Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ЗÆРЫ БОН

ФЫСТÆГ | ХÆХХОН ÆХСÆВ | ХÆС | ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ | ТУЛДЗ БÆЛАС | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД | СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ | МАРДЫ УÆЛХЪУС |


Æнахуыр уазал зонд фæцайдагъ и мæ удыл, —

Уый кары нысан у, гъе афтæ у нæ цард?

Тызмæг цæстæй кæсын, — цы-иу мæм касти худæг,

Æрхæндæджы хос у — цы мыл æфтыдта зард.

 

Кæс-ма: нæ алварс хъæд сырх дидинæг æфтауы,

Фæйлауы денджызау, дзагъырдзæстæй кæсы.

Фæндаджы хъæбæрыл лыстæг æртæхтæ хауы,

Фæлмæн рыджы тæф мæм æхсызгонау кæсы.

 

Ныллæууыд хурхæтæн — мæ цæугæ царды карæн,

Кæны дзæгæрæг уд, æмæ йæм нæй ысдзырд:

Цы фæци уыцы ныфс, кæнæ гъе уыцы хъару,

Мæ нысанмæ цæугæ, мæн чи кодта æвзыгъд?!

 

Кæй фæрцы-иу мæм каст зындоны дæр мæ цæрæн

Хæрзаив, галуанау, — хуымæтæджы мæ рис;

Кæй фæрцы баззадтæн æгуыдзæгæй, æвзæрæй:

Æнæхай — амондæй, мæ хус къæбæр — къæрис!

 

Фæлæ мæ иу хъуыддаг уæддæр нæ баззад рохы:

Мæлæт æцæгæй кæд у иу хуызы рæсугъд, —

Дæ нысанмæ цæугæ, æрдынæлвæстæй тохы,

Дæ мидбылхудгæйæ, куыд басудза дæ уд!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 54 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ| УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)