Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ

МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ | ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ | АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ | ФÆСРИВАД | БИРÆГЪ | КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ | УАЗАЛ РАЙСОМ |


Читайте также:
  1. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  2. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  3. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  4. ЗАРÆГ
  5. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  6. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ

Цыма ууыл фæци мæ цард! —

Урс, æгуыппæг изæрты

Сисы цары сæрбихъуырой уад,

Рог ныффæллайы зæрдæ.

 

Хъуыды нал ары удæй фæндаг,

Уазал сагъуыйы рустыл...

Йе мын иу цард нæ фæкæны фаг,

Йе дæ цæстыты рухс тын?

 

Митпæлæзы нынныгъуылы хъæу.

Уад ныззилы йæ алыварс цъилау,

Ног фæмысын æмдзæвгæты дæу,

Рагон, рох уарзты цинау.

 

Фынгыл баризы цырагъ хъæрæй,

Скæны рухсы тын худау, —

Цыма афтид перроныл мæнæй

Лидзы чидæр, дæ удау...

 

Æви тары ныдздзгъæл и нау —

У рæдау зæххæй иртæст:

Йе мæ рох у: — дæу раздахын нæу

Нæдæр амонд, нæ — ирвæзт!..

 

Фæлæ а къæсы цудгæ æнцой

Урс, æгуыппæг изæрты

Уарзы, царды ныфсытау, дæ кой —

Рог ныффæллайы зæрдæ...

 

Фæрныгæй фæкурынц хатыр,

Куы вæййы ныббарæн азымæн, —

Ныббыхс-ма-иу ацы хатт ды:

Айс ме ’намонд хъазынмæ.

 

Мæ царды æнæкæрон уысм,

Æрвæрдыны урс тæлмыл

Æз хастон дæ къæсмæ мæ рыст

Цæнкуыл арсау — хус дзæмбы.

 

Ыссардтон-иу амонды ном

Дæ къонайы уаз зынгæй.

Ныннæры æмырæхгæд ком

Рыг миты хъæрзгæ фынкæй.

 

Бæстонхорз, — дæ бæлгæ уындмæ,

Æз агуырдтон зарæджы.

Æрра бæх та комы бынмæ

Нывзылдта йæ барæджы.

 

Фыдуагæн нæ риссы йæ цæф, —

Нæу удыхъæд ивыныл.

Хæрзбонау, дæ сабыр уайдзæф

Æз хъусын мæ мидвыны.

 

Ныллæууы та худæг цинты

Æвронг рæстæг, — цардуынæн...

Дæ сурæт и ме знæт миты,

Мæ усы æнкъард зыны.

***

Баргъæвстæн дæ уазал цæстæнгасы,

Уый мæ туг йæ сабыр цавдæй зоны.

Кувæг лæгау, ривад кувæндоны

Судзын демæ цины æмæ тасы.

 

Уыд мæ царды урс сатæг изæртæ,

Удæнцой сæ иу мисхал нæ райстон.

Де ’взонгдзинад агайы мæ зæрдæ,

Дзулы тæфау, хосгæрдæны райсом.

 

Кады фæдыл никæд уыдтæн ардыд,

Зад мæнæу нæ ракъуыбыр мæ фæдтыл...

Хорзæн хорз куы фыстаиккам царды, —

А дуне ныттыхтаин мæ æрмтты.

 

Дидин калы саст нымæткъуы уалдзæг, —

Уыйау æз лæууын, мæ хур, æдзынæг.

Ивгъуыдæй æрцыдтæн, цыма уазæг —

Ног амондыл нал сахуыр уыдзынæн.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 60 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЭКСПРОМТ| ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)