Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД | СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ | МАРДЫ УÆЛХЪУС | СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ | ЗÆРЫ БОН | УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ | НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ | AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС | КÆМÆНДÆР | СÆРДЫГОН ИЗÆР |


Читайте также:
  1. ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  2. ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ
  3. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  4. ИЗÆР
  5. РУХС ИЗÆР
  6. СÆРДЫГОН ИЗÆР

Къæвда банцад. Æрæнцади денджыз йæ кæхцы,

Уылæн урс фатау атæхы былгæрæтты.

Арвæй расхъиугæ стъалы цъæх фæлмы ныссæдзы,

Чидæр изæры дуармæ йæ зарæг кæны.

 

Æмæ ризынц гитарæйы зæлтæ кæуæгау:

— Ма мæ ферох кæ, — зарæг, — рæубазыр, тæхы,

Кæд мæнау уый къух ауыгъта уарзтыл — æдзæллаг,

Ныр кæйдæр сæнттæй ирхæфсы абон йæхи?!

 

Уæд цы фæдæ, æрвон зæды сихау кæй уарзтон,

Ды — кæй цуры уыд хъазæнхъул а царды рис,

Æви амонд мæ хуызæттыл никуы уыд разы,

Æмæ уымæн нæ кæны мæ зæрдæ фæдис!

 

Ныббар,

Мæн нæ уарзтай, мæ бон! —

Фæлмæцын дæ кодтон мæ уарзтæй,

Раст афтæ фæхойы бæлццон

Мæйдары æдзæрæг хæдзармæ.

 

Фыр уæздан, æрвонау — рæсугъд,

Ды амондыл барджын дæ, хъал дæ, —

Мæнæн уæд æвзоны мæ уд

Зын уавæр... Цы дæн, уый дæр нал дæн.

 

Ныр мæнæ, — æцæг йе фын у, —

Фæрныджы тау феккуырст мæ хуымы,

Уæддæр ма мын, баууæнд, зын у

Дæ хæлæг, мæн чи уарзы, уымæ.

МÆ САБИЙЫ БОНТÆ

Уæд бæргæ уыди зарæг,

Уæд бæгуы уыди цард!..

Æз дæ уды æмбарын

Нæй, нæ зыдтон, мæ мад...

 

Уад æнæкъона арсау

Кæрты ниугæ цæуы:

Æз — дæ зæрдæйы фарсмæ,

Мæн цы хуыздæр хъæуы?!

 

Дуне алцæмæй раст у,

Удвæндиаг у, рухс, —

Кæд зымæг у, кæм не сты

Тыргъы гагатæ хус...

 

Тар. Ныссабыр нæ къæс дæр,

Арвæй рахауди хур,

Æмæ аргъæугты бæстæ

У дæ цæрæн, мæ хур.

 

Дуне алцæмæй раст у,

Æмæ саусæр уæйыг

Ног хæцынмæ куы раста,

Уæд ныххуысдзæн йæ зынг...

 

Тагъд ныууасдзæни уасæг,

Æмæ хуры тæлы

Уый йæ ризгæ хъæрахстæй

Арвмæ сисдзæн, бæгуы.

 

Уæд Гыцци дæр сæумæйæ

Пецы бакæндзæн арт,

Мидзæрдæйы кæугæйæ,

Уый кæндзæни йæ зард.

 

Стæй бæллиццаг кæм не сты

Урс æхсыр æмæ дзул...

Дуне алцæмæй маст у —

 

Уый кæм зоны хъæбул!..

***

... Остановись, мгновенье, ты прекрасно...

А. Пушкин

Сæурайсом хъарм уыд æмæ райдзаст,

Нæ арвыл мигъы къæм дæр нæй.

Сæдæ азы æнхъæлмæ кастæн

Дæумæ. Ныр та цæуыс мæнæй.

 

О, сабыр амонды хæрз цъусдуг,

Фæлæуу, бæллиццаг дæ, бæгуы! —

Æз ацы дун-дунейы рухсмæ

Фыццаг хатт уынын дæу, мæгуыр.

 

Цъæх денджызы фæлмæн уылæнтæ

Сæнт урс уæрыччытау тæхынц...

Мæн дæ, — уый хатыди мæ зæрдæ,

Фæлæ йæ чи уæнды зæгъын.

 

Ысхъæл, фыдбойнаджы рæсугъдæн,

Фыр буцæй чи сахуыр рыстыл;

Хæрзтæ уый нал кæны йæ удæн,

Нæдæр кæйдæр зыныл тыхсы.

 

Æмæ-иу былгæрон фæцыди

Фæсус кæсагласы хъæрахст.

Цымæ нæ чи кæмæй фæхъуыди,

Гъе чи уыди æцæгæй раст?!.

***

Плиты Жаннæйæн

Дæ урс къухты сарæй кæуы пианино,

Æрхæндæджы зæлтæ мæ удыл тæфсынц:

«Цæмæн рацыдыстут уæ рагуарзтыл хинæй?» —

Мæ зонгæ мелоди мæ дардæй фæрсы.

 

Ды та дæ мæ цуры. Дæ даргъ цæсты хаутыл

Къуыбар цæссыг ризы. Зæгъ-ма, уæд цы уыд? —

Æндæрыл кæд дарыс дæ мид-зæрды саутæ,

Æви дæм æвзонгад фæстæмæ æрцыд?

 

Дæ разы ма сойдзырагъ судзы фæлурсæй:

Фæцыбыр йæ рæстæг, ныгуылы йыл хур,

Бæргæ дæ рæсугъддæр ды уымæн йæ рухсæй, —

Мæ хъуыдыйы тайыс ды уыйау, мæ хур!

 

Тагъд растдзæн сæуæхсид. Нæ цъусдуджы амонд

Фæхæсдзысты уый æмæ царды хъæртæ,

Уæд ногæй нæ зæрдæты, — рацæй уа, рабон, —

Ныммæлдзысты цадæг æрхæндæг зæлтæ...

***

Рæсугъд дæ, денджызы уылæн!

Ыздыхсгæ рацæуыс — сæрыстыр,

Тызмæг хуызæй... ыстæй фæлмæн

Хуырбын былгæроныл æрхуыссыс.

 

Æз дæм кæсын — хуыздæр фæуай,

Йæхи ма чи ратыдта мигътæй!

Цæмæндæр мæм кæсы, цыма

Æз рацардтæн дæуау, дæ сихау.

 

Мæ райгуырдæй мæ уд — тæвдтуг,

Ныхъхъус, зынг нал хæцы йæ артыл.

Мæ зæрдæ ахæм афтид у,

Цыма сæдæ царды фæцардтæн.

 

О, нæ! Æз нал дæн кадыл мард,

Мæн уый куы нал хъæуы, мæ боныл.

Фæндон хæрзтæ уой, дардыл цард,

Хуыцауæй фыны дæр нæ домы.

 

Мæ риуы басур и æппæт —

Цы ныфсæй мæм уыди лæгдзинад...

Цы фæдæ, ме ’нкъарæнты зæд, —

Хъысмæт дыл рацыди фыдхинæй,

 

Гъе уарзты удвæндиаг бонтыл

Фæлтæрдæй ауыгътай дæ къух?

У аххос — а царды æрдзон тых,

Æви мæнгард уыдтæ æдзух?

 

Хæрзбон, мæ райст-бавæрд фæндæттæ,

Нæ уæ баци зæгъын мæ бон, —

Уæ рæсугъдыл цы лæг æууæнда,

 

Гъе уый-иу фод уæ хæрзамонд.

***

Хорзæй баззай, хъæстагæй дæ баззадтæн!

Митыл тагъд-тагъдæй айсæфт дæ фæд...

Ам хæхбæсты сæрдыгон дæр уазал у,

Уæд

Фыдихæн

Кæм нæ у æгъгъæд,

Цæмæй раздæхай хохаджы хъарм къæсмæ,

Уд-æмудæй фæцæрæм, мæ бон!..

Митыл уагъылы судзы... Йæ урс кæрцмæ

Сау мæйдары ныррухс вæййы ком.

Ныр ысиу ыстут

Ды

Æмæ

Тар æхсæв:

Фæндаг — даргъ, фæлæ уарзтæн — цыбыр...

Æмæ баззад æнусбонтæм мах æхсæн

Сыгъд, æнæдон быдыр.

Хорзæй баззай,

Ныр ацы хъызты фæстæ

Хуымты ивылдзæн сатæг мæнæу...

Æз

Дæумæ æмæ цардмæ

Нæ баххæстæн, —

Уый ыстыр диссаг нæу!..

Лæг куы базоны иугæр,

Цард кæй нæ у

 

Сæрысуанг

Кафт æмæ зардæй,

Уæд нынкъард вæййы зæрдæ;

Лæг куы бамбары иугæр,

Ады райдзаст дунейæ

Цæуын хъæудзæн

Иу афон

Уый дæр,

 

Уæд ныккæрзы йæ зæрдæ...

Фæлæ гъе уæд йæ къæсмæ

Æрбатæхы урсбазыр маргъ,

Йæ сыгъдæг бырынкъæй

Æрбахойы къæсæр,

Æмæ зæрдæ ныррухс вæййы хурау:

 

Рохы аззайы саукъух мæлæт, —

Цард йæ фыдбонæй хорз у! —

Уый кæд хохаджы къæсы

Фæйлаутæ уылæнтæй

Ныггуыпп кæны

Уарзт!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 60 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ДОНЫЧЫЗГ| ХÆДТÆХÆДЖЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.016 сек.)