Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чеселты

УАСÆГ ÆМÆ КАРК | AElig;НКЪАРД БОН | СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ | ДÆЛЛАГ ГАЛ | ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС | МЕ ’ВЗАГ | ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ | ИУНÆГДЗИНАД | ДЗÆУДЖЫХЪÆУ |


Нывгæнæг Коцты Паулейæн

Тæригъæддаг у ацы бон, —

Æппын дзы рухсы тæфаг нал и.

Ныссабыр арф рæбынты дон,

Мылазон мигътæй хъæу ысмал и.

 

Æгуыдзæг уавæры хызæй

Нæй ирвæзæн, нæдæр ын хос и, —

Æмæ уæд рох хъуыдыты зæй

Ныккæлы рагсагъæсы ностыл.

 

Кæсы дæм: а зæххыл, бæгуы,

Æппæт дæр бавзæрстай дæ зыны,

Дæ уды фарнæй та, мæгуыр,

Дæ цардыл иу мисхал нæ зыны

 

Хæрзæрдæм. Базыдтай дæ бон

Цы уарзтай, йе нæ уарзтай, уымæй:

Дæ нысан ма — дæ ис, дæ бон, —

Фæллад галау нæ хизы хуымæй.

 

Кæй бахъуыди дæ ном, дæ рыст? —

Дæ цардæй дæ фæрсæг дæр нал и,

Æмæ уæд кæ пайдайы куыст, —

Сæрæндзинад у уый, амал у.

 

Гъе-гъей, мæ ницæйаг зæрдæ! —

Нæ ивын урс æхсыр сылыйæ:

Мæ хъал бæхы ызнæт фæдтæ

Кæсут, — сызгъæрины æвдылынц!

НЫФС

Æнусонæй ницы ис а зæххыл, уый

Цæмæйдæрты саби дæр зоны:

Рæстæгмæ кæй зилы нæ царды æлхуый,

Кæд уымæн рæсугъд у, мæ боныл?!.

 

Кæд уымæн æхцон у йæ зын уа, йæ цин,

Йæ дудаг нæ удмæ нæ хъары:

Фæлдисæг æрдзæй дæ цы рæсгæг фæци,

Хъæлæсыдзаг сис уым дæ зарæг.

 

Цæстысыг поэзийæ никуы кæлы,

Йæ уаз мырты зарæг йæ мæт у.

Куы райдайы иугæр тæригъæд кæнын

Йæхицæн — поэтæн мæлæт у!..

 

Нæ базыдтон цардмæ хæрам кæнын æз,

Цыфæнды фыдудæй куы мæлон, —

Ыссардзынæн цъитийы цъуппыл фæрæз,

Фæхæсдзынæн уырдæм мæ зæронд.

 

Цæудзысты мæ рухс дуджы афонтæ уæд

Мыды къусау — изæр уа, боны.

Цæргæйæ нæ удæн цы тас у мæлæт —

Æгас кæй уыд, мард уый нæ зоны!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН| НОГ АЗ ХÆХТЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)