Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

БИРÆГЪ

ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ | ДУГЪОН БÆХ | МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ | ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ | АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ |


Читайте также:
  1. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ

Дымдта, хъызыд... Ыздыхта миттæ

Къуыдары урс бæрзæндтыл уад.

Ыстонг сырдты дæргъвæтин сидтмæ

Тындзыдта стонг бирæгъты мад.

 

Бырыд йæ хъарм гуыбыныл цадæг,

Йæ фæстæ урс митыл — сырх фæд.

Вæййы æввонг хорзæн йæ радтæг —

Цыбыр уысм амондæн æгъгъæд.

 

Æмæ цъæл-хъыррыстæй йæ быны

Хъæрзыдта мит, лæдæрсти хид;

Йæ удрæбын æдзард тæнхъуыныл

Тыхсти ыстонг, дæргъвæтин сидт.

 

Хъуызыди мигъ Æрфæны фæдыл:

У арвау дард æвæлмон цард...

Уыд тохы фæстæ уазал хъæды

Сырхсырхид мит зæвæтæй над.

 

Æхцон æрысгæрста йæ зыны

Тæвд холы — у та зæрдæ хъал...

Æддæдæр бандзыг и мæрдвыны

Рæгъ-рæгъæй тохгæнджыты бал.

 

Вæййы æввонг хорзæн йæ радтæг —

Цыбыр уысм амондæн æгъгъæд.

Цыргъком дæндæгты судзгæ кадæг

Ныццарыдта æвиппайд хъæд.

 

Æмæ йæ бонæй уа, йæ бонæй

Цы уд цæгъды йæ удæй арт.

Дзæгъæл сырдтæн дывæры холы

Ысси ыстонг бирæгъы мард.

 

Ныххуыссыд холыйыл йæ риуæй,

Æрхуыссыд цæстыты та цард —

Йæ лæппынты æххормаг ниуын

Æрыхъуыст дард... кæцæйдæр... дард...

 

Зæрдæ æмбæхст у, зæрдæ дуæрттæ нæ дары,

Уарзтыл та, хурау, æргом у йæ дзырд.

Гъей, ды, æнæзонгæ! Хъусут ызнагæй, хæларæй:

Æз дæн адæмтæн се ’ппæты фырт!

 

Зæххыл, хуыцæуттау, нæ цæры лæгты лæг:

Арæх мæ тавта æцæгæлон арт.

Никæд ныббарстон лæджы зыд, лæджы мæнг,

Иры чысыл къуым — мæ зæрдæйы уарт!

 

Зæрдæ фæразон у, зæрдæ нæ тæрсы фыдфынтæй,

Хаста мæ бæрзæндты, байрагау, раст.

Уарзтон сылгоймæгты: удхары рæсугъд, фыдуындæй,

Фæлæ сæ иуыл мæ зæрдæ æнустæм уыд баст.

 

Дард балцы фæстæ-иу, суры кæсагау — æнуды,

Фæндæгты рисæн ардтон йæ къæсы æнцой.

Сагъæссаг чи уыди, арт кæмæн цагътон мæ удæй,

Никуы йын ракодтон уыцы сылгоймаджы кой.

 

Райсом-иу хуыссæны хъарм дзулы тæфмæ мæ риуы

Айхæлди, авдæны бастау, æнæбæрæг цин;

Мæнæ и уыцы сылгоймаг — æппæт зæххыл иунæг:

Байрай, Гыцци!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФÆСРИВАД| КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)