Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ТÆРС

ЗÆРÆДТЫ НЫХАС | ХÆРЗБОН У, ДЕНДЖЫЗ! | AElig;ВЗОНГАДÆН | МЫГГАДЖЫ СÆФТ | ХЪАРÆДЖЫ ЗАРÆГ | НАРТЫ СЫРДОН МÆРДТЫБÆСТЫ | МАД ÆМÆ ХЪÆБУЛЫ НЫХАС | АЛЕШЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ | НЫРЫККОН МÆГУЫРГУРЫ ЗАРÆГ |


Читайте также:
  1. МА ТÆРС...
  2. ТÆРСЫН...

Поэтау дæ нæ кодтон буц —

Уыдтæ ды ме схæссæг, мæ бæлас!

Сæрды — мæ аууондар, мæ худ,

Зымæг дæ гагатæ — мæ минас.

 

Ныффæйлыдта-иу пецы арт

Фыдуазалы дæ уды руаджы,

Æмæ уæд удæнцой у цард,

Куы фыцой дуртæ дæр дæ аджы.

 

Цыргъ фæрæтæй дæ кодтон лыг,

Хырхы лыгау, цæмæй та уалдзæг

Ысхæца ног тала дæуыл,

Æмæ та ногæй уон дæ уазæг.

 

Дæуæн мæрдтæм цæуæн нæ уыд,

Уæд æз фæуыдаин дæ разæй.

Зыдтон дæ сидзæры рæвдыд,

Дæ рыст мæм хъары азæй азмæ.

 

Ныр дæм æрцыдтæн, æмæ кæс, —

Цы кодта дун-дуне, нæ зонын, —

Дæ къалиутыл мæ гага-тæрс

Æлгъыстау нал зайы, мæ боныл!

ПАРОДИ

Джыккайты Шамилæн

Мах бадомдтой нæ удхæрдтæ, нæ мæттæ,

Дæуау æз дæр æфхæрд æмæ фæллад дæн.

Шамил, фæцæуæм, хицаумæ æрхатæм:

Ыссара нын йæ сырддоны бынæттæ.

Хъодзаты Æхсар

Лæгæй цæрын цы пайда у, Шамил,

Фæлтау фæцæуæм, сырддоны æрцæрæм.

Орангутангау рауадзæм нæ хил,

Цы хъом нын чи у? — Чи куыдз у, цы хæрæг?!

 

Тæрхъустæ уарзыс ды, æз та — фыстæ, —

Хæддзу уазæг æнувыд у фысымыл, —

Уыдзыстæм ирвæзт удхæрдтæй, рыстæй,

Дæларм-уæларм-иу батулдзыстæм къуымы.

 

Ам алцы — дзаг. Фысдзыстæм ма сонеттæ.

Кæсдзыстæм-иу сæ сырдтæн, æмæ, дестæн,

Цæудзысты нæм Хаджейы-фырттæ-йедтæ

Уынынмæ, зæгъгæ, гъалæ-ма, цы фесты?

 

Камалы уæд нæ равдæлдзæн, бæгуы! —

Уый хицау у. Поэты ном ын радтой:

Сæрыстырæй та айваздзæн йæ гуыр

Æмæ зæгъдзæн: æгайтдæр ма, мæгуыр,

Кæдæй-уæдæй,

Сæ бынæттæ ыссардтой!

ÆХСÆВЫ ХЪУЫДЫТÆ

Ницы-мацытыл рагæй

Цы бонтæ ныххардз кæнæм,

Уыдон

Кæй нæ фæнды раздахын царды.

 

Ныр, æцæгæй, Хуыцаумæ

Куы разынид искуы лæгдзинад,

Куы сæ раттид ногæй,

Уæд (уый у мæ хъуыды),

 

Цы хæрзтыл ныйивин мæ рæстæг?

Куырыхонау ахæм хъуыдытæй

Мæ къухтыл ныххауы мæ сæр

Æмæ та фæзæгъын:

 

Фыццаджы-фыццагдæр,

Мæ сонтæй кæй бафхæрдтон раджы,

Гъе уыцы рæсугъдæн —

Мæ рагон, мæ тæргай æрдхордæн

 

Фыдзымæджы хъызты

Æз ихдонæй дуртæ фæхæссин;

Мæ фыддæр ызнагæн

Цыфыддæртæ бакæнин ногæй,

 

Цæмæй ма мæрдтæм дæр

Мæ сонт хъæлæс хъуса

Æлгъыстау...

Ыстæй уæд фæцæуин хæхбæстæм —

 

Мæ райгуырæн хъæумæ!

Мæ куыдзæн фæкæнин лæггæдтæ —

Дзидза уа, æхсыры хуыздæрæй:

Ныр уал азы дæргъы

 

Мæ уындмæ бæллыди.

Фæкæсынхъуаг дзыллæйæн

Сæ цъупсæр уæлхæдзæрттæй

Миттæ фæкалин...

 

Мæ хъуырмæ куы схæццæ уа хъарæг,

Уæд дурыны гуыбын

Æз бахуылыдз кæнин

Арахъхъæй —

 

(Мæ мадæн ныр уал азы

Ныгæд у мæ номыл)

Фæцæуин мæ рагон

Фыдæлты уæлмæрдмæ,

Мæ мадмæ, мæ фыдмæ.

 

Луаситæ, лауызтæ скæндзысты

Сыхæгтæ: дон та — сæ разы.

Куы фæцæуа алчи йæ къæсмæ,

Уæд дзы æз ныккалин,

Æнусты цы куыдæй нæ куыдтон,

Гъе ахæм цæссыгтæ...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ| ТЕЛЕФОН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)