Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ

Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ | ДУГЪОН БÆХ | МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ | ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ | АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ | ФÆСРИВАД |


Читайте также:
  1. ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС
  2. ХÆДЗАРЫ ФАРН
  3. ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ

Джусойты Рикъайы рухс ном дзы арын.

 

Æнусы дæргъы царди хæхты уый.

Æргъомбастæй мæкъуылтæ хаста комæй.

Æхсæв йæ къухы ирхæфсæн æлхуый,

Куыройы фыдау, зылд æмырæй бонмæ.

 

Йæ сабитæн сæ мидвыныл хъæцын

Нæ фæрæзта — ныуæрста сæ хæцъилты;

Йæ армæйдзаг хæлар кæнын фæци

Йæ уды тыхст æмæ йæ хуыздæр цинтæй.

 

Æрдзы нывæй — рæсугъд æмæ рæдау,

Уæздан буар та баруади фыргуысты.

Фæтчыгъæдæн дыууæ дзырды уæлдай

Нæ загътаид йæ фæлладыл, йæ рыстыл.

 

У алкæмæн та коммæгæс — йæ хæс,

Рæвдау æппæты — иудадзыг фæндæттæй;

Æхсырфы комау, аив гуыр ныкъкъæдз,

Зæронды бон æрхауд йæ фыды кæртмæ.

 

Æрмæст дзы нал и хи удмæ хæстæг:

Фæрныг бинонтæн рыг ысбадт сæ къамтыл.

Ис ивгъуыды æппæт дæр. Хус рæстæг,

Фысау, цæуы æдылы чындзы даутыл...

 

Хур диссаг у... Æхсызгон у сæумæ

Хъæдласæн комæй булæмæргъы зарын,

Изæр куы здæхой хосдзæуттæ хъæмæ,

Уæд уыдонæн гуымыдза арахъхъ дарын.

***

Афтид, сабыр у горæт.

Къуымты талынг ныббырыд, кæсагау.

Чидæр — амондмæ хонæг —

Хилы æхсæвы уынгты, цæф сагау.

 

Тары, хъавæг цæстытау,

Зилынц хъус-хъусæй цырæгътæ й ’алварс.

Бады сусæг мæстытæй

Удыл, сау-сауид бецыккыл халас.

 

Æмæ æхсæвы фæндаг

Сайы цадæг фæллад уæнгты зæхмæ.

У куыд дарддæр — æрхæндæг,

Нæй йыл никæдæм здæхæн.

 

Хъарм афишæтæ систæй

Тилынц, уасджытау, базыртæ-къухтæ.

Иуæй ракæсы хиндзæст актрисæ,

Дзуры иннæ поэты ысгуыхтыл.

 

Хилы ’нахуыр фæндаггон

Къулрæбынты, гуыбыр-гуыбыр, цуды.

Уый кæд мысын мæ рагбон,

Йе та ног сагъæс бафтыди удыл?

 

Зилы денджызы сæрмæ кæсагдзау,

У цырагъдар цъæх-цъæхид тыгъдадæн,

Тайы уылæнты цæссыг, мыдадзау,

Маргъы урс-урсид базыртыл бады.

 

Денджыз абухы, иусион галау.

Уылæн, сабийау, маргъмæ ивазы:

Куы æрцæгъды йæ зæрдæйы ала,

Куы, уæхствадау, йæ бæрзæй фæтасы.

 

Зилы хивæнд маргъ авгын тыгъдады.

Скъуыры доныл йæ сыгъзæрин къухтæ.

Хъазы... Денджызы цæстæй нæ сæфы,

Фæлæ уылæнæй дард у æдзухдæр.

 

Афтæ, уылæнау, хохаг лæг — саулагъз,

Сайдтон амонд мæ дурбыд къæсæрмæ.

Æмæ зилы зæрингуырд кæсагдзау

Ныр мæ урс-урсид бецыччы сæрмæ...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 62 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БИРÆГЪ| УАЗАЛ РАЙСОМ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)