Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МЫГГАДЖЫ СÆФТ

ХÆДЗАРЫ ФАРН | ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ | ЦИН ÆМÆ МАСТ | AElig;ХСÆВ ГАГРÆЙЫ | ЦÆЛГÆНÆНЫ | НЫВОНД ХЪУГ | СЫРДДОНЦЪИУ | МÆСКУЫЙÆН | ЗÆРÆДТЫ НЫХАС | ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ! |


Джусойтæн

Февралы хъызт. Рыг митæй арв

Фæкъæртт и. Мигъдалынджы, комы

Нынныгъуылд сисын къулты арф

Хæххон хъæу — уый зымæг цы домы?!

 

Дæ картофæн у сур йæ уæрм,

Дæ хосдон — над фæснайаг хосæй:

Цæрынæн ма кæм у хуыздæр, —

Дæ мæт у базилын дæ фосмæ.

 

Изæр, куы нынныгуыла хур,

Ныххуыссыд арф рæбынты талынг,

Уæд-иу дæ сыхæгтæм фæдзур...

Æппары иугай-дыгай арынг

 

Уæлибæхтæ. Физонæг — бур —

Æхсæры уæхстыл судзы сойы...

Æниу рæдау æфсины цур

Æфсæды лæг цæхх æмæ донæй,

 

Фæлæ ма таурæгътæй, кæйттæй,

Кæм нæу Сырдоны сихау дзураг,

Æмæ сыл, акæс-ма, æмткæй

Хуыцæуттау бахæцыди худæг.

 

Уæд саби аргъæутты цæры,

Кæм æфсæды, мæгуыр, йæ цинæй

Æнæвгъау уисын бæх тæры,

Нæ йыл цæуы, нæ, уый дæр хинæй.

 

...Фæсхъæу кæйдæр къæсæй цæуы

Фæсус ныхас, фæхъуысы кæртмæ, —

Бæззачъе зæронд лæг кæуы:

— Æвæццæгæн, цæуæм нæ сæфтмæ!

 

Нæ комы сæрмæ федтон дур,

Уæйыджы дур, — æууæнд мæ дзырдыл, —

Дзæгъæлы нысан нæу, мæ хур,

Зæйраскъуыд æй ысхаста уырдæм.

 

— Цы ныхæстæ кæныс, мæ фыд,

Нæ ком нæ зыдта дæу тæппудæй,

Цы охыл ма у уæд дæ дзырд,

Æви тæрсыс, зæронд, дæ удæн?

 

Цы стæг бахсыны махæй лæг, —

Фыртæссæй йæм нæ уæнды бирæгъ,

Гъе уымæн хъуыстгонд у хъæлæкк,

Нæ ном нæ комбæстыл, нæ Ирыл.

 

Нæ, нæ хъæбул, æвирхъау тас

Кæны цыфидар уæнгты уазал,

Нæ фыдæлты ныхас у раст:

Адзалæн ничи ары мадзал!..

 

...Уыди ма сабыр къæс фынæй,

Гъе афтæ урс-урсид бæрзæндæй

Ныррыхыд, топпы фатау, зæй,

Æмæ фæхаудта ком тæгæлтæ.

 

Ныббæзджын мигъдалынг. Сыбыртт

Нæ хъуысы никæцæй, æрмæст ма

Кæмдæр фæдзæгъæлуæвæг сырд

Нынниуы къардиуыл фыр тæссæй.

 

Цыдæр хъæлæба ма цæуы,

Уый уæртæ иппæрд ран, фæсхъæуы,

Зæронд йæ урс галтыл кæуы

Ыскъæт ныккалдæуыд æнхъæлæй.

 

Йæ фарсмæ та (цы йæм кæсы!)

Рæгъ-рæгъы ауагътой сæ сæртæ,

Рыг миты гобаныл хуыссынц

Цыппæрдæс бинонты хуыздæртæй.

 

Хæдзары къуымы ма лæууы

Чысыл саби, фæсыкк йæ цинæй

— Цы фæци аргъау? — дзуры уый, —

Æви мыл рацыдысты хинæй?!

 

Фæлæ йын дзуапдæттæг дæр нæй,

Уæларты дон æхсиды аджы...

Нынниуы уаддымгæ хъæрæй,

Ныккæуы сухты цагъд мыггагыл.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;ВЗОНГАДÆН| ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)