Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хæрзбоны уысм

ДÆЛЛАГ ГАЛ | ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС | МЕ ’ВЗАГ | ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ | ИУНÆГДЗИНАД | ДЗÆУДЖЫХЪÆУ | ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН | ЧЕСЕЛТЫ | НОГ АЗ ХÆХТЫ |


Баба, хæдтулгæ дæм æнхъæлмæ кæсы...

Лæппуйы ныхас

Бауадз-ма мæ иу чысыл, Хъæбул,

Афæлгæсон райгуырæн къæсæрыл.

Уæлæ мигътæ, акæс-ма, мæ хур,

Сау цæргæс ныффæйлыдта йæ хъæрæй.

 

Ком нындзыг. Гæзæмæ хъæд фæбур.

Чи зоны, фæстаг хатт уынын абон

Ацы къæс... Нæ дзы бадт сах мæ хъул,

Фæлæ уый уыд гъе уæддæр мæ амонд.

 

Кæс, æхсæрдзæн арф кæмттæм бырсы.

Рæгътæ — даст. Æфснайд — сæ хор, сæ картоф...

Тагъд — зымæг. Тъæнджы мæйы хъызты

Зарæг арвмæ иваздзæн фынафон.

 

Бауадз-ма мæ иу чысыл, Хъæбул,

Гъеныр-гъе, мæ зæронд мыл фæзынди.

Ацы дуне, чи зоны, мæнг у,

Фæлæ мæн æндæр дзæнæт нæ хъуыди!..

УАРЗОНМÆ

Коцты Юляйæн

Æрцу-иу мæм ардæм! —

Ам хæхбæсты

Сæрибарæй улæфы зæрдæ.

Нывгæнæг дæ ды, —

Ам нæ рудзгуыты æвгтыл

Фыдтымыгъы сисæй

Ыскæндзæни хъарм нывтæ зымæг.

 

Æрцу-иу мæм ардæм!

Ферох-иу кæ

 

Цы уыди нæ ивгъуыды цин æмæ мастæй.

Дæ риссæгты риссаг,

Тъæнджы мæйы митау,

Æртайын кæндзæни

Нæ къонайы гæды.

Æз ныууагътон дæу

Бæсты кæроныл,

 

Цоппайаг горæты иунæг, æвæрæзæй,

Цæмæй та фыддзæрæн хæхбæсты

Мæ зарæг

 

Ыслæууа йæ къæхтыл.

Æрцу-иу мæм ардæм!

Ам зымæг

Уазалæй — нæ,

Æрхæндæг рæсугъд чызгау,

Улæфы

Сатæг уæлдæфæй...

***

Æз зарын нал зонын, кæуын дæр,

Æппæт дæр мын ныр у æвзæрст, —

Цæттæ дæн ингæнмæ... Æрмæст

Цы боны рахъавон цæуынмæ,

Гъе уыцы уысм ма мæн фæнды,

Куы нæрид арв, ызнæт тыхдымгæ

Æрвæрдыны тæмæнтæ зынгæй

Куы ныррухс кæнид сау кæмтты,

 

Æмæ, Æфсатийау, бæрзондæй

Мæ Ирыл ку’ ахæссин мæ цæст:

Кæм ыстут удуæлдай Алантæ?!

Хæцут-пу карды бæсты зондæй,

Ызнагæй ферох уæд уæ къæс,

Кæнут нæ цыртдзæвæнтæн пъатæ!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХЪÆУ ЗЫМÆГОН| ФЫСТÆГ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)