Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ивгъуыд

ТÆРС | ТЕЛЕФОН | ИРÆТТÆМ | УАРЗТЫ ФÆНДАГ | Уарзты уæзæгыл | ИРЫСТОНÆН | AElig;РДЗ | АРФÆЙЫ УЫСМ | ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ | AElig;МДЗÆВГÆТÆ ÆРРА АМОНДЫЛ |


Фæуы мæ цард, æмæ кæсын

Мæ ивгъуыдмæ цырагъы рухсæй:

Йæ зынг рæдзæ-мæдзæ кæны,

Нызгъæлы цæстысыг мæ рустыл.

 

Уæдæ цæуыл уыди дæ тох? —

Рæстуд, хæрзамондмæ бæлгæйæ,

Дæ цæуæнтæ гæвзыкк, фыдох,

Дæ хуымгæнд сойджынæй — æдзæллаг.

 

Æниу мæн ницы хъуыд, бæгуы, —

Зæрдæйы рухс æмæ сæрибар

Уыдысты хохагæн, мæгуыр,

Йæ уды цин æмæ йæ риссаг...

 

Æмæ кæд бахаудтæ цæсты

Фыдахин, хивæнд æмæ сонтæй,

Уæд ыл мæхæдæгдæр сæттын, —

Уыдысты кадавар мæ бонтæ

 

Цæринаг цардмæ... Ехх, мæ бон,

Цы куырой нал разылд мæ удыл,

Сылгоймаг, паддзах уа, бæлццон —

Мæныл æвæгæсæгау худынц.

 

Æмæ кæдæм кæнон фæдис,

Кæнынц мын иуæй-иутæ пъатæ,

Фæлæ-иу зон, æууæндæн ис

Æрмæст дæхи удыл, дæ мадыл.

30.01.96

ХОХАГ

Адæмы уарзон лæг Коцты Закайæн

Æз нæ базыдтон дæу...

Æз дæ хорзыл мæрдтæм дæр

Æууæндын!

Афтæ ихдзагъд мæнæу

Хуры тынтæн фæцæуы сæ фæдыл,

Адæм бирæ кæй уарзой,

Уымæн хъазæнхъул — ингæн,

Мæрддзæст...

Æз дæ цæрæнбон нуазын,

Рухсаг — нæ, уый нæ уарзы

Мæ цæст!

Æз уынын дæу хæхбæсты:

Уый нæ цин, йе нæ зыны уа,

Зака.

Тары,

Арф кæмтты фесхуыстай бæх,

Нымæт сираг æфсургъыл ныппака,

Æмæ ризы æмризæджы зæхх,

Уый фæтындзы йæ дард балцæй хохаг,

Зоны: афонмæ ихы къæйыл

У йæ чысыл, йæ саби — æххормаг,

Уæд ныййазæлыд комы рæбынæй

Сонт бæхы мыр-мыр... Афтæ у цард:

Ничи батыхсдзæн никæддæ зыныл, —

Ам нæй хиуæттæ, йе та æрвад!

 

Æмæ митхъæпæн, зинау, йæ риуæй

Бæх ныффæйлауы. Лæг та — фæрныг,

Ис гагатæ йæ хордзены бирæ,

У сæ хуындзау йæ кæстæр — йæ чызг.

***

Зымæг у ныр. Ызнæт тымыгъ

Æхсы мæ иппæрд къæсыл миттæ,

Уæддæр мæ ирхæфсы мæ куыдз, —

Кæны нæ бур гæдыйыл цинтæ.

 

У афтид риу. Нал — цард, нал — уарзт,

Хæццæ, дывыдойнаг хъуыдытæ

Тæрынц дæу раууатмæ... Дæ маст

Уæлæхох у дæ ис, дæ зынтыл.

 

Ды ацыдтæ. Фæрнæй мын цæр.

Мæныл-дæуыл дзыназгæ худын:

Цымæ цы диссаджы къæсæр

Уыдаид арфæйаг дæ удæн?

 

О, æз — мæгуыр. Ды та, мæ бон,

Дæ бон калдтай: Хуыцауæй — буцхаст,

Фæлæ къуыдайраджы хæдон

Нæ иу, нæ иннæрдæмты не ’ххæст.

 

Уæд ма цы хорзмæ кæса лæг, —

Мæ къæсæрыл ныккæлынц миттæ,

Фæлæ мæ бамбарут: хæлæг

Хуыцаумæ дæр нæ кæнын — никæд.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;ВРОНГ ХЪУЫДЫ| ХОХАГ ЛÆГ БЫДЫРБÆСТЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)