Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Денджызы маст

МÆ КАРÆН ХÆСТОН | НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ | ПРОМЕТЕЙ | СÆРИБАР | КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ | ИЗÆР | ИУНÆГ КУЫДЗ | ЗÆРОНД БÆХ | ХОХАДЖЫ ЗАРÆГ | СЫРДДОНЦЪИУЫ ХЪАРÆГ |


Читайте также:
  1. ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  2. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  3. ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

Денджыз сабыр у... Цыдæр фæлгъауы

Кæнæ дары хæларыл сау.

Уылæн, хъал цæуау, хæрдмæ фæхауы,

Стæй æрызгъæлы раст чырсау.

 

Мæй нæ хæдсæрмæ ныллæууыд хъенæй,

Дардæй кæсагдзау хæссы йæ хъаст.

Лæг йæхи мастæй фыддæр куы фены,

Уæд æртайы, мыдадзау, йæ маст.

МÆ ФЫРТМÆ

Нæ дунейы цардæн нæ базыдтон мур дæр...

Цы зонд дын ныббæттон, мæ фырт?..

Æз гомгуыбын сабийæ абонмæ, хурау,

Æнкъардтон — цы ад кæны дзырд.

 

Æз зонын, куыд арæхстгай уафы хæлуарæг

Йæ къæдз-мæдзы саггæмттæй тын,

Ыстæй йын фæззыгон хъуынтъыз бонты уарын

Куыд ацæгъды уымæн йæ хъуын.

 

Æз базыдтон, Семау, мæ рацæргæ азты,

Дон уайаг у, дуртæ — хæлаг;

Йæ зæххыл æрмæстдæр йæ рæдау, йæ уарзтæй

Ысвæййы æцæг рæсугъд лæг.

 

Æндæр дын цы дзурон, лæппу, мæхиуыл?..

Æппæтæн ис джипп æмæ апп.

Фæлгъау сæ дæхæдæг цымыдисæй иууыл,

Ыссар сын радæхæдæг дзуапп.

СИДТ

Мæ нуазæн — къуымæл у, арахъхъ æви марг —

Æз хъуамæ ныффæрсудзон — алыг и!

Кæд уымæ æрхауди мæ сæрыстыр уаг,

Уæд зонут — мæнæйуый фæрасыг и...

 

Уæд сидын: фыццаджыдæр арфæгонд уæнт

Æнувыд куыйтæ æмæ бæлæстæ.

Йæхи чи нæ стауы, — сырд уа æви зæд,

Мæнгардæй кæй зæрдæ нæ фæхъæстæ!

 

Уæд сидын: бæркады рæгъ ма уæд уæ мæт, —

Лæгаулæджы номыл — сæдæ рæгъы!..

Куы ’рцæуа мæ афон, уæд — рацу, мæлæт,

Тæргæ бæхыл!

АЛАЙНАДЖЫ ТОХ РОМАГ ХÆСТОНИМÆ

Æз цæрынæн нæ райгуырдтæн.

Нæй мыл, ромæггау, даргъ æвзаг.

Мæн дæ ныхмæ æрцагуырдтой:

— Та бан хас, ызнаг!

 

Нæу нæ туггалд мæ азымæй, —

Уый мæ хæстон цард амоны...

О, куыд бæллыс, куыд разы дæ

Ацы сау тохы амондыл!..

 

Бæх дæ хæссынæй не ’фсæды, —

Уасы, фесхъиуы, баризы.

У сæ цардамонд не ’фсæдтæн

Баст нæ иуы уæлахизыл!

 

Æз, æфсымæрау, уарзин дæу,

Фæлæ тохы хъæр азæлыд,

Уæд ызгъæры бын дадзинты

Туг, ивылд фурдау, базмæлы.

 

Æз дæ уындæй нæ бафсæдин, —

Фидыцамад, ысгарбæрзæй! —

Фæлæ ахсæв нæ иуы цин

Хъуамæ сау нымæт бамбæрза.

Исдуг хъаматæ рог ныдзæвдзысты,

Уаз ирон чызджы русты стæлфынау,

Æмæ уæд цирхъытæ сау æдзæм куысты

Арвмæ калдзысты судзгæ стъæлфæнтæ.

 

У нæ карз æгъдау — сатфæдисонæн

Радт фыццаджы бар ды фыццаг цæфæн!

Рог куы ферттивы кард йæ фистонæй, —

Нæу лæджы нысан, нæй лæмæгъ уæвæн!

 

Дард ныззилдзынæ ды дæ сау фæринк,

Тугæй айсæрддзæн уый йæ фæтæн гуыр...

Æз ныхъхъæрздзынæн: О, мæ тох цин,

О, мæ мады ’хсыр!..

 

Стæй уæд — гъай-да-гъа! — сары арæнмæ

Лæг цы нæ быхсы! —

Æз дæу айсдзынæн комы нарæгмæ

Уым мæ хъæлæсы.

Цирхъы рог цъыввытт анæры,

Кæмтты азæлы сонт мыр-мыр...

Къух ма зæрдæйыл авæры:

О, мæ мады ’хсыр...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 63 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН| ЗЫНГГУР ГÆЛÆБУ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)