Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЗАРÆГ

ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ | БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН | ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ | ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ | ЦАРДЫ ЦИН | ГОРÆТЫ НЫВ | СОЛЬВЕЙГ | СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД |


Читайте также:
  1. ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ
  2. ДЖУСОЙТЫ АКИМЫ ЗАРÆГ
  3. ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ
  4. ЗАРÆГ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ
  5. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  6. ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ

Ацы сатæг, ронгамæст уæлдæфæй

Æз æдзух мæ мидвыны дæр тарстæн...

Ма ацу, дæ сау дзыккуты тæфæй

Æз, нывондау, дунеимæ баст дæн.

 

Æз рæвдауын, буц кæнын нæ зонын,

Зарæджы лæгъстæ кæнын æрмæстдæр:

Ма ацу, зæрин дунейы бон у.

Арвы бынмæ — минмырон хъæлæстæ!

 

Уæлæ арвы стъалыты рæгъауы

Иу уыди мæ сыгъдæг уарзтæн азым.

Ма ацу, дæ цæстыты рæдауы

Уый, кæсаджы бур лæппынау, хъазы.

 

Нæу мæнæн ныронг æрмахуыр амонд,

Баст нæ уыдтæн никуы йемæ ардæй.

Курын дæ æз иунæг хорзæх абон:

Ма ацу мæ цардæй!..

***

Сæрд у, фæлæ хуры ’ртау нæй.

Уæларвæй æмыр сæх-сæх хъуысы.

Мæхи уд дæр ферох мæнæй, —

Æз нал зонын мысын.

 

Уæддæр мæ æргом дзырд фæнды:

Цы ’мбæхсон дæуæй дæр мæ тæппуд! —

Æрвнæрдау, мæ зæрдыл æрлæуут

Мæлæт æмæ ды!..

 

Мæлæтæй, куырм галау, мæ маст

Къæйных цæсты дзагъултæй исын;

Дæуæн та дæ зæрдæйы раст

Мæ удрæбын риссы.

 

Ныззары та бонвæдис маргъ, —

Сæуæхсид та райгуырд!..

Мæ рухс бон, æхсæвау, у даргъ,

Нæ дзы вæййын райгонд.

 

Дæу мысын мæ удæнцой нæу —

Хъæрзæгау ыссæуы мæ дзыхæй:

Æз мысын æмдзæвгæты дæу...

Æмдзæвгæты тыххæй!..

***

Ды цы горæты цæрыс, уым

Раджы ахуыссы мæй, —

Урс цырæгъты æрхуым

Ризы тары хъæрæй.

 

Гъемæ аив уынгты

Мигъæй азмæлæн нæй.

Чи куыстыл, чи фынгыл

Бады райгонд, фæрнæй.

 

Уым мæ сыгъдæг бæллиц

У фæрныг лæджы бар...

Уымæ не сты æмхиц

Рог фæсмон æмæ сар!..

 

Уый дыл не ’вæрдзæн фау,

Цард æм цинау кæсы...

Ныр дæ уды рæдау

Уымæ амонд хæссы!..

 

Уæд ды та?.. Дæу цæрын

Ног фæнды, фæлæ хид

Нал и цардмæ... Нæры

Зæрдæ — уалдзыгон мит!..

 

Не ’хсæн — рагбонты зæхх,

Уымæн чи скæндзæн аргъ!..

Арвы урс-урсид цъæх

Фады урсхъулон маргъ!..

 

Ныхыл дзыкку тæлфы...

Бафснай, худ ыл æрсадз!..

Уыцы мысинаг фын

Рохы баззайа, уадз!..

 

Тар у рухсмæ æмхиц,

Æмæ ахуыссыд мæй...

Цæй, дæ сыгъдæг бæллиц

Хурау бахиз мæнæй.

 

Бады рудзынджы уадултыл мит,

Цæссыг тарвазыл зул-мул æрхъуызы...

Уый мæ ивгъуыдæй абонмæ — хид,

Митдон ивылы уатмæ дæ хуызы...

 

Мæн дæ мысын нæ фæнды... Ыстæг,

Урс пылыстæгдæр бамбийы мæры...

Æз ныффысдзынæн ахсæв фыстæг,

Æз — мæ удæн йæ сусæг фыдхъæрыл...

 

Арвыл миты гæбынатæ хизынц,

Нæууыл, урсхъуын уæрыччытау, кафгæ...

О, мæ дуне, мæ къухтæ куы ризынц,

Уæд куыд разынд мæ зæрдæйæн рафтæн?..

 

Æз дæу уарзтон, фыдæлты мæсыгау, —

Рох, сæрыстыр, æрхуым, æнкъардæй,

Фæлæ раздæхæн нал и, цæссыгау,

Ныр дæуæн дæр мæ уарзт, мæ ардæй...

 

Æз ныффысдзынæн ахсæв фыстæг,

Æз — мæ уазал зымæгæй, мæ хуымæй...

Уый дæумæ у, мæнмæ, æмæ стæй

Цардæй иппæрдæй чи баззад, уымæ...

 

Уæдæ райдайæм дзурын æргом!..

Уыд, тæркуарынау, рог нæ хицæн...

Нæ, нæ мын уыд тæппуды цæсгом,

Нæ, нæ дæм фыссын ницы!..

ЧЕНДЗЕ [1]

Хъ. Л-йæн

Ацы цардæн поэт у æвгъау...

Кæд мæ зæрдæйы растæй

Уæлæ уыцы æвæлмон Хуыцау

Тарст мæ авдæны бастæй.

 

У лæджы зæрдæ хъулон, дзыгъуыр,

Раст бæрзы цонгау, — тасаг, тæссонд у.

— Байрай, цард! — уый фæзæгъы, мæгуыр,

Фæлæ чи ’ууæнды ницæйаг зондыл.

 

Абон хурбон у. Митдзагъд, æцæг,

Нæ, зымæг у, нæ — уалдзæг,

Дæуыл рацыд æнусы æрдæг,

Уый æгъгъæд у фыддзардæн.

 

Ды фæцыдтæ æгъдауы фæдтыл:

У рæсугъд æмæ коммæгæс, барон.

Уыцы сагъæссаг риуы фæндтæй

Райгуырд Иры фырт — Нарон.

 

Царды аууæтты, судзгæ фынау,

Мадæй раст у сылгоймаг.

У йæ уды æнувыд — æгъдау,

У йæ хъæбул йæ койаг!

 

Нæ, ныййарæгæн ивæнтæ нæй,

Фæлæ уыцы æхцонад — æбæрæг,

Æз фæистон дæ уды фæрнæй,

Уæнт фæрнæйдзаг дæ зæнæг.

 

Иунæг амондмæ баххæст мæ цонг:

I Ацы царды рæстаг у мæ зæрдæ...

Бирæ азты ма дзур-иу мын ног:

— Рацу мидæмæ, хъæбул, æвзæр дæ!

***

Мæ мад Софяйы мысынæн

Абоны бон у мæ райгуырæн,

Рухс хур нытталынг дæуыл...

Хъарæг, фæлмæн мигъау, райвылы,

Дзыллæ сæргуыбыр лæууы.

 

Комы ныдздзыназы уаддымгæ,

Миттæ ыздухгæ хæссы.

Уый кæд мæ дуне æрбауынгæг,

Æви мæ зæрдæ тæрсы?

 

Чидæр та адауы сигæцыл

Карды къуымых фæрстæ ног;

Талынг лæскъдарæнæй, сидæгау,

Бауасы сау хъуджы род.

 

Халæтты марой, сæ цъæхахстæй

Базмæлы мигъдалынг хъæд.

Иу цард нæ фаг кæны сагъæстæн,

Иу бон кæуынæн — æгъгъæд.

 

Урс дуне сау рон æрбабæтты,

Сыджытыл белтæ хъæрзынц...

Митау нызгъæлы дæ табæтыл

Зæрдæйы сусæг цæссыг.

***

Ды уарзтай мæн дæ хивæндæй, рæстæгмæ,

Фæцыдтæ ныр æмæ фæцæр фæрнæй.

Кæсын, æрвдзæфау, æз, мæ хур, дæ фæстæ, —

Фæрныгау макуы рахъаст кæн мæнæй.

 

Дæ карз фæндоныл разы дæн... Уæу-уæй,

Сыхырнайау ыскæлдзæг и мæ зæрдæ,

Æвæццæгæн, рæствæндæгтæй нæ фæдæ,

Æндæр цы зæд æнхъæл уыдтæ мæнæй.

 

О, рухс дуне! Цы уарзт-уæлмонц æмбæрстай

Æмæ йæм никæд баххæсти дæ къух...

Æвæццæгæн, нæргæ монцæй ысцух

Мæ риу, —

Уæдæ куыд нæ фæдæ мæ хъæстæ!

Фæрныгау макуы рахъаст кæ мæнæй.

***

Нæ тагъд кодта æргом ныхас зæгъыныл,

Йæ цæстыхаутыл судзгæ сыг хъызыд.

Цыбыр æнгуылдзты урс-урсид тæдзынæг

Йæ даргъ дзыккуйы тар хъæдмæ хъуызыд.

 

Тæссонд астæумæ бавналын æввонгæй,

Æрдыны къæдзау, бандзыг ис мæ къух,

Йæ цæстыты дыууæ цады-иу ногæй

Кæрæдзи ивтой сау тар æмæ рухс.

 

Быдираг донау, иуафон æрфæлмæн,

Йæ сонт хъæлæс та басгуыхти рæдау:

— Хатыр мæхи зæрдæлæууæн, мæ...

Æз... Афтæ... Æз нæ уарзын дæу.

ÆХСÆВЫ НЫВТÆ

Æз федтон бæрзбæлæсты пъатæгæнгæ тары,

Тыхсти сæ уæрджытыл зымæгон дымгæ — хин.

Ныттыхтой-иу дæрдтыл сæ къухтæ æмæ та-иу

Кæрæдзийыл æрбаппæрстой сæхи.

 

Сæ фарсмæ — раст тæгæр. Нæ бакуымдта æнкъуысын

Тыхдымгæйæн, бæрзæндты касти дард...

Уый хъахъхъæдта, лæгау, бæлас-лæджы сæрыстыр,

Йæ иугъæдондзинад...

***

Рæсугъд дæ, уый зоныс,

Нæ базыдтай, хурау, сæттын.

Мæ уд мын æвзоныс

Дæ хиуарзон уды фæндтæй.

 

Æз раст дæн, ды — бараг,

Уæлахиз хæстонау, рæдау...

Æвзонг царды зарæг

Мæнæн у æвгъау!

 

Фæцæр мын рæсугъдæй,

Сыгъдæг зæдау рухс уæд дæ ном, —

Мæ зæрдæ, мæ удæй

Ды хъазæнхъул ма скæ, мæ бон!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 55 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН| ФЫДÆНХЪÆЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.019 сек.)