Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ФЫДÆНХЪÆЛ

ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ | БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН | ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ | ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ | ЦАРДЫ ЦИН | ГОРÆТЫ НЫВ | СОЛЬВЕЙГ | СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД | СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН |


Æрцыд рæстæг. Ног ауыгътон мæ къух

Мæ хъал митæ, мæ загъд-замана, тохыл.

Хæстæг, æрдхордмæ уарзонад ысцух,

Къуымых ызнæгтæ баззадысты рохы.

 

Сыгъдæг, цъæх-цъæхидæй æрттивы арв мæныл,

Сæнтног дуне — поэзийы цъæх галуан,

Дæ разы та мæ зоныгуыл лæууын

Æмæ мыл комдзог макуы рацу, мауал.

 

Æрцыд рæстæг. Æз ферох кодтон ног,

Цы у цæрынæн царды муртæй койаг:

Фыдыбæстæ, дæуыл хæцыд мæ цонг,

Зæххау æнæхин уд сылгоймаг.

 

Ирвæзт — сымахæй. Базыдтон мæ бон.

Цæрын уæддæр та бонæй-бонмæ.

Гуырдзæй — рæстылхæст, удвидар — мæ конд,

Мæлæт дæр нал кæсы мæ коммæ.

 

Дæуццаг — мæ ном, мæ цардарæзт, мæ кар,

Мæ ингæныл ныззæй кæндзысты даутæ.

Адзалы онг мæ уд уыдзæн мæ бар

Æмæ цырагъау судзгæ кæнон хъуамæ.

24. II. 1980

***

Хъæуы ма уысм — ныггуыпп кæндзæни уарзт.

У сонт хурæн йæ фаззæттæй мæ зæрдæ,

Æмæ кæд ды быны-бынтон æвзæр дæ! —

Тæрхоны лæгау, æз уыдзынæн раст.

 

О, сфæлдисæг! Ды дæр уыдтæ хæлæг,

Нæ рог хъысмæтыл рацыдтæ фыдхинæй...

Кæд у сылгоймаг мах фæрскæй æцæг, —

Йæ фыддæрадæн чи ’рымысыд зины?

 

Мæн дæ — дзырдамонд, алкæмæн æнад,

Мæлæтау хивæнд разынди нæ рæстæг.

Сты барæнтыл мæ хиуарзон, мæ цард,

Мæ удмæ та æрæввахс кæны фæззæг.

 

Æмæ лæгæрдын хъæпæнты дæумæ,

Нæртон лæгау, — мæ фыдбылыз мæ разæй...

Бæрзонд арвыл, тымбыл къæйау, фæлмæй

Цæстныкъулгæ, æвæрæзы мæй хъазы.

***

Ис зæххыл урс нымæт, уæддæр

Ныххуыссыд комы рæбын мæйдар.

Фыд зымæг ихуазал фæттæй

Æхсы æдзæрæг къæс кæцæйдæр.

 

Фынæй хъæуæй нæ хъуысы цитт,

Арт пецы нал кæны йæ сæрæн.

Æз — иунæг. Тары уары мит,

Зæххыл йæ рагон фæтк æвæры.

 

Хæссын цыбыр ивгъуыдыл цæст,

Мæ зæрдæйы — æнæнцой сабыр:

Ныр царды тохæй сты ирвæзт

Мæ уды хорз æмæ йæ азым.

 

Нæ хæхты урс-урсид тызмæг,

Бæгънæг хъæды уæззау æдзынæг —

Мæ хауæггаг хъуыдыты цæг,

Ирвæзты хос æмæ ныхкъуырæг.

 

Бæстон хорзыл та у мæ сидт,

Зæрин зæхх мын ныгъуылы тары, —

Цыма ракетæты æхситт

Мæнмæ ныхыйас дæр нæ хъары!..

 

Æрмæст ма базмæлы, хъæрзы

Мæ хъуыды рох уды къуындæджы:

Мæ номыл чи æвзары зын,

Кæнын æз уыдонмæ æрæджы!..

 

Кæм тауы бурбоцъо мæнæу

Хуымгæнæг, уым хъæуын æнæмæнг;

Ыстæй мæ уарзонæн кæм нæу

Æхцон фæрныг дуне æнæмæн!...

 

Æмæ та хох-рындзыл лæууы

Мæ зæрдæ, сонт лæппуйау, — дарддзæст.

Фæсмоны зарæгау кæуы

Мæныл мæ дард фыдæлты артдзæст.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 67 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ЗАРÆГ| ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)