Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фæсривад

ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН | ЦИГАЙНАДЖЫ МОНОЛОГ | Чиныг «Хъысмæт æмæ зарæг»-æй | AElig;РМАХУЫР ÆХСÆРÆГ | ДУГЪОН БÆХ | МÆ РОХ КЪУЫМ | ХÆХХОН ХÆДЗАРЫ | ХЪÆУУОН МЕЛОДИ | УÆТÆРЫ | ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ |


Куыд раджы байсысти мæ хъару, —

Мæ хуымы нал зайы æфсир!

Ныууасы, сау халонау, тары

Мæ сæрмæ удхайраджы зин.

 

Æгæндæг их-базыр къæвда бон

Хæссы мæ уды комыл ехс.

Кæд дадзинты æргом ныфс бадон, —

Дæ зæрдæ стон æмæ йæ фехс...

 

Ныдздзыназ, иуцæстон уæйыгау,

Ныффалгæрон кæн алцы ’ппæт.

Цæсты къуырфы — уæззау цæссыгау,

Ныххаудæ ингæны... Цæрæнт!..

 

Гъе-гъей, уый рог хъуыды у, рагон! —

Дæ фæд-фæд зилгæйæ, поэт,

Йæ галуан сыскъæрдзæни Яго,

Кæм ын нæу зарæгау дæ фенд!..

 

Цæлой лæгаууæттæ — йæ хъузон,

Дæ хорзæмбæлджытæ — хæлæг...

Æмæ сæ авдæны кæй узай,

Гъе, уый дæр дæ нæ хоны лæг.

 

Æнус-æнус дæ цард — дæргъвæтин,

Уæд ног æрдынæлвæст дæ дзырд.

Дæ уаз мæт — адæмы нæргæ цин,

Цæссыгтæ, зарæг æмæ цырт.

***

Зондджын разыны сабыр,

Саг лæг вæййы фæлмæн.

Ацы хъæбæр зæххыл дзабыр

Никуы ысбæззыд мæнæн.

 

Хорзмæ бæллынæй ниц’ и,

Сау фыд — хъæуы быцæу.

Иу куырм дзывылдары цъиу-цъиу

Царды бынысæфт нæу.

 

Никæмæй вæййы разы,

Ницæмæ кæны хæлæг, —

Ахæм лæппумæ азым

Арæх æрхæссы лæг.

 

Утæхсæны дзы иу хатт

Никуы ысхауы: — «Уæуу!»

Уымæн æнæнтыст, ихау,

Хойы йæ конд мæнæу.

 

Хурау, æвæры зæххыл

Иунæг хивæнд æгъдау:

Хъуамæ уа уд йæ цъæхыл

Гом, æрфæны фæдау!

 

Нæу йæ амондыл разы,

Нæу сæргуыбыр фыдæй, —

 

Ехх, цы диссаджы базыл

Хъазы бурæфцæг мæй!

 

Дуды сонт хъуыды уды

Царды уынгæг быдыл:

Чидæр цыдæр æмбуды,

Хъары йæхи мыдыл.

 

Дунейыл хур æдæрсгæ

Тауы йæ рухс тынтæ.

Чи зоны, уый æнгæс дæ,

Чи зоны, — уый æндæрг...

 

Ныр цымæ сабыр æдылы

Не сæнтыстаид мæнæй?..

Дунейыл амонд ивылы, —

Æмæ йыл сау фыд нæй?

***

Дыууæ хорзы агуырдтон царды,

Цæмæй уа æвæсмон

Мæ цæсгом,

 

Дыууæ хорзы агурдтон царды,

Цæмæй уа æнæмæт

Мæ мæлæт:

 

Арт цагътон мæ удæй, Амранау:

Мæ сæрыстыр уарзонæн

Уаз он;

 

Мæ риуæй æндон мыртæ хъара,

Ысгуыхон фыдлæгæн

Фыдгæнæг.

 

Фæлæ мын нæ бантысти ницы...

Мæ тухиты зæнæг —

Къæзæнæг.

 

Ызнаджы зынтæй-иу мæхицæн

Хай кодтон:

Лæг уыди —

Нæ хъуыди!..

 

Æцæг-иу йæ хорзы бон никæд

Нæ уыди уый адæмæн

Адæн.

 

Йæ сау хуыз-иу адардта цикъæ,

Худт ризгæ хъæлæсæй

Мæ тæсæй...

 

Сылгоймаг?! Æнæвдæлон азты

Хызта уый йæ мойы

Мæ койæ.

 

Æрмæст-иу æм тавиц нæ хастон —

Æз уарзтон!

Æз барстон!

НЫХМÆВÆРД ÆМДЗÆВГÆ

Æвæццæгæн, афтæ у цард...

 

Нæй а зæххыл хибар бынат,

Дæ къонайы уонгвидар арт

Кæм судза зæрдæвæндиаг;

Æнустæм уа хъуамæ дæлбар

Къуыбар ихæн мæнæуты хъарм,

Æрвонг цардæн сонт курдиат.

 

Уæлхох бæсты сабыр гæнах

Æхсæв дæр нæ судзы цырагъ —

Чъырамад, цæссыгау, кæлы:

Фæцу ’мæ æрцуйы фæндаг

Дæуæн дæр кæм нæ уыдзæн фаг —

Лымæнæй лæгъзытæ кæны.

 

Ныкъкъах-иу фæндон хорзæн цъай,

Цæмæй дзы дæ аууон уынай —

Кæй хъæуы дæ цæстыты рис!

Цæуыл ма тыхсдзынæ æниу! —

Дæ уарзтыл ысхæцдзæни фиу,

Дæ маст-иу козбау дзырдтæй ис.

 

Дæ зæрдыл æрлæууа ма кæд

Æрра лæджы раст уды хъæд,

Тыгъд быдыры урс митыл арт, —

Уæд-иу æй дæхицæн ныббар,

Ыскæн-иу дæ хъуыдыйæ уарт:

Æвæццæгæн афтæ у цард.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 62 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ| БИРÆГЪ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)