Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чындздзон чызджы ингæны уæлхъус

ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН | ЧЕСЕЛТЫ | НОГ АЗ ХÆХТЫ | ХЪÆУ ЗЫМÆГОН | ХÆРЗБОНЫ УЫСМ | ФЫСТÆГ | ХÆХХОН ÆХСÆВ | ХÆС | ИУНÆГ ЗÆРОНД ЛÆГ | ТУЛДЗ БÆЛАС |


Читайте также:
  1. АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ
  2. ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  3. ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  4. ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС
  5. МАРДЫ УÆЛХЪУС
  6. СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРÆГ ЙÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ

Дæ мад кæуы. Фыд цæстысыг æмбæхсы.

Мит дзода у, æвзистæхгæд, фынæй...

Тагъд — рагуалдзæг. Дæ ингæны къæсæрыл

Ныффæйлаудзæни дидинджыты зæй.

 

Ды та фæдæ. Нæ базыдтай ды ницы

Нæ — цардæн, нæ — мæлæтæн æмæ ныр

Дæ табæтимæ рухс дуне фæхицæн;

Куыд цыбыр уыд дæ царды цин, мæгуыр!

 

Мæрддзыгой æрбасхойынц кæрæдзи:

Кæй уарзтай, уый ныууынæргъы хъæрæй...

Бæргæ йæ зоны алчидæр, фæлæ дзы

Йæ уды рисæн хосгæнджытæ нæй.

 

Ныррæсуг бон. Æвдæлон хур нæ ары

Бынат йæхицæн, раст цыма кæуы:

Цы рухс дæ байста, уый рæдауæй хъары

Æмæ йæ тауы ингæны къæйыл...

ЗÆРДÆМÆ

Мæ сабийы бонтæй мæ бафтыдтой тохыл...

Дæ хивæнд нæ фæуы куыройы фыдтау.

Ныссадзин дæ хъама æнцойады охыл,

Фæлæ мын дæ рæдау мæ хъару сæтты.

 

Кæсагæн йæ цæрæн, йæ удыхос дон у, —

Йæ хурхысæр бады фыдбоны æртах, —

Гъе уыйау нæ уагътай ды къахайсын зонды,

Ныр цу, æмæ гомгæрццæй бæрзæндты тæх.

 

Нымады — ыстæммæ. Кæй хъæуыс? Дæ номыл

Æгуыдзæгæй тоны мæн чидæр — быдзæу.

Рæстдзинады дугъон цæххæй дæр нæ комы, —

Йæ ферттывд-фæзындмæ æнхъæлмæгæс лæуу.

 

Фод афтæ: дымгæйау фæйлауæд æргом дзырд! —

Фыры сыйы-иу мæ ныздыхтай, уæддæр

Мæ удыл дæ фæрцы нæ рацыдтæн комдзог,

Ныры онг — æнæлаз мæ сыгъдæг фæндтæ...

КЪОСТАМÆ

Куы бафидин искуы мæ хæс...

Къоста

Дæ хæс ды бафыстай, бæргæ,

Нæртон лæгау, Къоста!

Дæ ном æрвгæрæттыл нæры

Дæ тугæрхæм фыстæй.

 

Хæхбæстæ, урс уады къуыззитт

Бæсты сæфт у, фыдад, —

Мæгуыр лæджы къæсы-иу мит

Дæ комы тæфæй тад!

 

Дæ хæс ды бафыстай, бæргæ,

Фæлæ, мæхи Къоста,

Цæмæн фæцыдтæ ды мæрдтæм

Фыднизæй саст, рыстæй?

 

Æви дын гъæйтты кад нæ уыд

Ирон лæджы цæсты?

Паддзахы саг поэт нæ хъуыд:

Рæстæвзар у, мæсты!

 

Нæ цæуы зарæджы фæрцы

Хæрзамондыл дæ бар.

Æмæ та хохаджы кæрцы

Сыбыры къæс ыссар.

 

Кæмдæр дæ сидзæргæс кæуы,

Нæ айсæфти йæ хъыг, —

Фыдохау зæрдæйыл цæуы

Йæ судзгæ цæстысыг.

 

Дæ хæс ды бафыстай, бæгуы,

Нæрæмонау, Къоста!..

Дæ разы мыл цы хæс и, уый

Цæмæй фидон æз та?!

ÆВЗОНГАД МЫСГÆЙÆ

«Æрцæуы æмæ ацæуы æвзонгад,

Хъæздыгдзинад нæ сæфы...» — раст у!

Фæлæ кæй хъæуы, уадсур бонтæ

Куы цæуой алы сахат мастыл?..

 

Фæндиаг зарæджы рæу зæлтæ

Куы нал кæной дæ уды хъыдзы;

Куы кæнай абон-сом æмвæндтæ

Мæлæтимæ: дæ амонд — мысын.

 

Хæхбæсты рухсаив изæрты,

Куы ныззары йæ зарæг бон,

Куы ныййазæлы фæндыр кæрты —

Фæци æхцон куыстыты бон,

 

Уæд-иу дæ саулохагыл баппар

Нывæфтыд саргъ, æмæ — тæхгæ:

Æнхъæлмæ дæм кæсдзысты саппыл

Дæ хæлæртты ызнæт бæхтæ.

 

Æмæ йæ фæстаг къæхтыл фесты

Æнæрцæф дугъон, у цæттæ,

Цæмæй мырмыргæнгæйæ феста

Тæхгæ маргъ уарзоны цæстмæ.

 

Хъæздыгдзинад æмæ æвзонгад

Нæ фидауынц, — гъе уый у раст:

Кæнæ сæ иу, кæнæ та се ’ннæ, —

Нæ сæ фæкæны ничи хъаст!..

 

Мæн та нæ цыбыр царды зиуы

Гæвзыкк-мæгуырæй дæр фæнды,

Цæмæй ма абуха мæ риуы

Рæузонд æвзонгады хъуыды.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 64 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС| ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.012 сек.)