарсмæ

Фыстаин нывæфтыд æмдзæвгæтæ.

 

Æппынфæстаг, ма уа

Мæ фæндагыл паддзах, йæ хъузæттæ,

Гъе уый дæр амал у:

Мæ бонтæ — хæрзамонды фаззæттæ...

 

Цæрдзынæн хæдудæй,

Фæлæ иу зæгъæг нал и,

Мæ сау боныл:

«Мæ уды рæсугъдæй

Фæдарин

Нæ мæгуыр Къуыдаргомы!..»

ÆХСÆВЫ ÆМДЗÆВГÆТÆ

Царды рухс къæсмæ байрæджы, —

Уый мæ рыст у, мæ зын...

Ехх, кæуыл кæнай хъарджытæ,

Уый нæ зыдтай, мæгуыр!

 

Сау къæвда æмæ тар æхсæв, —

Сты мæлæты æфсон,

Æз дæ уындæй нæ бафсæстæн,

Хорзæй рацæр, мæ бон!

 

Кæс, æрхуыссыди боны цæст,

Рохы цин æмæ уарзт,

Æмæ бацайдагъ а æхсæв

Гъæйттæй нозт æмæ хъазт.

 

Ды мæ уды фæндиæгтыл

Макуы, ма ауигъ къух,

О, нæ кæны æрвадиуæг

Хорз мæлæт дæр æдзух!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ| НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)